(вариант) Сослан уыд хæтæны æмæ куы æрцыд, уæд йæ каистæм цæуын фæнд скодта, йæ ус ма куырдуаты уыд, афтæмæй. Йæ бæхыл саргъ сæвæрдта, сбадт ыл æмæ араст. Иу хъæумæ куы бахæццæ, уæд йæ размæ иу гацца рауад æмæ барæгмæ лæбуры. Сослан æй уæлбæхæй æрцæфтæ кодта йæ ехсæй, æмæ уæд гацца ацыд йæ хуыссæнмæ, æрхуыссыд, æмæ йæ хъыбылтæ йæ гуыбынæй рæйын байдыдтой. Цæуы та Сослан хъуыдыгæнгæ дарддæр æмæ уыны: йæ размæ сæхъис къуыбылой тулы æмæ бæхы фæстæ йæхи тухы. Сослан æй акъуырдта ехсы бырынкъæй æмæ дарддæр ахауд иуварс. Дисгæнгæ та цæуы дарддæр, ай цы хабар у, зæгъгæ, æмæ та ногæй уыны: хуыдзарм æрчъи æмæ сæрак дзабыр хыл кæнынц, хъæбысæй хæцынц. Бирæ фæхæцыдысты, стæй уæд фæстагмæ æрчъи сæрак дзабыры йæ быны скодта æмæ йæ уæлæмæ нал суагъта. Ай цы диссаг у, зæгъгæ та хъуыды кæны æмæ та ацыд дарддæр. Цæуы æмæ та ног диссагыл амбæлд. Кæсы æмæ фæндаджы былыл усы кæлмæрзæн æмæ лæджы худ хъæбысæй хæцынц. Куы сæ иу фæбынæй вæййы, куы иннæ. Бирæ фæхæцыдысты, стæй æппынфæстаг фæрсæй-фæрстæм æрлæууыдысты иу фæндагыл. «Уæуу, мæнæ диссаг! Ай цы хабар у? Ме 'намонд у æви мæ амонд?» – дарддæр та хъуыдыгæнгæ цæуы. Фæлæ та дард нæ ацыд, афтæмæй та йæ размæ ног диссаг февзæрд. Кæсы та æмæ уыны, фæндагыл æртæ цуайнаджы фыцынц, афтæмæй кæройнаг агтæ се стъæлфæнтæ кæрæдзимæ æппарынц, астæуккаг та сæ ахсгæ кæны. Дисгæнгæ цæуы уыцы хъуыддагыл æмæ бахæццæ йæ каистæм. Йæ бæхæй рагæпп ласта, æрбаста йæ бæхбæттæныл æмæ джихтæгæнгæ бацыд уатмæ. Æрбадт бандоныл сæргуыбырæй. Уæд æм йæ ус æрбацыд æмæ йæ фæрсы: – Цы кæныс, цæуыл æнкъард дæ? – Ницæуыл, – зæгъгæ, загъта, – фæлæ абон стыр диссæгтæ федтон фæндагыл. Æмæ йын радзырдта сæхъис къуыбылойы хабар, гадза куыдзы хабар, кæлмæрзæн æмæ худы хыл, сæрак дзабыр æмæ æрчъийы хыл æмæ æртæ цуайнаджы хабар. – Ууыл та цы хъуыды кæныс, – загъта ус. – Сæхъис къуыбылой у æгас дуне æмæ уый дæ ехсы фындзæй иуварс кæй аппæрстай, уый дын æгъгъæд нæу. – Уæд гадзайы къæбылаты рæйд та цы сайы? – загъта Сослан. – Уый та æрцæудзæн ахæм рæстæг æмæ зонд кæстæрæй хистæры сæрыл нал уыдзæни. – Уæд кæлмæрзæн æмæ худ та? – Уый та уыдзæн рæстæг, æмæ нæлгоймаг æмæ сылгоймаг æмбартæ суыдзысты, зонд сылгоймагæй нæлгоймаджы сæрыл нал уыдзæни. – Уæдæ æрчъи æмæ сæрак дзабыр та? – Уый та искуы мæгуыртæ уæздан адæмы басæтдзысты, фесафдзысты сæ æмæ сæхæдæг дзæбæх цæргæйæ баззайдзысты. – Уæдæ æртæ цуайнаджы та цы амонынц? – зæгъгæ, та фæрсы Сослан йæ усы. – Уый та уыцы ног дунейы æппæт мыггæгтæ дæр æфсымæрау хæларæй цæрдзысты, æцæгæлæттæ æрвадæлтæй лымæндæр бауыдзысты, – загъта Сосланы ус. Уæд Сослан ныххудтис, æмæ фæныхас кодтой бонрухсмæ.
Радзырдта йæ Рæмонаты Паца Тотæйы фырт, 100-аздзыд, февраль 1941 аз, Кировыхъæу. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 56, папкæ 23, ф. 36–37.
Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |