Сирдон æ лæхъуæни Нартæн нисанæн æрæвардта. Басиндзурд кодта: – Ку 'й рамарайтæ, уæд мæ неци гъæуй; ку нæ 'й рамарайтæ, уæдта мин – хæдзарæн гал. Нийсагъта, æхуæдæгка йин æ уод хораууон банимахста. Нарт æй æхстонцæ, æма хорхуфини хузæн ницъцъæстæ'й, уæддæр нæ мардæй, Сирдон ба сбадтæй æма сæбæл худтæй. А ци дессаг æй, зæгъгæ, хорхуфини хузæн ку ниццæй, уæддæр ку нæ мæлуй! Сослан Æхсинæмæ бацудæй ма 'й фæрсуй; е ба йин загъта: – Æ хораууонмæ йин гъавæ, уæдта ку нæ рамæла, уæд æй фæййиндзæнæ! Сослан нигъгъавта æма йин æ уод хораууони фергъавта, æма лæхъуæн рахъан æй. Гъе, уæдæй ардæмæ Сирдон Сосланмæ фезнаг æй æма ибæл фесунмæ зелун райдæдта.
Радзырдта йæ Хъæлыцты Уомар, 30 июль, 1910 аз, Задæлеск. Ныффыста йæ Дзагурти Губади. ЦИГСИИ-йы архив, фонд Дзагурова Г.А., опись 1, дело 3 «а», ф. 66.
Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |