(вариант) Рагима-раги цардæй Сирдон. Сирдон ку цардæй, уæдта, дзæгъуй, баздахтæй 'ма Нарти адæммæ дзоруй: – Кæсалгдзауæн фæццæуæн. Цуппар æнсувæри: Батраз, Хæмиц, Сослан, Урузмæг сарази æнцæ æ хæтдзæ, исон цæуæн мадта, дзæгъгæ. Иннæ бон хъæбæр берæ кæсæлгитæ ниййахæстонцæ, 'ма сæмæ Сирдон дзоруй: – Уотæ мадта нур ба, ма байагоретæ сирнигутæ, уæхецæн цæбæл исфицдзинайтæ кæсæлгитæ. Батрадз рандæй фитдзаг бахуаста уæйгути хæдзарæмæ. Уæйгутæ йибæл хъæбæр ниццийнæ æнцæ ма йимæ дзорунцæ: – Гъо, ка некæд цæуагæ хуæнхуаг цъеу. – Сæхуæдтæ ба кæрæдземæ бакастæнцæ, мах аггаг æй косæрттагæн, дзæгъгæ. – Сбал нæмæ бадæ, дзæгъгæ, имæ дзорунцæ уæйгутæ, медæмæ ку æрбацудæй, уæд. Фал сæмæ е дзоруй: – Бадунмæ мæ нæ евдæлуй, Сирдон мæ сирнигутæмæ рарвиста 'ма мæмæ æнгъæлмæ кæсуй, – дзæгъгæ. – Ести дин кæндзинан, мах нæ фæддæттæн иуазæгæн сирнигутæ, цалинмæ нæмæ исбада, уæдмæ. Батраз сæмæ байгъуста 'ма исбадтæй. Уæйгутæ ба ин сосæггай æ буни санс рауагътонцæ, ма Батраз къелабæл бадгæ байзадæй. Уæдмæ Урузмæг æрбахуаста дуар. Уæйгути кæстæр имæ ракастæй ма йибæл хъæбæр бацийнæ 'й: – Гъо, хуæнхаг дзегло, ка некæд цæуагæ, кæцæй фæддæ? – 'Ма бабæй уой дæр исбадун кодтонцæ йе 'нсувæри размæ 'ма уой буни дæр санс рауагътонцæ. Дууæ æрвади дæр хъæбæр нинкъард æнцæ, уæйгутæ сæ марунмæ ке гъавунцæ, уой ку базудтонцæ, уæд. Иннæ дууæ æрвади, Хæмиц æма Сослан дæр еумæ æрбацудæнцæ уони фæсте, нæ адæм ци фæцæнцæ, дзæгъгæ. Уæйгути хестæр сæмæ рацудæй уонæмæ ба 'ма сæмæ дзоруй: – Рацотæ медæмæ, хуарз иуазгутæ. – Мабал нæ цæун кæнæ медæгмæ, æгæр нæбæл æрæгæмæ кæнуй, – дзуапп дæттунцæ æнсувæртæ. Уæйгути хестæр сæмæ дзоруй: – Кæд уæ сирнигутæ гъæуй, уæд уин нæ ратдзæнæн, цалинмæ медæмæ æрбацæуайтæ, уæдмæ. Мæнæ уæ дууæ кæстæри дæр ами'нцæ, – дзæгъгæ. Етæ дуарæй ку æрбакастæнцæ, уæд Хæмиц никкудтæй: – Мæнæ ци хомугъ æнцæ не 'нсувæртæ, куд исбадтæнцæ, – дзæгъгæ. Уалинмæ уонæн дæр æривардтонцæ санси хæтдзæ къелатæ, 'ма етæ дæр иннæ дууей фарсмæ бадгæй байзадæнцæ. Уотемæй хъæбæр зинæй цуппаремæй дæр бадунцæ, 'ма æнкъард каст кæрæдземæ кæнунцæ. Фæндæ сæбæл кæнунцæ уæйгутæ, нур си кæций æнгъезуй раздæр бахуæрун, дзæгъгæ. Уалинмæ Сирдон фунх кæсæлгитæ æ бецъотæбæл исбаста, уотемæй уæйгути дуар æрбахуаста. 'Ма йимæ уæйгути сæрдар дзоруй: – Медæгмæ, медæгмæ, ка некæд цæуагæ иуазæг. – Ме 'мбæлттæ кæд ами 'нцæ, дзæгъгæ, æрбауадтæн, нæ мæ евдæлуй, æнафонæ кæнуй, – дзагъта син Сирдон. Фал æй уæддæр нæ ниууагътонцæ, 'ма 'й туххæй дæр медæмæ æрбасайдтонцæ. Æмбæлттæ'й ку рауидтонцæ, уæд сæ гъæлæси дзаг никкудтæнцæ йахæй: – Ци куст нин бакодтай, Сирдон, – дзæгъгæ. 'Ма сæмæ е ба дзоруй: – Ма тухсетæ, тæрсæн нæййес, ести уин кæндзæн. Уæйгутæ уомæн дæр къела ниввардтонцæ санси хæтдзæ, фал Сирдон нæ бакумдта, 'ма фæсдуар исбадтæй фунукæй дзаг боцикъабæл. Æхуæдæг ба сæмæ дзоруй: – Æз нæхемæ дæр къелабæл нæ фæббадун, мæнæ мин атæ дæр неци 'й, фал мæнæ аци адæммæ ба уотæ æвналæн нæййес, цалинмæ фæйнæ аргъауи ракæнайтæ уæдмæ. Ма йимæ уæйгутæ дзорунцæ: – Аргъау æримисæг æхуæдæг бал фитдзаг ракæнæд. Уæд Сирдон райдæдта мæнæ ауæхуæн аргъау: «Цæргæс иуонæ фæххæссуй 'ма йин кæмидæр æрхаудтæй. Уалдæнгæ еци уонæбæл æрцардæй гъæу. Ма робас ка 'й, е ба еци гъæу йеу æхсæвæ еу рауæнмæ фæлласидæ, иннæ æхсæвæ ба иннæ рауæнмæ. Гъæуи цæргутæ сæ уодæн нæбал адтæнцæ, 'ма кезу искодтонцæ гъæуай кæнунмæ. Алли гъæуи цæрæг дæр кезугай гъæуай кодта, фал си неке бон неци иссæй. Уалинмæ, еу мæгур хæдзарæмæ нæуæг киндзæ адтæй, 'ма æ лæг ба балци адтæй, 'ма æхецæн цæугæ рауадæй, уомæн æма уони кезу адтæй. Киндзæ донхæссæни хæтдзæ рацудæй, 'ма æхе нилхъивта уони тумбули размæ. Робас уалинмæ ку æрбацæуидæ, ма йин киндзæ донхæссæнæй æ астæу ку ниццæвидæ, 'ма робас ку æрзелидæ. Уæдта киндзæ æрцудæй сæ хæдзарæмæ, 'ма æнцад ниххустæй. Сæумæ ба 'йбæл гъæуи цæргутæ хъæбæр фæццийнæ кодтонцæ, 'ма йин райарфæ кодтонцæ хестæртæ. Уæдта йимæ дуггаг хатт иссудæнцæ, 'ма си ракурдтонцæ: Рауай, нæй фæразæн хатун 'ма йин æ еу фарс нистъигътан, иннæ фарс ба нæ, 'ма 'й дæхуæдæг кæд бафæраздзæнæ, уæд æй рахатæ, – дзæгъгæ. Киндзæ фæууадæй æнæзинадæй 'ма 'й æ къахи финдзæй искъуæрдта, 'ма фæххæттæй. Нур ба Сирдон аргъау фæцæй 'ма дзоруй уæйгутæмæ: – Гъæйдæуайтæ, мæ хортæ, уонæй ка хъаурæгиндæр адтæй, уой мин дзæгъетæ. Цæргæс хъаурæгиндæр адтæй, уонæ ка хаста, æви робас, гъæу ка фæлласидæ, æви киндзæ, уой ка рамардта. Уæйгутæ уалæнмæ фæккæрæдземæ æнцæ, ка си цæргæси тухгиндæр худта, ка – робаси иннæ – киндзи, ма кæрæдзей нимморæ кодтонцæ, Сирдон син æхуæдæг дæр æнхусгæнæг, уотемæй. Уæдта уæйгутæ кæрæдзей ку ниммардтонцæ, уæд Сирдон дзагъта æ адæмæн: – Гъæйдæ, нур ба ирайгæ рауотæ, – дзæгъгæ. Ма йетæ ба никкудтæнцæ, кутемæй нæ уадзис, ци дин кодтан уой-бæрцæбæл, дзæгъгæ. Сирдон син фæттæрегъæд кодта, 'ма уæдта, уæларт ци ирайгæ дон адтæй, уой райста, ма син æй сæ къелатæбæл февгæдта. Æнсувæртæн сæ фиди цъæрттæ къелатæбæл байзадæнцæ, уотемæй райервазтæнцæ 'ма рацудæнцæ Сирдони разæй. 'Ма æрцудæнцæ 'ма сæ бæхтæбæл рабадтæнцæ. И цуппар æрвади сæ фурмæстæй ци бакодтайуонцæ, уой нæ зудтонцæ, 'ма йин æ бæхи билæ æрæвгарстонцæ. 'Ма 'йимæ дзорунцæ: – Сирдон, дæ бæх цæбæл ходуй? Сирдон сæбæл бахудтæй ма син дзуапп равардта: – Уомæн æма æ разæй ходуйнæгтæ уинуй, æвæдзи, – дзæгъгæ. Уотемæй фондземæй дæр гъæумæ рараст æнцæ фæстæмæ.
Радзырдта йæ Айдарты-Баликъоты Лæйла, 80-аздзыд, 1973 аз, Цыкола. Ныффыста йæ Баликъоты Эммæ. Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет, уырыссаг литературæйы кафедрæйы архив, 1973 аз, № 41.
Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |