поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
Таурæгъ Нарты Сырдоныл
Автор: 00mN1ck / 21 мая 2010 / Категория: Ирон адæмон сфæлдыстад » Нарты кадджытæ
    Сырдон уыди Нартæй. Сырдон уыди цыргъзонд. Йæ цыргъзонды руаджы йæхи дардта. Йæ цыргъзонды руаджы-иу ссардта мадзал тыхст ранæй раирвæзынмæ. Сайыныл дæр нæ ауæрста. Иу хатт куы уыдис, уæд æм Нарты хистæртæ тынг смæсты сты æмæ æрæмбырд сты иу сабаты Нарты ныхасмæ. Нарты хистæртæ уынаффæ рахастой: «Ацы фæлитой Сырдон нæ фæхудинаг кодта адæмы астæу. Стыр Нарты мыггаджы фегад кодта, маст нын кæны. Цæй æмæ йæ амарæм». – «Æмæ йæ куыдæй амарæм?» – бафарста сæ хистæр.
    Нарты ныхасы бадджытæй алчидæр йæ уынаффæ æппæрста. Уæд Нарты зондджындæр лæг Уырызмæг бауынаффæ кодта: «Цæй æмæ йæм радтæм фарста, æмæ йын дзуапп куы нæ радта, уæд Нарты ныхасы къуырисæры бон ауыгъд куыд æрцæуа, афтæ». Нарты Созырыхъо загъта: «Уымæн æрхъуыды хъæуы ахæм фарста, æмæ кæмæн йæ бон не суыдзæнис дзуапп раттын».Нарты ныхасы бадджытæ æмдзыхæй æрлæууыдысты иу фарстайыл: «Цы у царды æппæтæй æнцондæр?Арвитæм æм фæсивæдæй бæхтыл дыууæ лæппуйы. Уыдон ын нæ фарста æмæ нæ фæндон бамбарын кæнæнт».
    Нарты Сослан фæдзырдта дыууæ лæппумæ: «Тагъд уæ бæхтыл сæргътæ авæрут æмæ Нарты ныхасмæ, Нарты Уырызмæгмæ бацæут». Нарты сахъгуырдтæ сæ бæхтыл сæргътæ авæрдтой æмæ уайтагъд æрбахæццæ сты Уырызмæджы размæ. Уырызмæг сын бафæдзæхста: «Ацæут æмæ ссарут нæхи Сырдоны, зæгъут ын: «Нарты хуыздæртæ дæм дæттынц иу фарста, æмæ йын дзуапп куы нæ ссарай, уæд рахастой уынаффæ, цæмæй дæ къуырисæры Нарты фæзы сауындзой».
    Нарты æрвыст лæппутæ сæ диссаджы æвсургътыл сæхи баппæрстой æмæ атахтысты Сырдоны агурæг. Уайтагъддæр Сырдоны райардтой æмæ йын бамбарын кодтой Нарты уынаффæ. Уыдон загътой: «Нартæ дæм дæттынц иу фарста: цы у царды æппæтæй æнцондæр? Уыцы фарстайæн къуырисæрмæ дзуапп куы нæ радтай, уæд уыдзынæ къуырисæры Нарты фæзы ауыгъд». Сырдон йæхи сагъæсгæнæг æмæ тыхсæг скодта. Йæ фыртыхстæй йæхи кæуæг дæр скодта æмæ загъта: «Ныр мæ Хуыцау нæ федта. Афтæмæй йæ куы нæ базонон æмæ ауыгъд куы 'рцæуон». Лæппутæн загъта: «Хорз, ацæут æмæ Нарты хистæртæн зæгъут: «Хуыцау уæ ма сбузæд, рагæй дæр зыдтон æз, сымах мæ сæр хæрынвæнд кæй скодтат, уый. Уагæр уын цы фыдбылызтæ скодтон? Ныр-иу къуырисæры æрбацæут æмæ уæдмæ кæд исты 'рхъуыды кæнин».
    Къуырисæры Нарты æрвыст лæппутæ æрбахæццæ сты Сырдонмæ цингæнгæйæ. Сырдон йæхи фынæй скодта. Лæппутæ йæ райхъал кодтой. Сырдон йæ цæстытæ сæрфæг йæхи скодта æмæ сæм хуыссæгхъæлдзæгæй дзуры: «Хуыцау мæ нæ федта, ныр афтæмæй мæ дзуапп раст куы нæ уа, уæд! Цæй, цы фæдæн, уый фæдæн. Ацæут æмæ Нарты хистæртæн зæгъут, Сырдон загъта, зæгъгæ, æппæтæй æнцондæр у искæмæн уынаффæ кæнын».
    Лæппутæ дзуапп æрбахæццæ кодтой Нарты ныхасмæ æмæ йæ загътой Нарты хистæртæн. Нарты хистæр зондджын Уырызмæг йæ сæр ныттылдта æмæ загъта: «Ницы рауад нæ уынаффæйæ. Уыцы Хуыцауы æлгъыст ын ссардта раст дзуапп».
    Уырызмæг фæстæмæ арвыста лæппуты Сырдонмæ. Бафæдзæхста сын Сырдонæн зæгъын: «Дæ амонд – дæ хъахъхъæнæг, æмæ раст дзуапп ссардтай, æндæр Нарты фæзы хæрзбон загътаис дæ гæды ныхæстæн æмæ дæ цардæн».
     Афтæмæй Нарты хин Сырдон баззадис цæргæйæ.

Радзырдта йæ Моргуаты Афæхъо Аслæнджерийы фырт, 82-аздзыд, 1987 аз, Зилгæ. Ныффыстой йæ Болиаты Альбинæ æмæ Кадиты Жаннæ.
Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет, ирон æмæ иумæйаг æвзагзонынады кафедрæйы архив.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru