поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
Нарт Сырдоны тохъхъыл куыд бахордтой
Автор: 00mN1ck / 21 мая 2010 / Категория: Ирон адæмон сфæлдыстад » Нарты кадджытæ
    Иу бон куы уыд, уæд Нарт сфæнд кодтой Сырдоны нард тохъхъыл бахæрын. Æнкъардæй йæм бацыдысты æмæ йын загътой:
    – Райсом, Сырдон, дуне сæфдзæн. Дæ тохъхъыл нын аргæвд æмæ ма нæхи фæстаг хатт хорз фенæм.
    Цы ма загътаид Сырдон дæр æмæ йæ тохъхъыл акусарт кодта, уæдæ цы уыдаид. Нарт æнхъæлмæ кæсынц, æмæ сæм хур куы 'ркаст, уæд сæ гæрстæ раластой æмæ сæхи найынмæ ацыдысты. Сырдон сын сæ дзаумæттæ рамбырд кодта æмæ сæ арты бакалдта. Нарт сæхи цынадтой æмæ сæ дзаумæттæ агурынц, фæлæ ма цæй дзаума æмæ цæй æндæр. Сырдонмæ дзурынц:
    – Сырдон, нæ дзаумæттæ цы фесты?
    – Мæнæ арт цæмæй скодтаин, уый нæ уыд, æмæ сæ бандзæрстон, – загъта сын Сырдон дæр.
    – Ау, æмæ ма ныр нæ уæлæ та цы скæнæм? – загътой Нарт.
    – Æмæ ма сæ цы кæнут, уæддæр райсом сæфгæ куы кæндзыстæм.
    – Уæдæ дæхи дзаумæттæ цæуылнæ басыгътай?– загътой йын Нарт.
    – Æмæ мæнæй тохъхъыл æгъгъæд нæу? – зæгъгæ, сын загъта Сырдон.
    Ай ма нын истытæ сараздзæн, зæгъгæ дын æй ма 'рцахсой æмæ йæ доны уыцы иу æппæрст бакодтой, куыдз дæ бахæрæд, зæгъгæ. Дон æй аласта, цæвиттоны хъуыддагæй, Сырдонæн та мæлæн нæ уыд æнæ бисмæллай зæгъгæ.
    Иу ран фыййæуттæ дон бацауæзтой кæсæгтæ ахсынæн, æмæ Сырдоны ауазæн баурæдта. Æнцад лæууы доны, хин æмæ кæлæн кæм нæ уыди, æмæ æнхъæлмæ кæсы.
    Уалынмæ иу фыййау кæцæйдæр фæзынди æмæ йæ фæрсы:
    – Цы кусыс, хорз лæг, ам?
    – Мæнæ фыййæуттæй кæмæ цы амонд кæсы, уый базонынмæ æрцыдтæн æмæ сæм зивæг кæнын бацæуынмæ, – загъта йын Сырдон.
    Фыййау хæрзæггурæггаг фæцис йе 'мбæлттæм, дæлæ нын иу лæг нæ амæндтæ зонынмæ æрцыдис, зæгъгæ. Фыййæуттæ йæм рацыдысты æмæ йæ сæхимæ бакодтой. Хорз æй бауазæг кодтой, фæхъæрмттæ йæ кодтой, стæй йын загътой:
    – Фæйнæ дæс фысы дын дæттæм, æмæ нæ кæмæ цы амонд кæсы, уый нын зæгъ.
    Сырдон сразы ис, йæхицæй дын стыр дæсны ма ацараза! Фæдзырдта сæ алкæмæн дæр, йæ дарддæры царды йæм хорздзинадæй дæр, æвзæрдзинадæй дæр цы кæсы, уый. Æмæ цы нæ гæды ныхас схаудис Сырдоны дзыхæй!
    Райста йæ фысты хай æмæ рараст кодта Нартыхъæумæ.
    – Уæ, нæ хæйрæг, кæцæй та фæзындтæ, кæ? Кæм дын уыдысты ацы фыстæ, гæды рувас? – фарстой йæ Нарт.
    – Доны мæ куы баппæрстат, уæд Донбеттырты фысты дзугтыл сæмбæлдтæн. Бæргæ сæ иууылдæр ратардтаин, фæлæ «æррæй» зæгъын мæ къухы нæ бафтыд, – загъта сын Сырдон.
    Уæдæ-ма йæ махæн бацамон, мах сын фенын кæндзыстæм, зæгъгæ, йæ нал уагътой.
     Цыма сын йæхи фосы дзугтæй зæрдæ æвæрдта, афтæ зынæй сæ ракодта Сырдон доны былмæ æмæ сын загъта:
    – Цас фалдæр къухы æфта багæпп кæнын, уыйас къухы фылдæр фос бафтдзæн, æрмæст-иу «æррæй» зæгъын ма ферох кæнут.
    Нарт сæхи, æз фалдæр бахауонæй, доны бакалдтой æмæ ма сæ иуæй-иутæн сæ къухы бафтыд «æррæй» зæгъын. Æрбаздæхти хъæумæ Сырдон, æмæ йæ Нарты сылтæ фæрсынц:
    – Махæн та кæд æрбаздæхдзысты?
    Фæлæ Сырдон йæ мидбылты бахудти. Уæд æй сылтæ æрцахстой æмæ йæ голладжы сæвæрдтой æмæ йæ хъæдмæ ахастой марынмæ, æрæвæрдтой йæ хъæды иу ран æмæ хъилтæ кæнынмæ ацыдысты.
    Уæд уыцы заманты иу барæг йæ рæзты æрбацæуы æмæ голлаг куы федта, уæд æм бацыди æмæ йæм ехсы фындзæй бавнæлдта. Куы базыдта, адæймаг у, уый, уæд æм дзуры:
    – Чи дæ, цавæр дæ, цы ми кæныс уым?
    – Мæнæ мæ Нарты сылтæ нал уадзынц, фылдæр æхсæртæ, дам, чи æруидза, уыимæ, дам, фæхъаз.
    – У, уæдæ мæн дæ бæсты цæвæр голладжы, æз уыцы хъуыддаг бакæндзынæн, – балæгъстæтæ йын кодта барæг.
    Сырдон дæр зынтæй сразы ис.
    Барæг æй райхæлдта, йæхи йын дзы Сырдон сæвæрдта æмæ йын йæ ком куырмæлхынцъытæй бабаста. Йæхæдæг бæхыл сбадти æмæ аууон ранмæ йæхи айста. Уæдмæ Нарты сылтæ фæзындысты хъилтимæ, æмæ сæ барæг куы бамбæрста, уæд хъæр кæны:
    – Хъазын уемæ, хъазын!
    Нарты сылтæ фæдис кодтой, ай цытæ дзуры, зæгъгæ, æмæ йæм дзурынц:
    – Цытæ дзурыс, цытæ?
    – Хъазын, зæгъын, сымахæй æхсæртæ фылдæр чи 'руидза, уыимæ.
    Хынджылæггаг фæуæд дæ сæр мæрдты дæр, зæгъгæ, йыл хъилтæй ралæууыдысты æмæ уайтагъд барæджы ныдздзæрна кодтой. Раздæхтысты хъæумæ. Кæсынц æмæ, Сырдоны хуыцауыналат чи у, уый замманайы бæхыл, йæ худ иуварсырдæм къулæй, сæ рæзты æрбасенк кодта.
    Аивæй-аивæй та йыл фæхæст сты Нарты сылтæ æмæ та йæ хъæдмæ ракодтой. Æртасын кодтой иу тала бæлас, бабастой йæ ууыл æмæ бæлас суагътой. Бæлас æй хæрдмæ фæхаста æмæ уым ауындзæгæй баззадис. Цас фæуыдаид уым, чи йæ зоны. Уалынмæ дын иу фыййау йæ бынты дунейы фысвос æрбаскъæры. Ауыдта уый Сырдоны æмæ йæм дзуры:
    – Цы кусыс, хорз лæг, уым?
    – Ысс-сс! – загъта Сырдон фыййауæн.
    – Зæгъ мын æй, цы кусыс уым? – нал æй уадзы фыййау.
    – Ысс-сс дын куы зæгъын, уæларв Уастырджи къамбецтæй най кæны, æмæ уымæ кæсын, – загъта йын Сырдон.
    – У, мæнæн дæр-ма сæ фенын кæн, – зæгъгæ, та йæ нал уадзы фыййау.
    – Бæлас дын æртасын кæнын нæ бакомдзæн, – сæфсон ын кодта Сырдон.
    Фыййау азгъордта æмæ йæ фыды æрбакодта. Æрхæцыдысты бæласыл æмæ йæ тыхтæ 'мæ амæлттæй æртасын кодтой. Райхæлдтой Сырдоны, æмæ Сырдон уыцы бæласыл фыййауы фыды ныббæстытæ кодта.
    Суагъта бæлас æмæ фыды йемæ фæхаста. Тагъд-тагъд цыбырдæр тала æртасын кодта, æмæ уæдмæ зæронд бæласы сæрæй дзуры:
    – Уæдæ куы ницы уынын, хорз лæг!
    – Чысыл банхъæлмæ кæс, – зæгъгæ, йæм дзуры Сырдон, стæй лæппуйы фæтагъд кодта, – тагъддæр у, кæннод дзы ды ницуал баййафдзынæ фенын.
    Лæппуйы дæр абæстытæ кодта æмæ йæ суагъта. Фыййауыл дæр йæ фыды бон акодта, мæгуыр.
    Сырдон фос ныттардта Нартыхъæумæ, æмæ ма йын цы акодтаиккой Нарты сылтæ дæр...

Радзырдта йæ Сатцаты Агуыбечыр Алиханы фырт, 42-аздзыд, 6 февраль, 1941 аз, Заманхъул.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 83, папкæ 27, ф. 166–160.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru