Нарты Сырдонæн уыдис адæмæн æмбисонды рæсугъд чызг, Сæлимæт, зæгъгæ. Бирæтæ йæм цыдысты курæг, бирæтæ йыл хордтой сæ муртæ, фæлæ никæй къухы æфтыд. Иу бон куы уыд, уæд та æрбацыд Сырдонмæ минæвæрттæ. – Ахæм æмæ ахæм мыггагæй, ахæм æмæ ахæм хорз лæппу дæ агуры йæхицæн хæстæгæн, – загътой Сырдонæн минæвæрттæ. Сырдон загъта: – Æз разы дæн. Мæ чызг у рæсугъд, нард, заинаг чызг. Чи йæ ахæсса, уый дзы фæсмонгонд нæ фæуыдзæн. Уæд минæвæрттæ кæрæдзимæ бакастысты æмæ загътой: – Ау, æмæ мах нæ хъанæн заинаг чызг курæм, адæмæн нæхи аллайаг кæнæм? – æмæ ацыдысты сæхимæ. Уæд Сырдонмæ йæ ус рауад æмæ йæм дзуры: – Цæмæн фæхудинаг кодтай чызджы, стæй заинаг чызг кæй хъæуы? – Ау, æмæ уæдæ æлхæнджытæ базары заинаг хъуг цæмæн фæагурынц æмæ йыл уæлдай зынаргъдæр цæмæн фæфидынц?
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 83, папкæ 27, ф. 234.
Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |