Хъæуы ныхасы бадтысты адæм æмæ сæ иу Сырдонæн йæ худ аскъæфтой. Худ чи аскъæфта, уый лыгъд иуырдæм, Сырдон та – уæлмæрдтырдæм. Уæд æм адæм дзурынц: – Гъе Сырдон, дæ худ дын уæлæ иннæрдæм куы фæхæссы, уæд ды та чердæм цæуыс? – Ауадз æй, уæлмæрдтæм æй хъæуы.
Радзырдта йæ Куыдзойты Бæбу, 90-аздзыд, Дзæгъиппарз. Ныффыста йæ Наниты Васо, 5 февраль, 1941 аз. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 83, папкæ 27, ф. 248.
Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |