Сырдонæн уыдис æртæ фырты. Адæм æм уыдысты хæрам, æмæ уый зонгæйæ баздæхти æмæ сыл йæхæдæг сæвæрдта нæмттæ. Сæ иуыл сæвæрдта Цæй, аннæуыл сæвæрдта Рæмбын, æртыккагыл сæвæрдта Фу. – Хист мын сын ничи кæндзæн, – мæгуыр сты, адæм та – хæрам, Нартæн та нæй æнæ зæгъгæ: «Цæй, афтæ бакæнæм, цæй!» Хæргæ-хæрын йæ рæмбынтæ фынгмæ чи нæ æруадза, ахæм дæр нæй нæ дзыллæйы. Хæринаг куы рахæссынц, уæд ыл æнæ афу хос нæй. Уымæ гæсгæ мæ фыртты кой уыдзæн Нарты: Цæй, Рæмбын æмæ Фу никуы байрох уыдзысты. Мæрдты фæндагæн та сын уый кæндзæн æххуыс.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 83, папкæ 27, ф. 254.
Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |