поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
Банда казино  
 
Батырадз куыд райгуырди (вариант)
Автор: 00mN1ck / 25 июня 2010 / Категория: Ирон адæмон сфæлдыстад » Нарты кадджытæ
(вариант)

    Хæмыц балцы фæцæйцыди æмæ йыл сæмбæлди иу лæппу. Уый куырдта Хæмыцæй:
    – Демæ мæ ауадз, æртæ боны иумæ разылдтытæ кæниккам.
    Ацыдысты, æмæ баталынг ис. Æхсæвæйраг сæ къухы нæ бафтыди. Лæппу загъта Хæмыцæн:
    – Ныр æххормагæй нæ ныххуысдзыстæм. Ам лæуу бæхты цур, æмæ æз исты æрхæсдзынæн.
    Суадис сырдты къуылдыммæ æмæ æрыскъæрдта сырдтæ йемæ, сæ хуыздæр амардта æмæ йæ аккой кодта, иннæтæ та æрыскъæрдта Хæмыцыл. Хæмыц бафынæй йе 'рцыдмæ. Стæй лæппу загъта:
    – Æз дæу хуыздæр лæг æнхъæл куы уыдтæн.
    Уыцы æхсæв минас фæкодтой, æмæ Хæмыцæн лæггад бакодта уыцы лæппу. Райсом сыстадысты æмæ лæппу загъта:
    – Æз демæ ницыуал бакæндзынæн!
    Райсомы Хæмыц æрфæсмон кодта: «Уыцы лæппуйы цæуылнæ бафарстон? Кæй мыггагæй у, уыдонæй чызг ракуырдтаин». Стæй йæ фæстæ адзырдта:
    – Фæлæуу, лæппу, иу ныхасмæ мæ хъæуыс!
    Лæппу куы ныллæууыд, уæд ын загъта Хæмыц:
    – Мæн фæнды, кæй мыггагæй дæ, уый базонын; уæд æз дæр дæ мыггагæй иу чызг ракурин, дæ хуызæн гуырд мын дзы кæд райгуырид.
    Уый та йын загъта:
    – Хæдмастпсæлтæй дæн, иу хо ма мын ис, æмæ дын æй ратдзыстæм; фæлæ йын кæд исчи уайдзæф бакæна, уæд йæхи амардзæни, кæнæ йæ кæцæй æркодтой, уырдæм æй кæнын хъæудзæн.
    Хæмыц лæппуимæ ацыдис æмæ дын сæ ирæд йæ дзыппæй систа, афтæмæй дын æй бафыста. Уæд йæ усы рахаста æмæ йæ æрхуы мæсыджы сæрмæ скодта æмæ йæ уым дардта. Фæцарди уым бирæ. Сырдон фыдбылыз кæм нæ уыдис Нартæн. Иу райсом куы уыди, уæд æм æрцыдис æмæ йæ мæсыджы сæрмæ касти æмæ йын загъта:
    – Уæй, налат! Уæй, хъахпай! Дæ хуызæн Нартмæ никуы 'рцыди? Кæдмæ мæсыджы сæры бадай, дæлæмæ нæ рахизай?
    Уый фæстæ Хæмыцмæ бадзырдта йæ ус, æмæ йæм куы ссыди, уæд ын кæуынхъæлæсæй дзурын байдыдта:
    – Сымахæн уæ сау лæг куы у Сырдон æмæ мæ куы бафхæрдта; ныр уый æфхæрды фæстæ ам нал цæрдзынæн. Мæ фыды хæдзармæ мæ акæн!
    Хæмыц сразы йæ цæуыныл. Стæй ус загъта:
    – Æз дын лæппу схъомыл кодтаин æмæ æппын ахæм никуы уыдаид. Ныр дын æй дæ фæсонтæм ныуулæфон, æмæ дын куы ныуулæфон, уæд дæ дыууæ уæны æхсæн ныкъкъуыпп уыдзæн; стæй йæ мæйтæ банымай æмæ йæ уæд бакъæртт кæ; стæй иу лæппу уыдзæн, æмæ йæ денджызы баппар.
    Афтæмæй йын йæ дыууæ уæны астæу ныуулæфыдис. Уый фæстæ йæ усы йæ фыды хæдзармæ акодта, æмæ йæ фæсонтæ куы ныкъкъуыпп сты, уæд ын тæригъæд кодтой Нарт, сынкъ ыл æрзадис, зæгъгæ. Стæй Хæмыц мæйтæ банымадта, æмæ йæ райгуырæн афон куы 'рцыди,уæд æрхуы мæсыджы сæрмæ ссыди æмæ Сосланмæ бадзырдта æмæ йын æй акъæртт кæнын кодта. Стæй лæппу рагæпп ласта æмæ йæ денджызмæ баппæрстой. Уым лæппу хох фестади. Стæй Борæтæй Мысырби, Бадри ныццыдысты денджызмæ æмæ куырдтой уымæй:
    – Денджызы цы галтæ ис, уыдонæй махæн дæр иу гал раппар!
     Уый та сын загъта:
    – Сымах Уырызмæджы æркæнут æмæ йын йæ сæр куы адасат, уæд уын галтæ аппардзынæн.
    Стæй уыдон ссыдысты сæ хæдзармæ æмæ Уырызмæгæн загътой:
    – Денджызы ис ахæм лæг, æмæ хохæй дæр стырдæр у: уый махæн загъта: «Уырызмæджы æркæнут æмæ йын йæ сæр куы адасат, уæд уын æз ратдзынæн галтæ дæр æмæ мæхæдæг дæр ацæудзынæн сымахимæ».
    Стæй Уырызмæг райсом сыстадис æмæ рацыди семæ денджызы былмæ; уымæн йæ сæр куы дастой, уæд Батырадз денджызы астæу сыстади æмæ загъта:
    – Худинаг нæу, куыд ын дасут йæ сæр?
    Стæй йæхæдæг дыууæ галы йæ дыууæ къухæй рахаста æмæ рацыдис доны былмæ зæхмæ æмæ систа йæ дзыппæй сæрдасæн æмæ адаста Уырызмæгæн йæ сæр. Стæй уыдонæй ракуырдта:
    – Мæ фыд Хæмыцы бæх мын æрбаласут æмæ ууыл куыд ссæуон мæ хæдзармæ.
    Хæмыцы бæх æм куы 'рластой, уæд ыл сбадти Батырадз. Йæ уæрджытæй куы 'рбахæцыдис, уæд бæхæн йæ фæрстæ асастысты æмæ амарди. Стæй Батырадз загъта:
    – Уырызмæджы бæх мын æрласут! – æмæ йæм æрластой Уырызмæджы бæх; сбадтис ыл Батырадз, æмæ йæ тыххæй схаста. Йæ хæдзармæ куы ссыдис, уæд загъта: – Æз афтæмæй ницы бафæраздзынæн адæмимæ хæцынæн, уый тыххæй æмæ æз стæг æмæ фыд дæн; мæхи куыд байсæрон æмæ æндон куыд суон.
    Стæй йæ дзыппы æртиссæдз туманы цæвæрдта æмæ Куырдалæгонмæ ссыди æмæ йын загъта:
    – Дæ хорзæх Хуыцау радтæд, æмæ мæн байсæр æмæ æндон куыд суон.
    Куырдалæгон ын загъта:
    – Æз дæ байсæрин, фæлæ ды басудздзынæ арты.
    Батырадз ын загъта:
    – Цыдæриддæр кæнон, уæддæр æнæ байсæргæ гæнæн нал ис.
    Стæй Куырдалæгон дуртæ æрласта æмæ йæ цæвæрдта куынцгомы дурты бын. Иу сабатæй иннæ сабатмæ дымдта. Стæй йе 'мгъуыд куы 'рцыдис, уæд Куырдалæгон загъта:
    – Æз цæй æмæ фенон Батырадзы, уый афонмæ басыгъди æмæ йын аппарон йе стджытæ.
    Стæй йæм куы бацыдис, уæд Батырадз арты бады æмæ кæсы. Æмæ йын загъта Батырадз:
    – Кæд мæ сæрыс, уæд мæ байсæр, кæд нæ, уæд мæ ма хъаз, æри мæм фæндыр æмæ æз цæгъдон.
    Уæд æм Куырдалæгон радта фæндыр, æмæ уый цагъта. Стæй та йæм æрласта æндæр дуртæ, ноджы йæ сæрын байдыдта æмæ йæ къуыри фæдымдта.Йе 'мгъуыд куы 'рцыдис, уæд Куырдалæгон загъта:
    – Цæй-ма, ныр æй фенон, æппын нæма фæци сæрыд!
    Куы йæ федта, уæд Батырадз загъта:
    – Дæ хорзæхæй ма мæ уазал кæ, денджызмæ мæ аппар!
    Денджызмæ йæ куы баппæрста, уæд денджызы иу къуыри дон нал ацыди, хусæй баззади. Стæй уым Батырадз æндон фестади æмæ уырдыгæй куы рацыдис, уæд та денджыз дæр цæуын байдыдта.

Всеволод Миллер. «Осетинские этюды», часть I.
Ученые записки Имп. Моск.университета, вып.I., Москва, 1881, с.14–18.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru