Арвæн йæ иу кæронæй дыууæ хуры куы скастис, зæгъгæ, гъей! Нарты Батраз, гъей, Цон-ма, бабæрæг æй кæнон, йай цавæр диссаг у, зæгъгæ, гъей! Авд бонцауы йын, зæгъы, иу бон куы 'нтыстис, гъей, Авд бонцауы, гъей. Уæртæ иу ран, зæгъы, иу æдзæрæг бæстæм куы бахæццæ вæййы, гъей, Нарты Батраз, гъей, Уым, зæгъы, уыцы æдзæрæг бæсты куы зæгъы, Гъе-гъе-гъе-гъей! Æхсыры цадмæ, зæгъы, куы бахæццæ вæййы, Æхсыры цадмæ, Йай, дам, цавæр диссаг у, зæгъгæ, Йæхи куы 'раууон кæны, Æхсыры цады был, гъей, Нарты Батраз, гъей. Иузаманы, зæгъы, хуры чызг куы 'рбатæхы, æмæ Гъей, Нарты Батраз, Æхсыры цады был йæ дзаумæттæ раппары æмæ, гъей, Æхсыры цадмæ куы багæпп ласы, зæгъгæ, гъей. Нарты Батраз, зæгъы, хуры чызгæн Йæ дзаумæттыл йæхи куы ныццавта, Йæ дзаумæттæ йын куы фелвасы. Хуры чызг, зæгъы, æхсыры цады астæуæй, Уæдæ, дам, Хуыцау мæ дæуæн саккаг кодта, Батраз, зæгъгæ, йын лæгъстæ кæнын куы байдыдта. Хуыцау мæ дæуæн саккаг кодта, ницыуал фæцæудзынæн, Зæгъгæ, фæлæ мын мæ дзаумæттæ куы раттис, зæгъгæ, зæгъы. Нарты Батраз ыл куы баууæндыд, Нарты Батраз ыл куы баууæндыд. Хуры чызг йæ дзаумæттæ куы 'рбакодта. Уæдæ, зæгъы, уымæн йæ базыртæ иуфарс æвæрд куы уыдысты, Уый Батраз куынæ зыдта. Йæхи хъуыдыйы æфсон, зæгъы, иуфарс фездæхтис. Йæ базыртæ куы бакæны, куы ныппæррæст кæны, Батраз дæр ма йæм бæргæ фæлæбуры, фæлæ ницы. Ницыуал æрцахста, фæлæ йæм хуры чызг фæстæмæ куы дзуры: Æз, дам, дæу хуызæн мæйттæ куы кæнин, Батраз, Уæд афонмæ дæр бирæ куы ссардтаин, зæгъы, гъей. Батраз дæр ма йæм хъæлæкк дзуры: Æз, дам, зæгъы, дæу хуызæн чызджытæ куы куырдтаин, Уæд, дам, мæ къухы куы уыдтæ. Иу абонæй иннæ абонмæ æхсыры цады был фæстæмæ хуыссын куы байдайы. Хуры чызг йæхиуыл дуæрттæ фидар куы сæхгæдта, Куынæуал кæны йæ дуар, зæгъгæ, Хурмæ куы бахъаст кодта, цалынмæ Нарты Батразы амарат, Уæдмæ мæ дуар нæ бакæндзынæн, æддæмæ нæ ракæсдзынæн, зæгъгæ. Уæлæ уæларв Куырдалæгонмæ куы бацыдысты, Балсæджы цалх ын куы скæнын кодтой Нарты Батразы, Нарты Батразы тыххæй. Бæстыл æй куы рауагътой, Дур дæр æй куы нæ урæдта, хъæд дæр, зæгъгæ, Æмæ, зæгъы, иузаманы Батразæн йæ зæнгтыл цæхгæрмæ куы 'рбатулы. Æрду 'мæ 'рдæг дæр ницы алыг кодта, Фæлæ Батраз куы фæгæпп ласта, йæ фæдыл згъорын байдайы. Лыстæг æй куы ныппырх кодта. Ног та, зæгъы, ног Балсæджы цалх куы скæнын кодтой. Хъæстмæ та фæцыдысты. Ахæм тыхтæй дуæрттæ ахæмы кæмæ уыд, ахæм Балсæджы цалх та куы скодта уæлæ уæларв Куырдалæгон, Бæстыл æй рауагътой, æппындæр æй куы ницыуал урæдта, Батразы зæнгтыл цæхгæрмæ куы 'рбатылд, куы сæ ахауын ласта, Нарты Батраз, гъей!
Радзырдта йæ Томайты Мысырби, 70-аздзыд, 26 июнь, 1974 аз, Къора. Ныффыстой йæ Дзуццаты Ритæ æмæ Бызыккаты Тамарæ. Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет, уырыссаг литературæйы кафедрæйы архив, 1974 аз.
Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |