Тынты калачы царди мæликк. Хæмыц уырдæм æрцыди йæ дуармæ æмæ загъта: – Мах куы стæм паддзах, мах йеддæмæ паддзах куы нæ ис. Стæй мæликк загъта: – Ацы куыдзы хъыбылы æрбакæнут, уый куыд загъта: мах йеддæмæ паддзах нал ис, зæгъгæ! Кæй йæм арвыста, уыдоны Хæмыц се 'ппæты дæр фæцагъта, йæхæдæг та йæм барвыста, зæгъгæ: – Иу къуыри æмгъуыд дын дæттын – мæнмæ куыд рацæуай Кæсæджы быдырмæ. Йе 'мгъуыдмæ ма мæликкæн æртæ боны куы уыди, уæд уый загъта: – Хæмыц тыхджын лæг у, æз куы нæ бафæрсон къулбадæг усы, кæд мын исты бацамонид. Стæй йæм бацыди æмæ йæ бафарста. Уый йын загъта: – Хæмыцы бæх у хæйрæджытæй гуырд, ссар бирæгъы царм æмæ йæ дæ бæхы бæрзæйыл æрцауындз; уæд Хæмыцы бæх дæумæ йе 'ргом нæ ратдзæнис. Уый бакодта афтæ. Стæй уый фæстæ æрбацыди мæликк Кæсæджы быдырмæ. Хæмыц дæр æрбацыдис се 'мгъуыдмæ. Хæмыцы бæх йе 'ргом мæликмæ нæ радта, æмæ Хæмыц лидзын байдыдта: барæй нæ лыгъди, йæ бæх æй хаста – нæ йæ бафæрæзта уромын. Стæй йæ мæликк фæсте сурын байдыдта æмæ йæ амардта æмæ йæ йæ бæхыл бабаста. Уæд бæх, мард йæ уæлæ бастæй, йæ хæдзармæ бацыдис æмæ ныууасыди. Хæмыцы бинонтæ загътой: – Уый нæ бæхы уасын куы у, æмæ нæ бæлццонæн æрцæуын афон куы нæма у! Æмæ йæм рацыдысты æмæ федтой: сæ дуармæ бæх, мард йæ уæлæ бастæй лæууы. Стæй йæ бинонтæ загътой мардæн: – Кæд фæстейы мард фæдæ, уæд рухсаг у, кæд разæй мард фæдæ, уæд дæ хæйрæджытæ ахæссæнт, дæуæн разæй тых ничи бакодтаид, фæлæ дæ хиндзинадæй фæстейæ амардтой. Стæй Нарт загътой: – Махæн Тынты-калачы мæликкимæ хæцын хъæуы, фæлæ мах бон куы нæ у, Батырадз куы нæ ис ам. Батырадз уыди уыцы рæстæджы Куырдалæгонмæ. Стæй Нарт æрæмбырд кодтой æфсæдтæ æмæ арвыстой изæры дымгæйы райсомы дымгæмæ, райсомы дымгæ Батырадзмæ куыд ссæуа æмæ йын зæгъа: «Дæ фыды дын амардта мæликк æмæ мах Тынты-калакмæ цæуæм дæ фыды туг исынмæ, дæхæдæг дæр куыд æрцæуай ардæм». Стæй дымгæ загъта Батырадзæн: – Дæ фыды дын мæликк амардта, кæд бадгæ кæныс – сыст æмæ рацу, кæд лæугæ кæныс, уæд та бадгæ мауал скæ æмæ тагъд рацу. Батырадз дымгæйæ куы фехъуыста, йæ фыды йын кæй амардтой, уый, уæд цæуынмæ сыстади, фæлæ йын йæ хæзгул уаты бамбæхста йæ гæрзтæ: йæ топп, йæ кард, йæ уарт. Бацыди æмæ асаста уаты дуар йæ къухæй æмæ райста йæ гæрзтæ. Уæларвæй зæхмæ куы 'рцыди, уæд судзгæ кодта; их-цъитийæн йе 'рдæг ратыдта æмæ йæ йæ сæрыл сæвæрдта, уазал куыд кæна, афтæ. Стæй æрцыдис Нартмæ æмæ сын загъта: – Цæмæн уæ хъæуын? Хъазгæ мæ кæнут æви цы? Хæмыцæй тыхджындæр куыд разынди? Уыдон ын загътой: – Цы ма дын æй нымæхсæм? Дæ фыды дын амардта Тынты-калачы мæликк. Стæй Батырадз, цæмæйдæриддæр, йæ фыды туг исыныл ныллæууыдис.
Всеволод Миллер. «Осетинские этюды», часть 1. Ученые записки Имп. Моск. университета, вып.1, Москва, 1881, с.18–22.
Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |