поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
Уази фурт Ацæмæзи зар
Автор: 00mN1ck / 13 июля 2010 / Категория: Ирон адæмон сфæлдыстад » Нарты кадджытæ
    Нихаси бадтæнцæ адæм æма кастæнцæ. Загътонцæ:
    – Уæлæ Фæснæлæрдæги Бонвæрнæ искастæй!
    Йеу лæг ба загъта:
    – Йе Бонвæрнæ нæй, фал Уази фурт Ацæмæз æй.
    Уæдта бабæй загътонцæ:
    – Дæлæ хорискæсæнæрдигæй Кæрдæг-æстъалу искастæй.
    Æма бабæй иннетæ загътонцæ:
    – Йе Кæрдæг-æстъалу нæй, фал, табу йин уæд, йе æнккæтей рæстгæнæг Уасгерги æй.
    –'Ма ци кæнуй? – загътонцæ.
    – Хъæрæу Æфсатимæ лæваргор Уази фурт Ацæмæз цæуй, æма 'й æ хæтдзæ хонуй.
    Ранæхстæр æнцæ æма сæбæл надбæл Никкола фембалдæй.
    Дзурдта сæмæ:
    – Кумæ цотæ? – зæгъгæ.
    'Ма ин Уасгерги загъта:
    – Мæнæ Ацæмæз Æфсатимæ лæваргор цæуй æма мæ æ хæтдзæ хонуй.
    Загъта син Никкола:
    – Алли лæварæй дæр уин барæ уодзæнæй, æма ма бакометæ. Уæдта уæ нæбал уадздзæнæй, æдта ци коретæ, зæгъгæ, æма ин уæдта зæгъдзинайтæ: «Æдта нин кæд лæвар кæнис, уæд нин де 'носи хæтæл ралæвар кæнæ».
    Бацудæнцæ æма син хъæрæу Æфсати къуæре минасæ исаразта, къуæре сæ бонæй-бон хуæздæр фæххинста. Цæугæ ку кодтонцæ, уæдта син загъта:
    – Йести райсетæ, кæд уæ фæндуй, – бæхæргъау, кæд уæ фæндуй, – галæргъау, кæд уæ фæндуй, – æд фиййау дзогæ.
    Уасгерги ин загъта:
    – Махæн фонс дарун нæ рæстæг нæй, – зæгъгæ.
    Уæдта сæ бахъурмæ кодта:
    – Мадта уæ ци фæндуй, – зæгъгæ, – уой мин бандеуетæ.
    Загътонцæ ин:
    – Кæд нин дæттис, уæд нин де 'носи хæтæл ралæвар кæнæ.
    Зинадæгæнгæ бацудæй æма син æй равардта. Æрбацудæнцæ сæхемæ. Уорс хонхи сæрмæ иссудæй Ацæмæз æма 'й оми ниццагъта. Ацæмæзи хæтæли гъæрæй Уорс хонхи къæбуртæ æркалдæнцæ æма зуртæ-зуртæ фæцæнцæ. Уæдта Сау хонхи сæрмæ исхизтæй. Оми 'й ниццагъта, æма Сау хонх æд бунтæ низмалдæй. Йеу ма 'й ниццагъта, æма Сау хонхи буни сау айнæги дуар фегон æй. Айнæги саурæсугъд имæ дуарæй ракастæй æма имæ дзоруй:
    – Ци изæд, ци идауæг дæ, ардæмæ ку неке цæуй, адæми муггаг дæ æви æндæр ести дæ?
    'Ма ин загъта:
    – Изæд дæр нæ дæн, идауæг дæр нæ дæн, хуæнхаг адæймаг дæн.
    Уæдта ин загъта айнæги саурæсугъд:
    – Ци рæсугъд цæгъдис, тæходуй дæ цæгъдтитæ мæ ку уайонцæ.
    Ацæмæз ба дзоруй:
    – Мæ цæгъдтитæ дæу уæнтæ, фал мæн ба, тæходуй, дæ цæсгони рæсугъддзинадæ ку уайдæ.
    Саурæсугъд имæ дзоруй уæдта:
    – Мæ цæсгони рæсугъддзинадæ дæу нæй, фал мæ ду ба мæ сæргъи истæгæн ку уаисæ.
    Ацæмæз ба ин загъта:
    – Хуарз æй, æз дæ сæргъи истæг ку уаинæ, фал мæ ду ба бинонтæн ку уаисæ.
    Саурæсугъд ин загъта:
    – Бæргæ ку уаинæ дин бинонтæн, фал зин дæттæн дæн, мæнæн мæ фидæ Саулæг хуннуй, 'ма мæнæ Сау айнæги медæги горен ес мæ хæдзарæбæл, Æфсатий сирдтæй ой ка байдзаг кæна, омæн мæ дæттуй.
    'Ма ин загъта Ацæмæз:
    – Мадта е зин нæй, – зæгъгæ.
    Рацудæй хæтæли хæтдзæ æма Орс денгизмæ бахъæрттæй. Хæтæл оми ниццагъта æма имæ сор собæхътæ æргъæуттæй рацудæй æма Сау денгизмæ æрбацудæнцæ æ хæтдзæ. Оми дæр æй ниццагъта, æма хæтæли гъæрмæ сор дудæхътæ билæй кæлун байдæдтонцæ. Йетæ дæр æ хæтдзæ ранæхстæр æнцæ, æма Хъуми будурмæ æрбацудæй, оми дæр бабæй æй ниццагъта, æма æ фæсте сау робæстæ æруæзтæй рацудæнцæ. Ордиги ба саугъæдæмæ æрбацудæнцæ. Оми дæр æй ниццагъта, æма пихсилсæр сагтæ æ фæсте рацудæнцæ æруæзтæй. Орс хонхи сæрмæ æрбацудæй, æма 'й оми ниццагъта, æма къæлæтсæр дзæбодуртæ æ фæсте рацудæнцæ æруæзтæй. Сау хонхи сæрмæ исхизтæй æма 'й оми ниццагъта, æма лацамарзгъунгун æрситæ дугъдугъгæнгæ æ фæсте рацудæнцæ. Æрцудæй Сау айнæги дуармæ æма дуар бахуаста:
    – Саулæг, ракæсæ, мæнæ дæхеон райсæ, – зæгъгæ.
    Дуар байгон кодта, æма сирдтæ багур-гур кодтонцæ, æма медгорен райдзаг æй, уæдта имæ исдзурдта Ацæмæз:
    – Де 'фсар берæ уæд, æндæ горен ка 'й, йетæ дин æргомæггаг, медæггорен ка 'й, етæ ба дæ кизги æруæд , нур ба мин мæхеон рарæвдзæ кæнæ.
    'Ма ин исрæвдзæ кодта, уæдта 'й йеунæг æхуæдæг рахудта, æ хæтæлæй ниццагъта йе 'цæгæй, цума æ хæтдзæ сæдæ лæги адтæй, отæ. Игъæлдзæгæй рацудæй. Гъе 'ма 'й æрхудта æма цæргæ-хуæргæй байзадæй. Гъе нур ба йе 'рцудмæ Дигорæн хуарздзинæдтæ уæд.

Радзырдта йæ Будтуты Маза, 15 август, 1929 аз, Цыкола. Ныффыста йæ Дзагурти Губади.
ЦИГСИИ-йы архив, папкæ 145, дело 352, ф. 138–140.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru