поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
Нарти Ацæмæзи зар
Автор: 00mN1ck / 13 июля 2010 / Категория: Ирон адæмон сфæлдыстад » Нарты кадджытæ
Сау хонхи цæрæг Сайнæг-æлдар æй.
Уомæн æ кизгæ – Агундæ-рæсугъд.
Æ йеунæг кизгæ, æ бундори хай,
Зæронд æлдарæн – æ зæрди 'нцойнæ.
Æ чилле джикко – фадигъолтæмæ,
Æ сау цæштингас – фæскъæвда сах хор,
Æ кустмæ февналд – берæгъи лæбурд,
Бабужи накæ – æ донмæ рацуд.
Сæумæрагиау ку рафецауй,
Æ нарæг астæу тасæ-уашитæ, –
Мæйрохс фелауй æ уорс гогойнæй,
Сæууон хори рохс – æхе цæсгомæй.
Нарти лæхъуæнтæн сæ хуæрзхаст бæхтæ
Æ размæ гъазгæй фæггобан унцæ:
Агундæ-рæсугъд бæрзонд айнæгæй
Æ рæсугъд цæстæй нæ рафæлгæсуй.
Минæвар цæугæй нихаши бадæг
Нарти зæрæндтæн сæ галдзар уæфстæ
Сау хонхи рагъбæл бафехсуд æнцæ:
«На»-æй æндæр шин неци джиуапп йес.
Нарти Уажи фурт минги Ацæмæз
Агундæ-ханмæ æрхицæ кодта.
Сау гъæди астæу гæмæх æрдожти
Æ сау нæл сæгътæ дзæгъæл ниууадзуй,
Дзæгъæл ниууадзуй æма саразуй
Æ фиди хæзна, – сау æфтудтитæ
Сугъзæрийнæ хæтæл. Ку фæннæхстæр уй
Сау хонхи цъопмæ æ хæзнай хæтдзæ.
Мулки номæн ма хуарз Ацæмæзæн
И уæрчи фæште е ку байзадæй:
Уажи хæдзари æ фуртти æхсæн
И уæрчи хъаугъа уобæл æрцудæй:
Нарти скъуæнхт лæгтæ авд нихашеми
Æрбадгæй – уобæл нæ базонунцæ
Раст хæйттæ кæнун 'ма нийхæлунцæ
Авд хатти йетæ тæрхони сæрбæл.
Нарти мæгуйраг, – къеуæ цæштитæ –
Фæстаг æмбурди се 'уарæг фæууй.
Рæштиуæрцæ дæр айдагъ йе хæссуй:
Фонс – и хестæртæн, хæтæл – кæстæртæн...
Уажи фурттæ дæр аражи æнцæ.
Нарти Уажи фурт минги Ацæмæз
Сау хонхи сæрмæ ку фæррæдæхсуй,
Æртдор къæдзæхбæл æрбадуй æма
Цæгъдунтæ æдта йе ку байдайуй.
Агунди гъоши дæр хæтæли цагъд
Æрцудæй, æма Сау хонхи айнæг
Къæражги бæрцæ уæд ку байгон æй:
Агундæ-рæсугъд, æ куст ниууадзгæй,
Æ куст ниууадзгæй – æнæ фезмæлгæй
Игъосуй нæртон лæхъуæни цагъдмæ.
Лæхъуæни зæрдæ уой балæдæруй.
Уажи игурдæн æ рæсугъд цагъдмæ
Æгас дуйнетæ æригъал унцæ;
Æноши чъететæ уæд тайунцæ,
Урух будурмæ нæ унгæг кæмттæй
Фæдесон лæгау хæбал-хубулæй
Мæстгун ивулд дæнттæ уæд уайунцæ;
Æнæбун денгиз ку рафæлхъæзуй,
Хъуми будури и цъæх дудæхътæ
Æма совæхътæ уæд ку кафунцæ.
Уажи фурт Ацæмæз æ хæтæлæй
Хъæбæрдæр цæгъдунтæ ку байдайуй...
Цæгатон æршитæ сæ тар фунæй
Сæ гъур-гъур цæугæ æригъалунцæ,
Сæ гъар лæгæттæ ку ниууадзунцæ
'Ма лæплæпгæнгæй кафун 'ма шемун
Сау гъæди астæу уæд байдайунцæ,
Тæгæрсæрæй ибæл сæргин сæгтæ,
Гъæуæнзтæ 'ма къæлæтсæртæ скъæрун
Уæд райдайунцæ; туачъи билтæбæл
Хъæлзæнг рæуестæ уæд ку уайунцæ,
Æфсатий фонс сау айнæги бунмæ
Дзогтæ-дзогтæй Ацæмæзи зармæ
Æмбурдтæ кæнун уæд ку райдайуй.
Ацæмæз дæр дин уæд æ хæтæлæй
Рæсугъддæр цагъдмæ нур ку низдохуй....
Саугъæддон ибæл тъæфилтæй хауй;
Гæмæх къулдунтæ, гæмæх æрдожтæ
Сæ цъæх зæлдагæ уæд радарунцæ;
Алли хужи рæсугъд деденгутæ
Идзулд будурти уæд равзурунцæ.
Дуйней будуртæ Фæлвæрай фонсæй
Уæд байдзаг унцæ; деденгутæбæл
Гæбæлотæ 'ма стонг мудбиндзитæ
Дувдувгæнгæ ратæхæ-батæхæ
Уæд кæнунцæ, алли рæсугъд мæргътæ
Сæ уасунæй сау гъæдæ сæ сæрбæл
Уæд ишесунцæ: хуарз Ацæмæзæн
Фæрсаг кæнунцæ. Уалджигон хор дæр
Æгас дуйнебæл æхцæуæн гъарæй
Уæд ку бакæсуй; кæдзос дунгæмæ
Алли уодгоймаг æхе рахатгæй
Фæтæн реуи дзаг уæд исолæфуй.
Нарти Уажи фурт минги Ацæмæз
Рæсугъддæр здæхтæ уæд ку равзаруй...
Мегъи пъæстутæ рарæнгъæ унцæ,
Сæ гъар цæштисуг уæд æркалунцæ;
Сау гъæдрæбунти арви нæрун дæр
Уæд æрцæуй, ма кæрдæги халæ
Идзулдæй æхе уæд ку бацæгъдуй.
Нарти Уажи фурт минги Ацæмæз
Рæсугъддæр цагъдмæ бæргæ низдохуй...
Агундæ имæ айнæги фарсæй
Беурæ фегъосуй, фал ин разæгъуй:
«Уæ, дзæбæх лæхъуæн, дæ ниййерæгæн
Æ фæндæуагæ ку фæццæрисæ,
Мæн ба к 'уайонцæ дæ сугъзæринæ
Арæзт хæтæл 'ма дæ сау нæл сæгътæ».
Нарти Уажи фурт æрбамæстгун уй:
Сау хонхи къæбурбæл æ даргъ хæтæл
Листæг сау хъуæлтæ фæххаун кæнуй,
Ку фæннæхстæр уй сæ хæдзарæмæ.
Æ сæр губурæй, æ уонтæ калдæй.
Рæсугъд хъал кизгæ, Сайнæги бундор,
Уæд æрхезуй айнæг къæражгæй,
Æрæмбурд кæнуй хæтæли хъуæлтæ,
Бадæдтуй сæ æ фиди зæрондмæ.
Буйнагин цъæфсæй сæ йе ку 'рцæвуй –
Хæтæли мортæ банимæхсунцæ.
Агундæ-рæсугъд фиййауи хæтæл
Ку бабæттуй уæд сурх дарий медæг;
Хъандзалгун кири 'й арф нинниуæрдуй,
Хуарз Никкола ма рæшти Уашгерги
Бæхтæбæл бадгæ æрацæунцæ –
Сæ уацæ рохсæй цæстæ тар кæнуй.
Уонæн сæ бæхтæ – æфсоргъи муггаг,
Лæгти изæдæн æ бæхæргъауæй;
Курдалæгонæн æ цæфхади цагъд
Нур дæр бæрæг æй: идзæгъни хузæн
Кæд хонхи рагъбæл жингитæ цæгъдуй.
Æрацæунцæ 'зæдтæ-даугутæ
Мæйрохши хузæн хонхбæл фелаугæ;
Сæ фалæмбулай рафæлгæсунцæ:
Разæй уинунцæ тъæпæн будуртæ,
Сæ рахез фарсæй – Хъæреуи бæрзонд,
Сæ галеу фарсæй – Бестауи бæрзонд.
Уажи фурти дæр уæд ниууинунцæ:
«Дæ фæндаг раст уа, минги Ацæмæз!
Кумæ фæццæуис дæ къæхтæ къуæргæ,
Дæ сæр губурæй, дæ уонтæ калдæй?
Ка дин фæттардта дæ сау нæл сæгътæ?
Кæми ниууагътай дæ жинаргъ хæтæл?»
«Табу уæхецæн, нæ рохс изæдтæ!
Нифс ма ка хæссуй Нарти адæмæй
Сайнæг æлдармæ минæвар унмæ?
Ду мин ку уайсæ, нæ рохс Уашгерги,
Ду мин ку уайсæ къохбæлхуæцæгæн,
Раздзæуæгæн мин – бæрзонд Никкола,
Рохс идаугутæ – киндзхонти къуарæн, –
Нæбал цæуинæ мæ къæхтæ къуæргæ,
Нæбал цæуинæ мæ сæр губурæй».
Зæдтæ-даугутæ разæгъунцæ йин:
«Рамбурд кæнæ 'дта дæ киндзхонти къуар,
Сæ рæнгъæй мах ба нæ рартæсдзинан».
Нарти Уажи фурт минги Ацæмæз
Сæумон уазали æ бæх ниртайгæй
Хорæн йе 'скашти рафæндараст уй,
Нарти фæйнæгфарс хуарз Созурухъо
Æ рахез фарсæй Æрфæнбæл бадгæй,
Хестæр æмбалæн хуарз Ацæмæзæн
Æнæжинадæ йе ку ражиндтæй.
Сæ киндзхонтæбæл уæд æрхæтунцæ:
Æргинарæгмæ рохс Тæтæртупмæ,
Курпи бæрзондмæ Будури 'зæдмæ,
Тубауи хонхмæ уорс Елиамæ,
Уазай бæрзондмæ хуарз Никколамæ;
Адай цъопбæл шин – къахгин Æфсати,
Хъæреуи хонхбæл – тæтон Фæлвæра,
Дигоргоми ба – рæшти Уашгерги.
Ходаистæй шин кургус кæнунцæ.
Нæ бæлццæнттæ – изæдтæ-даугутæ
Æрæмбурд æнцæ, ранæхстæр æнцæ
Сау хонхи бадæг Сайнæг-æлдармæ.
Уорссæр Тæтæртупп – сæ къуари хестæр,
Æ галеу фарсæй – æхсаргин Елиа,
Æ рахез фарсæй – бæрзонд Никкола;
Уонæн сæ кæстæр – рæшти Уашгерги.
Изолдæр къуарæй – иннæ 'даугутæ.
Хуæнхтæ резунцæ бæхти хурруттæй,
Цъæх мегъæ сбадуй сæ бæхти тулфæй;
Рæфтон хор гъазуй сæ идæнттæбæл.
Зæдтæ-даугутæ уæд байдайунцæ
Сæ даргъ фæндагбæл унаффæ кæнун:
«Ачи хатт дæр ма Сайнæги зæронд
Нæ къуари хатир кунæ фæууина,
Нæ унаффæ уæд цæбæл ралух уа?»
Нæ Дигоргоми читгин Уашгерги
Рохс идаугутæн атæ разæгъуй:
«Уажи фуртæн æз къохбæлхуæцæг дæн
Æма уи корун, ме 'нхузон адæм:
Кæд нин æй радта фæндонæй – хуæздæр,
Ку ниффæрсмæ уа – æхецæн фуддæр.
Ачи æмбурдæй рахæссæн тухæй
Зæронд хевастæн æ рæсугъд кижги».
«Сау хонхи айнæг, – зæгъуй Тæтæртупп, –
Æгæр бæрзонд æй, æгæр федар æй:
Агундæ-рæсугъд, Сайнæги бундор,
Æ фиди цорæй жин æскъæфæн æй».
Даргъæхсарæгин, мæнгартти сорæг
Уорс Елиа уæд атæ разæгъуй:
«Нæ къуари хестæр, Хуцауи уарзон,
Ду нин ракорæ бæрзонд Хуцауæй
Мегъæстуг, æз ба бавзардзæнæн уæд,
Бавзардзæнæн уæд, – чи федардæр æй.
Ме 'хсарæ æви Сау хонхи айнæг!»
«Нæ уорс Елиа, Сау хонх фехалæ, –
Уашгергий æма мæ бæгъдаонд æй
Сайнæг-æлдари кижги раскъæфун», –
Уотæ разæгъуй бæрзонд Никкола.
Уомæ игъосгæ къахгин Æфсати
Æрбарæуæг уй: «Лæгау фæллæууæн!
Ме 'ртасгæ фонсæй авд сæргин саги
Æвжестæ арæ уæрдуни йефтигъд
Хездзæнæнцæ уæ Сау хонхи рæбун».
«Æз ба уин, – загъта Будури изæд, –
Уæ разæй тæхгæ фæндагамонæг».
Фæлвæра загъта: «Æстæмæй-астмæ.
Чидæр уæ гъæуа мæ фонсæй – цæттæ».
Нæ рохс изæдтæ унаффæгæнгæ
Сау хонхи размæ бахæстæг унцæ.
Æрфестæг унцæ уæларвон бæхтæй
Сау кæрттуй буни урух надгæрон.
Бæласи аууон цъæх зæлди астæу
Æритаунцæ сæ уорс нимæттæ.
Коми дунгæ шин сæ даргъ закъитæ,
Æрдогай телгæ, сатæг ку кæнуй.

Сайнæг æлдарæн æ тургъи астæу
Æрфестæг унцæ дууæ изæди.
Æ цурд кæстæртæ Сайнæг æлдарæн
Гур-гурæй сæмæ æракæлунцæ,
Се 'дæнттæмæ шин фæллæборунцæ.
Æрацæйцæуй йе 'уазгутæмæ
Сайнæги зæронд – æлхий æрфгутæ,
Æлхий æрфгутæ, уорс чилле закъæ,
Нарæг астæу 'ма фæтæн усхъитæ.
Уæлæфтауцæй ин теуагъун цохъа,
Æвжестæ лæдзæг æ галеу къохи.
«Æгас æрцотæ!» – «Хуæрззæруæ бауо!» –
Ку сæ бахонуй 'уазæгдонæмæ.
Лæгти изæд 'ма бæрзонд Никкола
Уæллæй сбадунцæ пилæстæг ширей,
Ку ин дзорунцæ сæ цуди хабар:
«Дæ хуарзæнхæ нæ к' уаидæ, Сайнæг,
Нæ хестæртæ дæр æнгъæлдзау æнцæ:
Мах Уажи фуртæн минæвæрттæ ан!
Минæвар лæгæн æ хæс йе 'рагъи 'й.
Уажи фурти дин неке фаудзæнæй:
Æ фидæ адтæй Нарти бæрæг лæг,
Æхуæдæг кæд æй лæхъуæнти хуæздæр,
Кæд æ хæтæли цагъд зæрдæ 'лхæнуй,
Будур батар æй кæд æ сау фонсæй;
Уæд хæстæгæн дæр æнсувæр кæд æй.
Зæрдегин æма нихиджиуаргин.
Дæ хуарзæнхæ нæ к'уаидæ, Сайнæг,
Дæттæг корæги уæд саражидæ»
«О, мæ кæдзосуод хуарз иуазгутæ!
Æз ачи бонæ мæ цæрæнбæнтти
Æхсæви рохсбæл банимайдзæнæн.
Уæхе куд фæндуй, уотæ бакæнтæ
Сумах раст дзурдбæл чи зæгъуйнаг дæн?
Фал æркæшетæ, нæ рохс изæдтæ,
Мæгур зæрондмæ, мæгур фидæмæ!
Фиццаги хъаруæ кæми ма йес нур?
Æрмæмæ жилдæй мæ царди зумæг.
Ме 'стæг фезгъæр æй, фæккиуттæй мæ зунд,
Арфдæр æфсæрун мæ чирти гъосмæ.
Мæтъæл бони ма 'й мæ хори цæстæ –
Табу уæ фарнæн – мæ йеунæг кижгæ.
Куд æй лæдæрун мæ хуарз хъæболи –
Нæ рагæлдздзæнæй æ зæронд фиди:
Æгæр æвзонг ма 'й лæгмæ цæунмæ...»
Сайнæги дзурдмæ нечи зæгъунцæ;
Фæннæхстæр унцæ нæ рохс изæдтæ
Йечи хузæнæй се 'мбæлтти къуармæ.
Гурведауцæ 'ма нарæг æрфгутæ
Сайнæги кижгæ, Агундæ-рæсугъд,
Чи дзурд равардта рохс иуазгутæн,
Уобæл бафæрсуй æ зæронд фиди.
Джиуапп фегъосгæй æрбамæстгун уй,
Æ даргъ æрфгутæ æрбатар кæнуй,
Фендæуй æма хæдзари дуар
Уæд ниггупп ласуй æ рæсугъд къохæй.
Байлæдæруй уæд æ фиди зæронд,
Фæхходуй æма уотæ разæгъуй:
«Куд дæ лæдæрун, мæ хеваст кижгай,
Уотемæй уаржис, рæсугъд цæгъдтæлтæ,
Сау нæл фустæ 'ма дангъа хæтæлтæ;
Уонæй хъæбæрдæр бæргæ бауарзтай
Нарти Уажи фурт хуарз Ацæмæзи:
Дæ киндздзон кири хæтæли хъуæлтæ
Хумæтæги арф нæ нинниурстай».
Дуггаг æрвист ма ку бакæнунцæ,
Сайнæг æлдар шин уотæ разæгъуй:
«Уæ хатир фæйнгæ, рохс идаугутæ,
Аггаг æй кæнун ме 'нсæр адæмæн
Мæ йеунæг зæнæг, мæ йеунæг кижги».
Нæ рохс изæдти æ хæдзарæмæ
Уæд ку бахонуй Сайнæги зæронд.
Устур Нартмæ дæр хонæг ферветуй.
Нарти адæм дæр æрбамбурд унцæ.
Сайнæг æлдар сæ æстæмæй-астмæ
Уæд ку байдайуй идзулдæй хинцун.
Æвжестин къæхтæ зурнæ фингитæ
Æрæвæрунцæ изæдти размæ.
Уæзбун фингитæ хъабагъи дæргъцæн
Æрæвæрунцæ Нарти адæмæн.
Хуарзарæхсгæ 'ма рæуæг кæстæртæ
Æртæ къерей 'ма æхсæрфæнбæлттæ
Æфсæн ухстбæл цавд æрахæссунцæ.
Бæгæний шинон дугъосуги дзаг
Æлутон фунхæй æрæвæрунцæ.
Уорссæр Тæтæртупп фæууй сæ ковæг,
Ковæггаг фæууй Уажи игурди.
Сæ ниуæзтæ уй донæй ахиддæр,
Сæ хуæрдæ фæууй дууæ уойбæрцæ.
Сæ ниуазæнтæ – дзæбодур-шиуæй,
Бунмæ тонунцæ фидæй фингитæ.
Минасæ беурæ – фæууй фæндонæй.
Нæ сæмæ фæууй минасæн æ сæр:
Нæ сæмæ фæууй игъæлдзæг зартæ.
Æфсеси зæрдæ зарун агоруй:
«Гъе, мæ нæуæг шиахс, цæмæннæ цæгъдис
Дæ сугъзæрийнæ рæсугъд хæтæлæй,
Хъал кижги зæрдæ кæмæй басастай,
Кæмæй ин цагътай, йечи хæзнайæй?»
Нарти Уажи фурт Сайнæг æлдармæ
«Раги фæххатæй – зæгъгæ, бандеуй –
Мæ лæхъуæн зæрдæ мæ хæзнай цагъдæй,
Мæ сугъзæрийнæ дангъатæ хæтæл
Хонхи къæбурбæл ку ниффæртт ластон.
Листæг буройнæ 'й уæд ку никкодтон».
Агундæ-хан ин æ фиди хæзна
Сурх дарий тугъдæй уæд æрбахæссуй.
Йе дæр саразуй рæсугъд цæгъдтæлтæ,
Иуазгутæ дæр уæд нийдзулунцæ.
Нарти хуарз лæгтæ хуæрдæ-ниуæзтæй
Ку бафсæдунцæ, уæд самайунцæ
Тумбул фингæбæл къæрцц æнгулдзæхтæ,
Кæхчи билтæбæл нæртон кæфтитæ,
Цъæх зæлдæ тургъи æнгом уæззау шинд
Ку рахецæн уй æстæмæй-астмæ,
Рарæнгъæ унцæ Сау хонхи рагъбæл
Ацæмæзæн уæд æ хуарз киндзхонтæ,
Ку рахæссунцæ рæсугъд Агунди,
Сæ киндздзон уæрдун – æвжестæ арæ.
Уобæл шин йефтигъд авд сæргин саги,
Авд сæргин саги – Æфсатий лæвар.
Киндзхонти фæдбæл авд уæрдунеми,
Авд уæрдунеми – домбайтæ йефтигъд,
Киндздзон дзаумаутæ йетæ ласунцæ.
Йетæ ласунцæ Сау хонхи рагъбæл.
Æ къохбæлхуæцæг – рæшти Уашгерги,
Дуггаг уæхæн ин – Нарти Урузмæг;
Сæ разæй цæуæг – бæрзонд Никкола,
Туруса хæссæг – Будури изæд.
Бæхбæл нигъгъазуй читгин Елиа:
Уомæн йе 'хши къæрцц арви нæрун æй,
Бæхарчи цæхæр – арвæн æ ферттивд,
Æ бæхи рагурд – æгас адагæ,
Æ бæхи финкæ – зумæгон бурдæн.
Байхонунцæ зæрдигъæлдзæгæй
Сайнæги кижгæ Агундæ-хани.
Фæрнæй баковуй нæртон хуарз уоши,
Нæртон хуарз уоши – Сатанай къахбæл.
Нæуæгæй бабæй уæд идзулунцæ.
Уæдæй байзадæй æгъдауæн, мæ хор,
Къуæре бæласæ нæ хуарз адæмæн.

Ныффыста йæ Тугъанты Махарбег, 1900 аз, Дур-Дур. Йæ радзурæг бæрæг нæу. Абаев В.И. «Из осетинского эпоса» 10 нартовских сказаний, текст, перев., комментарии.М.–Л., Ак. наук, 1939, с.54–63.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru