Главная > Нарты кадджытæ > Нарти Уази фурт Ацæмæз (вариант)

Нарти Уази фурт Ацæмæз (вариант)


26 августа 2010. Разместил: 00mN1ck
(вариант)

Нарти Уази фурттæ адтæнцæ
Авд æнсувæри.
Уонæн сæ кæстæр хундтæй Ацæмæз.
Уæд Нарти Уази мулкбæл иуарун фæндæ искодтонцæ.
Уонæн иуарæг адтæй сæ кæстæр æнсувæр Ацæмæз.
Ацæмæз æхсæз хайи искодта.
Æвдæймаг хайæн ба искодта
Нарти Уази сугъзæринæ хæтæл.
Хестæргай син барæ рауагъта
Æмæ си алкедæр æхецæн хай райста.
Ацæмæзæн байзадæй сугъзæринæ хæтæл.
Ацæмæз рандæй сау хонхи бæрзондмæ
Æ сугъзæринæ хæтæл æма сау фонси хæтдзæ.
Ацæмæз адтæй фиййау.
Сау хонхи бæрзонди æ сугъзæринæ хæтæлæй ниццагъта.
Æ цагъдмæ сау хонхи цæрæг Сайнаг æлдари
Æфсæн дуæрттæ байгом æнцæ.
Сайнæг-æлдар дæр рацудæй уой хæтæли гъæрмæ:
Фегъуста ин æ хæтæли цагъдмæ.
Уалæнмæ æрсабур æй хæтæли цæгъдун.
Дзоруй Сайнаг æлдар:
– Хуарз фиййау, еу цагъд-ма ку ракæнисæ.
– Æной ду ба дæ рæсугъд кизги ку раттисæ.
– Æрра фиййау, мæ рæсугъд кизгæ ба дин уæд раттинæ,
Ме 'фсæн галæуæнттæ мин Фсатий фонсæй ку байдзаг кæнисæ,
Гъе уæд дин раттинæ мæ рæсугъд кизги.
Ацæмæз рандæй Æфсатимæ фонсгор.
Надбæл ибæл фембалдæй бæхгин лæг.
– Ци æрдæмæ цæуис, Ацæмæз? – зæгъгæ 'й бафарста.
– Æфсатимæ фонс корæг цæун æма мин Æфсатимæ минæвар фæццо.
Раздахтæй æ хæтдзæ бæхгин лæг.
Бацудæнцæ Æфсатимæ фонсгор.
Æфсати уонæн загъта:
– Сау хонхи бæрзондæй дæ сугъзæринæ хæтæлæй ниццæгъдæ æма, етæ кумæ фегъусонцæ, етæ дин мæ лæвар фæууæнтæ.
Сау хонхи бæрзондæй Ацæмæз æ сугъзæринæ хæтæлæй ниццагъта.
Уой хæтæли гъæрмæ къæбурбунтæй сау сауæдæнттæ
Зæрзæргæнгæ уадæнцæ.
Уой хæтæли гъæрмæ цæугæдæнттæ ниллæудтæнцæ.
Уой хæтæли гъæрмæ собæхътæ æма дудæхътæ симдбæл æрхуæстæнцæ.
Цилпæ æрситæ лæплæпгæнгæ уомæ цудæнцæ.
Æнсарбунтæй æнсургинтæ æрдонгтæ-æрдонгтæй уомæ цудæнцæ.
Уæлæ къæлæтсиугай къæлæтсæр сæгтæ, гургин гъæуæнзтæ
Æруæзгæйтæй уомæ цудæнцæ.
Уæлæ тæгæрсаугай тæгæрсар дзæбодуртæ уомæ цудæнцæ.
Сайнæг-æлдари æфсæн галуæнттæ хуæрз идзаг бакодта Æфсатий фонсæй.
Æрхудта Сайнæг æлдари рæсугъд кизги Нарти Уази фурт Ацæмæз.
Нивгун гъуддаг адтæй. Нур дæр ма киндзæ ку фæццæуй,
Уæд уой нивæбæл фæкковунцæ.

Радзырдта йæ Хъодзасты Бичени, 28 октябрь, 1975 аз, Дур-Дур. Ныффыста йæ Туаты Изетæ. Салæгаты Зояйы æмбырдгондæй.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru