Главная > Нарты кадджытæ > Уасгерги 'ма æнæфиндз Маргъуз
Уасгерги 'ма æнæфиндз Маргъуз19 сентября 2010. Разместил: 00mN1ck |
Уасгерги фæууй Уæларвон цæрæг; Дууæ оши ин; Уæллаг дзиллити Цæруй сæ хестæр, Дæллаг дзиллити Цæруй сæ кæстæр – Къурпи бæрзондбæл. Цæттитæ кæнуй æхе Уасгерги, Цæунмæ гъавуй афæдзи балци. Æ хестæр ошæ зæгъуй кæстæрæн: «Исони бон æй нæ лæги нæхстæр, Дæуæн ба нур дæр дæ хуйуйнæгтæ Уæртæ лæуунцæ æрдæг кæрститæй, Æрдæг кæрститæй – æрдæг худтитæй. Ходуйнаг, мæ йарт! Курондзаутæ 'ма Дондзау оштитæ зар искæндзæнцæ, Ой нин базонгæй, нæ дууебæл дæр». Кæстæр æмигир уæд æ медбилтæ Баходуй æма дзиуапп саразуй: «Уанæбæрæг ма куд æхцул 'уисæ Нæ лæгбæл, мæ хор, æнæфиндз Маргъуз Куд æй алцæмæй, отæ ку уаидæ». Нецибал дзоруй хестæр ошæ дæр, Фал баивæруй сау маст æ зæрди. Æхсæвæй сцæуй æ хестæр ошæмæ Уасгерги, уинуй мæтъæлæй бадгæй Къæразги рæбун æ рæсугъд оши «Ци кæнис? – зæгъуй. – Дæ хуарз цæгатæй Маке 'рбахæссæд фудхъонци хабар». «Мæ хурфæ содзуй, мæ сæрихецау, Мæстæй абонгкæй: нæ Къурпи бадæг Дæ хуарз æфшинæн айсоми зæгъун: «Дæ хуйуйнæгтæ ратагъддæр кæнæ». Хуæздæр дзурдæн мин отæ фæккодта: «Æнæфиндз Маргъузи хузæн ку уайдæ Алцæмæй æнхæст, уæд ибæл цума Куд æхцул уисæ – уæд æй дæхецæн Хъури æгънæгæн бæргæ дарисæ». Ходуй Уасгерги æма фæррохс уй Аварæ омæн æ худтæй æваст: «Цитæ мин дзорис... уæхенимæри Кунæг зæгъдтæлтæ сумах нæ кæнтæ». И сæумæ фестуй æма ниццæуй Дæллаг дзиллити кæстæр ошæмæ. «Ку нæ разинна æнæфиндз Маргъуз, Куд зæгъис, отæ – мæгур дæ къоппа, Дæ сæри къоппа! Исдæбæтдзæнæн Емиллаг бæхбæл, тъæпæн будурти Радæуадздзæнæн еци хузæнæй. Æцæг ку уа дæ дзурд – дæуæй адгиндæр Нæбал одзæнæй мæнæн дуйнебæл». Уасгерги сбадуй æ орс æвсорхъбæл, Нийцæфтæ кæнуй æвзестæ æхсæй, Будуртæ дауй омæн æ æхси къæрцц, Будуртæ дауй – хæнхтæ арауй. Цæун байдайуй идард бæстæмæ, Æ цуд не 'халуй сæумæй изæрмæ. Изæри цæуй æхсæвæртæмæ. Идардмæ уинуй арти цæштитæ, Йæ гъоши цæуй бæхгæши гъæртæ. Идардæй сæмæ ку багъæр кæнуй. Раимæуайуй фараст лæхъуæни, Æ идонæбæл ин фæххуæцунцæ 'ма «Медæгмæ иуазæг», зæгъгæ, зæгъунцæ Нивгæрдунцæ ин æнæбадт байраг, Хуарз æй хинцунцæ. Сæумæ ку фестуй, Ку рафæлгæсуй – будур нæ зиннуй, Дзурд дæр не 'гъусуй бæхти гур-гурæй. Сæ бæхгæстæ 'нцæ фараст фарасти, Хъойрахти хæццæ, архъанти хæтдзæ. Бæхтæ раздæхун туххæй комунцæ. Фæрсуй Уасгерги: «Атæ кети 'нцæ?» «Ани хецау æй æнæфиндз Маргъуз, Æрнæмæкæнуй анзæн еунæг цуд Æма фæлласуй бæрцæлвид байраг». «Æ цæрæн кæми 'й, кæми гъæубæсти 'й?» «Хуарзæй-фудæй ин неци лæдæрæн». Бæхбæл фæббадуй æвæсмард уазæг, Бæхбæл фæббадуй, бонсауизæрмæ Цæун байдайуй уæларвон бæхбæл. Галæргъæуттæ 'ма къамбецæргъæуттæ, Идзаг фæздойнæ – хуæрдгун гъоцитæ Зиннун байдайуй нæ хуарз бæлццонмæ. Онæн сæ отар – æгас гъæубæстæ, Се стæнтæн ахæст – æгас будуртæ, Сæ нимæдзæ шин туххæй ерунцæ, Минтæй нимайгæ сæ гъомгæстæ дæр, Уасгергий размæ æрцæунцæ. «Уæ фонс беурæ уа!» – «Беурæ фæццæрæ! Изæр æй, уазæг, махæн нæ рæзти Некæд фæццæуй фæллад бæхгин лæг. Мах дин фусун ан, фусун, иуазæг». Дууæ æхсæви 'й нæ рауадзунцæ, Æвгæрдунцæ ин бонæн ионуг, Хуарз æй уинунцæ хуæрдæй-ниуæзтæй. Етæ Уасгергий нæ фæсмæрунцæ. Æ нæхстæрбæл син отæ ку зæгъуй: «Аци минасæ ке фæрци кæнун, Ой ку нæ зонун, ци уавæр лæг æй?» «Махæн не 'лдар æй – æнæфиндз Маргъуз, Æ фонши бæрæг райсунмæ анзæн Еунæг цуд кæнуй, – идард кæмидæр Цæруй æхуæдæг; исон рæфтæмæ Ду фембæлдзæнæ æ фиййаутæбæл, Онæн зундгонд æй æ гъæумæ фæндаг». Райарфæ кæнуй, рафæндараст уй, Цæун байдайуй уæларвон бæхгин. Бонæ ку цæуй – е 'мбал æй сах хор; Æхсæвæ цæуй – æ над амонæг Арвæн е 'фшийнæ – рохс цæсгом мæйæ, Сæумон æстъалу – æ сæумон æмбал. Рæфти нихъхъæртуй урух тагæмæ, Донбæл бадунцæ фустæ 'ма сæгътæ, Фустæ 'ма сæгътæ дори арæхæн. И дони æрхæ бæлæсти æхсæн Онæй сау даруй кæрæй-кæронмæ, Кæцæйдæр цæуй хæтæли цæгъдун, Хæтæли цæгъдун – æнгом æрдзæфгъæр. Зилдæй бадунцæ инсæй лæхъуæни И хорæфтуди, бæлаши буни; Еу ши ку цæгъдуй, дууæ ши кафуй, Дууæ ши кафуй рагон кæсгон кавд. Сæ осонгæмæ 'й ку бахонунцæ, Уазал мешин ин æрбадавунцæ, Æрбаргæвдунцæ нард хæрсгæ далис, Æрбакъæр-къæр уй ухстбæл фезонæг. «Маргъуз фæдзахста махæн, – зæгъунцæ, – Æрцæуæгкаги губун æфсадун. Хуарзи хабар дæр, фудкойгæнæг дæр Нæ царди астæу бæлццон лæг фæууй». Æртæ 'хсæви 'ма æртæ даргъ бони Етæ хинцунæй нæ ауæрдунцæ. Цуппæрæймаг бон æ дзоргъа бæхбæл Рафæндараст уй уазæг Маргъузмæ. Къулдуни сæрæй кæсуй дæлæмæ, Кæсуй дæлæмæ: урух будурбæл Гъæу нитътъæпæн æй, æ бæрæг астæу Гъæуæн æрттевуй даргъ иуазæгдонæ, Хорау æрттевуй и цъæх зæлдæбæл. Æ бæх ордæмæ уæд ниййаразуй, Рæуæг бацæуй уазæги цудæй Æма ниллæууй Маргъузи тургъи Уæларвон бæхгин, æвæсмард цæуæг. Раимæцæуй асæй рæстæмбес, Æ уиндæ – неци, гурæй дæр отæ; Сæгъдзар бор ходæ, цъæх цохъагин лæг. Бæхæй Уасгергий æрхезун кæнуй, Æ цъæх нимæт ин ишесуй æма 'й Бахонуй, базбæл пилæстæг ширей Æрбадун кæнуй хуарз иуазæги. Дзоруй Уасгерги: «Маргъуз мæ гъæуй». «Маргъуз дæ размæ 'й», – зæгъуй ин е дæр. Ниддес уй иуазæг æхенимæри: «Циуавæйраг Хуцауи дессаг – Мæнæн мæ фусун; æ уиндæ – неци. Хузæнæн ма ин финдз дæр ку уидæ, Æ кой ба кæми 'й, æ фонс дæр ахит». Омæй дессагдæр е 'уазæгдонæ: Æрхи – æ фæрстæ, æ сæри астæу Цирагъи бæсти сæумон æстъалу; Домбайи шиутæ æ рагъæнтæ 'нцæ, Онæбæл ауигъд æ тохæнгæрзтæ. Сæнторс пилæстæг æ бадæнтæ 'нцæ, Онæбæл æфтуд рæсугъд дангъатæ. Уалдæнмæ ибæл изæрæрдæмæ Æмбурдтæ кæнуй беурæ адæмтæ, Рæнгъæй дуармæ даргъ уазæгдони Етæ лæуунцæ уазæги сæргъи. Хинцун байдайуй фусун уазæги: Сæумæ ин – орс гал, цъæх гал – æхсæвæ. Æстæмæй-астмæ 'й некумæ уадзуй. Игъæлдзæг уогæй хуæрдæ-ниуæзтæй Уæгæ нæ кæнуй идардæй бæлццон. Æстæймаг бони зæгъуй Уасгерги: «Фæллад дзабурæй хъæбæрдæр нæрсуй Уазæг æдзохдæр хуæрдæ-минасæй!.. Нигки февулæд дæ беурæ фонс дæр; Фал æз бадунмæ дæумæ нæ цудтæн. Загътон мæ зæрдтæй: Маргъузи хæццæ Лæбурди еу цуд ку фæккæнинæ; Дæу фæрци, Маргъуз, нæхе бæстæмæ Де знæгти фонсæй ку фæттæринæ». Маргъуз радзоруй: «Мæ бæх, лæхъуæнтæ!» Æрбаласунцæ губунгин бор бæх, Губунгин бор бæх, æ цæсти къеутæ – Халони æстæ; зулун къæхтæ 'ма Дони хъаймагъæй æ дæлхъуртæмæ, Къæндзæги буни – æ еугур барцæ, Байрæгути хуæрд – æ цубур думæг, «Гъе, уæууæй, Маргъуз, – дзоруй е 'уазæг, – Ци мæрдцæстæ дæ, дæхецæн дæр ма Хузæнæн бæхбæл ауæрдгæ кæнис? Омæй хуæздæр бæх нæбал исшердтай? Райуадзæ, е ба хæта хæмпæлти, Фагус æзмæнта æ даргъ сæфтгутæй». «Нæ даргъ фæндагбæл бæрæг одзæнæй! – Зæгъуй ин фусун. – Æ дангъа – æ цуд!» Рабадунцæ 'ма ранæхстæрунцæ Цудгин бæхтæбæл Маргъузи тургъæй. И гъæдрæбунмæ ку бахъæртунцæ Æ бæхæргъаумæ; дзоруй Уасгерги: «Анæй мин раттæ сæ барæуæдзтæй, Зæрдæ нæ коруй анæй хуæздæр фонс, Ду дæр раздæхæ дæ хæдзарæмæ, Æз дæр цæудзæнæн мæ даргъ фæндагбæл». «Сæрбæлтау дин уæд мæ нард бæхæргъау, Æгайтима сæ дæ сæрмæ хæсшис! Де 'ннæ фæндæ ба дзæгъæл æй, уазæг, Ме 'стæги гъæдæ федар кæдæй æй – Кæдæй байдæдтон лæбурди цæун, Некæд раздахтæй æрдæг фæндагæй Æнæфиндз Маргъуз æ гъæугæронæй. Зæгъдзæнæнцæ ми: лæбурди цæун Нæбал бандиудта æнæфиндз Маргъуз. Хæсгæ мард фæуун берæ хуæздæр æй Маргъузæн, мæ хор, уæхæн фудкойæй. Дони урухбæл денгизи ордæг Дууæ гъæуи 'нцæ мæ хъалондартæ; Донæн æ еу фарс тæтæр цæрунцæ, Донæн е 'ннæ фарс туркаг сахар ес. Ниуæзтæй нæ хуарз фæххинцдзæнæнцæ. Сугъзæринæй худ сæ еу тъæпæнæг, Мæхе сласдзæнæн сæ тъæпæнæгмæ; Рауадздзæнæн æз фæстаг ниуазæн, Нæ Уасгергиæн æ даргъ цæрæнбон, Мæ цæстæ дæмæ фæнникъолдзæнæн, Тъæпæнæг дæмæ æз исдæтдзæнæн, Дæ бæхбæл цæфтæй мабал ауæрдæ... Уæдта одзæнæй – Хуцауи фæндæ»... Фæннæхстæр унцæ, онæн сæ бæхтæ Дони кæнунцæ бабузи накæ, Урух сауденгизи етæ кæрдунцæ Сæ реугудуртæй цъæх фелауæнтæ. Сæ кæрæдземæн и дууæ бæхи Рази барæ дæр нæбал дæттунцæ; Идарддæр бадуй сæ дони финкæ, Сæ пурфæй сах хор нæбал фæззиннуй. Ку бацæунцæ тæтæри гъæумæ... Дууæ дзилли дæр æрбамбурдунцæ; Цæттæ дарунцæ хуæрдæ-ниуæзтæ. Сæ сугъзæрийнæ тъæпæнæг уæллæй Æрæвæрунцæ Маргъузи фарсмæ; Даргъ фингитæбæл уæд æрбадунцæ, Фæссæхинцунцæ дуггаг рæфтæмæ. Ишистуй Маргъуз æ финги сæргъи, Разæгъуй отæ æ кæдзос хъурæй: «Фæууй афонæ и хуæрдæн-иуæзтæн, Фал ес афонæ сæ фæуунæн дæр! Мах цæун гъæуй нæ даргъ фæндагбæл. Фæндаггон лæгæн агъазгæнæг æй Уæларви цæрæг бæхгин Уасгерги, Æ цæрæнбон ин рауадзун гъæуй». Æ галеу къохæй æнæфиндз Маргъуз Уæзбун тъæпæнæг уæхæн фелвасуй, Кæми фунхтонцæ нивонд гали мард. Æ бæх Уасгерги ниццæфтæ кæнуй, Фæххаун кæнуй æвсоргъи фæрстæй Æркъедзæрттæ 'ма ой финдзи хъæлтæй Æхшедæфтæ 'ма курдбадзи цæхæр. Ку балæборуй, Маргъузи къохæй Уæд æрбаскъæфуй уæзбун тъæпæнæг – Æ сæрæй бунмæ сугъзæрийнæй худ. Ниббазуртæ уй иуазæги фæдбæл Æнæфиндз Маргъуз губунгин бæхбæл. Сæ фæсте адæм рафæдес унцæ, Урух будури ниххæлеу унцæ. Тæтæр зæгъунцæ: «Ци хъæбæр уаруй». Етæ кæд æнцæ Маргъузи фæттæ, Маргъузи фæттæ, æ хъæзин фæттæ, Фæдесон лæгтæн сæ одхæсгутæ, Турк дæр зæгъунцæ: «Арв нæбæл тохуй». Арв дæр не 'рттевуй – æ фæтæн церхъæй Цæхæртæ хауй финдзой Маргъузæн. Фæззигон шифтау тъæфилтæй бæргæ Фæдесон адæн цæфæй хаунцæ. Бундор низзилдæй они хæдзæртти, Уазал кæнунцæ Маргъузи къохæй. Ку бахъæртунцæ урух денгизмæ, Барæй байдайуй æ бæх орамун. Æвæсмард изæд – уæларвон цæрæг, Æхе фæккæнуй Маргъузи фæсте. «Уæууæй, ме уазæг, дæ бæх бастадæй». Æ бæх фездахуй æнæфиндз Маргъуз Æхе орамуй иуазæги фæсте. Багæпп кæнунцæ ивулд денгизи, Дæлæмæ 'здахуй æ бæх иуазæг, Цума 'й ласуй арф денгизи дон. «Хæдзаруат кæнун, уæууæй, ме 'уазæг! Ку мин фæллæшис и арф денгизи». Æхе фæккæнуй Уасгергий дæллæй Æнæфиндз Маргъуз æма саразуй Уæд æхши гъæдæ æфсоргъи фарсмæ. Æрбахъæртунцæ Маргъузи гъæумæ; Дуггаг сæумæ ба ку ранæхстæруй Цитгин иуазæг æ хæдзарæмæ. Авд лæхъуæни ин – æ бæхти хæтдзæ, Они хæтдзæ ин нигки бафтауй Тæтæри хæзна – уæзбун тъæпæнæг. Æрдæг фæндагбæл сагъæс байдайуй, Сагъæс байдайуй уæларвон бæхгин: «Рагон æмбесонд мæбæл æрцудæй, Хонхи адтæн 'ма дортæ нæ фæййидтон, – Маргъузæн æ фий лухгонд цæмæн æй, Омæн æ бæрæг ку нæ базудтон». Æрдæг фæндагæй фездæхуй æма Ниллæууй бабæй Маргъузи тургъи; Цæуæг-æзмæлæг некæми зиннуй. Ку багъæр кæнуй – цъæхдзæстæ кизгæ Æрцæуй уæд иуазæги гъæрмæ. «Маргъуз кæми уа? Гъæугæ мæ кæнуй». «Уæлæ обайбæл Хуцаумæ ковуй Донибилæбæл æ оши мардбæл». Ишимæцæуй уæларвон бæхгин Æвсæндуаргин обайи размæ. Хуцаумæ ковуй æнæфиндз Маргъуз. Намаз ку фæцæй, уæд имæ дзоруй Рæсти Уасгерги, æвæсмард изæд: «Гъулæг дин ма уæд, мæ дзæбæх фусум: Хæссун мæ хæтдзæ дæ хуарзи хабар, Фал æвгъау æй дæу хузæн лæгæн Аци дуйнебæл æнæфиндз хæтун; Ку мин зæгъисæ дæ финдзи хабар». Æ сæр бателуй æнæфиндз Маргъуз: «Фудæбони лæг ке разиндтаисæ, – Зæгъгæ, ин зæгъуй, – ой дин, иуазæг, Бæргæ базудтон дæ фæууиндæй дæр. Дæ фæууиндæ 'ма дæ бæхбæлбадтæй. Дуггаг мин адтæй – нæ фонс кæнунбæл Барæй орæдтай дæ уайгæ бæхи, Æртиггаг адтæй – денгизи астæу Дони лæсæг мин дæхе ку скодтай. Нур ба мæ къахис еума хатт дæр ма. Кунæг не 'нгъæлис, æзнаги къохæй Кæд лухгонд фæцæй Маргъузæн æ финдз. Ма мин фæттæрсæ, мæ хуарз иуазæг! Еу анз фæццудтæн идардмæ балци. Ниууагътон ами нæуæг хунд ошæ, Фæстæмæ надбæл æвгъæди æсмаг Цæун байдæдта мæ финдзи хъæлти; Нæбал фæразтон... мæ хæдзарæмæ Куд хæстæг – уотæ хъæбæрдæр кодта. Туххæй æрхъæрттæн мæйдар æхсæви. Æхсæвæртæбæл кæсун – мæ ошæ Хуссуй æхецæн гъæдздзоли буни, Хуссуй – 'ма кадæр уомæн æ фарсмæ. Мæ тог ширадæй – мæ церхъ фелвастон Æррæуигътон сæ, – фæтæн пилæстæг Урундухъ дæр ма фæдууæ 'мбеси 'й; Æркастæн сæмæ листæгдæр æма – Ехдон ниллæудтæй мæ тогдадзинти! Æстур тæрегъæд æрхастон, иуазæг: Æвгъæди бадтæй мæ ошæ, мæгур, Ме'рбацудмæ хустæй фæрдуги хузæн Æнæтæрегъæд минкъи сувæллон. Мæстæй фелвастон мæ циргъ сæрдасæн, Мæ финдз ой сахат æрбацъип ластон. Хуцау равардта мæнæн дуйней фонс, Фал мæхе одæн уæдæй ардæмæ Нæййес æнцойнæ, – аци обайбæл Ковун Хуцаумæ, мæ царди бæнттæ Евгъуйун кæнун æрхунæй, мæ хор!» «Лæгау фæллæууæ, лæгау, мæ фусун! Бамамæхонæ марди уæлгъосмæ». Ишесуй Уасгерги æ реуи дзиппæй Бор фæрдуг æма омæй æрсæрфуй Биццеуи мард дæр, и оши мард дæр, Æ фусунæн дæр æ финдзи бунат; Рабадуй ошæ æ медбунати, Æ сувæллон дæр дзедзе агоруй, Маргъузи финдз дæр уæд банихæсуй. Сæ кæрæдзебæл цийнитæ кæнунцæ. Иронхи ши нæ уй сæ хуарз иуазæг. Фæрсуй æй Маргъуз: «Ци бæстон лæг дæ?» «Уæларвон бæхгин Уасгерги ку дæн, Дæу базонунмæ бæргæ рацудтæн». Маргъуз нийдзулуй: «Хæстæг ан, – зæгъуй, – Нæ рохс базургин Хуцауи дзурдæй: Еу мадæ-фидæй игурд бæргæ 'нцæ Дæ кæстæр ошæ не 'фшини хæтдзæ». Хорау ниррохсуй урух базургин, Уæлдай цийнитæ куд нæ кæнонцæ Сæ кæрæдзебæл! Маргъуз самайуй Уæхæн кувдтæлтæ – æгас дзиллитæ Æрæмбурд унцæ... Хуæрдæ, минасæ... Кавд æма зардæн кæрон нæ фæууй. Къурпи бадæгмæ кæстæр уошæмæ, Æ орс æвсоргъæй уæларвон бæхгин Æрфестæг уй 'ма «дæ бон хуарз» зæгъуй, Бонхуарз ку зæгъуй – игъæлдзæг фæууй; Дзоруй йæ ошæн Маргъузи хабар, Дзоруй ин нигки æ хуæри хабар, «Салантæ, – зæгъуй, – æрветунцæ дин». Зæгъуй æ ошæ: «Мæ сæри хецау, Барæй дин скодтон Маргъузи кой æз; Мæхуæдæг коргæй нæ фæццудайсæ – Ой бæргæ зудтон! Æгайтима мин Нæ хæстæгути хæстæгмæ фæууидтай!» Цæруй сæ астæу уарзондзинадæ, Цийнитæ кæнунцæ сæ кæрæдзебæл. Мæнæ хуарз адæм, махæн дæр раттæд Хуцау нæ астæу федуддзинадæ! Сæцигонд рæхис-уарзондзинадæй Федар баст куд уæн нæ фæди-фæдмæ. «Дигорон кадæнгæ». Туйгъанти Махарбеги финст. Владикавказ, Типо-литография З.И. Шувалова, 1911, с. 28–41. Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф. при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Вернуться назад |