Главная > Нарты кадджытæ > Нарти сау робасдзари тауæрæхъ
Нарти сау робасдзари тауæрæхъ19 сентября 2010. Разместил: 00mN1ck |
Урузмаг, Хæмиц æма Сослан цауæни цæун исфæндæ кодтонцæ, 'ма син зæгъуй Сатана: – Нæ хецæуттæ, уæ аци бони цауæни цуд фæндараст нæ уодзæнæй. Йетæ ба ин зæгъунцæ: – Нур дæумæ ку байгъосианæ! Уомæ нæ фæккастæнцæ 'ма уæддæр ранæхстæрæнцæ цауæни. Мет нæуæг уард адтæй. Сæумæй фæсарæфтæмæ фæххаттæнцæ, фал гæндзæхгини фæд дæр не ссирдтонцæ. Фæсарæфтæ ку фæцæй, уæд йеу сау робаси фæдбæл фæцæнцæ 'ма зæгъунцæ: – Абæл рахæтæн уæддæр, не 'фсини рази ходуйнаг куд нæ фæууæн, уотæ, 'ма 'й Едили билтæбæл сискъæрæн кæнæн, зæгъгæ. Сау робас сæ разæй рагæпп кодта 'ма ибæл се 'ртæ дæр йеци-йеу цагъд искодтонцæ, кæрæдзей нæ базудтонцæ, уотемæй. Сæ йеу иннемæ дзоруй: – Ци фæцæй? Æз æй фехстон. Йе ба имæ дзоруй: – Ду дæр æй фехстай? Сумах дæр æй фехстайтæ?! Дзорун ибæл байдæдтонцæ. Фæимæцæунцæ, 'ма Сослан дзоруй: – Гъе нур бабæй сумах дауæ кæндзинайтæ, æгириддæр кæд нæ фехстайтæ, уæддæр. Йетæ ба ин зæгъунцæ: – Гæр æма нæ фæттæ бæрæг нæ уодзæнæнцæ?! – Зæгъетæ æдта, кæмæ уи ци фат адтæй, уой. Мæнæн геппи уагъд фат адтæй. Хæмиц ба загъта: – Мæнæн æфсæйнаг фат адтæй. Урузмæг дæр загъта: – Æдта мæнæн ба къохæй конд фат адтæй. Сосланмæ дзурдтонцæ: – Ду бабæй дауæ кæндзæнæ 'ма зæгъæ: ке геппи уагъд адтæй дæ фат? Йе ба: – Мæнæн нæ фиддæлти йеумæйаг геппи уагъд адтæй. Урузмаг дæр загъта: – Мæнæн мæхе къохæй конд адтæй, м' арти къембурæй ке фæххуастон, уæхæн. Хамиц ба загъта: – Æз ба Сафай цори бадтæн, 'ма æфсæйнаги кæрæнттæ ке 'ркъуæридæ, уони æримбурд кодтон 'ма уонæй фæттæ искодтон. Уотæ тухгин адæм адтæнцæ 'ма кæрæдзебæл не 'ууæндтæнцæ. Цалинмæ робасмæ цудæнцæ, цалинмæ кæрæдзей фондз фарсти бакодтонцæ, гъе, сидæуæн нæбал йес, зæгъгæ. Исимæцудæнцæ, растигътонцæ 'й, æркастæнцæ имæ 'ма ин сæ йеу æ бæрзæй басаста, иннæ – æ суйнæ, иннæ ба – æ астæу. Уæддæр ма кæрæдзебæл дауæ кæнун байдæдтонцæ, 'ма ин æ суйнæ ка басаста, йе зæгъуй: – Æз ин æ суйнæ басастон 'ма цæун нæбал фæразта æма æ цар мæнмæ цæуй. Уотемæй æртемæй кæрæдземæ фæдздзурдтонцæ: – Æз ин æ суйнæ ку басастон! Иннæ уотæ: – Æз ин æ бæрзæй ку басастон! Иннæ ба уотæ: – Æ астæу ин ку басастон! Уотемæй хъаугъа кæнун байдæдтонцæ. Æрбадтæнцæ 'ма загътонцæ: – Ци кæнæн? Æнæ æхсæвæр ку изайæн. Хæмиц æма Урузмæг кæрæдземæ бакастæнцæ 'ма загътонцæ: – Нур дзи æхсæвæр искæнианæ, фал а фудбони лæг æй 'ма нæ фæллæудзæнæй, йескæд нин бафедис кæндзæнæй. Загътонцæ Сосланæн. Сослан ба загъта: – Мадта æз ба сумахæй ку тарстæн. Исфезонæг æй кодтонцæ 'ма 'й бахуардтонцæ. Ранæхстæрæнцæ сæхемæ. Урузмæг загъта: – Уæ хестæр дæн 'ма дзи сумах фæрци уомæй мæ кæрцæн æфцæкъуатæ ку скæнон 'ма 'й сумах фæрци ку бадарон, уæд сумахæн ци ходуйнаг уодзæнæй?! Хæмиц загъта: – Æз уой ку бадарон, мæ кæрцæн реутæ ку скæнон, уæд уин адæм арфæ кæндзæнæнцæ, уæ сфуртæг дæн, æма. Сослан загъта: – Уæ кæстæр уогæй æз уомæй ходæ ку скæнон 'ма гъазти ку балæууон, уæд сумахæй гъаст кæндзæнæнцæ Нарти фæсевæд? Нæ ибæл бафедудтонцæ, кæрæдземæн æй нæ бауодæнстæнцæ 'ма уотемæй Сатанамæ иссудæнцæ. Сатана сæмæ рауадæй æма сæмæ дзоруй: – Ци кæнетæ, нæ хецæуттæ? Уæ уонтæ бæрзондæй, уæ сæртæ ба губурæй, уотемæй ку 'рбацудайтæ, кæрæдземæ дæр кунæ кæсетæ. Цидæр æнхæл уæ астæу бацудæй? Сирдон имæ дзоруй: – Ци æнхæл бацудæй, ци?! Фæндагсодзæг, хузесæг, æзинæ син сæ над басугътай 'ма ма сæ уадзгæ кумæ ракодтай? – 'Ма дин мæнмæ игъустонцæ, артæфтуд адæм! Сатана имæ дзоруй Сирдонмæ нигкидæр: – Нæ хецæутти аразæг дæ æма анæн йести унаффæ искæнæ, йе ба кæрæдзей ма бахуæронцæ. Уæд син загъта: – Мæнæ син Нарти хуарз адæммæ ратдзинан сæ гъуддаг тæрхонмæ. Æримбурд кодта Нарти хуарз адæмтæ. Расæмæцудæнцæ 'ма сæ фæрсунцæ: – Ци 'й уæ гъуддаг? 'Ма син йетæ дæр æрдзурдтонцæ сæ гъуддаг: – Атæ, атæ 'ма сау робас рамардтан, фал ин æ царбæл нæ федауæн. Урузмаг загъта: – Мæ кæстæртæй фæккурдтон, æнгъæл дæр сæмæ кастæн 'ма мин æй не 'саггаг кодтонцæ. Хæмиц загъта: – Æз мæ хестæрæй дæр фæккурдтон, мæ кæстæрæй дæр фæккурдтон, раминæйдæттетæ 'ма дзи мæ кæрцæн реутæ скæндзæнæн, зæгъгæ, 'ма мæ нецæмæ æрдардтонцæ. Сослан загъта: – Æз мæ дууæ хестæрæн берæ кæстæреуæг фæккодтон æма æнгъæл кастæн, кæд мин раттионцæ робасдзар 'ма дзи мæхецæн ходæ искæнинæ 'ма ме 'мбæлтти астæу раппæлинæ, фал мæ нецæмæ бадардтонцæ. Загътонцæ и адæм: – Маргæ уи æй ка ракодта? – Уобæл нæ кæрæдземæ цæмæй исдзорæн, уæхæн нæмæ нæбал йес. Не 'хст фæййеу æй 'ма ин нæ йеу æ бæрзæй басаста, не 'ннæ – æ астæу, не 'ннæ ба – æ суйнæ 'ма уобæл уомæй нæ бафедудтан. Йе нур, уæ хуарзæнхæ, 'ма нин йести унаффæ искæнетæ. Æрсæмæкастæнцæ ма загътонцæ: – Нур æй уæ йеуемæн раттæн æма уе 'ннетæ нæ бауодæнсдзæнæнцæ: æртæ 'мбеси 'й кæнæн – 'ма цар исæфгæ кæнуй. Нур ба, хуæздæр тауæрæхъ ка 'ракæна, уомæн æй ратдзинан. Хестæргай куд ратауæрæхъ кæнайтæ, уотæ. Урузмаг дзорун байдæдта: – Æз цауæни рацудтæн, æмбес бони уæнгæ фæххаттæн 'ма неци фæд фæййидтон, æмбесбони ба тæрхъоси фæд иссердтон. Æ фæсте цæун байдæдтон. Æма йеу сахат фæццудтæн, уæдта мин рæуеси фæд кæнун байдæдта. А, Хуцау, ами тæрхъоси фæд ку кодта, нур ба рæуеси фæд кæнун ку байдæдта! Нæ 'й ниууадздзæнæн уотемæй. Æма æ фæсте цæун байдæдтон. Ци фæццудтæн, уæдта мин саги фæд кæнун байдæдта. А, Хуцау, а ци дессаг æй, рæуеси фæд ку кодта, нур ба саги фæд кæнун ку райдæдта! Нæ 'й ниууадздзæнæн уотемæй! Æма æ фæсте цæун байдæдтон. Ци рацудтæн, уæдта мин гъæуанзи фæд кæнун байдæдта. А, Хуцау, ци дессаг уодзæнæй а, зæгъгæ, саги фæд кодта, нур ба гъæуанзи фæд кæнун ку байдæдта. Нæ 'й ниууадздзæнæн, зæгъгæ, 'ма æ фæсте цæун байдæдтон. Цæун, æма йеу сахат, уæдта адæймаги фæд кæнун байдæдта. А, Хуцау, æдта а ци дессаг æй! Гъæуанзи фæд ку кодта, 'ма нур ба адæймаги фæдмæ ку раздахтæй! Нæ 'й ниууадздзæнæн, зæгъгæ, 'ма æ фæсте цæун байдæдтон. Кæсун имæ райдæдтон æма æ басмухъæй, кизги фæд ке адтæй, уой базудтон. Уотæ маст мæмæ бацудæй, æма цидæриддæр уа, маргæ 'й кæндзæнæн, зæгъгæ, 'ма мæ топп йеци æргъувдæй хæссун байдæдтон. Бакæсæ 'ма дин йеу синдзи къотæри бадуй кизгæ, сугъзæринæ кизгæ. Топп имæ радардтон, æма мæмæ топп радардмæ фæххудтæй, мæ топп æрхаудтæй 'ма имæ бацудтæн. Загътон ин: – Хуцау кæмæн нæййе, цæбæл мæ фæммæстæймардтай? Нур ами бунат кæми æркæнæн, уæхæн дæр ку нæййес, æнæ æхсæвæр дæр уæдта нур куд уодзинан? Кизгæ загъта: – Бунат æз иссердзæнæн, мæ хæтдзæ рацо. Рацудтæн 'ма мæ йеу кесенамæ ниххудта, æнæ дуар уæхæнмæ, айдагъ æ сæри – къæразгæ. Кизгæ исхизтæй, къæразгæ фегон кодта 'ма ниххизтæй. – Æз ба нур кæбæлти ниххезон, зæгъгæ, – 'ма мæмæ асинæ æруагъта. Ниххизтæн æз дæр кесенамæ. Уоми ба дууæ сунтæги 'ма мæ уоми æрбадун кодта. Æхсæвæ мæ хуарз фæххинста, уæдта мин урундухъи уат никкодта. Æхсæвæ ку сæмбес æй, уæд нæбал фæллæудтæн æма имæ бавналинæ. Кизгæ дæр мин уотæ: – Ци кæнис? Цæмæн уотæ кæнис? Ниммæуадзæ! Кæми 'й уагътон! Бабабæй имæ æвналдтон. Йе дæр уæдта æ нивæрзæнæй бинаг æхсæ фелваста 'ма мæ рацафта 'ма мæ йегар-гадздза фестун кодта. Ци рацудæй, уой Хуцау зонуй, уæдта сгъазтон, 'ма мæ бон ку 'рхъæрттæй, уæд мæ æндæмæ рахаста, 'ма цъилобибæл низзадтæн дууæ егари. Афæй райевгъудæй, уæдта бабæй мæ æхсæй рацæфтæ кодта 'ма æфсæ фестадтæн. Æндæмæ мæ ракодта, бамæбаста, сæумæ ба мæ æргъаумæ рауагъта: уоми дæр бабæй сгъазтон 'ма низзадтæн байраг. Байраг дæр сбæх æй, егари къæбистæ дæр систур æнцæ. Уæд уомæн адтæй лæг Ахъуз, 'ма æстæмæй-астмæ хусгæ, æстæмæй-астмæ ба хæтгæ кодта. Ку 'рцудæй, уæд мæн дæр фæййидта, егæртти дæр фæййидта 'ма 'й уотæ нæ бафарста: – Ци 'нцæ атæ? Кæцæй æнцæ? Ахъуз ка 'дтæй, йе æркастæй 'ма загъта æхе зæрдæй: «Айæ бæсти кæлæн, арви хин æй 'ма цидæр бакодта», – зæгъгæ, 'ма æхсæ райста, уæдта дзоруй: – А Хуцаути Хуцау, æдта 'й, фитдзаг куд адтæй, уотæ фестун кæнæ! 'Ма мæ рацафта. Фитдзаг куд адтæн, уотæ фестадтæн. – Ци адтæй? — фæрсуй мæ. Кæронмæ ин æрдзурдтон, куд адтæй, уой. – Мадта цо, цалинмæ нæма систадæй, дæ саргъ сивæрæ 'ма фæндагираст фæууо. Йе ба ку æригъал уа, уæд ма дæ фуддæри ма бафтауа, – зæгъгæ. Фæстæмæ кæсгæ, размæ ледзгæ, уотемæй ардæмæ æрбахъæрттæн. Нур кæбæл бадун – мæхуæдæг ке низзадтæн, йеци бæх, йе ме 'Рфæн. Мæ дууæ йегари, мæхуæдæг ке низзадтæн, йеци дууæ йегари. Йе уин мæ тауæрæхъ. Адæм дæр дес кодтонцæ. Амæй æмбесонддæр мах некæд фегъустан. Нурма амæй куд баистæуодзæнæй робасдзар?! Загътонцæ: – Зæгъæ, Хæмиц, ци фæййидтай, уой. Йе дæр загъта: – Йеу бон ку адтæй, уæд рацудтæн цауæни. Йеу саги фæд иссердтон 'ма æ фæдбæл цæун. Саг бæласæн æ къобæлттæмæ сивналидæ ма сæ хуæргæ цудæй. А ци дессаг æй, зæгъгæ, бæласæн æ ниллæг къалеутæ хуæрæ, фал æ къобæлттæмæ ка 'вналуй, йе циуавæр уодзæнæй, 'ма æ фæсте цæун. Саг сау гъæдæмæ бацудæй. Уой астæу йеу æрдозæ адтæй, уой астæу устур тæгæр бæласæ. Уой буни æрбадтæй 'ма æ сиутæ бæласæй бæрзонддæр адтæнцæ – йе уæхæн сирд! Гъузун имæ байдæдтон: гъузун бæласæй бæласæмæ, уотемæй имæ багъузтæн хæстæг. Нур æй æхсон, зæгъгæ, имæ куд бахъæрттæн, уотæ ба имæ, æ дæргъцæ – удзеснæ, æ уæрхцæ ба – улинкъæ, уæхæн лæг æрбацудæй. Саг фæхъхъан æй æма 'й æрбавгарста. Æз дæр лæугæ байзадтæн уомæ кæсгæй. Уæдта имæ æз дæр æрбахъæрттæн. Кæсун имæ, йе нур уомæн ци кæндзæнæй, зæгъгæ. Йе дæр æхе фæббæгънæг кодта 'ма 'й æ фæстаг къахæй райауигъта бæласæбæл. «А, Хуцау, а ци уодзæнæй?!» – дес кæнун. 'Ма ин мæ йеу фæккастæй ме 'ннæ фæккастмæ æ цар йеци сахат фæххецæн кодта. Стур раарт кодта æма арти фæрстæ фезонгутæй райдзаг кодта. Фезонгутæ ку сцæттæ 'нцæ, æхсæрфæмбæлттæ ку скодта, уæд мæмæ дзоруй: – Рауай, зæронд лæг, мах ба йести бахуæрæн мæнæ Хуцауи лæварæй. Дес кодтон: – А, Хуцау, уингæ мæ ку нæ кæнуй, уæд мæ куд базудта. Ци гæнæн ма адтæй 'ма имæ бацудтæн. Нимæт мин мæ буни февардта, æхсæрфæмбæлттæ мин мæ къохи бакодта 'ма мæ сæргъи æрлæудтæй. – Сбадæ, – зæгъгæ имæ дзорун. – Раковæ, уæдта æз дæр сбаддзæнæн. Ракувтон 'ма имæ æхсæрфæмбæлттæ равардтон: йеу си райста, иннети ба мин мæ рази æривардта. Йеци рацобацогæнгæ æхе рафсаста, дон мин æрбахаста, хуарз мæ фæууидта. Йеци æнæ 'рбадгæ февналдта, и саги мард æртæ 'мбеси æрбакодта. Сагъæс кодтон: Æртæ хайи кæнуй 'ма ма ин, æвæдзи, æмбал йесге йес. Мадта ма æртиггаг хай цæмæн кæнуй? Æртæ хайи ракодта, уæдта дзоруй: – Райсæ, зæронд лæг, дæ хестаг. Нигки мæмæ дзоруй, мæ хестаг ку райстон, уæд: – Йе нур ба дæ хай райсæ, – зæгъгæ Йе дæр æ хай рабаста, мæнæн дæр сæ рабаста 'ма рацудтæн. Йеу минги ку рацудтæн, уæд мæ зæрди æрбалæудтæй: «Æ ном ин ку нæ бафарстон. Нарти адæм мæ ку фæрсонцæ, уæд ци зæгъдзæнæн, зæгъгæ, дæ саги æртиггаг хай ци фæцæй, зæгъгæ». Фæффæстæмæ дæн, йе дæр мæ ралæдæрдтæй 'ма мæмæ дзоруй: – Лæууæ, цæун дæмæ! – зæгъгæ. Æрмæлæдæрттæй 'ма мæ фæрсуй: – Ци кæнис, ци ма дæ фæндуй? Æз дæр ин загътон: – Хуарз мин ракодтай, нур ба, Нарти адæм мæ ку фæрсонцæ, уæд син ци зæгъдзæнæн, дæ ном дин нæ бафарстон. Йе загъта: – Æз Донбеттири фурт Созорухъ дæн. Бинонтæ мин нæма адтæй 'ма ин загътон: – Æй-гиди, дæ цæрдæгдзинадæмæ дин æрхицæ кодтон 'ма мин сумахæй бинонтæ ку уайдæ! – зæгъгæ. Йе мæмæ дзоруй: – Æз уой туххæй дæу гъастæй нæ рауадздзæнæн: рацо нуртæккæ мæ хæтдзæ. Дони билæмæ мæ бахудта, дони билæбæл мæ ниссагъта 'ма дзоруй' – Налмаз, кæми дæ? Мæнæ мин мæ уаргъ фæррæуæгдæр кæнæ, рацо. Кæсун, кæсун – æма дин уотæ ба донæй хæфсæ сгæпп ласта. Хæфсæ гæппитæ-гæппитæгæнгæ æрбацудæй ма нæ размæ ниллæудтæй. – Йе мæ лæвар дин фæууæд хæфсæ, – зæгъуй мин. Сагъæси бацудтæн: «А, Хуцау, ай бабæй Нартмæ куд хонон» – зæгъгæ. Йе дæр мин: – Сагъæс ибæл ма кæнæ, дæ цæуни кой кæнæ. Ку 'рцæуай, уæд æй авари бакæнæ, рохс имæ куд нæ цæуа, уотæ; æхе бæрагæ æй уадзæ, кенæдта дæуæн уомæй бинонтæ нæ уодзæнæй. Мæ уаргъ райстон 'ма цæунтæ байдæдтон, йе дæр мæ фæсте гæппитæ кæнун байдæдта. Сагъæс кæнун: «Ци кæнон? Рохсæй æй бахонон 'ма е куд уодзæнæй». Мæхебæл æрталингæ кодтон, талинги мæ куд фæццайдæ, уотæ. Талинги 'й авармæ бакодтон, загътон: – Ай некæмæн иской кæндзæнæн, цалинмæ ин æ бæрæг базонон, уæдмæ. И æхсæвæ имæ бацудтæн, а ци уодзæнæй, зæгъгæ. Хæфсæ дорбæл бадтæй æнæ арт, æнæ рохс, æнæ 'ндæрæй. Дуар ку рахгæдтон, уæд æ хæфси цар рагæлста, 'ма дзи кизгæ уæхæн рахизтæй, 'ма авар æгæрдæр ма ниррохс æй. Мæ фур цинæй ци кодтайнæ, уой нæбал зудтон, мæ зæрдæ ниррохс æй: «Хуцау, дæуæй боз! Нарти астæу ке нæ фæхходуйнаг дæн, мæнæ хæфсæ уосæн куд ракурдта, зæгъгæ» Хуцау æхуæдæг зонуй, ци нæбæл рацудæй, уæдта исунаффæ кодтон: атемæй кæдмæ цæрдзинан, æ хæфси цар ин рандæ кæнон, уæдта ма ци кæндзæнæй. 'Ма уотемæй æризайдзæнæй. Мæ зæрдæй уотæ куд дзурдтон, уотæ ба мæмæ дзоруй: – Ци кæнис, ци фæндæ кæнис?! Мæнæн уотемæй фæццæрæн нæййес, дæ къохи нæбал уодзæнæн, дæхе дæр фесафдзæнæ – ма кæнæ уæхæн унаффæ! Зæгъун ин: – Мадта атемæй кæдмæ цæрдзинан? Куд уодзæнæй нæ гъуддаг? Мæ зæрди хæтдзæ тохун байдæдтон: на, нæ 'й ниууадздзæнæн, зæгъгæ. 'Ма йеу æхсæвæ ку адтæй, уæдта йеу ку рафунæй æй, уæд хæфси цар артмæ багæлстон. И цъарæ артбæл куддæр фембалдæй, уотæ нитътъæпп ласта, кизгæ дæр фæххаудтæй бæрзонд, нигъгъæр кодта æ гъæлæсидзаг: – Хуцау ди ма сбоз уæд! Мæн дæр æма дæхе дæр фенамонд кодтай! Фæггæпп кодта 'ма мин зæгъуй: – Нуртæккæ мæ донмæ куд нихъхъæртун кæнай, уотæ! Дони билæмæ ку нихъхъæрттан, уæд мæмæ дзурдта: – Ци кæнон нур? Æз лæхъуæнæй уæззау дæн 'ма дин æй дæхебæл бафтауон. Цæугæ, раздæхæ, – зæгъгæ. 'Ма фæстæмæ куддæр раздахтæн, уотæ йе дæр фездахтæй 'ма мин ме 'уонæбæл бату кодта. Ме 'уонæ ка 'дтæй, йе бонæй-бонмæ устурдæр кæнун байдæдта. Уæд мин Сатана загъта: – Нæ хецæутти лæхъуæн, хъурмæ дæр ма кæнæ, хуасæ дæр æй нæ гъæуй, уадзæ 'й, уæдта 'й ци афони гъæуа, уæд æй æз ракъæртт кæндзæнæн. Æ афонтæ ин нимайун байдæдта йе, æз уони цæмæй зудтон! Уæдта мин загъта: – Нæ хецæутти лæхъуæн, æ афонæ æй, 'ма нæ, денгизæн æ тæккæ арфдæр кæми 'й, ордæмæ цæун гъæуй. Дзурдтон имæ æз: – Денгизи ба 'й цæмæн къæртт гъæуй, уæд сори ба ци кæнуй? Йе ба мин загъта: – Сорбæл æй ку ракъæртт кæнай, уæд бæласæ урдуг истгæ нæбал байзайдзæнæй, будури зæлдæ ами нæбал исзайдзæнæй, адæм басодздзæнæнцæ йеугурæй дæр. Сæумæй мæ донмæ рахудта, болат хъæма æ хæтдзæ фæххаста Сатана. Загъта Æхсæртæгкатæн: – Рацотæ, уæ фæстаг бонтæмæ уин ка баагъаз кæна, уæхæн уодзæнæй; кæд Хуцау дæтта, уæд æй денгиз симбæрздзæнæй ма исæрд фæууодзæнæй; кæд нæ, уæдта 'й, кæй уалæнгæ исимбæрза денгиз, уой уалæнгæ исæрд уодзæнæй. Нæ æй кард никкæрддзæнæй, нæ ба дзи топп бахездзæнæй. Денгизмæ ниццудæнцæ 'ма 'й фарстонцæ Сатанай: – Айæ нæл ку æй 'ма а ци 'й? Сатана дæр син æрдзурдта, хæфсин уосæ мин ке адтæй, уой. Хæфси цари уæхæн бадтæй, 'ма уомæй ку райгурдайдæ, уæд ин æгæр адтайдæ. Нур ба 'й кæд денгиз рамбæрза, уæд ин рамарæн нæ уодзæнæй, кæд æй нæ рамбæрза æгасæй, уæддæр исæрд уодзæнæй, кæй уалæнгæ 'й рамбæрза, уой уалæнгæ, 'ма 'й нæ кард никкæрддзæнæй, нæ ба дзи топп бахездзæнæй. Фæххуæстæй 'ма 'й денгизмæ ракъæртт кодта – денгизмæ рахаудтæй, денгиз аги хузæн сирадæй 'ма 'й денгиз рамбарзта. Айдагъ æ сæрæй ма йеу минги гæппæл райзадæй. Сатана син загъта: – Нуртæккæ 'й хонетæ уæларв Сафамæ 'ма ин æ сæри фарс æрхийæй раййеветæ. Хонун æй байдæдтон, уæларв Сафамæ 'й схудтон 'ма ин загътон: – Йе, атæ 'ма атæ! Йе дæр мин уотæ: – Æндегæй æй зæгæлсард кæндзæнæн, фал медæгæй ба уæд куд? Хæмици фурт Батраз ба загъта: – Æндегæй дæу бæрагæ уæд, медæгæй ба 'й æз мæхуæдæг зæгæлсард кæндзæнæн: ниххуфдзæнæн 'ма уæд медæгæй зæгæлсард кæндзæнæй. Йе уин ме 'мбесонд, Батраз йе уотемæй мæ фурт æй. Уомæй хуæздæр тауæрæхъ мæнмæ нæййес. Уобæл ба хъæбæрдæр дес никкодтонцæ. – Æдта мах ауæхæн дессаг ку некæд фегъустан, мах ба 'й уосæй райгурун ку 'нгъæл адтан, лæгæй лæг райгургæ ба ку некæд фегъустан. Загътонцæ: – Æллæх, æллæх, амæй æй некебал райсдзæнæй! – Уотæ дессаг сæмæ фæккастæй. Сосланмæ бакастæнцæ: – Гъи, ци зæгъис, Сослан, ду ба? – Ци зæгъон, – зæгъгæ, загъта, – мæнбæл цæугæдæр нецима ракодта, фал, ци цæрун, уомæй ба мæ йенцег æрвади хæтдзæ рацудтæн цауæни. Хæтун байдæдтан 'ма бон-изæрмæ фæххаттан. Изæри уалæнгæ цъеуи фæд некæми фæййидтан. Систонг дæн хъæбæр, загътон: – Нур айсонгкæй æнæхуæргæ ку ан, куд ма рахъæртдзинан сæумæмæ? Мæ йенцег æрвадæмæ бакастæн 'ма загътон: – Нур ци кæнæн, æнæхуæргæ ку ан, мæ бæх нивгæрдон 'ма ходуйнаг фæууодзæнæн Нарти адæми æхсæн, дæу бæх нивгæрдæн, æма бабæй йе ба бустæги ходуйнаг, – уæд ци кæнæн? Уотæ куд дзурдтон, уотæ ба нæ рæзти раст йеу тæрхъос гæппитæгæнгæ æрцæуй. – Æ, Хуцау дин райарфæ кæна! Фæйæхстон, райстигътон, арт бакодтон, нийибæлцийнæ ан 'ма мæ йенцег æрвадæмæ бадзурдтон: – Йе, нур æй хуарз исфезонæг кæнæ. Фæимæвналдта 'ма 'й йе гъуд кæнун байдæдта. Æз мæхе бауагътон 'ма рафунæй дæн. Сцæттæ кодта фезонгутæ 'ма сæ гобати расагъта. Гобати сæ куд расагъта, раст уотæ тæрхъос фестадæй, ухст айдагъæй райзадæй, тæрхъос дæр ниффардæг æй, мæ йенцег æрвадæ дæр имæ кæсгæ байзадæй. Æригъал кæнун мæ нæбал æндиудта, 'ма йеу афони ба мæхуæдæг æригъал дæн. Ку 'ригъал дæн, уæд имæ дзорун. – Тагъд æрхæссæ фезонæг, мах ба йести бахуæрæн. Йе мæмæ дзоруй: – Ку сцæттæ 'й мæ фезонæг, уæд æй дæлæ гобати æрсагътон, дæлæ ухст дæр ма уоми 'й, йеци сахат, тæрхъос куд адтæй, уотæ фестадæй 'ма никъкъуæрдта. Дзурд мæмæ гъигæ фæккастæй, стонг адтæн, еуемæй, иннемæй ба йимæ, а мæн сайунмæ куд æндеуй, зæгъгæ, хъæма фелвастон 'ма ин æй æ тæккæ зæрди рацавтон. Рамардæй, уæдта йеу сахат рацудæй, 'ма сагъæс кæнун байдæдтон: – Ци кæнон нур, ме 'схæссæг дæр ку рамардтон, æнæ æхсæвæр дæр ку байзадтæн, уæд ма æз Нарти гъæумæ куд иссæудзæнæн! Уотæ фæммæстгун дæн 'ма мæ хъæма мæхемæ рахаттон: мæхе рамарон, зæгъгæ, куд ма иссæудзæнæн Нарти гъæумæ! Уæд мæ зæрди æрифтудæй: – Цæй, тæрхъос гобати кæми райгас æй, уоми лæхъуæн дæр райгас уодзæнæй, – ма 'й гобатмæ батулдтон – лæхъуæн нибберигъта 'ма рабадтæй. Дзоруй мæмæ: – А-гиди, минги ма мæ ку бауагътайсæ, мæрдти Барастури кизги дин уосæн исгъуддаг кодтон, мæ хæтдзæ дæр рацудайдæ, фал мæ æнхæст нæ бауагътай. Нæбал фæллæудтæн æма мæ хъæма фелвастон: – Тагъд æдта мæ хъæмайæй рамарæ, мæхуæдæг имæ куд бацæуон, уотæ. Йе дæр мин хъæма мæ тæгкæ зæрди рацавта, Мæрдтæмæ бацудтæн, 'ма, æцæгдзинадæй Барастури кизги уосæн куд рахудтон, уотæ ба мæ гобатмæ батулдта 'ма мин уоми дзурдæфтудæй байзадæй. Йе æцæгдзинадæй ке адтæй, уобæл мæнæ мæ йенцег æрвади бафæрсетæ. Тæрхони адæм æркастæнцæ 'ма загътонцæ: – Хуарз тауæрæхътæ æркодтайтæ, фал уæддæр мæрдтæй некема æриздахтæй, 'ма сау робаси цар Сосланæн аггаг кæнæн. Йе дæр, сау робаси цар æхе бацæй, уой ку базудта, уæд загъта: – Йе, уой мин дзæбæхæй ку равардтайайтæ, сау робаси фидхуартæ, уæд уин хуæздæр н' адтæй! Нур ба уæддæр мæхе нæ бацæй! Йетæ дæр ин загътонцæ: – Хуцау ди ма сбоз уæд! Уомæй ди ку тарстан 'ма нæ нур ба уæддæр ку рагъæр кодтай. Радзырдта йæ Мудойты Сабе, 26 март, 1909 аз, Чырыстонхъæу. Ныффыста йæ Дзагурти Губади. ЦИГСИИ-йы архив, фонд Дзагурова Г.А., опись 1, дело 1, ф. 41–53. Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф. при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Вернуться назад |