Главная > Нарты кадджытæ > Нарти исæфт

Нарти исæфт


19 сентября 2010. Разместил: 00mN1ck
    Нарт адтæнцæ. Нарт ба уотемæй адтæнцæ: сæд ивазни адтæй сæ дæргъцæ, сæ уæрхцæ дæр уомæ гæсгæ.
    Адтæй уонæмæ пахампар; бæргæ син загъта, дин атæ уотæ, ма йимæ нæ байгъустонцæ. Сæ пахампар адтæй Сæлих. Ку нæ йимæ игъустонцæ, уæдта йин сæ паддзах загъта:
    – Æз дæ цæбæл фæрсон, уобæл мин дзуапп раттæ, ма ми уæд байрагæс (баæрагæс) уодзæнæй.
    Йеци бон æй фæрсдзæнæй, зæгъгæ, уæдмæ адæмæн дзурд равардта:
    – Йеци бон Сæлих-пахампари фæрсдзæнæн æма, æмбурд куд уайтæ, уотæ.
    Æрæмбурд æнцæ. Даут, зæгъгæ, йеу лæхъуæн адтæй æ адæми æхсæн æма йин загъта Сæлих-пахампар:
    – Корун ди æма мин пелеуанæн куд рацæуай, уотæ, йестæмæн ку исбæззай, уæд дин мæ кизги дæр ратдзæнæн, мæ мулк дæр дууæ 'мбеси бакæндзæнæн.
    Дауид* рацудæй æма исдуа кодта, æма дортæй йеу æ гъæбесмæ бахизтæй, иннæ дорбæл дæр исдуа кодта, æма йе дæр бахизтæй, æртиггаг дорбæл дæр уотæ; уæдта æртебæл йеумæ исдуа кодта æма, йеунæг ку иссæй, уæдта 'й æ къохи рахаста. Æфсæдтæ кæрæдземæ ку рацудæнцæ, уæдта ин Сæлих-пахампар загъта:
    – Дауид, тæрегъæд дæ, дæ адзал мæ къохæй ку фæууидæ, уотæ мæ нæ фæндуй æма раздæхæ.
    – Нæ раздæхдзæнæн, – зæгъгæ, нæ раздахтæй.
    Æртиггаг хатт ма ку курдта, уæдта ин и дорæй æ сæр ниццавта, æма Нарти пелеуанæн æ сæр ниппурх æй. Æма бабæй загъта Нартæн:
    – Рамауицæуæд йеу пелеуан, – зæгъгæ.
    Уотемæйти си рацæунтæ кодта æма сæ расидзæ кæнун кодта.
    Уæддæр Нартæн сæ зæрдæ нæ сабур кодта. Загъта син Сæлих:
    – Нæма уи æруагæс кæнуй нур дæр пахампардзинадæ?
    – Нæ ни æруагæс кæнуй, мах дин ци дессаг зæгъæн, уой нин ку нæ фæййинун (фæууинун) кæнай, уæди уалæнгæ. Уæртæ йеци хонхи æрхъези сæрæй сурх зайуйнаг сауцæстæ теуа ку исхезун кæнай, уæд ни баруагæс уодзæнæй.
    Æма йимæ дзурд æрцудæй Хуцауæй, Джебраил æй æрхаста:
    – Ма инун (уинун) кæнтæ! Уой уин ку фæййинун (фæууинун) кæнон, уæд уе 'сæфт уомæй уодзæнæй, æма 'й ма агоретæ.
    – Гъай, мæнгæдтæ 'й, фæннин æй уинун кæнæ, нæ ни баруагæс уодзæнæй.
    Ку нæ си баруагæс æй, уæдта Сæлих-пахампар Хуцаумæ никкувта:
    – Йа, Хуцау! Дæ дзурдбæл дæр æма мæ дзурдбæл дæр не 'ууæндунцæ æма син æй фæууинун кæнæ.
    Æма хонх никъкъæр-къæр кодта, æма æ хурфæй æ сæрмæ исхизтæй сурх зайуйнаг сауцæстæ теуа; зайгæ дæр никкодта æхе асæ бæдолæ. Теуа ка 'дтæй, йе донмæ иссудæй æма син сæ донтæ (дæндтæ) ниуазун байдæдта æма не 'фсастæй. Йеу афонæй иннæ афонмæ æ сæр донæй нæбал исиста æма син йеу афонæй иннæ афонмæ дон нæбал рауагъта.
    Тæрсун райдæдтонцæ Нартæ. Йеу афонæй иннæ афонмæ бабæй йетæ дон фæххастонцæ. Уæдта бабæй теуа донбæл нистадæй æма бабæй дон нæбал уагъта. Æруагæс кæнун си байдæдта. Донæй куд не 'фсастæй, уотæ теуа æхсир дæр кодта. Æма æхсир доцун байдæдтонцæ.
    Уотемæй сæбæл ци рацудæй, æма, уоххай, æцæг ку загъта, зæгъгæ, æма теуабæл марун унаффæ искодтонцæ.
    Раймардтонцæ теуай. Уой ку рамардтонцæ, уæдта æ бæдолæ, куцæй иссудæй, уордæмæ бацудæй.
    Уæдта се 'сæфт уобæл ранæхстæр æй, æма фесавдæнцæ.

Радзырдта йæ Уадаты Хъубады, 83-аздзыд, май, 1924 аз, Лескены цæрæг. Ныффыста йæ Дзагуырти Губади, май 1924 аз, Дзæуджыхъæу.
ЦИГСИИ-йы архив, фонд Дзагурова Г.А., опись 1., дело 15 а, ф. 26–28.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru