Главная > Нарты кадджытæ > Сослан æма Телбердий æртæ фурти

Сослан æма Телбердий æртæ фурти


3 апреля 2010. Разместил: 00mN1ck
     Нартæй йеу Уæрхæг хундтæй æма фæсхонх Ауари-ханмæ уинунмæ цудæй.
     Мадта æмбалтæ мæ гъæуй, зæгъгæ, 'ма æ хæтдзæ фæххудта Сослан, Хæмиц, Уорæзмæг æма Субæлций. Уони ба уой туххæн худта, æма Уорæзмæг зæронд лæг адтæй 'ма къуари уæллæй бабадунмæ бæздзæнæй, зæгъгæ, Хæмиц ба дзуапп раттунмæ цурд адтæй; Сослан ба бæхбæл сбадгæй, топп фехсгæй лæгдзинадæй сбæздзæнæй; Субæлци ба, кæстæреуæг ку багъæуа, уæд исбæздзæнæй æфсаргъæ раттунмæ. Тотуригурд галти сæрбæл рахуæцунмæ Нарти æхсæн уой цурдæн некæми адтæй. Гъема уæдта дууадæс тотуригурд сау галебæл ранæхстæрæнцæ. Уони уæрдуни ба аллихузæн хуарз ниуазуйнаг, хуæруйнаг кунн' адтæй! Цæун райдæдтонцæ 'ма, ци бацудæнцæ, уæдта сæбæл тар мегъæ æрбадтæй. Уæдта сæбæл гъæр уæхæн никкиндæй, 'ма сæхецæн сæ сæрæн нæбал адтæнцæ.
     – Нæ авд анзей хъалон нин ку нæма бафистайтæ, Нарт! Мах Телбердий æртæ фурти ан. Майрæнбони уæмæ хъалон йесунмæ цæудзинан, 'ма раздæхетæ.
     Уорæзмæг загъта:
     – Ма кæнтæ, раздæхæн, нæ над хуарз нæбал æй!
     Сослан ба загъта:
     – Гъæй, Нарти зæрæндтæ, нур цæмæй тæрсетæ уæхæн дзæгъæл гъæртæй?
     'Ма æ бæх ниццæфтæ кодта. Иннетæ æ фæсте цæун райдæдтонцæ. Цæун райдæдтонцæ 'ма, ци бацудæнцæ, уæдта бабæй сæбæл нигъгъæр киндæй:
     – Кумæ цæуетæ, мах Телбердий æртæ фурти ку ан 'ма нин нæ хъалон ку нæма бафистайтæ!
     Зæнхæ расалдæй уони гъæрæй 'ма Уорæзмæг загъта:
     – Нæма цæуæн нур дæр?
     – Нæма, – загъта Сослан, – мæ фидистæн, махбæл уæхæн гъуддæгтæ берæ æрцудæй!
     'Ма дзоруй Субæлцимæ:
     – Рахуæцæ дæ галтæбæл!
     'Ма рацудæнцæ. Ци бацудæнцæ, уæдта бабæй сæбæл нигъгъæр киндæй:
     – Цал гъæри уæбæл кæнæн! Нæ авд анзей хъалон йесунмæ уæмæ фæсцæгатмæ цæудзинан 'ма раздæхетæ!
     Гъæр кæстæр никкодта, 'ма зæнхæ сæлдæскъудтæ фæцæй.
     Загъта бабæй Уорæзмæг:
     – Æдта нæма 'здæхæн нур дæр?
     – Здæхæн, – загъта Сослан, 'ма раздахтæнцæ. Æрцудæнцæ сæ хæдзæрттæмæ 'ма алке æ къæсмæ бацудæй. Сослани мадæ Æхсинæ адтæй. Сæ хабар гъæубæл фæххæлеу æй, 'ма фæггузавæ 'нцæ. Æхсинæ загъта:
     – Фæсхонх уæхæн сауæдонæ йес, 'ма имæ фонсæн дæр æрцæуæн нæййес. Уонæн сæ бæхтæ базургин æнцæ 'ма арвæй зæнхи астæу тæхгæ кæнунцæ. Уæ фидтæлти дæр уин мæстæй мардтонцæ; уæхе доги ба нæбал æрæндиудтонцæ, нур бабæй фæззиндтæнцæ. Фæццо йеци сауæдонæмæ 'ма дæхецæн бæлæгъ скæнæ. Бæлæгъи дæхе нихъхъан кæнæ. Сæумæ сæ бæхтæ уордæмæ æртайунмæ фæлласунцæ. Тæхгæ дæмæ æрцæудзæнæнцæ ма дæхе марди 'фсон никкæнæ, дæ топп дæ буни, уотемæй; йеу сахат дæбæл не 'ууæнддзæнæнцæ.
     Сослан дæр уотæ бакодта ма йимæ хестæр тæхгæ æрцудæй ма йимæ хæстæг не 'ндиудта:
     – Æ, гйаур, Сослани хузæн ку дæ 'ма барæй дæхе уотæ ку никкодтай!
     Йеу æртæ хатти йимæ уотæ не 'риндиудта, уæдта йимæ æхе æрхæстæг кодта, 'ма 'й Сослан дæр фæммард кодта. Æ бæх ин æрахæста, æхе ба йин, къæхтитæ син конд адтæй, ма 'й уоми райвардта.
     Гъе, уæдта дуггаг хестæр æрцудæй 'ма хæстæг не 'ндиудта:
     – Сослан ку дæ 'ма барæй дæхе уотæ ку никкодтай! Топпихуаси смаг ку цæуй!
     Уæдта йе дæр бабæй æрхæстæгæй 'ма уой дæр рамардта, æ бæх дæр ин бафснайдта, æхе дæр ин байвардта. Æрæгиау ба кæстæр æрцудæй ма йимæ æппундæр хæстæг нæбал æндиудта:
     – Сослан ку дæ 'ма дæхе марди 'фсон ку никкодтай. Фæддæхсинæ 'ма мард фехсунæй сомигонд дæн, топпихуаси смаг ба цæугæ ку кæнуй!
     Йе дæр бабæй æрхæстæг æй, уæдта бабæй уой дæр рамардта. Нимæхсгæ дæр ма 'й кæми кодтайдæ 'ма син сæ бæхтæ еу рауæнмæ æрбамбурд кодта.
     Уæдта майрæнбон æрхъæрттæй, Нарт æрæмбурд æнцæ Хузæ-дзæгатмæ æма дзурдтонцæ:
     – Сослан ба кæми 'й?
     Сирдон загъта:
     – Йе ба кæми 'й? Æхе бабæй снимахста, æндæра кæми 'й?
     Уобæл басагъæс кодтонцæ, уæдта загътонцæ:
     – Нæ сæрæн æгъдау ку нæ скæнæн, уæд нин нæ фонс дæр нæ рахъæртдзæнæй!
     Уотæ æнæгъдау берæ дардтонцæ авд анзей хъалон.
     Уæдмæ Сослан æртæ 'нсувæремæн сæ хъæппæлтæ раласта 'ма сæ бæхи фæсабæрцæ бабаста. Уæдта син се'ртæ сæри æркодта 'ма си алкæмæн æ сæр бæхи думæгбæл бакодта, уотемæй æрбацудæй 'ма сæ Нарти астæумæ æрбаскъардта, æхе ба син нæ бавдиста. Ка уа, зæгъгæ, дес кодтонцæ, гъуди кодтонцæ. Сосланæй фæстæмæ уоми ка н'адтæй, уæхæн н'адтæй, 'ма Сослан адтæй, зæгъгæ, уобæл æй банимадтонцæ. Сæ хъалон Нартæн Сослани фæрци баизадæй.

Радзырдта йæ Текъойты Хъуыбады,26 июнь, 1910 аз, Задæлеск. Ныффыста йæ Дзагурти Губади.
ЦИГСИИ-йы архив, фонд Дзагурова Г.А., опись 1, дело 3 «а», ф. 60–63.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru