Главная > Нарты кадджытæ > Сослан (вариант)

Сослан (вариант)


8 апреля 2010. Разместил: 00mN1ck
(вариант)

     Нарти Сослан будурмæ бæхбæл рацудæй. Надбæл йеу сундакъи къубулойнæ æ размæ фæцæй, æма Сослан, а бабæй ци 'й, йеу минкъи дзи хæссон, зæгъгæ, æ къохбæл нивæндун байдæдта æма 'й берæ фæнниваста, фал къубулойнæ нæ минкъийдæр кодта. Уæд Сослан бадес кодта æма, къубулойнæ уæлдай минкъийдæр ку нæ кодта, уæд æй ниууагъта. Цæунтæ райдæдта æма йеу хурдзинтæмæ бахъæрттæй. Мæнæ цæхæн хурдзинтæ, зæгъгæ, 'ма сæмæ æхси дудагъæй равналдта, æма æхси гъæдæ расастæй. Мæнæ дессаг, зæгъгæ, ралæуирдта æма хурдзинбæл исхуæстæй, æма ин не скундта. Æ дууæ къохемæй ибæл исхуæстæй æма æ уæраги сæртæй дæлæмæ зæнхи ранæхстæй, æзмæлун дæр ин нæ бакундта. Ниссæуагъта. Цæун бабæй райдæдта æма йеу тургъæмæ бацудæй. Тургъи астæу ба йеу устур гатдза хустæй, æ хурфæй къæбистæ рæйдтонцæ. Сослан фæттарстæй, æ хурфæй къæбистæ кæмæн рæйунцæ, йе æхуæдæг ку 'ригъал уа, уæд мæ бахуæрдзæнæй, зæгъгæ, æма æ бæх бæттæнбæл ниббаста, æхуæдæгка йеу авармæ бацудæй. Авари æнæсæр кизгæ лæудтæй. Дуйнебæл уомæй рæсугъддæр, гургиндæр зæнхæбæл силæ н' адтæй, æма Сослан дес кодта: «Хъæбæр берæ ку фæххаттæн æма æнæсæр кизгæ ку некæд фæййидтон». Авари фæндуртæ адтæй, æма Сослан фæндур æрбайста æма кизги сæргинæй рауидта æма ниддес æй: «Нуртæккæ ами æнæсæр кизгæ ку адтæй æма ци æрбацæй!» Фæндур цæгъдун байдæдта, кизгæ дæр кафун байдæдта, уотемæй берæ фæккафтонцæ. Ку ниссабур æнцæ, уæд Сослан радзубанди кодта, аци бон дессæгтæ фæййидтон, зæгъгæ. Надбæл цудтæн, æма мæ размæ сундакъи къубулойнæ фæцæй, æма 'й нивæндун байдæдтон. Берæ 'й фæнниванстон, æма мин уæлдай минкъийдæр нæ кодта, æма 'й ниууагътон. Уордиги ку рацудтæн, уæд еу хурдзин мæ размæ фæцæй, æма имæ мæ йехси дудагъæй равналдтон, æма мин не скундта. Ме 'цæгæй ибæл исхуæстæн æма мæ уæраги сæртæмæ зæнхи ранæхстæн æма 'й уæдта ниууагътон. Мæнæ тургъæмæ æрбацудтæн, æма мæбæл гадзай хурфæй къæбистæ рæйдтонцæ. Ардæмæ æрбацудтæн æма æнæсæр кизгæ фæййидтон. Е дæр цидæр фæцæй.
     Уæд ин кизгæ дзоруй:
     – Йеци сундакъи къубулойнæ дуйней барæн æй, æма, кæд дуйней рабардзæнæ, уæд йе дæр ниванст фæууодзæнæй. Хурдзин ба дуйней æмуæз æй, æма, кæд дуйней исесдзæнæ, уæд уой дæр исфæраздзæнæ. Гадза ба уой бæрæггæнæн адтæй, æма куд фæстæмæ адæм сæ мади хурфæй унаффæ кæндзæнæнцæ. Æнæ сæр кизгæ ба æз адтæн, дæ амонд, æма, цалдæн ду æрбацудайсæ, уалинмæ мин сæр дзурд нæ адтæй.
     Кизгæн æ уиндæ, æ кондæн н'адтæй. Бæсти хуарз адтæй, дуйнебæл уомæй рæсугъддæр н' адтæй. Бафедудтонцæ йеци рауæн, æма 'й рахудта Сослан, æма царди хуарзæй фæццардæнцæ.

Ныффыста йæ Темирати Данел. Йæ радзурæг бæрæг нæу.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 14, папкæ 7, ф. 629–634.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru