Главная > Нарты кадджытæ > Сырдон æмæ Тыхы фырт Мукара

Сырдон æмæ Тыхы фырт Мукара


21 мая 2010. Разместил: 00mN1ck
    Иу бон райхъуысти, авнартæ сæфынц, зæгъгæ: сæ фосыл залты мусы æнусы цъити æрæхгæдта, зæгъгæ.
    Уыдон загътой, æнæ фосæй бирæгъ дæр нæ цæры, æмæ нæ фос сæфынц.Уыцы фосæн сæ астæу уыдис æртæ хæзнайы: иу – сыгъзæринхил чызг, дыккаг – сыгъзæринкоцораджын лæппу, æртыккаг – сыгъзæрин къуыбылой.
     Авнартæ æрæмбырд сты æмæ бауынаффæ кодтой: «Нæ фосы нын иннабонæй иннабонмæ чи аирвæзын кæна, уымæн сæ ратдзыстæм уыцы хæзнатæ».
    Æрбасидтысты фидиуæгмæ, ацу æмæ ныхъхъæр кæн, авнарты фос сæфынц, зæгъгæ. Се 'хсæн ис æртæ хæзнайы æмæ нын нæ фос чи аирвæзын кæна, уымæн сæ радтиккам, зæгъгæ. Фидиуæг ацыд æмæ ныхъхъæр кодта авнарты астæу: «Авнарты фос сæфынц, залты мусы цыл æнусы цъити æруарыдис. Æнæ фосæй бирæгъ дæр нæ цæры, æмæ нын нæ фосы чи аирвæзын кæна, уымæн сæ ратдзыстæм æртæ хæзнайы». Сырдон, зæгъгæ, сæ астæу уыдис. Уый хабар куы фехъуыста, уæд бацыд авнарты хистæртæм æмæ сын загъта, æз уын сæ аскъæрдзынæн, зæгъгæ. Уыдон ын сæ хæзнатæ радтой, æмæ Сырдон аскъæрдта фосы хизынмæ.
    Скъæрын сæ байдыдта, уæдæ цы уыдаид, æмæ сæ баскъæрдта Тыхы фырт Мукарайы зæхмæ æмæ сæ уым хизын байдыдта. Йæ фос хызтысты, йæхæдæг та схызти бæласмæ æмæ уырдыгæй фæлгæсыд. Кæсы, кæсы æмæ уалынмæ дард ауыдта къуымбилы хуызæн цыдæр. Уыцы къуымбил æм хæстæгæй-хæстæгдæр кодта. Куы 'рбахæццæ, уæд уый уыди адæймаг – Тыхы фырт Мукара. Уый хъæр кæнын байдыдта: «Чи куыдз, чи хæрæг, æнæ мæн бафæрсгæйæ ардæм мæ зæхмæ чи æрбатардта йæ фос?»
    Сырдон æм дзуры:
    – Мæсты ма кæн. Хъазаг дæ, зæгъгæ, фехъуыстон, æмæ уый тыххæй æрбаскъæрдтон мæ фос ардæм дæ зæхмæ.
    – Æмæ дæ цы хъазт фæнды? – бафарста йæ Тыхы фырт Мукара, – кæцон дæ, уый-ма уал мын зæгъ?
    – Авнартæй дæн.
    – Æмæ уæд уыдоны 'хсæн цы Сырдон цæры, уымæй хъазагдæр дæн? Йæ хъæзтытæй йын ницы зоныс? – нал æй уагъта Тыхы фырт Мукара.
    Куы нал æй уагъта, уæд ын дзуры Сырдон:
    – Иу бон æй ахæм хъазт кæнгæ федтон. Дæлæ ахæм дынджыр дуртæ йыл тылдтой æмæ сæ фæйнæрдæм уый фæныкæй калдта.
    Тыхы фырт Мукарайы дæр фæндыд уыцы хъазт афæзмын. Сырдон равзæрста дынджырдæр дуртæ æмæ сæ Тыхы фырт Мукарайыл уадзын райдыдта. Мукара сæ фæйнæрдæм фæныкæй калдта. Сырдон йæхинымæр хъуыды кæны: «Ацы куыдзæн куы ницæмæй ис амæлæн».
    Мукара та йæ нал уадзы, исты ма дзы зондзынæ йæ хъæзтытæй, зæгъгæ. Куы нал та йæ уагъта, уæд Сырдон дзуры:
    – Иу бон ма йæ ахæм хъазт кæнгæ федтон: æнæхъæн хъæуы фæсивæд ын дынджыр дзыхъхъ скъахтой, æмæ Сырдон бынæй сбадт. Дыууадæс къамбецæй йæм хъæдæй хос ласын байдыдтой. Дзыхъхъ куы байдзаг, уæд ыл хъызт зымæджы дыууæ доны рауагътой. Райсом куы ныййих, уæд æй Сырдон уайтагъд стыдта.
    Тыхы фырты дæр фæндыди уыцы хъазт акæнын. Йæхæдæг скъахта дынджыр дзыхъхъ æмæ хъæдæй ласын байдыдта хъæд, хос æмæ дуртæ. Дзыхъхъы бын сбадти, æмæ йыл сæ Сырдон калын байдыдта уырдæм. Райсомæй йæм æрцыди æмæ йæм дзуры, схæц, зæгъгæ. Их схъыс-хъыс кодта. Сырдон фæтарст æмæ йæм дзуры: «Фæлæуу, цыдæр мæ ферох ис». Ацыди æмæ ма æрласта хъæмп æмæ та йыл рауагъта дыууæ доны. Дыккаг райсом та йæм ног æрцыди.
    Мукара схæцыд ихыл, æмæ йæ астæу фæмур, дыккаг хатт куы схæцыд, уæд йæ хъамбул цæстытæ ихыл ратул-батул кодтой. Уæд уый Сырдонмæ сдзырдта: «Ныр, чи дæ, уый мын зæгъ!»
    Сырдон ын йæхи бацамыдта.
    – Æз дыл бæргæ фæдызæрдыг дæн, хохы цъуппыл хæлху-мæлху куы кодтай, уæд. Гъа, гъеныр дын мæ рон дæттын, æмæ-иу æй хъæдыл куы аппарай, уæд хъæд дæ разы хуысдзæн.

Радзырдта йæ Къациты Тебо, 107-аздзыд, 1 июнь, 1968 аз, Хъæдгæрон. Ныффыста йæ Къациты Иринæ.
Салæгаты Зояйы æмбырдгондæй.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru