Главная > Нарты кадджытæ > Сырдон уазæгуаты куыд уыд

Сырдон уазæгуаты куыд уыд


13 июня 2010. Разместил: 00mN1ck
    Сырдон иу хæдзары уыд уазæгуаты æмæ йæ схуыссын кодтой тынг уазал уаты зымæгон. Уæд Сырдон куынæуал фæрæзта уазалæй, уæд сыстад йæ хуыссæнæй: æддæмæ куы ацæуин, уæд рацу-бацу кæнин æмæ хъармдæр уаид, зæгъгæ.
    Дынджыр куыдз дуары кæрон хуыссыд æмæ дзы нæ рауæндыд. Фæстæмæ та уатмæ бацыд. Æхсæв-бонмæ фæгæртт-гæртт кодта уазалæй уым. Райсом цармæ кæсы æмæ халас сæвæрдта цар.
    Уалынджы йæ фысымтæм хъæргæнæг æрбахъæр кодта:
    – Хъæубæсты зиан и.
    Уæд Сырдон рагæпп ласта æмæ йæ фысымимæ фембал и: æз дæр мардмæ цæуын, зæгъгæ, æмæ йæ фысымимæ зианмæ бацыдысты. Мæрдадзы лæууынц. Уалынджы мæрддзыгой устытæ æрбацæуынц æмæ дзы иу хъарæг кæны æмæ афтæ зæгъы йæ хъарæджы:
    – Дæ-дæ-дæй, уыцы уазал ранмæ дын чи цæудзæн!
    Уæд Сырдон йæ фысыммæ бакаст æмæ йын афтæ зæгъы:
    – Сымахмæ йæ хæссынц?
    Уæд æм йæ фысым дзуры:
    – Уый та дын цы ныхас у?
    – Уæдæ хъарæггæнæг афтæ куы хъарæг кæны: «Дæ-дæ-дæй, уыцы уазал ранмæ дын чи цæудзæн!» Уæд дæ уатæй уазалдæр дунейыл дæр куы никуы и.

Радзырдта йæ Таутиаты Дрис, 9 февраль, 1941 аз, Даргъ-Къох. Ныффыста йæ Наниты Васо.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 83, папкæ 27, ф.247.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru