Главная > Нарты кадджытæ > Уорæзмæг æма Хæмиц хестæрдзинадбæл куд дзурдтонцæ
Уорæзмæг æма Хæмиц хестæрдзинадбæл куд дзурдтонцæ13 июня 2010. Разместил: 00mN1ck |
Уорæзмæг æма Хæмиц сæ лæги бæрцæмæ ку рахъæрттæнцæ, уæд хестæрдзинадæбæл дзорун райдæдтонцæ. Æхсинæмæ бацудæнцæ, байфарстонцæ 'ма син е загъта: – Æз уин неци зонун, æз уæ кæстæр дæн, фал, уæхецæй хестæр ка 'й, йе фæсхонх цæруй, ма уой бафæрсетæ. Бæхтæбæл сбадтæнцæ, цæун байдæдтонцæ 'ма фæсхонх еу фæсалгунмæ бахъæрттæнцæ. Дзоруй Уорæзмæг Хæмицæн: – Не 'ркъетæн ци кæндзинан, фæсалæ ку ратонисæ. Хæмиц дæр рагæпп кодта 'ма фæсалæ ратудта, уæдта зæгъуй: – 'Ма син ци кæнæн? – Дæ фæсабæрцæ сæ бабæттæ. Е дæр сæ бабаста, идарддæр фæццæунцæ, æрхъæрттæнцæ. Æрфестæгæнцæ, 'ма сæбæл цийнæ кæнуй сæ хестæр хуæрæ, сæ бæхтæ дæр син бафснайдта, хуæрун дæр син бакодта, уæдта сæ фæрсуй: – Кæми адтайтæ, ка некæд цæугутæ? – Хестæрдзинадæбæл нæ федауæн 'ма хинæ ма ракæнæ, нæ хестæр хуæрæ дæ 'ма нин зæгъæ! Ниххудтæй сæбæл 'ма син загъта: – Уæ хестæр уæхуæдтæ ку рабæрæг кодтайтæ, уæртæ фæсæлттæ ке фæсабæрцæ 'нцæ, йе уæ кæстæр. Хæмицæн гъигæ цæмæн н' адтайдæ, рамæстгун æй 'ма загъта: – Бориати хæрæг дæбæл слæуерæд! 'Ма йеци хæрæгæн куддæр æ ном загътайсæ, уотæ йин æнæ 'рбацæуæн н' адтæй, ма йимæ уæртæ æрбауайуй. – Уæ, м'арт! Ма мæмæ 'й æрбауадзæ 'ма дæуæн дæр йеу скурдиадæ скæндзæнæн! 'Ма йимæ хæрæг не 'рбауагъта. – Кæмæ æрхицæ кæнай силæстæгæй, уомæ дæ дæндаг ку фæззихъхъир кæнай, – цалинмæ йибæл симбæлай, уæдмæ йин Хуцау сдзæбæхиадæ ма раттæд! Уæхæн скурдиадæ йин равардта. Уорæзмæг хестæрæй байзадæй, сæ хæдзарæмæ рандæнцæ. Хæмицæн ба уæхæн скурдиадæ адтæй, кизгæмæ æ болат-дæндаг ку равдесидæ, уæд банæлæг уидæ 'ма фæссæйгæ уидæ, цалинмæ æ хæтдзæ фæууидæ уати, уæдмæ. Адæмбæл хаттæй 'ма йин хæзголтæ йеу-дууинсæй бæрцæ иссæй. Гелæхсæртони кизгæ Агундæ-рæсугъд ка 'дтæй, йе фарста йе 'нгарти: – Кæмæн æнцæ аци дзауматæ? Данбацай бæндæнтæ, æндæртæ йин кодтонцæ, 'ма «Болат-дæндаг Хæмицæн» загътонцæ: – Уе 'гæр калайтæ, ци уæмæ кæсуй симæр дæндаг! Кадæр æй Хæмицæн радзурдта, 'ма йибæл зелæн кæнун байдæдта, фал йин фæууинуни мадзал нæ йирдта: мæсуги бадтæй Агундæ. Берæ бæнттæ йибæл рацудæй, уæддæр йин мадзал нæ йирдта. Уæдта Гелæхсæртон кувд кодта, 'ма, йимæ æмбурд адтæнцæ адæм. Хæмиц дæр сæ тургъæмæ бацудæй 'ма, уæцъæфи лæхæ кæми калдтонцæ, уордæмæ æхе байиста, нур ку рацæуонцæ, уæд мæхе рауадздзæнæн, зæгъгæ. Уæдта, тог к' адтæй, уоми æхе сивдулдта. Ку рацудæнцæ, уæд, мæнæ йеу лæг рамардæй, зæгъгæ, ма 'й ракæнæ-бакæнæ кæнунцæ; æ цæсгом дæр нæбал зиндтæй. Уæдмæ ба Агундæмæ дæр сигъустæй 'ма æ сæргъи æрбалæудтæй. Хæмиц йимæ уæд болат дæндаг фæззихъхъир кодта, 'ма Агундæ банæлæг æй... Уæдта гæнæн нæбал адтæй 'ма йимæ Хæмици схудтонцæ. Лæг æма уосæ ссæнцæ 'ма Агундæ сдзæбæх æй. Уотемæй байзадæнцæ йетæ. Радзырдта йæ Текъойты Хъуыбады, 4 июль, 1910 аз, Задалеск. Ныффыста йæ Дзагурти Губади, ЦИГСИИ-йы архив, фонд Дзагурова Г.А., опись 1, дело 3 «а», ф. 23–25. Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф. при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Вернуться назад |