Главная > Нарты кадджытæ > Нартæ 'ма уæйгутæ
Нартæ 'ма уæйгутæ25 июня 2010. Разместил: 00mN1ck |
Нарти гуппургинтæ – Урузмæг, Сослан æма Хæмиц йеу сабат бони ранæхстæр унцæ цауæни. Нарти гуппургинтæ авд бони æма авд æхсæви фæцæнцæ цауæни, æма сæбæл сирд æмбæлæг нæ фæццæй. Нартæ губуни хуаллагæй дæр æма уæледарæсæй дæр байгудзæг æнцæ æма исфæндæ кодтонцæ фæстæмæ раздæхун. Цæунцæ-цæунцæ, æма сæбæл тар гъæди кæрони ба йеу орс саг фембалдæй; сæ фæндаг син разæвгæрдæ ракодта æма дин уæлæ фæлледзуй. Нартæ сæ номдзуд сагъадæхътæ фелвастонцæ æма 'й уотемæй сорунтæ байдæдтонцæ. И саг æхстбæрцæ æхе æруадзидæ, уæдта бабæй раледзидæ. Нартæ дæр æй сорунтæ байдæдтонцæ, æма сæ и саг авд хонхей фæстемæ басайдта, уæдта цидæр æрбацæй. Бон æ бартæ исуагъта, æма æхсæвæ æ тар къабæзтæ байтудта бæстæбæл. Æстонгдзинадæ сæбæл бустæги хъæбæр кæнун байдæдта, сæхемæ цæуионцæ, фал байрæгæмæ 'й, ами лæууонцæ æма ци сихсæвæр кæнонцæ? Кæсунцæ – æма дин йеу рауæнæй рохс кæлуй. Нарти гуппургинтæ и рохсмæ равардтонцæ се 'ргон; бахъæрттæнцæ тугулдорæй даст мæсугмæ æма багъæр кодтонцæ. Уоци мæсуги цардæй авд уæйуги. И уæйгутæ устур цийнæ никкодтонцæ, хуæнхаг цъеутæ нæмæ сæхе къахæй æрбацудæнцæ, зæгъгæ. И уæйгутæ сæ артмæ хæстæг рабадун кодтонцæ, сæхуæдтæ ба сæ цæститæ сæ кæрæдземæ æркъуæрдтонцæ. Æртæ си ухститæ кæнунмæ фæцæнцæ, иннæ цуппар уæйуги ба артмæ зелун байдæдтонцæ. Нарти гуппургинтæ цæмæннæ истарстайонцæ, мæнæ не 'сæвди рæстæг æрцудæй, зæгъгæ! Уæд Хæмиц дзоруй уæйгутæмæ: – Цæй, не 'сæвди рæстæг æрцудæй, фал ма нин уæддæр низзаруни барæ раттетæ: Нартæ кæддæриддæр се 'сæвди рæстæги заргæ фæккæнунцæ. Уæйгутæ сæбæл гъæрæй ниххудтæнцæ æма син загътонцæ: – Ра-ма заретæ, хуæнхаг дзиглотæ, уæддæр уæ нуртæкки фезонæг кæндзинан. Нартæ сæ тух-сæ бонæй низзардтонцæ, æма син сæ зарунгъæр фегъуста Нарти номдзуд болат Батраз. Батраз гъонбæл кодта уæларви. Æхе рагæлста æма хуæнхтæбæл исæмбалдæй, æ унæрæй хуæнхтæ, гъæдтæ æма будуртæ æндзеллау кæнун байдæдтонцæ. Нарти адæм балæдæрдтæнцæ, Батраз ке фæззиндтæй, уой æма æнхузæнæй исхудтæнцæ: – Ходетæ, ходетæ, хуæнхаг цъеутæ, – зæгъгæ сæмæ исдзурдтонцæ и уæйгутæ, æма сæ нур ухститæбæл рацæвæн, зæгъгæ, уæдта сæ мæсуги фарс фæппурх æй. Йе адтæй Батраз. Батраз фæммедæг æй уæйгути хæдзари æма сæбæл æ тумбул къохæй ралæудтæй, ке си ниццæвидæ, йе сау фунук фестидæ, уотемæй Батраз уæйгути бунцагъд никкодта... Нартæн сæ хæтдзæ рацудæй Батраз, æма син дуйне сирдтæ ниццагъта, уотемæй сæ рарвиста устур цийни хæтдзæ Нартæмæ. Батразæн æ дæлæрмттæ æнхæст æхсист нæма адтæнцæ æма фæстæмæ исфардæг æй уæларвон Курдалæгонмæ æхе æндон кæнунмæ. Радзырдта йæ Къолойты Георги. Ныффыста йæ Хъазыбегты Хъазыбег, 2 февраль, 1941 аз, Чырыстонхъæу. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 56, папкæ 23, ф.1–2. Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф. при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Вернуться назад |