АЦЫ ЧИНЫДЖЫ ТЫХХÆЙ |
Автор: 00mN1ck / 23 апреля 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ |
«Мах, нæ фæсивæд, нæ ирон ном æрдумæ нæ дарæм, нæ сæр сæрмæ нт хæссæм æмæ нæ æрдумæ дæр уый тыххæй ничи дары. Мах куы зониккам, нæ фыдæлтæ чи уыдысты æмæ сæ къухæй цы нæртон хъуыддæгтæ цыди, уый, уæд хъал уаиккам нæ ирон номæй æмæ нæ сæр æгадмæ нæ уадзиккам»,— фыста 1913 азы разагъды æхсæны кусæг æмæ фыссæг Темырханты Сослан (Вано).
Æцæг дæр, национ хиæмбарынад цы адæммæ нæй, йæ историмæ, йе 'взагмæ, йæ уидæгтæм хæдзардзин цæстæй чи нæ кæсы, уый йæ сæфты къахыл лæууы, æдзыт, æгад у иннæ адæмты цæсты, хорзæй йæм мацæмæ æнхъæлмæ кæс.
Ирæн фыдæлтæй бирæ алыхуызон æгъдæуттæ баззад. Иутæ дзы ферох сты, цард сæ йæхæдæг аппæрста. Бирæтæ дзы цæстыгагуыйау хъахъæнинаг сты, ногæй сæм раздæхын хъæуы — нæ рæзгæ фæсивæдмæ æфсарм, намыс æмæ лæгдзинад цæмæй уа, уымæн стыр ахъаз сты. Хистæр кæстæрæн фæндагамонæг у, фæлтæр фæлтæрæн йæ фарн ныууадзы, æмæ йыл стырзæрдæ чи у, куыдфæндыйы цæстæй йæм чи кæсы, уымæн нæй зæд дæр æмæ дуаг дæр, нæй йын фидæн, уый фыдвæд фæуыдзæни. Нæ номдзыд фыдæлтæ та афтæ загътой: «Фыдвæдæй æвæд хуыздæр».
Къарджиаты Бекызæйы чиныг «Ирон æгъдæуттæ» хицæн чиныгæй джиппы уагъд цæуы фыццаг хатт. йæ къухфыст æртиссæдз азы бæрц фæлæууыди архивы. Цæгат Ирыстоны наукон иртасæг институты. 1988 азы йæ рауагъта журнал «Мах дуг» (№№ 1—12). Доййаты Саханджери йæ 1969 азы бацæттæ кодта джиппы рауадзынмæ, фæлæ мидцоппайы азты чиныгæн рухс феньш йæ бон нæ уыд — ссæстой нын не 'взаг, нæ истори, нæ культурæ. Ныр — табу Хуыцауæн! — рæстæджытæ аивтой. Саханджерийы фæстæ чиныг ногæй редакци скодтон мæхæдæг, «Мах дуджы» дæр афтæмæй рацыдис.
ХЪОДЗАТЫ Æхсар Бекыза Макарович Каргиев "Осетинские обряды и обычаи", Владикавказ "Рухс", 1991.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |