Бекызæ райгуырди 1893 азы Куырттаты комы, хæххон хъæу Хидыхъусы. Йæ фыд Макъар 1906 азы фæмард абырджытимæ хъазуат тохы: тыхгæнджытæн йæ галтæ раттын йæ сæрмæ не 'рхаста. Фондз æнахъом лæппуйы, Бекызæ сæ хистæр, баззадысты сидзæрæй. Лæппу сахуыр кодта хъæууон скъолайы. Куы бахъомыл, уæд-иу рæстæггай æххуырсты дæр бацыд хи хъæуы бонджынтæм, стæй Елхоты, Хуымæллæджы æмæ æндæр быдираг хъæуты хъæздгуытæм.
1914 азы Бекызæмæ уыдис æфсæддон сидт, фæлæ йæ паддзахы æфсады службæ кæнын нæ бафæндыд æмæ Ирыстонæй йæхи айста. Сау кусæгæй куыста Донбассы шахтæты, Карпаты хæхты хъæдфадæн заводы (Австрийы зæххыл), Грознайы нефты куыстуæтты, Турчы фронтмæ хæстæг чысыл горæт Хнискалайы, Жандармтæ æдзух йæ фæдыл зылдысты, æмæ дыууæ хатты бахаудис сæ дзæмбытæм.
Бекызæйæн йæ фыдыфсымæры лæппу Къарджиаты Алыксандр, паддзахы æфсады афицер, уыцы рæстæджы куыста Фæскавказы, уыдис æххуырсгæ-æфсæддон транспорты хицау. Бекызæ дæр куысты ныллæууыд уыцы транспорты. Куырттаты комæй ма дзы цы лæппуты къорд уыдис, уыдонимæ иумæ фронтæн хъæугæ дзауматæ æмæ æрмæг уæрдæттæй ластой Сарыкамысæй Эрзеруммæ.
Афицер уæвгæйæ, Къарджиаты Алыксандр дæр революцион зондахастыл лæуд уыдис, æмæ Бекызæимæ кæрæдзийы зæрдæтæ куы базыдтой, уæд сæхи сбастой салдæтты большевикон организациимæ. Эрзерумы сæ æрæййæфта 1917 азы февралы революци. Уыцы аз сентябры куырттатаг фæсивæд сæ райгуырæн Ирыстонмæ æрцыдысты.
Къарджиаты Бекызæ уæдæй фæстæмæ царды фæндæгтыл куыд рацыд, уымæн хорз æвдисæн сты Цæгат Ирыстоны, Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны архивты документтæ, зæронд большевикты, мидхæсты активон архайджыты мысинæгтæ. 1917 азæй фæстæмæ Бекызæ уыдис иузæрдион революцион тохгæнæг. Большевикты партийы рæнхъытæм ист æрцыд 1918 азы. 1917— 1920 азты Куырттаты комы цы революцион къорд куыста, фæсагмæ большевик-революционерты сусæг организаци чи ссис, уымæн йæ разамонæг Къарджиаты Бекызæ уыд. Организацийы уæнгтæ баст уыдысты иннæ кæмтты зындгонд революционертимæ — Беккуызарты Тасолтан (Уæлладжыры ком), Токаты Алихаи, Хъалæгаты Миша (Дæргъæвсы ком), Гуыбиаты Гуаыба (Ног Саниба), Дзаттиаты Алыксандр (Хуссар Ирыстон) æмæ æндæртимæ. Фыццаг ирон большевик Мамсыраты Саханджери 1905 азы революцийы размæ ахуыргæнæгæй куыста Хидыхъусы, цæргæ та Къарджиатæм кодта. Уыйадыл Саханджери фæстæдæр йæ хъус дардта сидзæр æнахъом лæппутæм, æххуыс сын кодта царды раст фæндагыл ныллæууынæн. Амæ Бекызæ баст уыди Мамсыры-фыртимæ, уæлдайдæр революци куы райдыдта, уæдæй фæстæмæ. Мамсыраты Саханджери Пятигорскы куы куыста, Цæгат Кавказы Революцион-Хæстон советы уæнг куы уыдис, уæд æм Бекызæ уырдæм дыууæ хатты ныццыд, Куырттаты комы уавæрты сæ куыст куыд хъуамæ аразой, уымæй бафæрсынмæ.
1919 азы Деникины урсгвардион æрдонгтæ Ирыстоны зæхх рæстæгмæ куы бацахстой, уæд Бекызæ æнæрынцойæ кодта сусæг партион куыст, хи комы æмæ рæбыны хъæуты арæзта партион чыртæ.
Ирыстоны хæхбæсты сусæг партион комитеты амындмæ гæсгæ Куырттаты кемы большевиктæ 1920 азы 1 мартъийы, Сырх Æфсад Ирыстонмæ нæма ссыд, афтæмæй сæ комы сæвæрдтой Советон хицаудзинад æмæ сæвзæрстой ревком. Ревкомы сæрдарæн равзæрстой Гусаты Силийы, секретарæн та Къарджиаты Бекызæйы.
Иукъорд бонты фæстæ Ирыстоны алы кæмтты партизакты отрядтæ быдырмæ ралæгæрстой урсгвардионты ныхмæ тох кæныны тыххæй. Бекызæ уыдис, Куырттаты комæй цы партизанты бал рацыд, уыдонимæ, къамандыгæнæг та Къарджиаты Алыксандр уыд. Цы хъæумæ-иу бацыдысты, уым сьш адæм æмбæлдысты цингæнгæ, æмæ партизанты рæнхъытæ фылдæрæй-фылдæр кодтой. Фæллойгæнджытæ разæнгард уыдысты æнæуынон урс бандæты ныхмæ тохмæ. Уæдмæ Сырх Æфсады хæйттæ Орджоникидзе æмæ Кировы разамындæй деникинон æфсæдты дæрæн кæнгæйæ, æрбаввахс сты Ирыстонмæ, æмæ уæд, Дзæуджыхъæуы æмæ Ирыстоны зæххыл цы урсгвардион хæйттæ уыдис, уыдон, къæппæджы бахауынæй тæрсгæйæ, 22 мартъийы Гуырдзыстонырдæм алыгъдысты Арвы комыл. 1920 азы 31 мартъийы Сырх Æфсады хæйттæ ссыдысты Дзæуджыхъæумæ. Ралæууыдис ног царды дуг, советон дуг.
Цæгат Ирыстойы Советты Æххæстгæнæг Комитет 1920 азы 4 майы Къарджиаты Бекызæйы сфидар кодта Хидыхъусы ревкомы сæрдарæй. Уæдæй фæстæмæ Бекызæ, парти йын-иу йæ бар цы куыстытæ бакодта, уыдон æххæст кодта иузæрдионæй. Уыдис йрыстоны æххæстгæнæг комитеты инструктор, бандитизмы ныхмæ тохгæнæг отряды сæргълæууæг. Советон хицауад хæхбæсты зæххъуаг дзыллæтæн быдыры æрцæрыны фадæттæ куы сарæзта, уæд Къарджиаты Макъары фырттæ дæр сæ мадимæ æрцардысты ног быдираг хъæу Нарты, Нартыхъæуы фæллойгæнджытæ Бекызæйы сæвзæрстой сæ хъæуы ревкомы æмæ æххæстгæнæг комитеты сæрдарæй. 1923 азы фæззæгæй фæстæмæ та куыста Беслæныхъæуы ревкомы æмæ æххæстгæнæг комитеты сæрдарæй. Алкæм дæр æнувыдæй архайдта ног советон цардарæзты æгъдæуттæ æвæрын æмæ фидар кæныныл, дзыллæтæм арæхстджынæй хæццæ кодта Советон хицаудзинады уынаффæтæ, Коммукистон партийы идейæтæ.
1924 азы Бекызæ ахуыр кæнынмæ æрвыст æрцыд Калакмæ, Фæскавказы коммунистон университетмæ. Ахуыры рæстæджы уæззау рынчын фæцис æмæ иуцасдæр рæстæг фæцух кодта. Университет æнтыстджынæй каст фæци 1930 азы æмæ йæ уым аспирантурæмæ баивтой, фæлæ дзы иу афæдз дæр æххæстæй нæ фæцис, афтæ Фæскавказы крайы партион оргæнты уынаффæйæ æрвыст æрцыд партион-советон куыст кæнынмæ. Æмæ уæдæй фæстæмæ цыдæриддæр куысты уыдаид — Хуссар Ирыстоны Хъæды хæдзарады директор, партийы обкомы инструктор, Знауыры райкомы секретарь — алкæм дæр йæ зонд, йæ хъарутæ æнæвгъауæй лæвæрдта ног цардарæзты хъуыддагæн. Раст лæг сыгъдæгзæрдæ æмæ цæстуарзон, хионтæн дæр æмæ æнæуи адæмæн дæр баххуыс кæнынмæ цæттæ адæймаг — ахæмæй йæ сæ зæрдыл дарынц, цы адæмы æхсæн цардис, революцийы æмæ мидхæсты азты кæимæ куыста, ног цард аразыныл тохы уæхски-уæхск кæимæ цыдис, уыдон.
Къарджийы-фырт æдзухдæр æнувыдæй кодта æхсæнадон куыст. Университеты ахуыргæнгæйæ уыдис партколлективы бюройы уæнг, ревизион къамисы сæрдар. 1929 азы та йæ сæвзæрстой университеты парткомы секретарæй, æмæ 1931 азы мартъийы онг арæхстджынæй æххæст кодта, 1500 коммунисты жæм уыд, уыцы стыр парторганизацийы разамонæджы хæстæ. Æвзæрст-иу æрцыд Калачы горкомы æмæ горсоветы уæнгæй, Хуссар Ирыстоны обкомы æмæ Центрон Æххæстгæнæг Комитеты уæнгæй, уыдис-иу Гуырдзыстоны республикон партион конференциты æмæ Советты съездты делегат.
1937 азы Бекызæйы цард æнæнхъæлæджы аскъуыди — Сталины культы азар æй басыгъта.
Къарджиаты Бекызæ йæхи хуыдта фæллойгæнæг адæмæн лæггадгæнæг, яартийы нысантæ царды рауадзыныл тохгæнæг. Тохгæнæджы кадджын хæстæ сыгъдæгзæрдæйæ æххæст кодта йæ разæнгард революцион архайдæй, литературон куыстæй.
Йæ литературон фæллæйттæй баззадис æрмæст ацы къухфыст. Къухфысты раззаг фарсыл автор ныффыста: «Фыццаг чиныг, фыццаг дих, 1928 аз». Ацы темæйыл, стæй ма æндæр темæтыл дæр цы æмæ цас ныффыста (фысгæ та уæвгæ кодта, уый нæ зонæм, уымæн æмæ йæ иннæ къухфыстытæ фесæфтысты).
Къарджийы-фырт æвдисы, революцийы агъоммæ ирон адæмы царды цы æгъдæуттæ уыдис, уыдрн æмæ йæ ныхас аразы ивгъуыд афоны хуызы, фæлæ бирæ рæтты рахизы нырыккон афонмæ. Уый уымæн, æмæ, йæхæдæг куыд зæгъы, афтæ уыцы æгъдæуттæй иуæй-иутæ ирон адæмы царды ныр дæр ма сты, «ныр дæр нæма комынц адæмы зондæй атонын».
Автор уыдис советон адæймаг, коммунист, царды хъуыддæгтæн раст аргъ жæнын чи зыдта, ахæм. Рагон царды æгъдæуттæ уый йæ чиныджы бирæ рæтты æвдисы, хуызисæгæн йæ аппараты размæ цы фæуа, уыдоны нывтæ куыд сисы, афтæ. Кæцы хъуыддагмæ цы цæстæй кæсы, куыд ын аргъ кæны, уый алы хатт нæ фæзæгъы. Фæлæ уæддæр, рагон царды иуæй-иу æгъдæуттæ æвцисгæйæ йæхи нал бауромы æмæ карз ныхæстæй фæзæгъы, хицæн æгъдæутгæ æмæ цаутæм цы цæстæй кæсы, уый, Марды номыл афæдзы дæргъы алы бæрæгбон дæр хистытæ кæныны æгъдау куыд ныффидар, ууыл. дзургæйæ, автор фæстагмæ афтæ фыссы «Кæд ирон адæмæн ирæд бæлвырд мæгуыргæнæн у, уæд дыууæ хатты тынгдæр мæгуыргæнæн та хист у, мард кæуыл æрцæуы, канд уымæн нæ, фæлæ иннæ адæмæн дæр».
Ирон царды æгъдæуттæ ацы чиныджы æххæстæй æвдыст не сты. Стæй, чиныг чи кæса, уыдонæй бирæтæм иуæй-иу æгъдæуттæ, Бекызæ сæ куыд æвдисы, афтæмæй диссаг фæкæсдзысты. «Ахæм æгъдæуттæ ирон адæммæ нæ уыд», зæгъджытæ дæр фæуыдзæн. Уымæн æмæ комæй-коммæ æмæ суанг хъæуæй-хъæумæ дæр вæййы хицæн æгъдæуттæ. «Хъæуæн æгъдау æмæ хæдзарæн фæтк», зæгъгæ, æмбисонд мæнгæн нæ баззад. Бекызæ ам фыссы, йæ заманы Куырттаты комы хъæуты йæхи цæстæй цы федта, йæхи хъустæй цы фехъуыста, уыдæттæ. Æндæр исчи та иннæ ирон кæмтты æмæ хъæуты, æвæццæгæн, æндæр æгъдæуттæ федта.
Къарджийы-фырты фæллой банымаинаг у ахъаззаг этнографион куыстыл, наукон кусджытæн, ирон адæмы ивгъуыд дугтæм йæ хъус чи дары, уыдонæн, æххуыс уыдзæни хъомыладон куыстгæнджытæн.
Ссæдзæм азты, Советон хицаудзинадæн йæ авналæнтæ уыйас дардмæ куы нæма æххæссыдысты, ирон æвзагыл чингуытæ уадзыны хъуыддаг æрмæст фыццаг къахдзæфтæ куы кодта, уыцы уавæрты ахæм егъау литературон куыст бакæнын, цалдæр азы дæргъы æрмæг фембырд кæнын æмæ фæфыссын — уымæн стыр ныфс æмæ разæнгарддзинад хъуыдис. Уыцы ахъаззаджы куыстмæ уæды бонты æрмæст ахæм адæймаг бавнæлдтаид, йæ адæмы иттæг зæрдиагæй чи уарзта, ирон адæмы культурон сомбон кæй уырныдта æмæ уыцы сомбон æрбахæстæг кæнынæн йæ фыдæбон, йæ хъарутæ, йæ зонындзинæдтæ æвгъау чи нæ кодта.
Къарджиаты Бекызæ æцæгдæр ахæм адæймаг уыди.
ДОЙЙАТЫ Саханджери 1969 аз.
Бекыза Макарович Каргиев "Осетинские обряды и обычаи", Владикавказ "Рухс", 1991.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |