УАЦИЛЛАЙЫ ЧЪИРИАГÆХСÆН |
Автор: 00mN1ck / 5 мая 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ |
Дауджыты дыккаг бон, къуырисæры вæййы Уациллайы чъириагæхсæн бон. Уæдмæ Уациллайæн кувæг адæм скæнынц бæгæнытæ, йæ амал кæмæн вæййы, уыдон кусарт дæр акæнынц æмæ уыцы бои хъæлдзæгæй арвитынц. Устытæ чъириаг (мæнæу) ахæссынц доны былмæ æмæ йæ уым сыгъдæг цæхсынц. Цалынмæ сæ чъириæгтæ хус фæкæнынц, уалынмæ сæ цуры хъазт саразынц устытæ æмæ чызджытæ. Лæппу фæсивæд дæр сæм ацæуынц. Сæ чъириæгтæ куы æрбахæссынц хæдзæрттæм, уæд сæ цæвæрынц сыгъдæг ран, цæмæй сыл Уациллайы зæрдæ ма фæхуда, уый тыххæй. Алчи дæр йæ уд фæхъары, цæмæй йæ чъириаг æрысса хуыздæр æмае сыгъдæгдæр куыройы. Ссад куы фæвæййынц, уæд та сæ ссадæй цæвæрынц сыгъдæг ран Уациллайы бонмæ.
Бекыза Макарович Каргиев "Осетинские обряды и обычаи", Владикавказ "Рухс", 1991.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |