МАЙРÆМЫ КУАДЗÆН |
Автор: 00mN1ck / 13 мая 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ |
Майрæмы куадзæн дæр вæййы августы. Хистæртæй-иу бирæтæ Майрæмы куадзæны размæ дыууæ къуырийы ком дардтой, сæ уарзон адæмæй чи амардис, уыдоны удыбæстæйы тыххæй. Майрæмы куадзæны бон ирон адæм æмхуызонæй нæ кæнынц бæрæгбон. Чырыстон дин тыхджын кæм уыдис, уым Мадымайрæмы бæрæгбон дæр кодтой тыхджынæй, фæлæ чырыстон дин искуы-иу хъæуы йеддæмæ тыхджын никуы уыд.
Уыдис-иу ахæм хъæутæ, æмæ-ку уыцы бон куыстмæ фæцæйцыдысты, æмæ сæ уæд кодтой ивар. Ахæм хабар æрцыд Куырттаты комы Хидыхъусы. Хидыхъусы сауджын уыдис Дзанайты Датъо. Майрæмы куадзæны бон адæм куыстмæ цæудзысты,. зæгъгæ, уый рагацау слæууыд хъæугæрон æмæ, чи цыдис, уыдон фæстæмæ здæхта. Чи нæ бакуымдта раздæхын, уыдоны та ивар фæкодта уæды æхцайæ фæндзгай сомтæй. Хъæуыхицау уыцы лæгты бакодта ахæстоны, уымæн æмæ сæ ивæрттæ нæ фыстой, фæлæ цы сæ бон уыдис, æмæ сæ фæстагмæ бафыстой.
Быдыры хъæутæй Майрæмы куадзæн уæлдай кадджындæр уыдис Мæздæджы ирмæ.
Бекыза Макарович Каргиев "Осетинские обряды и обычаи", Владикавказ "Рухс", 1991.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |