ФÆЗЗÆДЖЫ ТУТЫР |
Автор: 00mN1ck / 15 мая 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ |
Фæззæджы Тутыры бæрæгбон вæййы нырхæны мæйы (сентябры). Хæхты мидæг æй тынгдæр кæнынц. Алчи дæр ын бахсиды бæгæны, самал кæны кусæрттаг. Алчи дæр акæны йæ кусарт, цалынмæ ма рухс вæййы, уалынмæ æмæ скувы Тутырмæ.
Ирон адæм, хæхты чи цæры, уыдон Тутырæй афтæ æнхъæл сты, цыма уый куынæ фæнда, уæд фосæн ницы тас уыдзæн бирæгъæй. Цыбыр ныхасæй, бирæгъы хонынц Тутыры куыдз æмæ Тутырæн уый тыххæи кувынц тынгдæр, цæмæй сæ фосæн бирæгъæй мацы тас уа.
Тутыры кувинæгтæй нæ фæдæттынц искæй бинойнагæн, нæдæр кусартæй, нæдæр бæгæныйæ. Чи радта, уымæн, дам, бирæгъ йæ фосæй æнæ бахæргæ нæ фæуыдзæн. Фæлæ дзы, чи фæдæтты, ахæмтæ дæр ис æмæ уыдис, æмæ бирæгъ уыдонæн куы ницы кордта сæ фосæй, уæд уыдонмæ гæсгæ адæм арæхдæр райдыдтой дæттын сæ Тутыры кувинæгтæй.
Бекыза Макарович Каргиев "Осетинские обряды и обычаи", Владикавказ "Рухс", 1991.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |