поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
УС КУРЫН. 2/3
Автор: 00mN1ck / 6 июня 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ
Чызгæрвыст æмæ чындзхаст. Чызджы бинонтæ ирæд куы райсынц, уæд бауынаффæ кæнынц сиахсимæ: кæдмæ сцæттæ кæной сæхи сæ чызджы æрвитынмæ. Æмгъуыд скæнынц. Чызджы бинонтæ ирæды æхцайы иу хайæ райдайынц сæ чызгæн дзауматæ æлхæнын. Балхæнынц ын зæлдаг (чындздзон) кæлмæрзæн, бæзджын зымæгон кæлмæрзæн, глазийæ къабайаг æмæ дæллаггуыраг (юбкæйаг) ноджы æндæр къабайæгтæ дыууæ, йе æртæ. Мидæггаг дзауматæн — цикъæ 20 адылийы бæрц. Къахыдарæсæн фыццаг заманы æлхæдтой басмахъытæ, бынтон фæстаг рæстæджы та райдыдтой батинкæтæ æлхæнын. Вæййы дзы цъындатæ — æртæ, цыппары фæлыст. Ноджы æвзистæй риуæгънæджытæ æмæ камари (рон), дыууæ гобаны фистæй æд цъæрттæ, дыууæ хъæццулы æд цъæрттæ, цыппар баз'ы дыгай цъæрттимæ, æрхуы тас æмæ хъуывгъан, иту, кæсæн, хæсгард, хуыйæн машинæ. Фыццаг рæстæджы-иу æлхæдтой чырын, куыдфæстæмæ та райдыд-той æлхæнын 'скъаппытæ (къамод), стъол, бандæттæ. Гауызтæ чи æлхæдта, ахæмтæ дæр-иу уыди. Ноджы сæрæктæ иу-æртæйы бæрц, сæрак зæнгæйттæн æмæ сæрак дзабыртæн. Уымæй дарддæр ма балхæнынц, чызг йемæ лæвæрттæн кæй ахæсдзæнис, ахæмтæ: сиахсы фыдæн фæсмынæй хорз цухъайаг, йæ мадæн хорз тæбын къабайаг, æфсымæр ын куы уа, уæд — басылыхъ, иннæ бинонтæй дæр кæмæн цы балхæнынц, кæмæн цы.

Чызгæн йæхимæ дæр æхца вæййы, фæдæттынц ын, сиахсимæ кæнæ тиуимæ цы фæсивæд æрбацæуы, уыдон, гъемæ.фелхæны, фæцæттæ кæны лæвæрттаг: йæ къухылхæцæг æмæ æмдзуарджынæн сæрак зæнгæйттæ, кæнæ та басылыхъытæ æмæ сæрак дзабыртæ. Ноджы сцæттæ кæны иу-цалдæры фæлыст сæра дзабыртæ, астæубæстæ, сахаты бæстæ, дамбацайы бæстæ æмæ æндæр ахæмтæ, цы йæ бон вæййы, уыдон. Чызгæй бирæ дзауматæ кæ-мæ уа, уый кадджындæр вæййы, æмæ уый тыххæй алы чызг дæр йæхи фæхъары, фылдæр истытæ сцæттæ кæныныл.

Кæд чызджы фыд, науæд йæ бинонтæ мæрддзæст вæййынц, уæд ын цы фæхъæуы, уыдон æххæстæй нæ балхæнынц, æмæ уæд къæйных чызг фæзæгъы хъæбæрæй, хъуамæ мын балхæнат, цы æмбæлы, уый, цы ирæд мæ райстат, уымæй, науæд мæнæн худинаг уыдзæн, фидис мын кæндзысты, алыбон кæимæ цæрон, уыдон.

Сиахс дæр куы базоны, цы хъæуы, уыдæттæ æххæстæй кæй нæ балхæдтой, уæд уый дæр схъистæ фæкалы, цæмæ гæсгæ не 'лхæнут, цы æмбæлы, уый, ирæддаг æз хорз куы 'бафыстон, зæгъгæ. Кæд ницы ком раттынц, æмæ цы æмбæлы, уый нæ балхæнынц, уæд сиахс фæхыл вæййы семæ, хъуамæ кæрæдзимæ дæр нал фæцæуынц иу къорд афонты, цалынмæ сæ исчи бафидауын кæны, уалынмæ.

Ирæд тагъд бафидын йæ бон кæмæн нæ вæййы, уымæн йæ куырд чызг йæ фыды хæдзары фæбады иу къорд азты, æмæ лæппуйæн куыд амал вæййы, афтæмæй фæфиды ирæд чысыл-гай. Æмæ чызг цалынмæ куырдуаты вæййы, уалынмæ, чи йæ ракуры, уый мыггагмæ сегасмæ дæр æмбæхсгæ фæкæны æмæ фæуайсады. Хъазтмæ фыццаджы хуызæн нал фæцæуы. Кæд ын фæндон раттынц, чи йæ ракуры, уыдон, уæд ацæуы, кæннод нæ. Æндæр хъæумæ йæ цæуын куы хъæуа, уæд дæр æнæ уыдоны бафæрсгæ нæ ацæудзæн. Чи йæ ракуры, уыдоны хæстæджытæм дæр фæуайсады æмæ фембæхсы. Йæхицæй кæстæр чи уа, уыдон-мæ дзургæ куы кæна, уæддæр сæ цуры бадгæ не скæндзæн, худинаг у, зæгъгæ. Афтæ йæхи асламдæры бынаты сæвæры, æгъдау дæттын, зæгъгæ.

Чызгæн цы дзауматæ æмбæлы, уыдон иууылдæр æлхæд куы æрцæуынц, уæд дыууæрдыгæй дæр сæхи срæвдз кæнынц æмæ æмгъуыд скæнынц.

Ирæд бафидгæйæ, бирæ хæдзæрттæ цæрынхъом нал вæййынц, смæгуыр вæййынц, уымæн æмæ хæдзары нал баззайы галтæ, бæхтæ æмæ æндæр фос. Ирон адæмæн та, уæлдайдæр хæхбæсты цæрджытæн, сæ цард фос æмæ зæхкуыстæй у. Гъемæ галтæ балхæныны тыххæй бирæ лæг райсы æфстау æхца, туманæн æртæ сомы пайда алы аз, афтæмæй, кæнæ та ус æрхæссыны фæстæ æххуырсты бацæуы, æмæ афтæмæй йæ ног хаст усимæ дæр йæ ноджы бонты ницы ацæры.

Чызгæрвысты бонмæ чызджы бинонтæ бæгæны бахсидынц 12—25 путы задæй, арахъытæ рауадзынц. Кусæрттаг — гал кæнæ къаддæр исты, цæрынхъом чи вæййы, уый та ма галимæ —-фыскусæрттæгтæ дæр. Ноджы æрзилынц хæстæджытыл æмæ ракурынц кæрчытæ, цæмæй алы чындзхæссæджы раз дæр æрæвæрой хицæн карк. Хæстæджытæй фæстæмæ ма фæкурынц æцæгæлон адæмæй дæр, æмæ, кæмæ бадзурынц, чызг æрвитæм чындзы æмæ нын карк ралæвар кæн, зæгъгæ, уыдон сын кæрчытæ фæдæттынц лæвар. Куы срæвдз вæййынц, уæд чызджы бинонтæ сæ сыхаг лæппуйы сбадын кæнынц бæхыл æмæ йæ арвитынц, сæ чызджы сын чи р,акуырдта, уыдонмæ хонæг иу къуыри раздæр. Бамбарын ын кæнынц, цæмæй сын фехъусын кæна, нæ дзырд кæдмæ уыдис, уæдмæ нæм сæмбæлут чындзхæссæг, мах нæхи сцæттæ кодтам, зæгъгæ.

Цы лæппу бацæуы, уыйæрхизы, чызджы чи ракуырдта, уыдоны кæрты, æмæ йæ бакæнынц хæдзармæ. Куы æрбады, уæд хæдзары хистæры бацагуры, æмæ йын фæзæгъы, мæн уæ ног хæстæджытæ æрбарвыстой хонæг, цæмæй сæм уыцы бон бацæуат чындзхæсджытимæ. Хæдзары хистæр дæр ын бæлвырд фæзæгъы, уыцы æмгъуыдмæ сæмбæлдзыстæм, зæгъгæ.

Лæппуйы хорз фенынц хæрд, нозтæй æмæ йын раарфæ кæнынц. Иу сом та йын лæвар ракæнынц, кæд сæм уыцы сахат нæ вæййы, уæд та, чындзхæссæг куы бацæуынц, уæд.

Лæппу фæстæмæ æрбацæуы чызджы бинонтæм æмæ сын фæ-зæгъы, уæ ныхас уын сæмбæлын кодтон, зæгъгæ. Чызджы бинон-тæ уæд æрбахонынц сыхæгтæй æмæ сæ хæстæджытæй иукъор-ды æмæ сын фæзæгъынц: уыцы бон æмæ уыцы бон нæм æрба-цæудзысты чындзхæссæг. Цыдæриддæр сын æгъдау дæттынæй хъæуа — минасæй дæр, алцы хъуыддагæй дæр — иууылдæр сæ сымах бар кæнæм. Раттынц сæм къæбицы дæгъæл. Кусæрттæгтæ дæр сын сæ бар бакæнынц.

Уыцы æрбахуынд адæм, уырдыглæуджытæ, сæхицæн хистæр равзарынц. Алкæмæн дæр рагацау йæ куыст, йæ хæстæ сбæлвырд кæнынц. Æрцæттæ кæнынц, кæм баддзысты, уым фынгтæ, æрбахæссынц сыхæгтæй нуазæнтæ (сыкъатæ), чындзхæсджыты æрбацыдмæ акæнынц кусæрттæ, æргæвдынц кæрчытæ.

Чызджы бинонтæ арвитыиц сæ хæстæджытæм æмæ сæ хæлæрттæм. Уыдон дæр æрæмбырд вæййынц æмæ фæкæсынц уазджытæм, цæмæй буцдæрæй ацæуой, уый тыххæй.

Лæппу йæ къухылхæцæг æмæ йе 'мдзуарджынимæ æрзилы чындзхæсджытыл. Чындзхæсджытæ æрæмбырд вæййынц лæппуйы хæдзармæ. Се 'рбацыдмæ сын сцæттæ кæнынц хæрд, нозт, аргæвдынц сын фыс æмæ сæ хорз фенынц.

Цалынмæ уыдон минас фæкæнынц, уалынмæ къухылхæцæг æмæ æмдзуарджын сылгоймаг-чындзхæсджыты æрцæттæ кæнынц. Чындзхæссæг цы чызджытæ фæцæуы, уыдон фæцаразынц. Кæд сæхицæн нæ вæййы дзæбæх дзауматæ, уæд æндæр искæмæй ракурынц: риуы æгънæджытæ, камари, глази къабатæ, зæлдаг кæлмæрзæн, къахыдарæс.

Чындзхæсджытæй алчи йæ бæхыл сбады, чызджытæ дæр сбадынц уæрдоны, æмæ иууылдæр иумæ араст вæййынц. Чызджытæ фæндырæй фæцæгъдынц, лæгтæ та заргæ кæнынц. Цы хъæумæ цæуой, уым ма сыл рухс куы уа, уæд сæ цыд вæййы афтæ: æппæты разæй фæцæуы æртæ, йе дыууæ барæджы, уыдоны фæстæ чызджыты уæрдон, уæрдоны фæстæ — зарын чи фæзоны, уыцы фæсивæд, стæй та иннæ чындзхæсджытæ. Чызджытæ фæндырæй фæцæгъдынц, лæппутæ та саргъы бæхтыл цыбыр хъазт фæкæнынц, афтæмæй уыцы æмбырдæй бацæуынц чызджы хæдзары дуармæ. Уым æрлæууынц æмæ фæзарынц, цалынмæ сын дуар бакæной æмæ сæ мидæмæ бахоной, уалынмæ.

Фысымтæ сæм рацæуынц, дуæрттæ бакæнынц æмæ сын фæзæгъынц: «Уазджытæ, фысым уын стæм, мидæмæ нæм рацæут?»

Уазджытæ иууылдæр уыцы æмхуызонæй бацæуынц кæртмæ, æмæ сæ уæд фысымтæ рахизын кæнынц. Агъуыстмæ раздæр бацæуынц чызджытæ.

Фысымтæй иу лæгæн баргонд вæййы уазджыты дзауматæ бахъахъæнын. Уыцы лæгмæ уазджытæ раттынц сæ сæргътæ, ехсытæ, нымæттæ, топпытæ æмæ æндæр дзауматæ. Бæхтæ бафснайынц. Кæд зымæг уа, уæд сын хос цæвæрынц, кæд æм хос нæ уа, уæд сæ сыхæгтæм аласынц. Кæд æмæ сæрд уа, уæд та сæ хизынмæ аласынц.

Уазджыты мидæмæ бакæнынц, æрбадын сæ кæнынц. Рахæс-сынц уал сын раздæр æртæ уæлибæхы, физонæг æмæ нозт — бæгæны æмæ арахъ. Скувынц сæ æмæ уал чысылгай фæнуазынц, цалынмæ, цы кусæртытæ акодтой, уыдон цæттæ кæной, уалын-мæ. Кæстæр фæсивæдæн саразынц хъазт, æмæ уыдон та кафгæ фæкæныиц: æрæмбырд сын кæныиц чызджытæ æмæ лæппу фæсивæд сыхбæстæй.

Куы сцæттæ кæнынц хæрд уа æмæ æндæр уа, уæд сыхæгты зæронд лæджы æрбадын кæнынц уазджыты уæлейы. Чызджы фыд цыфæнды зæронд лæг куы уа, уæддæр не 'рбаддзæии кувæг, худинаг у, зæгъгæ, чындзхæсджытæ кæм фæбадыиц, уыр-дæм æппындæр нæ бацæуы. Уазджыты сбадын кæнынц иууылдæр, дыууæ кæнæ æртæ кæстæрæй фæстæмæ. Уыдон та вæййынц сæ чындзхæссæг чызгæмбæлтты цур. Чындзхæсджытæ вæййынц 50, 60, 100 адæймаджы æмæ суанг 140 адæймаджы дæр, стыр чындзхаст куы вæййы, уæд. Хистæртæм бахæссынц æртыгай уæлибæхтæ, сæ уæлæ хъæдын уæхстытыл конд физонджытæ æмæ кусарты базыг, раттынц сæм кæмæ бæгæны, кæмæ арахъ. Фысымты хистæр райдайы кувыи, цæмæй, цы хъуыддаджы тыххæй æрæмбырд сты, уый амондджын фæуа, уый тыххæй. Иууылдæр сæ худтæ сисынц æмæ афтæмæй, чи лæугæйæ, чи бадгæйæ оммен фæкæнынц.

Фысымты хистæр куывд куы фæвæййы, уæд аходынмæ бацæуы къухылхæцæг кæиæ æмдзуарджын æмæ райсы æртæ чъирийы, базыг, физонæджы карст æмæ сæ ацаходыимæ ахæссы сиахсмæ. Сиахс та уыцы рæстæджы фæлæууы сеиæйы, науæд дуармæ æмæ сæ ацаходы.

Уазджыты хистæр дæр скувы, æмæ уымæ та иннæ кæстæртæй исчи бацæуы аходынмæ. Кувæггаг та æндæр искæмæ авæры.

Уазджытæ æрбадынц. Раздæр æркæрдынц дзул, уый фæстæ æрæвæрынц чъиритæ, физонæг æмæ къуылдых фыд. Хистæрты фынгтыл уæлдайæн æрæвæрынц, цы кусæртытæ акодтой, уыдоны сæртæ æмæ бæрзæйтæ, ирон адæммæ уыцы хæйттæ кадджын куыд сты, уымæ гæсгæ. Хистæрты фынгтыл æрæвæрынц фæхсынтæ, æнæхъæн фысы фæстаг æрдджытæ дæр. Фынгтæ куы байдзаг кæнынц алы минасæй, уæд уазджыты раз æрлæууын кæнынц уырдыгыстджыты — алы 10— 12 уазæгæн дæр хицæн уырдыгыстæг. Æппæты хистæр, йæ дзырд кæстæртæм куыд фе-хъуыса, афтæмæй рагаджидау кæны æмæ йæ аназы. Алчидæр цалынмæ аназы, уалынмæ нæма бавналы хæрынмæ, худинаг у, зæгъгæ, ома нæ фыдæлтæй афтæ баззадис æгъдау, æмæ чи куыд аназы, афтæ райдайы хæрын. Фыццаг гаджидау баназынц стыр хуыцауы тыххæй, æмæ йæ нуазæн дæр ничи ратдзæн, стыр хуы-цауы номыл цы гаджидау рауадзынц, уый дæтгæ нæу, зæгъгæ. Дыккаг гаджидау хистæр рауадзы Уастырджийы номыл æмæ уæд йæ нуазæн сгуыимæ авæры уазджыты кæстæр къордæн. Хистæры гаджидау уазджытæ дæр баназынц кæрæй-кæронмæ. Æртыккаг гаджидау (сидт) хистæр фæкæны дыууæ хæстæджы цæрæнбоны тыххæй. Уымæй фæстæмæ гаджидæуттæ вæййынц алыхуызон.

Кæд хъæуы зиан вæййы, æрæджы чи амард, ахæм, уæд цалынмæ зианджын æрбацæуа æмæ искæй ныззарын кæна, уалынмæ нæ фæзарынц. Зианджын дæр фæзоны, цалынмæ уый дзырд радта, уалынмæ уыцы чындзхæсджытæ хъæлдзæг нæ уыдзысты, ома нæ ныззардзысты æмæ не скафдзысты. Уымæ гæсгæ бацæуы чындзхæсджыты размæ æмæ фысымтæй фæкуры, цæмæй хъæлдзæг уой, уый тыххæй. Уæд ын фæзæгъынц, уазджытæ хъæлдзæг цæмæй уой, уый дæ кæд фæнды, уæд дæхæдæг ныззар раздæр, зæгъгæ. Гъемæ кæд зарын фæзоны, уæд ныззары, кæннод та йæм хæстæгдæр чи вæййы, уый ныззарын кæны. Зард куы фæвæййынц, уæд ын хистæртæ арфæ ракæнынц, бирæ азты æнæ зианæй фæцæр, зæгъгæ, æмæ йын нуазæн раттынц.

Æмбис нозт куы фæвæййынц, уæд та хистæр рагаджидау кæны цыппар уды цæрæнбоны тыххæй: чындз, сиахс, къухылхæцæг æмæ æмдзуарджыны. Гаджидау вæййы цыппар нуазæнæй. Фысымты фæсивæд æрбацæуынц æмæ хистæры цур æрлæууынц. Уый куы райдайы нуазын, уæд фæсивæд хъæлдзæгæй. къæрццæмдзæгъдимæ «айс æй, аназ æй»-ы зарæг фæкæнынц, æмæ цалынмæ иууылдæр цыппæргæйттæ бануазынц, уæдмæ сæ зард нæ ныууадзынц. Уый фæстæ та хистæр дынджыр дзæбидыры сыкъайæ рагаджидау кæны сæсывзæ Уастырджийы тыххæй, науæд та æндæр истæй тыххæй.

Уазджытæ сæхæдæг дæр фæзарынц æмæ сæ нуазæнтæ фæдæттынц, сæ цуры чи фæлæууы, уыдонæн, сæ цуры та фæлæууы бирæ фæсивæд, стæй хистæртæ дæр, фысымтæ чызгæрвитæг кæй æрхуыдтой, ахæмтæ. Уыдон æхсæв-бонмæ уазджыты цур уырдыг фæлæууынц, æгъдау фæдæттынц чындзхæсджытæн.

Уазджыты фынгтыл цы хæринæгтæ вæййы, уыдон куы æруазал вæййынц, уæд та хъарм лывзæ æрæвæрынц, цæмæй нозтимæ хъарм хæринаг уа, уый тыххæй. Уазджытæ арфæйы хай æмæ нуазæн барвитынц æфсинтæн. Сæ хъæуккаг чызг, цы хъæуы ба-дынц, уыцы хъæуккаг ус куы уа, уæд уымæн дæр арвитынц нуазæн æмæ хай, кады тыххæй, рох нæ нæ дæ, зæгъгæ. Æмæ уый дæр йæхицæй ныббуц вæййы æмæ сын райсоммæ хуын саразы, Хистæртæ бонмæ æввахс кæстæртæн раттынц хъазтмæ ацæуыны бар.

Уæд чындзхæсджыты кæстæртæ сыстынц æмæ, сæ разæй иу лæг фысымтæй, афтæмæй бацæуынц хъазтмæ нуазæн æмæ сгуыимæ. Уазджытæй иу раарфæ кæны, хъазты цы фæсивæд ис, уыдонæн, æмæ нуазæн авæрынц чызджытæй иумæ, сгуы та лæппутæй искæмæ. Чызг нуазæн райсы æмæ йæ æнæ сдзургæйæ авæры, нуазæн чи æрбахаста, уыцы уазджыты размæ цы уазджытæ уыдис хъазты, уыдонæй искæмæ. Уый раарфæ кæны, нуазæн чи æрбахаста, уыдонæн чызджы номæй, стæй та чызгæн йæхицæн. Афтид сыкъа авæры фæстæмæ, цы чызг æм æй радта, уымæ. Чызг фæлæууы йæ разы, цалынмæ йæ аназа, уалынмæ æмæ уый фæстæ сыкъа авæры, чи йæм æй радта, уымæ. Хъазты æгъдаумæ чи фæкæсы, уый фæндыр æрцæгъдын кæны, æмæ та райдайынц кафын. Хъуамæ чындзхæсджытæ иниæ адæмæй раздæр æмæ арæхдæр кафой, стæй æгъдаумæ кæсæджы æвастæй хъуамæ мачи скафа.

Хистæр чындзхæсджытæ, бон нæма срухс вæййы, афтæ сыстынц. Хуыссæг кæй æрцахсьт, уыцы хистæртæн хуыссæнтæ бакæнынц æмæ сæ схуыссын кæнынц, иннæтæ, куы сбон вæййы, уæд дуармæ рацæуынц æмæ кæрæдзи дæлæрмттыл ныххæцынц, цæлхæмбырдæй фæсимынц, «Чепена»-йы зарæг фæкæнынц, афтæмæй.

Къухылхæцæг æмæ æмдзуарджын фæцæттæ кæнынц чызджы, амæлттæ 'кæнынц, цæмæй тагъддæр фæрæвдз уа, уый тыххæй. Кæд исты хъуæгтæ уа чызг, уæд йæхæдæг фæзæгъы къухылхæцæг æмæ æмдзуарджынæн, æмæ уыдонамал фæкæнынц се ссарынæн. Исты дзырддаг ма куы вæййы дыууæ хæстæджы æхсæн, уæд уый дæр бадзæбæх кæнынц уыдон. Цалынмæ хистæр уазджытæ хуысгæ фæкæнынц, уалынмæ фысымтæ ногæй райдайыиц минас цæттæ кæнын. Чындзхæсджытæй бирæ ацæуынц æндæр хæдзæрттæм хуыссынмæ. Кæстæр фæсивæд не схуыссынц, фæлæ фæкафынц.

Фысымтæ куы сцæттæ кæнынц сæ минас, уæд чындзхæсджыты æрбадын кæнынц сæ фыццаг бадæнты, кæстæртæй фæстæмæ. Æрæвæрынц фынгтыл раздæр дзултæ, цæхдæттæ, дзидза, уый фæстæ æрбахæссынц хистæртæм чъиритæ, хъæдын уæхстыл конд физонæг сæ уæлæ æвяерд, афтæмæй, æмæ дынджыр къусы бæгæны, стæй сыкъайы арахъ. Хистæртæ сæ айсынц æмæ райда-йынц худаистæй кувын, иннæтæ дæр сæ худтæ сисынц æмæ ом-мен фæкæнынц. Куывд куы фæвæййынц, уæд ацаходынц къухылхæцæг æмæ æмдзуарджын. Райдайынц ногæй нуазын æмæ хæ-рын. Кæд æххæссой, уæд чындзхæсджытæн æрæвæрынц лæгæн карк æнæхъæнæй фыхæй, кæннод, куыд амал вæййы, афтæ, стæй хъарм фыдджынтæ, науæд та цæрвджын уæлибæхтæ æмæ хъайля.

Чызг чи æрвиты, уымæн хъæубæстæ, йæ хæстæджытæ æмæ йæ хæлæрттæ фæхæссынц хуынтæ. Кæд æмæ гыццыл хъæу вæййы, уæд сын дзырдгонд дæр вæййы, чызг чындзы чи æрвита, уымæн алы хæдзар дæр хъуамæ хуын æрхæсса, зæгъгæ.

Хуынтæ фæхæссынц афтæ: æртæ уæлибæхы, сæ уæлæ карк кæнæ æйчытæ, йе хъайлайы тæбæгъ, стæй нозт — бæгæны кæнæ арахъ агуйны æрдæджы бæрц, йе та къаддæр.

Цы хуынтæ æрцæуы, уыдон чындзхæсджыты размæ бахæссынц æмæ сæ хистæртæ скувынц, цæмæй сæ хуынтæ барст фæуой æмæ чындз фæндараст фæуа. Хуынтæ чи æрхæссы, уыдонæн сæхицæн дæр арфæтæ ракæнынц. Хуынтæ æрæвæрынц чындзхæсджыты фынгтыл. Цас фылдæр хуынтæ æрцæуа, уыйас фысым кадджындæр вæййы чындзхæсджыты цæсты.

Чындзхæсджытæ æрæмбырд кæньшц се 'хсæн æхца. Кæд сæ æхсæвы уынд сæ зæрдæмæ фæцæуы, уæд раттынц фæйнæ 1—2 сомы, кæннæуæд та — фæйнæ 50 капеччы. Æцæг хистæртæ 1 сомæй къаддæр нæ фæдæттынц. Æхца сæм гыццыл куы æрæмбырд вæййы, уæд ма, чындз чи хæссы, уымæй райсынц 10 сомы бæрц æмæ æхцатæ снысан кæнынц афтæ: чызджы мадæн, кæрдзынгæнæгæн, хæдзары ма æндæр устытæ куы уа, уæд уыдонæн, уырдыг цы фæсивæд фæлæууы, уыдонæн, дзагдарæн æмæ ноджы кæмæн æмбæла, уыдонæн. Кæд æмæ чындз хорз арæзт нæ уа, уæд ма дзы уымæн дæр исты æфсонæй ралæвар кæнынц.

Уыцы æхца иуы бар бакæнынц, цæмæй сæ, æмбисхæрд куы уой, уæд радта, иууылдæр сæ куыд фехъусой, афтæмæй. Кæмæ сæ раттынц, уый, куыд ын бацамонынц, афтæ бакæны, Сысты æмæ ракуры хистæртæй ныхасы бар. Йæ худ сисы æмæ фæзæгъы: «Хуыцау, уæдæ æз цы дыууæ ныхасы зæгъон, уыдон барст фæуæнт, стæй, цы гыццыл æхца радтон, уыдон та хайыр фæуæнт, бирæйы бæркад сæ уæд, кæмæн сæ дæттæм, уыдонæн». Ранымайы, кæмæн цас саккаг кодтой, уый æмæ сæ ратты уырдыглæуджытæй иумæ. Уый сæ райсы æмæ раарфæ кæны, уæ лæвæрттæ бирæ уæнт, зæгъгæ, æмæ йæм авæры нуазæн арфæйы тыххæй. Уазджытæн та дарддæр къæрццæмдзæгъдæй, хъæлдзæг зардгæнгæйæ, фæнуазын кæнынц.

Къухылхæцæг æмæ æмдзуарджын чындзы йæ хотæ æмæ йе 'фсымæртимæ æхсæвы акæнынц куывды, хъæуы мидæг цы дзуар уа, уырдæм, цæмæй йæ фæндараст фæкæна, уый тыххæй æмæ дзы нысайнаг цæвæрынц æвзист æхцайæ. Дзуары агъуысты кæА нозтæй исты уа, уæд ын фæдзæхсæн ацаходын кæнынц. Ирон адæмæй иутæ чырыстон дин , иннæтæ та пысылмон дин кæнын куы райдыдтой, уæдæй нырмæ ма чырыстон хъуамæ аргъаугæ дæр скæна, пысылмон та нæчехы гæххæтт ныффыссын кæна. Аргъауæггаг æмæ нæчехы гæххæтт кæнæггаг хъуамæ бафи-дой сиахс æмæ къухылхæцæг.

Чындзæн цалынмæ йе 'фсымæр кæнæ йæ мадырвад зæгъа, уалынмæ йæ чындздзон дзауматæ не скæндзæн, уыдон та йын фæзæгъынц уæд, æмæ дыууæ хæстæджы æхсæн дзырддагæй куы ницыуал вæййы.

Йæ дзауматæ кæнын куы райдайы, уæд ын феххуыс кæнынц чызджытæ кæнæ чындзытæ, фæлæ йын иннæ чызджытæ та йæ дзауматæй исты бамбæхсынц, æмæ сын цалынмæ къухылхæ-цæг 2 сомы бæрц бафиды, уæдмæ сæ нæ раттынц. Чындз йæ дзауматæ конд куы фæвæййы, уæд та йæ хуыссæнтыл сбадын кæнынц, æмæ та уырдыгæй хизæггаг дæр бафидынц 1—2 сомы. Уыдæттæ куы ахицæн вæййынц, уæд адзурынц чындзхæс-джыты кæстæр фæсивæдмæ, æмæ уыдон æрбацæуынц чындзы цурмæ. Уырдæм æрбахæссынц æртæ чъирийы ноз.тимæ, æмæ сæ къухылхæцæг скувы. Куывд куы фæвæййы, уæд ацаходын кæньшц чындзæн, цæмæй фæндараст фæуа, уый тыххæй. Къухылхæцæг æмæ æмдзуарджын сæ худтæ сисынц, чындзы цæнгтыл ныххæцынц æмæ рараст вæййынц хæдзармæ сындæггай, фæси-вæд фæзарынц, фæндырæй дæр фæцæгъдынц, афтæмæй. Хæдзармæ куы бахизынц, уæд фæсивæд фæхъæр кæнынц: «Фарн фæцæуы!» Хистæртæ дæр фæдзурынц: «Амонд йемæ, афтæмæй æрбацæуæд!» Фæсивæд уыцы рæстæг дамбацатæй гæрæхтæ фæкæнынц. Цалынмæ Сафайы (рæхысы) цурмæ'фæцæуынц, уалынмæ чызджытæ æмæ чындзытæ къухылхæцæгæн æмæ æмдзуарджынæн сæ цухъатæ аскъуыдтæ кæнынц фæстæрдыгæй. Чындз цалынмæ Сафайы цур æрлæууы, уалынмæ фæкæны кæугæ. Бахæссынц та æртæ чъирийы физонæгимæ æмæ дынджыр куысийы дзаг бæгæны хистæрмæ, æмæ та уый скувы хуыцаумæ æмæ Бынатыхицаумæ, цæмæй, сæ бынæй чындзы цы чызг цæуы, уый фæндараст фæкæной. Куывд куы фæвæййы, уæд ацаходын кæнынц чындзæн. Уый нæ фæцаходы, фæлæ йын дзы уæддæр йæ былтæ ацахорынц. Сафайы алфамбылай йæ æрзилын кæнынц, æмæ йын чындз аба кæны, цæмæй йæ фæндараст фæкæна, уый тыххæй.

Цалынмæ чындзы рæвдз кæной, уалынмæ кæстæр чындзхæсджытæ фысымты фæсивæдимæ бæхтæ æмæ уæрдæттæ сцæттæ кæнынц. Чындзы дзауматæ сæвæрынц хицæн уæрдоны. Чындз хæдзарæй куы рараст вæййы, уæд æй, сындæггай къахдзæфтæгæнгæйæ, ракæнынц кæртмæ, фæсивæд йемæ заргæ фæцæуынц, афтæмæй. Кæрты йæ уæрдоны (фæстагмæ та бричкæйы кæнæ тачанкæйы) сбадын кæнынц. Хæдзарæй куы рараст вæййынц, уæд фæсивæдæй исчитæ дуар сæхгæнынц æмæ сæ нæ фæуадзынц, цалынмæ сын исты раттынц, уалынмæ. Къухылхæцæг æмæ æмдзуарджын та бафидынц 1—2 сомы, æмæ сын уæд дуар бакæнынц. Чызгчындзхæсджытæй иуы фæсивæд бамбæхсынц, æмæ иугæр чындз уæрдоны куы сбада, уæд бирæ лæууын худинаг у, æмæ та уыцы чызджы тыххæй дæр бафидынц æхца 2—3 сомы. Уазджытæ уæдмæ сбадынц иууылдæр сæ бæхтыл. Чызджытæ фæцæгъдынц фæндырæй, чындзхæсджыты кæстæртæ радыгай бæхтыл фæхъазынц. Чындзытæ æмæ чызджытæ рагацау сцæттæ кæнынц тырыса, бахуыйынц ыл астæубæстæ, дамбацайы бæстæ, сæракдзабыртæ æмæ æндæр ахæмтæ. Рахæссынц æй æмæ йæ фæуæй кæныцц, дзауматæ цæй аргъ уой, уымæй дыууæ, æртæ хатты фылдæрыл, фæлæ йæ уæддæр чындзхæсджытæ балхæнынц. Чындз кæртæй куы рараст вæййы, уæд чъшдзхæсджыты фæсивæд райдайыцц топпьггæй гæрвх кæнын, зарын æмæ бæхтыл хъазын. Тырыса раттынц, хуыздæр бæхыл чи фæбады, уымæ, уый тыххæй æмæ, фысымтæй семæ чи рацæуы бæхтыл, уыдон фæхъавынц уьщы тырыса фæстæмæ раскъæфынмæ.

Чындзхæсджытæ кæртмæ куы рацæуынц, уæд уырдыглæуджытæ рахæссьшц кæртмæ æртæ чъирийы, фарс физонæг æмæ арахъы дурыц сыкъаимæ, науæд та бæгæныйы куыси сиахсæггаг, чындз чи хæссы, уыцы хæдзары кæнæ мыггаджы сиахс дзы чи уа, уымæн, æмæ сæ хъуамæ уый балхæна æртæ сомæй, йе фоцдз сомæй. Чьщдзхæсджытимæ цы фæсивæд ацæуы бæхтыл фысымтæ æмæ хъæубæстæй, уыдон фæцархайынц худ кæиæ тырыса аскъæфыныл æмæ, сæ къухы исты куы бафты, уæд æй фæстæмæ фæхæссынц сæхимæ. Чындзхæсджытæ дæр æй кæм фæуадзынц, бæхтыл æй фæсте асурынц æмæ, кæд сæ бæхтæ уайагдæр уой, уæд æй фæстæмæ байсынц. Кæд æй нæ баййæфтой, уæд скъæфæг худ кæнæ тырыса бахæссы, чындз кæцæй рацыд, уырдæм, æмæ та чындзхæсджытæй исчитæ йæ фæдыл бацæуынц æмæ та йæ балхæнынц истæмæй.

Хъæубæсты фæсивæд бакæсынц, уазджыты кæстæртæй дзæбæх цухъа, йе дзæбæх худ кæуыл уа, уымæ æмæ йыл сæ зæрдæ куы фæдарынц, уæдæ нын нæ дзырдæн аргъ скæндзæн, зæгъгæ, уæд бауынаффæ кæнынц, цæмæй уыцы дзаума баивой æвзæрдæр дзаумайæ. Бацæуынц æм иу къордæй, æрлæууынц йæ разы æмæ йын æртаурæгъ кæнынд дардыл — мæнæ ацы æмгары фæн ды, дæ номыл дæ дзæбæх дзаума куы фæдарид, уый, зæгъгæ. Рацæуы сæм бирæ ныхæстæ. Уый дæр бамбарын кæны, йе 'мбæлттæй кæмæн æмбæлы, уыдонæн, æмæ кæд сразы вæййынц, уæд йæ хорз дзаумаратты, цы æмгар æй фæкуры, уымæн, йæ бæсты та райсы æвзæр ахæм дзаума. Куы ба«вынц, уæд æм æр-бахæссынц арфæйы нуазæн æмæ сгуы, æмæ йын, иууылдæр æй куыд фехъусой, афтæ раарфæ кæнынц, ахæм æгъдауджын æмгар у, зæгъгæ. Уый дæр йæхицæй ныббуц вæййы.

Чындзхæсджытæ фæндагыл чындзы уæрдоны фæстæ куы фæцæуынц, уæд бæхджынтæ кæрæдзийы худтæ фескъæфынц æмæ худ феппарынц чындзы уæрдонмæ, йемæ чи фæбады, уыдонмæ, цæмæй чындзæн исты лæвар ракæна, уый тыххæй. Уымæй æмæ, кæй худ æрцæуа æппæрст чындзы уæрдонмæ, уымæн худинаг у, йæ худ чындзы цурæй фæстæмæ лæвар райсын, æмæ бафиды кæнæ 1 сом, кæнæ 50 капёччы.

Цы хъæуæй хæссой чындз, уырдыгæй сæхи хъæуы æхсæн дзуар (кувæндон) куы уа, уæд уырдæм семæ рахæссынц чъиритæ, нозт æмæ физонæг. Уыцы дзуары цур бауромынц, рахизынц сæ бæхтæй, рахизын кæнынц уæрдонæй чындзьг дæр æмæ ску-вынц уыцы дзуармæ. Ацаходын кæнынц чындзæн.

Чьшдз цы хæдзармæ фæхæссынц, уырдæм куы фæцæйхæццæ кæнынц, уæд райдайынц топпытæй гæрæхтæ кæнын, цæмæй хæдзары базоной, чындзхæсджытæ æрбацæуынц, уый.

Иукъорд барæджы разæй фæцагайынц æмæ хæдзармæ сæ бæхтæ фæтæрынц. Кæд зæхбын хæдзар уа, уæд æнцондæр бацæуæн вæййы хæдзары дуарыл. Асинтæ кæмæн уа, ахæм хæдзармæ зын бацæуæн у, фæлæ иуæй-иутæн бантысы.

Хæдзармæ бæхыл чи бацæуа, уымæн кады тыххæй раттынц æртæ чъирййы æмæ нозты графин. Уый сæ рахæссы æддæмæ æмæ сæ бæхыл бадгæйæ, ратты, кæрты кæнæ дуармæ цы адæм фæлæууы, уыдонæн, æмар йын уыдон арфæтæ фæкæцынц, фæрнæй фæбад дæ бæхыл æмæ хъаруджынæй фæцу де 'мгæрттимæ, зæгъгæ.

Чындзы æрбацыдмæ æрæмбырд вæййынц сыхбæсты зæронд устытæ æмæ хъæубæсты фæсивæд. Кæрт йæ тæккæ дзаг вæййы адæмæй. Чындзхæсджытæ фæзарынц, топпæй гæрæхтæ фæкæнынц æмæ бæхтыл фæхъазынц. Кæртмæ куы æрбахæццæ вæййынц, уæд, чындзы рахизын кæнынц уæрдонæй, чындзхæсджытæ дæр æрхизынц сæ бæхтæй. Чындзæн йæ дæлæрмттыл ныххæцынц къухылхæцæг æмæ æмдзуарджын æмæ сындæггай къахдзæфтæгæнгæ бацæуьшц хæдзармæ, чындзхæсджытæ та сæ алфамбылай заргæ фæкæнынц. Фæсивæдæй хæдзармæ раздæр чи бацæуы, уыдон, сæ цары фиутæ ауыгъд куы уа, уæд сæ хъамайæ скæрдæнтæ кæнынц, хорздзинад уыл æрцыди, зæгъгæ. Фырцинæй рæхыс дæр ныццæфтæ кæнынц хъамайæ. Хæдзары зæронд устытæ рæнхъ æрлæууынц, тынг зæрæдтæ дзы чи уа, уыдон та бадгæ фæкæнынц. Чындзы сындæг къахдзæфтæгæнгæ куы фæкæнынц, уæд ын йæ размæ бадавынц, æрæджы чи райгуырд, ахæм лæппу æмæ йын æй йæ хъæбысы авæрынц, лæппутæ араг куыд фæуа, уый тыххæй.

Хæдзармæ куы бахизынц, уæд, заргæйæ, Сафайы цур æрлæууынц. Чындзы Сафамæ æртæ хатты æркувын кæнынц сæрæй æмæ йын Сафайы йæ былтыл дæр авæрынц, цæмæй йæ йæ уазæг бакæна æмæ бахъахъæна. Уый фæстæ æртæ чъирийы, физонæг æмæ нуазæн раттынц, хистæр чи уа, уымæ, æмæ уый скувы. Кувæг фæзæгъы, цæмæй ног бинойнаг амондджын къах æрбавæра уыцы хæдзармæ æмæ Бынатыхицауы уазæг уа, ноджы дзыхæй бараг кыд уа, гуыбынæй та араг, ома бирæ лæппутæ куыд ныййара, æмæ æндæр ахæм ныхæстæ, чи куыд арæхсы, афтæ. Ацы ран æрхæсдзынæн иу ахæм куывд:

«Хуыцау, табу дæхицæн, хуыцау, табу де стырдзинадæн! Хуыцау, ацы уды дæр ды радтай æмæ йæ йæ ног къаимæ æмзай-æмзæронд бакæн. Хуыцау, дунейы хатырæй æмæ ацы адæмы хатырæй сын сæ сæмбæлдæн баххуыс кæн. Уæдæ иунæг хуыцау æмæ Мадымайрæм, кæй сын радтат, уыдон сын-иу цæринаг фæуæнт — авд лæппуйы æмæ дыууæ чызджы. Дунейы иунæг хуыцау, йæ цæрæнбынатмæ йæ райгуырæн бынатæй хуыздæр сахат чи рацыдис, ацы уды уый æмбал фæкæн! йе 'мбæлæг хæрзæмбæлæг фæуæд. Хорз Уастырджи, денджызы наутæ чи ирвæзын кæны, дæ уазæг сæ кæнæм ацы лæппу æмæ чызджы, æмæ сæ бахъахъæ. Уымæй фæстæмæ, дунейы иунæг хуыцау, цы мыггагæй рацыдис ацы чызг æмæ цы мыггагмæ æрцыдис, уыдоны æхсæн дыууæтæн дæр арфæйаг фæуæд. Хуыцау, дæхи сконд пехуымпартæ æмæ зæдтæ ахъазгæнæг фæуæнт ацы дыууæ удæн. Кувæджы куывдтæ дзæбæхæй æрцæуын кæ, хуыцау, æмæ ацы уд хæххон цæджындзау бындурджын фæуæд. Хуыцау, иæ ныхæстæ курдиаты сахат фæуæнт, æмæ ацы чындз цы мыггаджы æхсæнмæ æрцыдис, уыцы мыггаджы æхсæн каркау бæдулджын куыд уа, сау хъæды бæласау уидагджын, уыцы арфæ ракæн. Кæд сау хъæды бæрзонд бæласы сæрмæ коцора бахæрынмæ гал схиздзæнис йæхи бафсадынмæ, уæд ын хингæнæджы тых тых кæнæд, науæд æмæ, кæд гал сау хъæды бæласы цъупмæ не схиздзæнис, уæд ын хингæнæг хин ма скæнæд æмæ йын мацы уæд хинæй. Ацы цæхх æмæ кæрдзын дæу руаджы сты, хуыцау, æмæ ацы чызг æмæ лæппу сæ къухылхæцæг æмæ æмдзуарджынимæ хорз фæцæрæнт фæстагмæ.

Ныр у, хуыцау, æмæ цæмæй ацы чындзмæ æхсары бæсты адæмы æхсæн æфсарм радтай, уый дæу бафæндæд. Гъе дунейы иунæг хуыцау, дзыхæй бараг æй фæкæн. Гъе Мадымайрæм, ды та йæ гуыбынæй араг фæкæн, авд лæппуйы йын ралæвар кæн, стæй ноджы дыууæ чызджы — авдæц узджытæ. Гъе дунейы иунæг хуыцау, кувджыты хгистæр Хъæрæмыс, æмæ, дунейы иунæг хуыцау, ды та сæ хорзæй æрæмыс ацы чызг æмæ лæппуйы. Æмбал кæмæн нæй, уыцы иунæг хуыцау, хæдзары къæсæрæй рахызт ацы чызг æмæ, цы хæдзары къæсæрæй æрбахызт, уым амондджынæй фæцæрæд. Къæсæры Уастырджи йын æххуысгæнæг уæд ацы чызгæн. Цы хорз æфсины къухмæ æрцыдис, уый фæндиаг уæд. Де 'зæр хорз, дæ райсом хорзæй фæцæрæд ацы мыггаджы æхсæн, йе 'взæры кой макуы райхъуысæд. Гъе рæстмæгæнджытæ, нæ ныхæстæ, нæ куывдтытæ нын рæстмæ фæкæнут. Æдылы нæ кувæг, Рæстæ нæ уацхæссæг. Хъусджытæй зæрдиаг арфæ чи кæны, уыдоныл хуыцауы арфæ æрцæуæд».

(Къарджиаты Бесæгъуыры ныхæстæ).



Кувыны рæстæг хæдзары цы нæлгоймæгтæ вæййы, уьщш иууылдæр сæ худтæ сисынц æмæ оммен фæкæнынц кувæджы ныхæстæм. Куывд куы фæвæййы, уæд ацаходын кæнынц чындзæн (йæ был ын дзы ацахорынц, уый йеддæмæ аходгæ нæ фæкæны). Чъиритæ æмæ физонæг лæппутæ аскъæфынц.

Чындзы зæронд устыты 'рдæм хæстæг бакæнынц къухылхæцæг æмæ æмдзуарджын, æмæ уæд уый сæ адкæмæй дæр йæ сæрæй ныллæг æркувы. Уый фæстæ йын раттынц йæ къухмæ царвы къус уидыгимæ, æмæ алы усæн дæр йæхи къухæй уидыджы дзаг царв йæ дзыхы акæны, æмæ йæ уый дæр ахæры, стæй йын алчидæр раарфæ кæны, царв дзыхæн куыд адджын у, афтæ адджынæй фæцæр дæ лæгимæ, дæ хæдзары бинонтимæ æмæ хъæубæстимæ дæ зæронды бонмæ, зæгъгæ.

(Уыцы царв къухылхæцæг æмæ æмдзуарджын чъиритæ æмæ нозтимæ æрбахæссынц, чызг чындзы кæцæй рацыдис, уыцы хæдзарæй).

Хъуамæ æмбис лæвæрд куы фæвæййы, уæд ын йæ царвы къус аскъæфынц кæстæр фæсивæд.

Уыцы митæ куы ахицæн вæййынц, уæд араст вæййынц, чындзæн йæхи номыл цы уат сцæттæ кодтой, уырдæм æмæ йæ заргæ бакæнынц, уым æй æрлæууын кæнынц къулы æнцой, æмæ къухылхæцæг æртæ чъирийы нозтимæ скувы, чындзæн йæ ног бынат амондджын куыд фæуа, æмæ йын дзы бирæ лæппутæ 'куыд райгуыра, уымæ.

Уый фæстæ саразынц уаты хъазт, æмæ æхсæв-бонмæ лæппутæ æмæ чызджытæ фæкафынц.

Чындзхæсджытæй ма уым чи вæййы, уыдоны æрбадын кæнынц æмæ сæ хорз фенынц. Чындз чи æрхаста, уый хъуамæ æхсæвы кусарт акæна чындзхæсджыты номыл.

Хæдзары бинонтæн, уæлдайдæр та, хистæр дзы чи уа, уымæн алчидæр йæ къух фæисы æмæ раарфæ кæны, цæмæй сæ чындз амондджын фæуа, уый тыххæй. Афтæ фæарфæтæ кæнынц къухылхæцæг æмæ æмдзуарджынæн дæр.

Чындз чи æрхæссы, уыдон бæгæны бахсидынц 10—16 меркъайы задæй, арахъ дæр рауадзынц 12—15 агуианы бæрщ, стæй кусæрттаг гал, науæд та, 2—3 азы кæуыл цæуа, ахæм уæныг. Бамбарын кæнынц сæ хæстæджытæн, цæмæй сæм æрцæуой чындз æрхæссыны бонмæ. Фехъусын кæнынц, æндæр хъæуты сын цы хæстæджытæ вæййы, уыдонæн дæр. Æндæрхъæуккаг хæстæджытæ дæр сæхи сцæттæ кæнынц æмæ æрбацæуынц хуын-тимæ.

Чындз цы æхсæвы æрхæсдзысты, уымæн йæ райсомы раджы сыстынц сыхаг кæстæриуæггæнджытæ. Уыдон аргæвдынц кусæрттаг æмæ йæ сфыцынц иууылдæр тъæпæнбыны (æрхуы аджы), чъиритæ дæр сцæттæ кæнынц бирæ, 3—4 мæрты дзуллагæй, кусартæй физонджытæ скæнынц. Арвитынц хонæг хъæубæстæм, нæлгоймæгтæ стырæй-чысылæй куыд æрцæуой чындзæхсæвмæ, афтæ.

Къухылхæцæг æмæ æмдзуарджын дæр аргæвдынц фæйнæ фысы, чындзæхсæвмæ чъиритæ æмæ нозтимæ æрбахæссынæн. Ус цы лæппуйæн æрхæссынц, уый къухылхæцæджы хæдзармæ ацæуы, йæхи хæдзары æфсæрмы фæкæны.

Фæсивæд ацæуынц чызджытæ хонæг æмæ фæлæгъстæ кæ-нынц чызджытæн, цæмæй хъазтмæ рацæуой. Чызджыты кæд фæфæнды, уæддæр сæхи нæфæндондзаст скæнынц, стæй фæстагмæ фæзæгъынц, кæд нæ не 'фсымæртæ уадзынц, уæд мах уæ дзырдæн аргъ скæндзыстæм, зæгъгæ. Чызгхонджытæ та бацагурынц чызджыты æфсымæрты æмæ сæ фæкурынц, цæмæй сæ хоты саккаг кæной хъазтмæ. Уыдон дзырд куы раттынц, уæд чызджытæ сæхи аразыныл фæвæййынц, цæмæй хъазтмæ ацæуой рæсугъдæй, аивæй. Æцæг, хъазтмæ дæр æнæ се 'фсымæртæ, науæд æнæ сæ хæстæджытæй нæ ацæудзысты. Чызгæн йæхицæн куынæ уа дзæбæх дзауматæ, хъазтмæ йæ уæлæ кæй скæна, ахæмтæ, уæд ракуры искæмæй. Фыццаг заманы хъазтмæ чи цыднс, уыдон фылдæр курæггаг дзауматы цыдысты.

Хъæубæстæ куы æрæмбырд вæййынц, уæд бахæссынц хистæр бадæг лæгтæм æртæдзыхон чъиритæ, сæ уæлæ хъардын уæхстыл конд физонджытæ æвæрд, Хистæр бадæг лæгтæ райсынц кувинæгтæ сæ къухмæ —галиу къухы чъиритæ физонæгимæ, рахиз къухы та нозт. Сыстынц худаистæй æмæ райдайынц кувын, цæмæй, цы ног биноинаг æрцыди хъæубæстæм æмæ уыцы хæдзар-мæ, уый хъæуæн дæр æмæ йæ чи æрхаста, уыдонæн дæр амондджын фæуа, уый тыххæй. Иннæ хуынд адæм дæр сыстынц æмæ худаистæй оммен фæкæнынц. Куывд куы фæвæййынц, уæд та къухылхæцæг æмæ æмдзуарджын ацаходынц, кувæггæгтæ авæ-рынц æндæр искæмæ. Кæд къухылцæхæг æмæ æмдзуарджыны кусæртытæ, чъиритæ æмæ нозт фæскуывд æрбахæссынц, уæд та уыдон дæр ног скувынц. Хуынд адæмæн æрæвæрынц фынгтæ. Усгур фæсивæд та хъазты фæкафынц.

Хъæубæсты устытæ æмæ чындзытæ æрхæссынц чындзы но-мыл хуынтæ: æртыгай чъиритæ, сæ уæлæ карк кæнæ хъайла. Стæй арахъ кæнæ бæгæны. Хуынтæ афтæ бирæ æрцæуы, æмæ ма хъæуæй искуы иу хæдзар баззайы æнæ æрхæсгæ. Йæ боны чи не 'рхæссы, уый та æндæр бон бакæны йе 'гъдау. Хуындзауты дæр хорз фенынц, æмæ уæд чи хъазтмæ кæсынмæ ацæуы, чи та раарфæтæ кæны æмæ йæ хæдзармæ аивгъуыйы.

Бекыза Макарович Каргиев "Осетинские обряды и обычаи", Владикавказ "Рухс", 1991.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru