поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
АМÆЛÆН БОН
Автор: 00mN1ck / 10 июня 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ
Ирон адæймаг куы амæлы, уæд, йæ бинонтæй йæ цуры чи уа, уыдон райдайынц хъæрæй кæуын. Кæуынмæ æрбауайынц сыхæгтæ, æмæ уыдон дæр райдайынц кæуын. Афтæмæй æрæмбырд вæййынц хъæубæстæ иууылдæр, лæг уа, ус уа. Сыхæгты хистæртæ арвитынц хъæубæстæм хъæргæнæг. Хъуамæ марды бон хъæубæстæй куыстмæ мачи ацæуа, уымæн æмæ худинаг у. Кæмæн нæ фехъусын кæной æмæ афтæмæй куыстмæ чи ацæуы, уый йæ йæхицæн æфхæрдыл банымайы, мæнæн цæуылнæ базонын кодтат марды хабар, зæгъгæ.

Мард кæуыл æрцæуы, уыцы хæдзары бинонтæй иу æрбасиды сыхæгтæм æмæ хъæубæстæй искæмæты æмæ сæ.фæкуры, цæмæй фæкæсой мард баныгæныны хъуыддæгтæ фæрæвдз кæнынмæ.

Хъæргæнæг. Иутæн бамбарын кæны, цæмæй ацæуой хъæргæнæг æндæр хъæутæм. Алы хъæумæ дæр арвитынц иу барæг, кæд дард хъæу уа, уæд та дыууае барæджы, Бамбарын сын кæнынц, цæмæй марды хæстæджытæн фехъусын кæной, сæ хæстæг амардис æмæ йæ ахæм бон ныгæндзысты, зæгъгæ.

Хъæргæнæг чи уа, уый йæ бæхæй хæстæджыты дуармæ æр-хизы рахизырдæм, æмæ йæ чи фены, уыдон уайтагъд бамбарынц, марды хабархæссæг кæй у, уый. Рацæуы йæм хæдзары бинонтæй исчи, æрлæууынц, се 'хсæн иу дæсдыууадæс санчъехы куыд уа, афтæ æмæ сæ къухтæ уырдыгмæ æруадзынц. Иу-дыууæ минуты фæстæ хъæргæнæг фæзæгъы: «Нырæй фæстæмæ дæ хæстæджытыл хорздзинæдтæ цæуæд, дæ хæстæджытæй уый амардис». Уый дæр ын фæстæмæ раарфæ кæны: «Рухсаг уæд, дзæнæт ын хуыцау раттæд. Ды та нырæй фæстæмæ буц хъæлдзæгдзинæдты фæцу». Мидæмæ, зæгъгæ, йын фæзæгъы, рухсаджы тыххæй дæхи атав æмæ мардæн иу арахъæй рухсаг зæгъ.

Хъæргæнæг хъуамæ дыууæрдæм дæр йæ бæхыл сæпп (цапуал) кæна, стæй йæ бæхы къæдзил æлхынцъ ма уа цъыфы дæр, æмæ йæ уæд иууылдæр фæзонынц, хъæргæнæг у, уый. Ехс вæййы йæ галну къухы,

Хъарæггæнæг ус. Устытæй дæсныдæр чи вæййы, уый хъарæг фæкæны, иннæтæ та — кæугæ, Хъарæггæнæг ус, кæугæ-кæуын фæдзуры ахæм ныхæстæ, чи йæм хъусы, уыдон зæрдиагдæрæй куыд кæуой. Чи амарди, уый кой фæкæны алыхуызонæй, стæй фæдзуры, уыцы хæдзарæй æмæ йæ хæстæджытæй раздæр чи амардис æмæ сæ зæрдæ тынгдæр кæуыл фæрыст, уыдоны тыххæй дæр.

Мардыл зæрдиагæй фæкæуынц хæстæджытæ. Æрдхорд-æфсымæр ын чи вæййы, уыдон кæугæ куы æрбацæйцæуынц, уæд сæ сæртæ фæхойынц, æмæ сæ адæм базонынц, уыдон æрдхорд-æфсымæртæ кæй уыдысты, уый.

Ирон адæммæ худинаг у, фыдæн йæ цотæй исчи куы амæлы, уæд ууыл кæуын, цыфæнды бирæ йæ куы уарза, уæддæр. Мад дæр, æрыгон чи уа гуырдæй, ууыл нæ фæкæуы, худинаг у, зæгъгæ. Тынгдæр худинаг та у, лæгæн йæ ус куы амæла æмæ ууыл куы скæуа, уæд уый. Сиахсæн дæр, дам, не 'мбæлы кæуын, зæгъгæ, афтæ хъуыды кодтой, æмæ-иу уый дæр нæ куыдта, йæ каистæй чидæриддæр куы амардаид, уæддæр. Сиахс йæхæдæг куы амардаид, уæд-иу ууыл дæр йæ усы фыд нæ куыдта. Ацы митæ куыдфæстæмæ афтæ карзæй нал кæнынц.

Марой. Фыццаг заманы-иу устытæ марды æхсæв кодтой маройы æгъдау дæр. Маройы æгъдау афтæ у. Устытæй дæсныдæр чи уа, уый райдайы æнæ кæугæйæ ныхæстæ кæнын зарæджы здæхтæй. Лæугæ фæкæны марды цур цæбынæй, йæфарсмæ та, чи амардис, уый мад, ус æмæ хотæ. Иннæ устытæ иууылдæр кæрæдзийы фæстæ рæнхъ æрлæууынц. Хæстæджытæ чи уа мардæн, уыдон сæ кæлмæрзæнтæ сисынц. Уыцы ус ныхæстæ кæнын куы райдайы, уæд иннæ устытæ дæр иууылдæр æмдзыхæй райдайынц уый ныхæстæм æмхъæлæсæй дзурын: «Дæдæй... йæу-дæдæй»... Алы ус дæр йæ дыууæкъухæй æмцæф фæкæны йе 'хсæрфæрстæ. Цыдæриддæр дзы устытæ вæййы, уыдон иууылдæр уыцы хъуыддаджы «æмдæдæй» æмæ æмцъыкк фæкæнынц се 'хсæрф.æрстæ. Разæй цы ус фæлæууы рæнхъыл, уый раздæр æгъдаугæнгæ бацæуы мады цурмæ, уый фæстæ хоты цурмæ, фæстагмæ усы цурмæ. Уыцы æгъдау кæрæй-кæронмæ баххæст кæнынц, рæнхъыл цы устытæ фæлæууы, уыдон. Чызг дзы чи æййафа, уыдон куы бахæццæ вæййынц, уæд ма иннæтæй уæлдай æркувынц, стæй ноджы сæ нугай зонгуытыл дæр æрлæууæгау кæнынц. Мад, хотæ æмæ ус, дæр, уыцы æгъдау кæнгæйæ, се хсæрфæрстæ фæцæвынц иннæты хуызæн.

Нæлгоймаг куы амæлы, уæдæй фæстæмæ ус æмæ хотæ, кæугæйæ, сæ сæрыхъуынтæ фæтонынц, фæтонынц сæ рустæ дæр туг рахъарыны онг. Куыдфæстæмæ афтæ æнæгъдау тынд нал кодтой. Сæрыхъуынтæй-иу кæй æртыдтой, уыдон-иу марды цур кæнæ йæ чырыны цæвæрдтой.

Мæрддзæгтæ. Марды, йе 'мгар чи уа, уыдон цынайынц, ныссыгъдæг æй кæнынц æмæ йыл йæ мæрддзаг дзаумæттæ скæнынц. Фыццаг заманы ирон адæм марды, сæхуыдтæг цы дарæс цæттæ кодтой, ахæм дзауматы ныгæдтой, хъуымацæй фæетæмæ. Æмæ хъуымац дæр хуымæтæджы хом йеддæмæ кæм æфтыдис къухы. Фæлæ йæ фæстагмæ хорз аразын райдыдтой, уæлæуыл кæй никуы дардта, ахæм дзаумæттæ йын-иу балхæдтой. Мæрддзаджы дзаумæттæ-иу уæхстыл тырысагонд скодтой æмæ-иу æй хæдзары дуары сæрмæ ныссагътой, цæмæй, кæугæ чи цæуа, уыдон зоной, кæдæм цæуын хъæуы, уый. Мæгуыр лæг-иу æфстæутты бацыдис мæрддзæгтæ балхæныны тыххæй.

Нæлгоймагæй чи амæла, уымæн каистæ куы уа, уæд ын хъуамæ худ уыдон радтой. Цалынмæ каистæй худ сæмбæла, уалынмæ хаттæй-хатт марды баныгæнын фæуромынц. Ус куы амæла, уæд уымæн та хъуамæ кæлмæрзæн йæ цæгат балхæной.

Ахæм устытæ-иу уыдис, æмæ йæ кæлмæрзæны аргъ раздæр чи иста йæ цæгатæй. Æмæ сæ-иу æфстау радта, цæмæй йын пайда скодтаиккой, уый тыххабй.

Ирон адæм сæ марды, цы бон амардаид, уыцы бон ныгæдтой, æцæг, цалынмæ хур нæма ныгуылдаид, уалынмæ. Хурныгуылды рæстæджы æмæ йæ фæстæ нæ ныгæдтой, уый тыххæй, æмæ, дам, уæд мæрдты æхсæн нæ уыдзæн. Фæлæ изæрырдæм куы амардаид, йе та хæдзары бинонтæй искæмæ æнхъæлмæ кæсын куы хъуыдис, уæд кæнæ æндæр ахæм истæйты тыххæй-иу дыккаг бонмæ дæр баззад.

XVIII æнусы æмæ XIX æнусæн йæ фыццаг цыппæрæм хайы мард æвæрдтой зæппадзы, зæхх кадавар куыд уыдис, уымæ гæсгæ. Зæппадзæн зæхх бирæ нæ хъуыди, мæрдтæ та дзы æвæрдтой бирæ. Ноджы ма зæппæдзтæ амадтой дыгай, æртыгай мыггæгтæ иумæ. Стыр мыггаг та йæхæдæг. Зæппадзы ныгæдтой афтæ: марды бахастаиккой æмæ йæ, куыд æмбаёлы, афтæ цæвæрдтаиккой фæйнæджытыл, æнæ чырынæй. Йæ уæлæ йын бамбæрзтаиккой уæлæдарæн нымæт, йæ фарсмæ — дурын гоцъоби нозтæй дзагæй, афтæ хæринаг дæр, стæй йæ кард æмæ æндæр дзауматæ.

Бекыза Макарович Каргиев "Осетинские обряды и обычаи", Владикавказ "Рухс", 1991.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru