поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
актуальное зеркало Winlink  
 
НЫГÆНÆН БОН
Автор: 00mN1ck / 12 июня 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ
Марды æгъдауæн цы хъæуы, уыдон цалынмæ рæвдз кæнынц, уæдмæ мæрддзыгой дæр æрæмбырд вæййынц. Хъæубæстæ æмæ хæстæджытæ марды бон фæхæссынц арахъытæ æмæ дзултæ.

Марды рахæссынц хæдзарæй æмæ йæ дуармæ æрæвæрынц, Уырдæм æм бацæуынц йæ хæстæджытæ æмæ йын фæндараст фæзæгъынц, фæкæуынц. Сауджынтæ куы фæзындысты, уæд та-иу раздæр сауджын саргъуыдта.

Æрыгон ус кæмæн баззад, ахæм мард куы уыдаид, уæд-иу марды кæрты астæу зæххæй бæрзонддæр систаиккой, æмæ-иу ус марды бынты æртæ уады акодтаид дыууæрдæм: мæрдты дæр йæ ус йæхи цæмæй уа, уый тыххæй. Кæннод, дам, мæрдты йæхи нæ уыдзæн, уымæн æмæ æрыгон сылгоймагæн моймæ æнæ ацæугæ нæ уыдзæнис.

Мард ахæссынц, кæм æй февæрынц, уырдæм. Куы йæ фæцæй-хæссынц, уæд æрыгондæр мард чи вæййы хицон адæмæй, уый бинонтæй иу сылгоймаг разæй ацæуы æмæ хъæрæй фæдзуры йæ марды номæй, ма фæтæрс, ныртæккæ дæм фæцæуы ног æмбал, зæгъгæ (ома ныгæнынмæ кæй фæхæссынц, уый).

Бæхфæлдисын. Мард нæлгоймаг куы вæййы, уæд бæхыл саргъ сæвæрынц, йæ уæлæ йын æрæфтауынц ирон топп, ехс, нымæт, йе 'фцæгыл ын бабæттынц цæвдар æмæ йæ марды фæдыл уæлмæрдмæ аласынц фæлдисынмæ. Марды æрæвæрынц зæххыл, бæх ын йæ цурмæ баласынц. Зæронддæр лæг чи уа, уый бацæуы æмæ йæ худ сисы. йæхиуыл дзуæрттæ бафтауы æмæ идон райсы. Марды къухыл бафтауы идон, кард сисы йæ къухмæ æмæ бæхы фæлдисын байдайы мардæн, цæмæй, уыцы бæхыл йæ бар уæлæуыл куыд цыдис, афтæ йыл мæрдты дæр йæ бар цæуа, ома фистæг куыд нæ уа, афтæ. Æз ам æрхæсдзынæн иу ахæм ныффæлдысты ныхæстæ.

«Хуыцау, табу дæуæн, хуыцау! Æппæт скæнæг, æппæт раттæг хуыцау, мард дæр ды скодтай, æгас дæр, æмæ абоны бон ацы мард цæуы æцæджы бæстæм мæнг дунейæ. Ацы бæх ын де 'гъдауы тыххæй хæлар кæнæм, æмæ ацы бæхыл йæ бар уæлæуыл куыд цыдис, афтæ йыл мæрдты дæр йæ бар цæуæд. Цæмæн ын хъæуы мæрдты фæндагæн, уымæн ын хæлар уæд. Мæрдты хицау Барастыр, уый уæрагыл йæ къух æвæрд уæд. Дунейы иунæг хуыцау, кæд искуы уæлæуыл æвзæрдзинад ракодта, уæд ын хатыр уæд! Рухсаг чи зæгъы, уыдоны хатырæй ацы уды дзæнæтмæ айс. Ныр абон йæ мæнг дунейæ æцæг дунемæ цæуы ацы мард, æмæ йын, мæнæ хорз адæм, уæ цæстысыгæй фæндараст зæгъут. Фæндараст фæу æцæг дунемæ!»

Зæронд лæг кардæй ралыг кæны бæхы рахиз хъусы хъуынтæй æмæ сæ марды риуыл цæвæры. Бæх аласынц иуырдæм. Зæронд лæгмæ фыййагæй сыджыт бадарынц, æмæ дзы æртæ хатты сисы йæ къухы дзаг æмæ йæ марды риуыл дæргъмæ-цæхгæрмæ байтауы, дæ сыджыты хаймæ æнæ тæригъæдæй бацу, зæгъгæ. Мардæн фæстаг хатт фæзæгъынц фæндараст йæ хæстæджытæ, фæкæуынц афтæмæй. Кæд æй зæппадзы æвæрой, уæд дыууæ лæджы бахизынц зæппадзмæ æмæ йæ иннæтæ уыдонмæ бадæттынц дуарыл, æмæ йæ уым æрæвæрынц, куыд æмбæлы, афтæ. Кæд æй ингæны ныгæной, уæд та иу лæг ныххизы æмæ йæм иннæтæ дæр фæкæсынц, афтæмæй йæ баныгæнынц. Йæ сыджыт ыл иууылдæр калд куы фæвæййынц, уæд топпыхос ингæны уæлæмæ æркæнынц æмæ йæ ссудзынц. Топпыхос куы ныттæпп кæны, уæд рухсаг фæзæгъынц æмæ раздæхынц марды цурæй. Лæгтæ æрбацæуынц фæстæмæ мæрдджыны кæртмæ, хæрнæг кæм фæрæвдз кæнынц, уырдæм. Устытæ баззайынц, марды кæм баныгæдтой, уый цур æмæ бирæ фæкæуынц мардыл.

Дугъ. Мард ныгæд нæма фæвæййы, афтæ райдайынц дугъы хъуыддаг кæнын. Бæхтыл сæвæрынц рог лæппутæ æмæ сæ, хæрнæг кæм цæттæ кæнынц, уым æрлæууын кæнынц. Зæровд лæгтæй иумæ авæрынц нозт, æмæ уый сæ цуры æрлæууы æмæ сын скувы, цæмæй æнæкъуылымпыйæ, æнæмастæй æруайой, уый тыххæй. Куывд куы фæвæййы, уæд барджытæй алчи йæхи хъары, цæмæй йæ ехс иннæты разæй ацахора нозтæй. Адæм бæхтæм фæкæсынц, æмæ йæ раззаг къæхтæй рахиз чи авæра, уыцы бæхæй фæзæгъынц, уый фæразæй уыдзæн, зæгъгæ. Араст вæййынц æвæрдмæ. Семæ ацæуы рæстæвæрæг. Æрлæууын сæ кæны æмхуызон, æвæрд кæцæй вæййы, уым æмæ уырдыгæй æмуад ракæнынц. Адæм иууылдæр фæкæсынц дугъмæ. Хæрнæгмæ раздæр цы дугъон бахæццæ вæййы, уый раззаджы хай райсы. Дугъ куы ахицæн вæййы, уæд та райдайы хъабахъ.

Xъабахъ. Фарæстгай адыли хъайвантæй æртæ кæрæдзиуыл фидар бабæттынц, чи куыд лыстæгдæр уа, афтæ уæлдæр. Сæ уæлæ сын бабæттынц бæрцы ставд, йæ кæроныл ын зæгæлтæй бахуыйынц нымæты кæнæ æрчъиаджы гæппæл. Йæ фæйнæ фарсыл ын ныссадзынц бæзджын цъозы къæбæлтæ, афтæмæй йæ схъил кæнынц, æмраст æй слæууын кæнынц æмæ йæ алырдæм фидар бабæттьшц, куыд нæ змæла, афтæ. Хъабахъ акъуырæггаг вæййы уæныг, кæнæ дыгæрдыг, цъозты тыххæй та эертæ сомы (алы цъозæн дæр 1,5 сомы). Алы хъæумæ дæр арвитынц, мардмæ æд топпытæ куыд æрцæуой, афтæ, хъабахъ æхсыны тыххæй. Хъабахъ æхсынæн бар нæй хæстæджытæн æмæ хъæубæстæн. Хъуамæ йæ æхсой æндæр хъæуккæгтæ æмæ æцæгæлæтдæ. Хъабахъ чи фехсы, уыдон æрлæууынц хъæугай хицæнтæй. Чи куыд æхсы, уымæ кæсынæн раст лæгтæ равзарынц. Сбæрæг кæнынц, раздæр кæцы хъæу райдайдзæн æхсын, уый, рад сын саразынц, Марды хæстæджытæй иу бацæуы æмæ раздæр фехсы хъабахъ топпæй, ома ныр куыд райдайой хъабахъ æхсын, афтæ. Алы хъæу дæр райдайынц радыгай æхсын æмæ цъозтæ уайтагъд æрæппарынц, лыстæгдæр кæй вæййынц, уымæ гæсгæ. Хъабахъы æрчъиаг та зын æрæппарæн вæййы. Радыгай æхсгæйæ йæ куы слыстæг кæнынц, уæд фæстагмæ, лæгдзинад мæн бауа, зæгъгæ, кæрæдзимæ нал фæкæсынц, нал фæцауæрдынц гæрах кæныныл, æмæ йæ уайтагъд æрæппарынц. Кæд, кæй гæрахæй æрхаудта, уый бæлвырд бæрæг уа, уæд хорз, науæд схъаугъатæ вæийынц, алчи дæр фæдзуры, æз æй æрæппæрстон, зæгъгæ. Кæд хъаугъайаг вæййы дыууæ-æртæ æмбалы æхсæн æмæ нæ фæфидауынц, уæд сын ног нысан æрæвæрынц, æмæ уыцы нысан хуыздæр чи ныццæва, хъабахъ уымæн раттынц.

Цъозтæ чи акъуыры, уыдон сæ сомтæ æмæ æрдджыты айсынц. Хъабахъ кæй бавæййы, уый, уæныг уа, дыгæрдыг уа, аласы йæ йæ хæдзармæ æмæ, хъæубæстæй хъабахъæхсæг чи уыдис, уыдон æрхоны йæ хæдзармæ æмæ хист саразы мардæн. Мæрдджынтæй дæр хъуамæ искæй æрхона æвдисæны хуызæн, ома мæнæ уын уæ мардæн хист скодтон, зæгъгæ.

Xæрнæг. Раджы заманты-иу хæрнæгæн æргæвст æрцыдис 30—35 галы, фæстæдæр 10—12 галы, XIX æнусы фæстаг кæрон та — 2—3 галы. Арахъ дзы-иу уыд 30—40 агуианы бæрц, дзултæ, иу дыууæ ссады голлагæй цы æрцыдаид, уый. Ныр уыдæттæ ноджы фæкъаддæртæ сты, фæлæ хæрнæджы æгъдæуттæ уыйас нæма фендæрхуызон сты. Мæрдджын фæзæгъы сыхæгтæн æмæ ма, хъæуæй кæмæн æмбæлы, уыдонæн, цæмæй, марды тыххæй цы хардз кæны, уыдонмæ фæкæсой. Сæ бар сын бакæны æргæвдинæгтæ уа æмæ æндæр уа, цыдæриддæр йæ бон схардз кæнын у, уыдон. Кæмæ бадзуры, уыдон сразы вæййынц æмæ алцыдæр барæвдз кæнынц.

Хойрæгтæ фæлдисын. Хъабахъ æхст куы фæвæййы, уæд, мардмæ чи æрцыдис, уыдоны æрбадын кæнынц. Хистæртæй иу-цалдæры бакæншнц, цæмæй, хæрнæгæн цы сцæттæ кодтой, ушдон ныффæлдисой. Хистæртæй иу йæ къухмæ райсы нозт, райдайы фæлдисын. Æз ам æрхæсдзынæн, фæлдисгæйæ иу зæронд лæг цы ныхæстæ загъта, уыдон.

«Хуыцау, табу дæуæн! Хуыцау, адæмыл абонæй фæстæмæ бирæ азты æмæ бонты зиан мауал æруадз. Мæнæ ацы хойраг, нозт чи сцæттæ кодта, уымæн мæрдтырдыгæй ахъазгæнæг фæуæд ацы мард! Рухсаг уæд ацы мард! Æезонджы суадонмæ йын уæгъд фæндаг уæд. Буд цырагъæн кæм судзынц, сæкæр дойныйæн кæм хæрынц, уыцы ран уæд ацы мардæн йæ удыбæстæ. Цалынмæ хохы къæдзæхтæй дуртæ згъæла, быдыры цалх тула, уалынмæ йæ раз дзагæй-дзагдæр кæнæд. Сæрд ын æмбигæ ма кæнæнт, зымæг — сæлгæ. Цы бинонтæй, цы мыггагæй фæхъуы-дис ацы мард, уыдоны цардыл аудæд, сæ цард цæмæй фæхуыздæр уа, ууыл. Хорзы боны мард сын фæуæд. Мæрдтырдыгæй сæм дарæд хъæлдзæг зæрдæйы уаг. Хомæй сын бар макуы бадарæд сæ фæллоймæ. Фыхæй йын кæй хæлар кæной, уыдон æм дзæбæхæй хæццæ кæнæнт. Иæ разы цæппузырау æрттивæнт. Азым чидæриддæр зæгъа ацы мардæн, уымæн азым йæхирдыгæй фæуæд, мæрдты йæхи удыбæстæйы хай фæуæд, ацы мардæн дзы хай ма уæд.

Кæд ацы мард искуы искæмæй хæс дардта æмæ йын æнæрхъуыдыйæ фыст не 'рцыдис, нал ын ссис амал, уæд ын мæрдты фиддон ма уæд. Кæд, кæмæй дары, уый ацы ран ис, уæд ын æй бахатыр кæнæд. Рухсаг у, мæнæ мард! Уæлæуыл хорзæй фæцардтæ адæмимæ æмæ та мæрдты дæр уыцы хорз зæрдæйы уаг ма фехал. Æркæсын хъæуы æмæ, ацы мард куыд цæуы æцæджы бæстæм, афтæ алкæй дæр хъæуы цæуын, æмæ нæ кæрæдзийæ æнæтæригъæд куыд уæм, хуыцауы уый бафæндæд.

Гъеныр рухсаг уæд ацы мард, мæрдты Барастыры размæ йын уæгъд фæндаг уæд. Чидæриддæр уды фыдæбонæй дæр, æнæуи фæлхасæй дæр бафæллой кодта, уыдоны цæрæнбон бирæ уæд. Рухсаг у, мæнæ мард!»

(Къарджиаты Бесæгъуыры ныхæстæ)


Хистæр куы ныффæлдисы, уæд райдайынц марды рухсаджы тыххæй хæрын æмæ нуазын.

Æддагон хъæутæй чи æрцыд, уыдон сæхи хорз куы фенынц, уæд сыстынц æмæ рæнхъ æрлæууынц. Уыдоны комкоммæ æрлæууынц мæрдджынимæ хъæубæстæ дæр. Æддагон мæрддзыгойæ иу раздæр балæууы æмæ худаистæй фæдзуры: «Уæ мæнæ хъæубæстæ æмæ мæрдджын, абонæй фæстæмæ ацы хæдзар æмæ хъæубæстæм адæм цинтæм фæцæуæнт. Нырæй фæстæмæ уыл циндзинæдтæ арæхдæр цæуæд, фæстаджы зиан уын æй хуыцау фæкæнæд».

Хъæубæсты хистæр дæр раздæр балæууы æмæ раарфæ кæны: «Мæнæ хорз адæм, хуыцау уæ бузныг фæуæд, мах марды тыххæй йæхицæн фыдæбон чи скодта, Мах дæр уын уæ фыдæбон сымахмæ хорздзинæдтæм цæуынæй куыд бафидæм, хуыцау уый саккаг кæнæд».

Æндæр хъæуы мæрддзыгой куы ацæуынц, уæд æрбадйнц хъæубæсты адæм. Фæстагмæ æрбадынц, уырдыг чи фæлæууы, уыдон. Устытæ дæр хæрнæджы фæбадынц, æцæг хибарæй.

Мæрдджын иу изæр æрхоны ингæнкъахджыты æмæ, мардыл дзауматæ чи скæны, уыдоны æмæ сæ йæ марды рухсаджы тыххæй хорз фены.

Сауджынтæ куы фæзындысты ирон адæмы æхсæн, уæд, цалынмæ хицауадæй гæххæтт уыдаид, уæдмæ мардыл нæ аргъуыдтой, æмæ-иу уыцы гæххæтт дæр къухы æнцонæй кæм æфтыди. Сауджынæн аргъауæггаг хъуыдис тымбыл сом, сом куынæ уыдаид, уæд-иу нæ аргъуыдта.

Мардæн ингæн куы фæкъахынц æмæ ууылты ирон лæг куы фæцæйцæуы, уæд хъуамæ баздæха æмæ æрлæууа, йæ къухтæ дæлæмæ æруадза, афтæмæй. Ингæнкъахджытæ дæр, куыд æмбæлы, афтæ æрлæууынц æмæ йын раарфæ кæнынц, æнæ хъыг дæ хуыцау уадзæд, зæгъгæ. Уый дæр сын раарфæ кæны, абонæй фæстæмæ уæ бирæ азты æмæ бонты хуыцау æнæ зиаи уадзæд, зæгъгæ. Йæ рахиз цонджырдæм разилы æмæ йæ фæндагыл ацæуы. Ахæм цæуæг дæр вæййы, æмæ цалынмæ ингæнмæ ныххиза æмæ дзы ракъаха, уалынмæ нæ ацæудзæн, кæд мын мард мæ фæндагæн баххуыс кæнид, зæгъгæ. Афтæ бакæнын, дам, мæрдтæмвæндагæн дæр æххуыс уыдзæнис.

Мард ныгæнынмæ куы фæцæйхæссынц, уæд сыл, чи амардис, уьгй чи нæ зона, ахæм барæг куы сæмбæла, уæд æрхизы, йæ бæх истæуыл афидар кæны æмæ мæрддзыгойы размæ æрлæууы мардмæ. Ахæмæн раарфæ кæнынц, æнæ хъыг дæ хуыцау уадзæд, зæгъгæ. Уый дæр фæзæгъы, рухсаг уæд зиан, зæгъгæ. Уый фæстæ йæ йæ бæхыл сбадын кæнынц, æмæ йæ фæндагыл ацæуы.

Мардмæ чи æрлæууа, уыдоныл хъуамæ уыцы сахат ма уа нæдæр топпытæ, нæдæр дамбацатæ, нæдæр æхсаргард. Æрмæстдæр фæдисонæн у хатыр, мардыл кæугæйæ дæр æмæ, æнæуи куы æрлæууа, уæддæр гæрзтæ йæхимæ уæвын.

Пысылмон ныгæд. Пысылмон адæймаг куы амæлы, уæд æй хъуамæ йе 'мгæрттæ цынайой. Кæд ус уа, уæд устытæ, нæлгоймаг куы уа, уæд та нæлгоймæгтæ. Моллотæ куы фæзындысты, уæдæй фæстæмæ та, молло цы хъæуы уа, уым æй фæнайынц моллотæ. Молло æрцæуы мардмæ, дуа скæны, бацæуы, æмæ йæм марды цурмæ бахæссынц мардæхсæн хъæдын тас, дон, сапон æмæ цæвдар. Молло цæвдары хæцъилы йæ къух батухы æмæ марды цынайы, ссыгъдæг æй кæны, æмæ йæ цæвдарты дыууæ-æртæ цъары батухы. Найгæ йæ цы цæвдæрттæй ныккæны, уыдон уый фæстæ цæхсынц æмæ сæ моллойæн раттынц.

Молло æмæ зæронд лæгтæ, цалынмæ адæм мардмæ цæуой, уалынмæ фæлæууынц мæрдджыны дуармæ, æмæ, мардмæ чидæриддæр æрцæуы, уыдон цур молло дуа скæны.

Сынты уæлæ сæвæрынц гобан æмæ ламаздыхъ. Мард уыдоныл æрæвæрынц, афтæмæй йæ ахæсеынц ныгæнынмæ. Ингæны былыл æй æрæвæрынц. Ингæныл бамбæрзынц глази хъуымацæй ингæны æмдæргъ æмæ йын йæ кæрæттыл фæхæцынц. Ин-гæныл мард кæм æрæвæрдзысты, уым хъуывгъаны дзаг дон уадзынц. Мард кæм батухынц, уыцы цæвдæрттæн сæ фæсонтæ акъæртт кæнынц æмæ уæд мард цæвæрынц æмæ йæ баныгæнынц. Ингæны сæрмæ цы глази фæдарынц, уый раттынц моллойæн.

Пысылмон мардæн кæнынц майрæмæхсæвтæ авд хатты онг, йæ бон кæмæн уа, уый та фылдæр хæттыты. Майрæмæхсæвтæ куы æрцæуынц, уæд мæрдджын аргæвды фыс кæнæ стур исты, нозт дæр сцæттæ кæны, цы йæ бон вæййы, уый. Æрхоны йæ хъæубæсты. Цы хæрд æмæ нозт сцæттæ кæны, уыдонмæ молло бацæуы æмæ сыл дуа скæны. Хуынд адæм æрбадынц. Кæнынц ма комуадзæн æмæ афæдзы хист дæр.

Мæрдджын молломæ ратты «дæуыры æхца», мæгуыртæн сæ куыд байуара марды удыбæстæйы тыххæй, афтæ. Кæд æууæнкджын молло уа, уæд æцæг æрцæуынц мæгуыртæн лæвæрд, кæннод сæ бахæры молло йæхæдæг. Пысылмон адæм ма марды рухсаджы тыххæй гауызтæ февæрынц мæзджыты.

Пысылмæттæ ныгæнынц галиу фарсыл, йе 'ргом хуссар-ныгуылæнырдæм, чырыстæттæ та — хурыскæсæнырдæм.

Пысылмон адæммæ ма ахæм æгъдау ис: мæрдджын, цалынмæ йæм адæм мардмæ фæцæуынц, уалынмæ йæ астæуыл рон нæ фæбæтты.

Мадæлыхист. Мадæлы хист-иу раджы заманты кодтой, марды куы баныгæдтаиккой, уый фæстæ æхсæв. Мард дыккаг æхсæв уæлæуыл куы баззадаид, уæд æй уыцы æхсæв дæр арæзтой. Фæлæ йæ куыдфæстæмæ кæнын райдыдтой къуыри кæнæ дыууæ къуырийы фæстæдæр.

Мадæлы хистмæ адæмы æмхуызонæй нæ хуыдтой. Æрмæстдæр æм-иу æрхуыдтой, зæппадз иумæ кæмæн уыдис, уыдоны, ома нæ мæрдтæ иу ран сты, зæгъгæ, уый тыххæй.

Мадæды хист уымæн кодтой, æмæ-иу раджы заманты чи амардис, уымæн йæ мад хицæн хист кодта. Æмæ уæд, мад кæмæн нал уыдис, уыдонæн дæр райдыдтой уыцы хист кæнын, кæннод, дам, æй Барастыр нæ бахъахъæндзæн, зæгъгæ. Уымæй фæстæмæ мад уæлдай тыхст нал кодта, уымæн æмæ бинонтæ райдыдтой мадæды хист алы марды тыххæй дæр кæнын.

Мæрдджын-иу бамбарын кодта, æмзæппадз кæимæ уыдысты, уыдонæн, уыцы æхсæв мадæлы хист аразæм, зæгъгæ. Уыдонæй дæр-иу алчидæр бацæттæ кодта, йæ бон цы уыдис, уый — нозт дæр, чъиритæ дæр, кæрчытæ дæр, æмæ-иу æрбацыдысты, цы сцæттæ кодтой, уыдонимæ. Мæрдджын-иу йæхæдæг аргæвста уæныг, кæнæ фыс, нозт дæр æм-иу уыд. Куы-иу æрæмбырд сты, кæмæн æмбæлд, уыдон, уæд-иу уыцы хæрд æмæ нозт ныххæлар кодтой (ныффæлдыстой), уыцы зæппадзы цы мæрдтæ æвæрд æрцыд, уыдонæн иумæ, цæмæй иумæ фидауой æмæ кæрæдзийы ма хъыгдарой. Раздæр-иу сидт рауагътой, фæстæдæр чи амардис, уыцы марды номыл, уый фæстæ та сегасы тыххæй иумæ, цы сын хæлар кæнынц, ууыл хорз цæмæй фидауойг, уый тыххæй. Мард зæппадзы куынæуал æвæрдтой, фæлæ йæ ныгæнын куы райдыдтой, уæд дæр ма, раздæр æмзæппадз чи уыдис, уыдон сæ мæрдты ныгæдтой иу ран æмæ мадæлы хист дæр кодтой. Фæлæ быдырмæ лидзын куы райдыдтой, уæд æй нал кодтой, уымæн æмæ алы кæмттæй лыгъдысты алы хъæутæм. Фæлæ ма хæхты, ныртæккæ дæр æй кæм кæнынц, ахæм хъæутæ ис.

Зæронд адæймаг-иу тынг рынчын куы уыдис æмæ ноджы зынудисæн, уæд ын арæзтой фæлдисинаг, цæмæй тагъддæр амардаид æмæ тухæн мауал кодтаид, уый тыххæй. Цы-иу скодтой, уый-иу ныффæлдыстой, мæлын æй чи нæ уагъта, уыцы мардæн. Уыцы хъуыддаг афтæ æмбæрстой: æвæццæгæн, мæрдтæй искæмæн æвзæрдзинæдтæ фæцарæзта, æмæ йыл ныр йæ тæригьæдтæ æртæфстысты, æмæ йæ мæрдтæ зынудисæнæй тухæнæй марынц, Хаттæй-хатт-иу æцæг афтæ рауадис, æмæ-иу фæлдисинæгтæ фæлдыст куы фесты, уæды сахатмæ-иу рынчын дæр йæ уд сиета, æмæ уæд адæмы уырныдта уыцы хъуыддаджы æцæгдзинад.

Ахæм рынчын-иу куы уыдис, уæд-иу бинонтæ фæцæйуадысты къулыбадæг устытæм, дæснытæм фæрсынмæ, нæ рынчыны тыххæй нын исты куы бацамонис, зæгъгæ: Уый сын-иу сæхи бæлвырд фæфарста, куыд рынчын у, уымæй æмæ сын-иу загъта, фæлдисинаг сцæттæ кæнут, кæниод æм мардæвзидæг ис, æмæ йæ зынудисæнæй фæтухæн кæнын кæндзысты. Æмæ та-иу уыдон дæр фæлдисинаг ацæттæ кодтой.

Фæлæ бирæ хæттыты афтæ рауайы, æмæ фæлдисинаг дæр кæмæн скæнынц æмæ мæрддзæгтæ кæмæн бахуыйынц, уыдон сдзæбæх вæййынц сæ низæй æмæ ма бирæ азты фæцæрыиц.

Ирон адæм марды бон бирæ лæвæрттæ кодтой. Хæстæг чи æййæфта, уыдон фыццаг заманы галтæ, уæнгуытæ, хъуццытæ. фыстæ лæвæрдтой. Иннæтæ та æхца 1 — 15 сомы онг. Лæвæрдтон арахъ дæр. Дæттынц йыр дæр ма, æцæг къаддæр.

Марды цы бон баныгæнынц, уымæн йæ дыккаг бон уетытæ сцæттæ кæнынц сойыфыхтæ, æйчытæ æмæ арахъ. Æрбамбырд вæййынц хъæубæсты устытæ, араст вæййынц уыцы хæринæгтимæ уæлмæрдтæм, семæ ахæссынц марды чырыны фæхсытæн сæ амайæнтæ æмæ сæ арт скæнынц ингæны цур, марды тæригъæдтæ дæр афтæ басудзой, зæгъгæ.

Устытæ уæлмæрдмæ куы бацæуынц, уæд райдайынц къухтæ æвæрын, кæуыл сæ зæрдæ тынгдæр фæриссы, уыдоныл, æцæг цы марды тыххæй ацæуынц, уый ингæныл раздæр æвæрынц сæ къухтæ, кæннод сыл, кæй мард уа, уый зæрдæ фæхуды, мæ мар-ды тыххæй нæ рацыд, зæгъгæ. Уый фæстæ æрбамбырд вæййынц, ингæны цур арт кæм скæнынц, уырдæм. Хъарæг кæнынмæ дæсны чи уа, уый райдайы хъарæг кæнын. Куы фæкæуынц, уæд æрбадынц ийгæны алыварс æмæ, цы хæринæгтæ ахæссынц, уыдон бахæрынц. Къух æвæрыны тыххæй куы бафæрсай, уæд фæзæгъынц, цал хатты авæрай мардыл дæ къух, уал хатты, дам, ногæй-ногдæр кæны мард мæрдтыбæстæйы Барастыры раз, зæгъгæ.

Бекыза Макарович Каргиев "Осетинские обряды и обычаи", Владикавказ "Рухс", 1991.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru