поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
Винлинк вход и регистрация  
 
ХИСТЫТÆ. 1/2
Автор: 00mN1ck / 22 июня 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ
Мардæн афæдзы дæргъы бирæ хистытæ кæнынц.

Ногбон куы æрхæстæг кæны, уæд марды бинонтæн сæ хистæртæ дыууæ къуырийы ком фæдарынц марды удыбæстæйы тыххæй. Нæ фæхæрынц мархойы хæринæгтæ: æхсыр, æйчытæ, фыд (дзидза), царв æмæ æндæр ахæмтæ. Ногбоны фæстæ цы сабат æрцæуы, уæдмæ сцæттæ кæнынц нозт æмæ хæринæгтæ. Уыцы сабат хуыйны «хъæбынгæнæн сабат». Мæрдджын Ногбоны, иннæ адæм куыд фæкæнынц æртытæ дуæрттæм, афтæ нæ фæкæны, хъæлдзæгæй' ныл не 'рцыд нæ ног аз, зæгъгæ. Фæлæ сæм уæддæр сыхы хистæртæ æрцæуынц арфæтæ кæнынмæ, нырæй фæстæмæ уыл хъæлдзæг азтæ цæуæд, зæгъгæ.

Сабаты райсомæй бон нæма сцъæх вæййы, афтæ мæрдджын сысты æмæ кæрты дуармæ уынджы арт скæны йæ марды рухсаджы тыххæй. Сыхæгтæ дæр сыстынц æмæ, чи куыд раздæр сысты, афтæ арты цурмæ бацæуы. Сугтæ йæм чи бахæссы, ахæмтæ дæр вæййы, мардæн удыбæстæ уыдзæнис, зæгъгæ, уый тыххæй. Арты цур чи уа, уыдонæн раарфæ кæны, абонæй фæстæмæ ацы кæрты дуармæ бирæ азты ахæм арт куыд нал фенæм, хуыцау уый саккаг кæнæд, зæгъгæ.

Аходæнафон куы свæййы, уæд мæрдджын, цы хæрд æмæ нозт сцæттæ кодта, уыдон рахæссы, арты цур цы адæм фæбадынц, уыдоны размæ. Уым фынгтæ æрцаразынц. Хæринæгтæ æмæ нозт хистæр ныххæлар кæны мардæн, стæй сæ бахæрынц.

Уыцы арты цурмæ марды рухсаджы тыххæй фыдохы хуынтæ æрхæссынц, сыхæгтæ æмæ хъæубæсты хæстæджытæй йæ амал кæмæн вæййы, уыдон. Хъæздгуытæй уыцы бон йæхæдæг хист чи скæны, ахæмтæ дæр вæййы, мæгуырдæр чи у, уыдон та иумæты скæнынц хистытæ. Ком чи дардта марды тыххæй, уымæн дæр адæм йæ ком суадзын кæнынц, æмæ мархо хæрын райдайы.

Бадæнæхсæвы хист. Ног азы сабаты фæстæ хуыцаубоны куы баизæр вæййы, уæд (къуырисæрæхсæв) саразынц «бадæн æхсæв». Мæрдджын уыцы æхсæвмæ бахсиды бæгæны астдæс зады меркъайæ, рауадзы арахъ, балхæны адджинæгтæ, дыргътæ, мыдадзын æмæ картофын цырæгътæ. Сцæттæ кæны æргæвдинаг, мардæн йæхи номыл балхæны фынг, нуазæн кæнæ къус, графин. цырагъдарæн. Хуыцаубоны кæнæ сабаты, сыхæгтæй æрбакæны устытæ æмæ лæгтæ æмæ сæ фæкуры, цæмæй йæм фæкæсой. Хуыцаубоны хæдзары астæу артдзæсты цур æрцара зынц фынгтæ. Уырыссаг дзултæн дзы æнæ уæвгæ нæй, стæй — къафеттæ, цырæгътæ æмæ æнд. Уыдон балхæныны тыххæй-иу хохæй Дзæуджыхъæумæ фæцыдысты. Ноджы дзы вæййы кæрчытæ, гогызтæ, кæф, кæсæгтæ, къафеттæ, æнгузтæ, къренделитæ, фæткъуытæ, пырындзы фых æмæ æндæр алыхуызон хæринæгтæ. Мардæн кæд уæлæйы дзауматæ баззайы йæхицæн, уæд хооз, кæннод дæр ракурынц искæмæй æмæ сæ, фынгты кæрон бандоныл æрцаразынц, цыма дзы мард бадгæ кæны, уый хуызæн. Дзаумæтты мидæг хъæмп бакæнынц, æмæ дардæй бакæсгæйæ æцæг адæймаджы хуызæн фæзыны. Куы æрталынг вæййы, уæд, хæринæгтæ цы ран вæййынц, уыцы стъолтыл цырæгътæ ссудзынц. Бирæ цырæгътæ хъуамæ фæсудзой æхсæв-бонмæ; Стъолтæм фæкæсы иу лæг æмæ, цы хъуаг вæййынц, уый та дзы æрæвæрын кæиы. Рухс вæййы тынг.

Цырæгътæ куы ссудзынц æмæ иууылдæр арæзт куы фæвæййынц, уæд хистæры бакæнынц æмæ йæм раттынц нозт, цы нуазæн балхæдтой, уым. Тас, хъуывгъан æрæвæрынц, кард æрæвæрынц стъолыл, æмæ уæд райдайы фæлдисын хæрд æмæ нозт. Фыццаг заманты æцæгдæр афтæ æнхъæл уыдысты, цыма мард бадæн æхсæв æрбацæуы æмæ, цалынмæ сбон вæййы, уалынмæ нæ ацæуы (нæ атæхы), ома хуыцаубоны куы баизæр вæййы, уæд æртæхы æмæ æрбады, дзауматæ йын бандоныл кæм сарæзтой, уым æмæ дзы æхсæв-бонмæ фæбады, фæкæсы, чи цы ми фæкæны, уымæ, стæй куы фæбон вæййы, уæд фæстæмæ атæхы Барастыры размæ. Уыцы уырнындзинад æрæджы дæр ма уыдис æмæ ма иуæй-иу зæронд лæгты ныр дæр уырны.

Хистæр фæлдыст куы фæвæййы, уæд нозт æмæ хæрдæй рухсаг фæзæгъынц. Уый фæстæ устытæ райдайынц хъарæг кæнын æмæ кæуын, марды дзауматæ кæм æрцарæзтой, уым. Хъæубæсты æмæ сыхы зæронд лæгтæ радыгай къордгæйттæй фæцæуынц мардæн рухсаг кæнынмæ. Семæ æрбахæссынц мыдадзын кæнæ сойын цырæгътæ, бацæуынц стъолтæм, сæ худтæ сисынц, сæхиуыл дзуæрттæ бафтауынц æмæ цырæгътæ ссудзынц. Ныссадзынц сæ уырыесаг дзултыл, науæд та пырындзы фыхыл. Алчи дæр нозт йæхæдæг стъолæй сисы — арахъæй, йе бæгæныйы иу нуазæн — æмæ йæ рухсаджы тыххæй баназы. Уый фæстæ сæ фынджы уæлхъус æрбадын кæнынц.

Мардыл тынгдæр кæй зæрдæ фæриссы, уыдон цырæгътæ куы ссудзынц, уæд, марды дзауматæ кæм арæзт вæййынц, уым бирæ фæкæуынц, устытæ сын фæхъарæг кæнынц, афтæмæй.

Тамакодымæг чи уыдис, уыцы мардæн йæ æмгæрттæ æрбахæссынц тамакойы асмускæтæ æмæ бапъирозтæ ныххæлар кæныны тыххæй.

Устытæ дæр фæцæуынц къордгæйттæй. Куы бацæуынц, уæд ссудзынц цырæгътæ. Уый фæстæ иу ус хъарæг фæкæны, иннæтæ та — кæугæ. Стæй съш æрæвæрынц хæрд, нозт. Байуарынц сын къафеттæ æмæ æндæр хæринæгтæ.

Афтæ фæцæуынц кæстæр фæсивæд дæр æмæ уыцы æгъдау ахицæн кæнынц. Чысыл сывæллæттæ дæр фæцæуынц бадæн æхсæв, æрмæст къафеттæ æмæ æндæр истытæ æрæмбырд кæнынмæ. Зæронд лæгтæ, устытæ æмæ кæстæр фæсивдæн æхсæв-бонмæ фæцæуынц алы мардмæ дæр, цалынмæ сæм цырæгътæ вæййы, уæдмæ. Цырагъ кæмæ нал уа, уымæн мæрдджыны хæдзармæ бацæуын йæ цæсгом нæ фæхъæцы.

Алы мæрдджын дæр уыцы æхсæвмæ йæхи дзæбæх фæцæттæ кæны. Бирæтæ хæстæ дæр райсынц. Æхца йæм нæй, уый базаргæнæг куы базоиы, уæд ын бæтгæмæ дæр ратты, æцæг хаттæй-хатт дыууæ аргъыл.

Мæрдджынæн хъæубæстæй, стæй æндæр хъæутæй дæр бадæн æхсæвмæ фыдохы хуынтæ æрхæссынц. Æргæвдинаг чи æрласы, ахæмтæ дæр бирæ вæййы, мæхæдæг хист кæнын, зæгъгæ.

Нæлгоймаджы мардæн кæнынц æлæм. Æлæм скæнынц марды хотæ кæнæ кæнгæ хотæ, чызджытæ, хаттæй-хатт хи бинонтæ дæр. Къафеттæ, æнгузтæ, æхсæртæ, фæткъуытæ æмæ æндæр ахæмтæ иу дыууæ путмæ æввахс, фидар бæхсныгыл хæлттæ-хæлттæ, кæрæдзиуыл хæстæй бафидар кæнынц роггомау хъилыл. Уый фæхуыйны æлæм. Хъæбæр гæххæтт бахуыйынц худы хуызæн æмæ йыл æндахæй ныффидар кæнынц тъæпæн къафеттæ, цас ыл фæцæуы, уыйас. Хызын кæнæ ехс дæр саразынц къафеттæй. Фæстагмæ тырыса бахуыйынц æмæ йæ бакæнынц рог хъилыл. Æлæм куы сцæттæ вæййы, уæд, цы марды тыххæй йæ скодтой, уый бадæн æхсæвмæ ахæссыны тыххæй æрæмбырд кæнынц æмбаргæ барджытæ. Хорз сæ фенынц æмæ сæм æлæм раттынц, йæ хъилыл æй батухынц, афтæмæй.

Барджытæ æнцад ацапуал кæнынц, афтæмæй йæ ахæссынц мæрдджыны хæдзармæ. Бахæссынц æй æмæ йæ, стъолтæ кæм арæзт вæййынц, уым рæбынæй æрцаразынц къулы æнцой, гауызы хуызæн. Уыйфæстæ æлæмхæсджыты æрбадын кæнынц æмæ сæ хорз фенынц.

Кæд, æлæм цы хъæуæй хæссой, уырдыгæй, кæдæм æй хæссой, уыдоны æхсæн хъæу уа, уæд хъуамæ уым æрхизой ахæм хæдзары, раздæр æмбæрстгонд кæмæн уа, уыцы бон æлæмхæсджытæ сымахмæ хъуамæ марды рухсаджы тыххæй афæстиат уой, зæгъгæ. Уыцы хæдзар дæр, йæ бон цы вæййы, уый сцæттæ кæны æмæ сæ хорз фены. Æлæмхæсджытæ сæ фæлладк уы суадзынц, уæд дарддæр араст вæййынц.

Устытæ дæр фæцæуынц къордгæйттæй. Куы бацæуынц, уæд ссудзынц цырæгътæ. Уый фæстæ иу ус хъарæг фæкæны, иннæтæ та — кæугæ. Стæй съш æрæвæрынц хæрд, нозт. Байуарынц сын къафеттæ æмæ æндæр хæринæгтæ.

Афтæ фæцæуынц кæстæр фæсивæд дæр æмæ уыцы æгъдау ахицæн кæнынц. Чысыл сывæллæттæ дæр фæцæуынц бадæн æхсæв, æрмæст къафеттæ æмæ æндæр истытæ æрæмбырд кæнынмæ. Зæронд лæгтæ, устытæ æмæ кæстæр фæсивдæн æхсæв-бонмæ фæцæуынц алы мардмæ дæр, цалынмæ сæм цырæгътæ вæййы, уæдмæ. Цырагъ кæмæ нал уа, уымæн мæрдджыны хæдзармæ бацæуын йæ цæсгом нæ фæхъæцы.

Алы мæрдджын дæр уыцы æхсæвмæ йæхи дзæбæх фæцæттæ кæны. Бирæтæ хæстæ дæр райсынц. Æхца йæм нæй, уый базаргæнæг куы базоиы, уæд ын бæтгæмæ дæр ратты, æцæг хаттæй-хатт дыууæ аргъыл.

Мæрдджынæн хъæубæстæй, стæй æндæр хъæутæй дæр бадæн æхсæвмæ фыдохы хуынтæ æрхæссынц. Æргæвдинаг чи æрласы, ахæмтæ дæр бирæ вæййы, мæхæдæг хист кæнын, зæгъгæ.

Нæлгоймаджы мардæн кæнынц æлæм. Æлæм скæнынц марды хотæ кæнæ кæнгæ хотæ, чызджытæ, хаттæй-хатт хи бинонтæ дæр. Къафеттæ, æнгузтæ, æхсæртæ, фæткъуытæ æмæ æндæр ахæмтæ иу дыууæ путмæ æввахс, фидар бæхсныгыл хæлттæ-хæлттæ, кæрæдзиуыл хæстæй бафидар кæнынц роггомау хъилыл. Уый фæхуыйны æлæм. Хъæбæр гæххæтт бахуыйынц худы хуызæн æмæ йыл æндахæй ныффидар кæнынц тъæпæн къафеттæ, цас ыл фæцæуы, уыйас. Хызын кæнæ ехс дæр саразынц къафеттæй. Фæстагмæ тырыса бахуыйынц æмæ йæ бакæнынц рог хъилыл. Æлæм куы сцæттæ вæййы, уæд, цы марды тыххæй йæ скодтой, уый бадæн æхсæвмæ ахæссыны тыххæй æрæмбырд кæнынц æмбаргæ барджытæ. Хорз сæ фенынц æмæ сæм æлæм раттынц, йæ хъилыл æй батухынц, афтæмæй.

Барджытæ æнцад ацапуал кæнынц, афтæмæй йæ ахæссынц мæрдджыны хæдзармæ. Бахæссынц æй æмæ йæ, стъолтæ кæм арæзт вæййынц, уым рæбынæй æрцаразынц къулы æнцой, гауызы хуызæн. Уыйфæстæ æлæмхæсджыты æрбадын кæнынц æмæ сæ хорз фенынц.

Кæд, æлæм цы хъæуæй хæссой, уырдыгæй, кæдæм æй хæссой, уыдоны æхсæн хъæу уа, уæд хъуамæ уым æрхизой ахæм хæдзары, раздæр æмбæрстгонд кæмæн уа, уыцы бон æлæмхæсджытæ сымахмæ хъуамæ марды.рухсаджы тыххæй афæстиат уой, зæгъгæ. Уыцы хæдзар дæр, йæ бон цы вæййы, уый сцæттæ кæны æмæ сæ хорз фены. Æлæмхæсджытæ сæ фæлладк уы суадзынц, уæд дарддæр араст вæййынц.

Æлæмтæ хастой иу хъæуæй æмæ иу комæй иннæ коммæ æмæ хъæумæ. Æлæм хæсгæйæ-иу дзы кæмæн ницы лæвæрд æрцыдаид, уый йæхимæ æгад кастис.

Бадæн æхсæв куы сбон вæййы, уæд алы мæрдджын дæр йæхи ууыл фæхъары, цæмæй уый хист скæна раздæр. Уымæ гæсгæ рагацау бадзурынц, чи хъуамæ раздæр скæна хист, уый тыххæй. Раздæры бар лæвæрд æрцæуы, æлæм кæмæн уа, уымæн, стæй хистæр чи уыдаид мæрдтæй, кæннод та судзаггаг дæр æрæджиауы мардæн. Райсом адæммæ куы арвитынц æмæ куы æрæмбырд вæййынц хистмæ, уæд барджытæн сæ бар бакæнынц æлæм ахæссын. Адæмы æхсæнмæ рахæссынц, хисты тыххæй цы сцæттæ кодтой, уыдон: бæгæны, арахъ, дзултæ, бадæн, æхсæв стъолтыл цы алыхуызон хæринæгтæ уыдис, уыдон, стæй цы аргæвстой, уый иууылдæр сфыцынц, афтæмæй (æргæвст та вæййы фыс, уæныг, дыгæрдыг, хъуг кæнæ гал). Рахæссынц æлæм дæр. Хистæртæй иу æлæмхæсджытæн фæндарасты тыххæй акувы.

Барджытæ сбадынц сæ бæхтыл. Раттынц сæм æлæм æмæ, йемæ ма цы дзауматæ вæййы, уыдон. Æлæм раттынц, сæрæндæр æмæ тыхджындæр цы барæг вæййы, уымæ. Тырыса та, уайагдæр цы бæх уа, уый барæгмæ. Аннæ дзауматæ дæр раттынц барджытæм. Хистæр раздæр ныффæлдисы æлæм. Уый фæстæ скувы Уастырджимæ дæр æмæ мæрдты бæсты хицаумæ дæр, цæмæй æлæмхæсджытæ æнæ фыдбылызæй æрцæуой, уый тыххæй.

Æлæмхæсджытæ араст вæййынц хисты æхсæнæй. Куы аиртæсынц, уæд асæпп-сæпп кæнынц хъæууынгты иуырдæм æмæ ехсытæй фæцæвынц æлæмы, цæмæй йæ къафеттæ æмæ иннæ адджинæгтæ згъæлой æмæ сæ сывæллæттæ уидзой, уый тыххæй. Афтæ йæ æртæ-цыппар хатты ахæссынц хъæуы уынгты æмæ хъæумæ хæстæджыты.

Барджытæ æлæм æмæ тырысайы хъилтæ уыциу агайдæй ахæссынц уæлмæрдтæм. Уым æрхизынц сæ бæхтæй æмæ, æлæмыл ма цы адджинæгтæ æмæ дыргътæ баззайы, стæй ноджы худ, ехс æмæ хызыныл, уыдон æртонынц æмæ сæ байуарынц се 'хсæн. Тырыса æмæ æлæмы хъил ныссадзынц ингæныл, фæстæмæ сæ бæхтыл сбадынц æмæ, кæд уæлмæрдтæй, хист кæм вæййы, уырдæм бæхтæн дзæбæх уайæн уа, уæд марды рухсаджы тыххæй дугъы æрбауайынц хистмæ, æмæ сæм адæм фæкæсынц.

Æлæмхæсджытæ фæстæмæ куы æрбацæуынц, уæд, хисты тыххæй цы сцæттæ кодтой, уыдон ныффæлдисынц æмæ райдайынц хæрын.

Ногбоны хисты рæстæг æнæуи дугътæ дæр фæуадзынц æртыгай бæхтæй. Дугъ фæуадзынц кæнæ хæстæджытæ, кæнæ марды æмгæрттæ (тынгдæр фæсивæд, уыдон æрæвæрынц дугъы тыххæй æртæ сомæй фондз сомы онг). Сæ фæнд мæрдджынæн бамбарын кæнынц. Мæрдджын ахъуыды кæны, дугъон бæхтæ кæмæ саккаг кæна, ууыл. Сбæрæг сæ кæны æмæ сын бамбарын кæны, мæ марды тыххæй дугъ уадзынц уыцы хорз адæм, æмæ сымахмæ бæхтæ саккаг кодтон, æмæ ма бакъуылымпы кæнут хъуыддаг. Уыдон сразы вæййынц бæхтæ сцæттæ кæныныл. Йæхимæ кæмæн нæ уа, уый дæр бацагуры хорз бæх. Алчидæр, йæ бæх цæмæй фæразæй уа, ууыл фæцархайы.

Хист куы сцæттæ вæййы, уæд бæхтæ æрбакæнынц хисты бынатмæ, дзаджы цурмæ. Сбадын сыл кæнынц рог лæппутæ, цæмæй уайгæйæ бæхæн уæззау ма уа, уый тыххæй. Дзаджы цур куы æрлæууынц, уæд хистæр скувы, цæмæй дугъæттæ дзæбæхæй æруайой, уый тыххæй. Дугъæттæ сæ худтæ сисынц æмæ оммен фæкæнынц. Хистæр куывд куы фæвæййы, уæд барджытæй алчи-дæр йæхи фæхъары, йæ ехс цæмæй нозты атула, ууыл æмæ хатгай æртæ барæджы дæр æмтъыст акæнынц нуазæны сæ ехсытæ. Уый фæстæ аздæхынц, æмæ семæ, цы ранæй фæуайынц, уырдæм рæстгæнæг ацæуы. Рæстгæнæг сæ уым, куыд æмбæлы, афтæ æрлæууын кæны æмæ сын дзырд куы ратты, уæд сæ бæхтæ фезмæлын кæнынц. Адæм сæм иууылдæр фæкæсынц.

Разæй кæй бæх фæвæййы уымæн арфæтæ фæкæнынц, фæрнæй йæ фæдар дæ бæх, зæгъгæ, æмæ дын алы хатт дæр разæй кæнæд. Раззагæн æхцайæ фылдæр лæвæрд æрцæуы. Раззаг бæхыл чи фæбады, уымæн дæр арфæйы хуызы раттынц галы сгуы.

Бæхтæ цы лæгтæм вæййы лæвæрд, уыдон æндæр хъæутæм дæр ацæуынц уайаг бæх агурынмæ, цæмæй йæ бæх фæразæй уа, уый тыххæй. Бæхæн арахъытæ фæдарынц, цæмæй йæ сæры бацæуа, æмæ цæрдæгдæр уайа. Ахæмтæ дæр вæййы, æмæ хъæумæ хæстæгдæр цы дзуауа, уырдæм куывды ацæуы æртæ чъи-рийы æмæ нозтимæ æмæ скувы, цæмæй йæ бæх фæразæй уа æмæ æнæ фыдбылызæй дзæбæх æруайа. Цæвæрынц дзы нысайнаг дыууæ кæнæ æртæ урс суарийы.

Бадæн æхсæвы фæстæ къуырисæры куы сбон вæййы, уæд устытæ арвитынц сæ сыхæгтæм æмæ, кæмæ æмбæлы, уыдонмæ. Устытæ æрæмбырд вæййынц мæрдджыны хæдзармæ. Уæлмæрдтæм алыхуызон хæринæгтæ æмæ нозт ахæссынц. Хъарæггæнæг ус райдайы хъарæг кæнын æмæ хорз фæкæуын кæны иннæ устыты. Стæй мардыл сæ къухтæ авæрынц. Уый фæстæ æрбадынц æмæ сæхи хорз фенынц. Хæрд сын чи нæ фæвæййы, уыдон та уды сæрыл байуарынц æмæ сæ сæ хæдзæрттæм ахæссынц.

Хистмæ цы адæм æрбацæуы, уыдон иууылдæр иумæ иу бадт не 'ркæнынц. Æцæгæяондæр чи уа, уыдон сбадынц, мардмæ хæстæгдæр чи уа, уыдон та лæугæ фæкæнынц.Раздæр нæй сбадæн уыцы мыггаджы сиахсæн, хæрæфыртæн æмæ æрвадæлтæн, Мæрдджын йæхæдæг дæр нæ фæбады, кæд ивгъуыд зæронд лæг уа, уый йеддæмæ.

Бадджытæн сæ разы вæййы фынгтæ, фæхсытæ æвæрд. Фынгтæ æмæ фæхсытæ фаг куы нæ уа, уæд та хъæмп. Æрæвæрынц сын сæ разы дзултæ, дзидза æмæ æндæр фæлхас. Дæсгай лæгтæн иу уырдыглæууæг сæвæрынц, æмæ сæм уый нозт фæдæтты къустæй. Хистмæ адæм æрцæуынц æнæхъæн хъæуæй дæр. Æвзæр бон куы вæййы, уæд мæрдджын стыхсы æмæ куывды ацæуы, хъæумæ хæстæг цы дзуар уа, уырдæм. Йæ куывды сæр вæййы боны бардуагæн балæгъстæ кæнын, цæмæй хорз бон скæна, уый тыххæй.

Сывæллæтты иуварс акæнынц æмæ сын уырдæм ахæссынц дзултæ, дзидза, дыргътæ, къафеттæ æмæ а. д. Хистмæ цæуынхъом чи нал вæййы, ахæм зæронд лæгæн йæ хæдзармæ алы хистæй дæр фервитынц хай. Хистæй ма хæйттæ фервитынц, æнæуи рынчын чи вæййы, уымæн.

Ирон хъæуы хисты цурты куы фæцæйцыдаид æндæр хъæуккаг æмæ йæм йæ размæ куы ничи рацыдаид, уæд-иу уыдис æнæхъæн хъæуæн дæр худинаг. Уымæ гæсгæ-иу алы цæуæджы размæ дæр арвыстой лæг, хистмæ æрбахоныны тыххæй. Æрбахуыдтаиккой йæ æмæ йæ йæхи æмгæрттæй хъуамæ уæлдæр æрбадын кодтаиккой, куыд уазæг у, уымæ гæсгæ. Цы бадджыты цурмæ йæ бакæнынц, уыдон иууылдæр сыстынц æмæ йын æгасцуай фæзæгъынц. Уый фæстæ йын æмбæлæггаг авæрынц. Куы сбадынц, уæд та — йæ уазæггаг.

Сæртæхæсæны хист. Комахсæн куы æрцæуы, уæд алы ирон хæдзар дæр кусарт акæны йæ бæрæгбоны тыххæй. Мæрдджын чи вæййы, уыдон та афтæ фæхъуыды кæнынц: чи нæ амардис, уый æгас куы уыдаид, уæд цы кусарт акодтам, уымæй мах куыд хæрæм, афтæ дзы уый дæр хордтаид, æмæ йын дзы хъуамæ йæ хай мæрдтæм ныххæлар кæнæм. Хæдзарæн йæ хистæр куы амæлы, уæд уымæн уæлдайдæр æнæ ныффæлдисгæ нæй кусарты сæр, ирон адæммæ кусарты сæр буцдæрæн куыд баззад æмæ хистæрæн лæвæрд кæй вæййы, уымæ гæсгæ. Комахсæны хист сæртæ хæссæн хист уый тыххæй хонынц. Мæрдджынтæ иумæты скæнынц хист, æрхæссынц иу ранмæ арахъытæ фæйнæ агуайæны, дзултæ чъиригæндтæй, кусарты сæр, бæрзæй æмæ ма, цы æмбæлы, ахæм хæйттæ.

Хистмæ цы адæм æрæмбырд вæййы, уыдонæн, сæ хистæрты бакæнынц хойрæгты цурмæ æмæ сæм раттынц, алы марды тыххæй дæр кæй æрхастой, уыцы нозтытæй фæйнæ нуазæны æмæ куы ахъæбæргонд вæййы, уæдæй иннæрдæм афæлдахынц, æмæ сауджын уа уыцы хъæуы, уæд сæ хъуамæ сауджыны разæй ма ныффæлдисой. Сауджын æрбацæуы, бафæрсы мæрдтæн сæ нæмттæ æмæ сыл саргъауы, уый фæстæ та зæронд лæгтæ ирон фæлдыст ныккæнынц.

Комахсæны ком фæдарынц марды удыбæстæйы тыххæй, стæй сын уыцы мард сæхицæн дæр мæрдты бæсты цæмæй баххуыс кæна, уый тыххæй. Ком фæдарынц зæрæдтæ, æцæг се 'ппæт нæ.

Лауызгæнæнтæ. Чырыстийы номыл ком бабæттынæй дыууæ къуырийы куы рацæуы, уæд ирон адæм сæ мæрдты тых-хæй скæнынц мархойы хист, ома нæ мæрдтæ дæр ком дардзысты мæрдты æмæ сын мархойы хæринæгтæ нæма ныффæлдыстам, зæгъгæ, æмæ уæд ома æххормаг уыдзысты. Лауызгæнæн дæр скæнынц иумæты: алчи дæр сцæттæ кæны мархойы хæринæгтæ: лауызтæ (нартхоры ссадæй кæнæ æндæр ссадæй скæнынц амæнтгæ æмæ, куы сæнхъизы, уæд дзы къæйыл æркæнынц, раздæр ыл ссад айзæрынц къæйыл, афтæмæй. Йæ иу фарс ку ы ахъæбæргонд вæййы, уæд æй иннæрдæм афæлдахынц, æмæ та уый дæр куы ахъæбæргонд вæййы, уæд æй райсынц æмæ йæ æнæхъæнæй стулынц нурыдзæхдоны, йе та давондзæхдоны, æмæ уый хуыйны лауыз) цæкуытæ нартхорæй, дзæрна мæнæуæй æмæ хъæдурæй, фых картæфтæ, картофджынтæ, хъæдурджынтæ, лакъамитæ (хъæбæрхоры зад балуарынц æмæ йæ сызмæнтынц цыхты змæст æмæ йæ цыхты æвæрд ныккæнынц дзулы хыссæйы мидæг, къæйыл æй сарауынц дыууæрдыгæй дæр, уый фæстæ йæ арты сфыцынц, æмæ уый хуыйны лакъами). Балхæнынц кæсæгтæ, кæфтæ, зети лауызтæ фыцынæн. Æрхæссынц арахъ кæнæ бæгæны, къуымæл. Æппæт уыдæттæ æрхæссынц иу ранмæ, æры-гондæр кæй мард вæййы, уыдонмæ. Уым дæр та сыл, кæд дзы сауджын уа, уæд уый раздæр саргъауы, уый фæстæ сæ хъæуы хистæр зæронд лæгтæ ныххæлар кæнынц.

Лауызгæнæнæй дыууæ Къуырийы куы рацæуы, уæд та ноджыдæр саразынц ахæм хистытæ.

Зазхæссæн æхсæв. Чырыстон Куадзæнмæ ма иу къуыри куы вæййы, уæд мæрдджынтæ саразынц марды тыххæй бадæн æхсæв. Раздæр бахсидынц бæгæны, арахъытæ рауадзынц, балхæнынц кæфтæ, кæсæгтæ, стæй æндæр истытæ, мархойы цы хæринæгтæ æмбæлы, уыдон — къафетты æмæ адджинæгты алыхуызон мыггæгтæ æмæ æнæуи дыргътæй цы сæ къухы бафты, уый? Æрбахæссынц, къалиутæ арæх кæуыл уа, ахæм зазбæласы цонг æмæ йыл бафидар кæнынц алыхуызон къафеттæ, адджинæгтæ æмæ дыргътæ. Уыцы митæ иууылдæр куы сæххæст вæййынц, уæд Къутугæнæн хуыцаубоны размæ сабатæхсæвы саразынц хæдзары артдзæсты цур фынгтæ, Ногбоны бадæн æхсæв куыд саразынц, афтæ. Мархойы хæринæгтæй цыдæриддæр сæ къухы фефты, уыдон сæвæрынц фынгтыл. Къæйрæбын та бандоныл стъолты кæрон саразынц марды дзауматæй адæймаджьг хуыз.

Зазхæссæны бадæн æхсæв дæр фæаразынц æлæмтæ. Хæстæ-джытæ дæр хуынтæ фæхæссынц марды рухсаджы тыххæй.

Уыцы æхсæв дæр та бонмæ фæбадынц, канд бйнонтæ нæг фæлæ, хъæубæстæй хæс кæмæн вæййы, уыдон дæр. Фылдæр фæбадынц устытæ. Устытæй дæр æнæлæг устытæ (сидзæргæс устытæ), æмæ æнæзæнæг устытæ, æхсæв уыдон æнæмæтдæр æмæ æгуыстдæр куыд вæййынц, уымæ гæсгæ.

Куы сбон вæййы, уæд чи фæбадтис, уыдон сæхи æруадзынц сæ хуыссæнты, чи хуыссыдис, уыдон та фынгæвæрдтæ срæвдз кæнынмæ фæкæсынц. Марды уд та, дам, «фæстæмæ Барастыры размæ атæхы».

Бадæн æхсæв марды дзуматæ æмæ стъолтæ саразынц, кæд мард нæлгоймаг уыдис, уæд лæгтырдыгæй, кæд сылгоймаг уыдис, уæд та сылтырдыгæй. (Ирон хæдзары астæу артдзæстæн йæ иу фарс вæййы лæгты бадæн, аннæ фарс та сылгоймæгты бадæн. Сылгоймагæн нæлгоймæгты бадæны бадын не 'мбæлд, худинаг уыд).

Зазхæссæн райсомы та мæрдджын, кæд йæхи хæринæгтæ æмæ нозтытæ хъæуы æмбырды фаг вæййынц, уæд арвиты хонæг хицæнæй хъæумæ, æрцæут æмæ мын мæ мардæн рухсаг зæгъут, зæгъгæ. Хъæубæстæ ныууадзынц сæ куыстытæ æмæ æрæмбырд вæййынц мæрдджынмæ. Кæд дзы æлæм уа, уæд æй ахæссынц барджытæ, Ногбоны алæмы хуызæн. Дугъ дæр афтæ рауайы. Хисты адæм хæрд, нозт куы фæвæййынц, уæд сыстынц, рæнхъ æрлæууынц, æмæ хистæр раарфæ кæны адæмы бæсты дæр. Рахизырдæм разилынц æмæ ацæуынц сæ хæдзæрттæм. Устытæ дæр та ацæуынц уæлмæрдтæм, ахæссынц семæ хæрд, нозт. Алчидæр мæрдтыл къух æвæрд куы фæвæййы, уæд æрбамбырд вæййынц ингæны цурмæ. Хъарæггæнаг устытæ райдайынц хъарæг кæнын, иннæ устытæ фæкæуынц, стæй бахæрынц.

Сабатизæры цы хæринæгтæ ахæссынц, уыдонæй хай фервитынц, сабатизæры цæуынæн цы ус нал вæййы фырзæрондæй, уымæн. Зæронд лæгтæй дæр рынчын чи вæййы, уымæн нозты хай фæкæнынц. Æхсæвы цы зазы къалиу саразынц, уый марды ингæны цур цæвæрынц.

Бекыза Макарович Каргиев "Осетинские обряды и обычаи", Владикавказ "Рухс", 1991.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru