поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
рабочее зеркало Winlink  
 
ХИСТЫТÆ. 2/2
Автор: 00mN1ck / 22 июня 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ
Куадзæны хист. Алы мæрдджын дæр хист скæны Куадзæны хæдфæстæ бон къуырисæры. Сыхбæсты æмæ хъæубæсты зæронд лæгтæ æрбацæуынц Куадзæны арфæтæ кæнынмæ мæрдджынмæ æмæ сæ фæкурынц, цæмæй сæ ком суадзой. Цалынмæ сæ ком суадзынц, уалынмæ сыхы лæгтæ ницы фæисынц сæ къухмæ, нæдæр хæрд, нæдæр назт. Фæдзурынц cын афтæ: «Сымах уæ ком куынæ суадзат, уæд уый мардæн тæригъæд йеддæмæ æндæр ницы у».

Къуырисæры куы сбон вæййы, уæд мæрдджын аргæвды стур кæнæ фыс, чъиритæ скæны, нозгдæр афтæ. Баныхас кæны иннæ мæрдджынтимæ. Хист раздæр скæныны бар раттынц ног мæрдджынæн, уый фæстæ та иннæтæн. Куадзæны хист дыгай-æртыгай мæрдджынтæ иумæты дæр скæнынц. Бирæ хъæуты-иу иумæ хистытæ куы кодтой Куадзæны, уæд сын-иу иумæ дугъ дæр рауагътой фæсивæд, кæннод та мæрдджынтæ сæхуыддæг. Ранæй-рæтты ма ныр дæр кæныиц афтæ.

Куадзæны хисты та устытæ дæр фæсте нæ баззайынц. Уыдон дæр сцæттæ кæнынц уæлибæхтæ, æйчытæ, кæрчытæ, хъайла æмæ æндæр алыхуызон хæринæгтæ æмæ нозт, ахæссынц сæ уæлмæрдтæм.

Марды æмæ сабатизæры хъуыддаджы æнæмой (сидзæргæс) устытæ тынгдæр уынаффæгæнæг вæййынц.

Зæрдæвæрæны хист. Сыфтæры мæйы фæстаг бонты ирон адæм скæнынц Зæрдæвæрæны хист. Мæрдджын бахсиды бæгæны тъæпæнбын 15 мæртæй, йе та къаддæрæй, хъæбæрхоры зады ссадæй, рауадзы арахъытæ, сцæттæ кæны мæнæуы ссад дзултæн æ. а. д.

Зæрдæвæрæн бон вæййы цыппæрæмы. Фыццаг заманы-иу, мæрдджынæн йæ хъæубæсты цы фысвосдарæг хæдзæрттæ уыдис, уыдон марды тыххæй лæвæрдтой уæрыччытæ. Цы фосдарæг хæдзар нæ ралæвар кодтаид мæрдджынæн Зæрдæвæрæн бон уæрыкк, уый иннæ фосдарæг адæмы æхсæн æгадыл нымад уыдис. Æндæр хъæутæм дæр-иу Зæрдæвæрæн бон уæрыкк-лæвæрттæ кодтой. Фысфос кæмæ'нæ уыд, уыдон та æнæуи хуынтæ хастой.

Зæрдæвæрæн цыппæрæмы мæрдджын сысты раджы æмæ сыхæгтæн бамбарын кæны, абон мæ мардæн йæ Зæрдæвæрæны хист кæнын æмæ мæм фæкæсут, зæгъгæ.

Ахæм Зæрдæвæрæны хиетытæ-иу уыдис фыццаг заманы, æмæ дыууæ-æртæ галы æмæ иу дæс æмæ ссæдз (30) уæрыччыы æргæвст кæм æрцыд. Ахæм рæстæг дæр-иу скодта, æмæ-иу бирæ фых дзидзатæ акалдтой — нал бæззыдысты. Æргæвдинæгты куы бакой кæнынц, уæд сыхæгтæ æмæ хъæубæсты хæстæджытæй исчитæ ацæуынц марды ингæны цурмæ. Кæд зæппадзы æвæрд нæ, фæлæ зæххы ныгæд уа, уæд сæвæрынц нæу йæ ингæныл, йæ алфамбылай йын дурæй самайынц, науæд та йыл кæрон скæнынц фæхсытæй, кæнæ хъилтæй. йæ бон кæмæн вæййы, уыдон ныссадзынц дурын цырт йæ ингæны былыл, кæнæ йыл сæвæрынц æфсæйнаг кау. Ингæны уæлæ кæрдæг цъæх куы фæдары, уæд мæрдджынæй æхсызгон вæййы, фæзæгъы, мæ мард дзæнæты цъæх нæууыл цæры, зæгъгæ.

Мæрдджын хъæумæ хонæг арвиты, курын уæ, мæ хъæубæстæ, æмæ абон мæ марды хатырæй уæ хæдзæртты буц куыстытæ ныууадзут æмæ мын мæ мард баныгæнут.

Хъæубæстæ дæр æрцæуынц мардæн рухсаг зæгъынмæ, чысыл уæд æмæ стыр уæд. Кæд къæвда бон уа, уæд мæрдджынтæ, хъæуы цы дзувры кувæндон уа, уырдæм хъæубæсты æрæмбыр-ды размæ куывды бацæуыйц æртæ уæлибæхы, физонæг æмæ нозтимæ. Фæкувынц, фæлæгъстæ кæнынц дзуарæн æмæ боны бардуагæн, цæмæй хорз бон скæна. Кæд æмæ боны æгъдау хисты сцæттæмæ хаттæй-хатт фæхуыздæр уыдаид, уæд-иу фыццаг за-маны æцæг æнхъæл уыдысты, уыцы мард цæттæ рухсаг у, зæгъгæ, ома дзæнæты уыдзæн æмæ ис, уый уымæй бæрæг у, æмæ йæ хисты бон боныхъæд схорз и.

Нæма ныффæлдисынц, афтæмæй чъиритæй, нозтæй, фых дзидзатæй, стæй ноджы хом зæрдæтæ ахæссынц, мард кæм æфснайд вæййы (ингæны кæнæ зæппадзы), уырдæм. Чъиритæ, дзидзатæ æмæ нозт ныффæлдисынц мардæн, зæрдæтæ та баныгæ-нынц ингæны, мардæн йæ сæр чердыгæй вæййы, уыцырдыгæй, арфгомау.

Уый фæстæ хисты адæмы æхсæнмæ рахæссынц, цы хæрд, нозт сцæттæ кодтой, уыдон.

Фæлдыст куы фæвæййынц, уæд, кæмæн æмбæлы, уыдон æрбадын кæнынц, æрæвæрынц сын фынгтæ, фæхсытæ. Кæд фынгтæ æмæ фæхсытæ нæ вæййы, уæд та сæ бæсты æрæвæрынц хъæмп кæнæ фæсал. Æрæвæрынц сын раздæр чъиритæ (уæлибæхгæндтæ), уый фæстæ дзидза æнæхъæн уæнггай.

Мæрдджын, йæ хисты хъуыддатмæ йын чи фæкæсы, уыдонæн бамбарын кæны, цæмæй адæмы æхсæн раарфæ кæной, æргæвдинаг-лæвæрттæ чи ракодта, уыдонæн. Гъемæ, ахæм лæвар чи ракодта, уыдонæц алкæмæ дæр бахæссынц сгуы æмæ нуазæн æмæ йын раарфæ кæнынц мæрдджыны номæй, хисты адæм æй иууылдæр куыд хъусой, афтæ. Хисты адæм дæр сын раарфæ кæнынц, уæ фос уын фосы Фæлвæра сæ хъуыны бæрц бабирæ кæнæд, зæгъгæ.

Уый фæстæ та æрбадынц, лæугæ чи кодта, уыдон. Æртыккаг бадт æркæнынц фæстаг уырдыглæуджытæ.

Устытæн дæр хистæй хай бакæнынц, дзидзатæй дæр æмæ нозтæй дæр. Сабатмзæры цыд дæр акæнынц.

Майрæмыкуадзæны хист. Майрæмыкуадзæны хист вæййы августы 28-æм бон. Уыцы хисты тыххæй мæрдджын бахсиды бæгæны, арахъ рауадзы. Сцæттæ кæны æргæвдинаг, æрæмбырд кæны алы халсар æмæ дыргътæ. Арвиты хъæубæстæм хонæг, цæмæй æрцæуой æмæ йын йæ мардæн рухсаг зæгъой. Хонæг кæмæ нæ бадзура, уый хистмæ æрцæуын йæ сæрмæ нæ фæхæссы.

Адæм куы æрæмбырд вæййынц, уæд хистæртæ бацæуынц, хæрд, нозт кæм æвæрд вæййынц, уырдæм, æмæ сæ ныффæлдисынц, стæй кæмæн фембæлы, уыдон æрбадынц. Æрæвæрынц сын фынгтыл дзултæ, дзидза, цæхх. Æрлæууын кæнынц уырдыглæуджытæ. Æппæты разæй авæрынц хистæрмæ, Уый куы фæсиды рухсаджы тыххæй, уæд алы уырдыглæууæг дæр, кæй уæлхъус лæууы, уыдоны хистæрмæ авæры. Уый дæр уыцы сидты тыххæй фæдзуры, йæ дæлейы чи фæбады, уыдонмæ.

Сывæллæтты акæнынц иуварс æмæ сьщ байуарынц хæйттæ, дыргътæ æмæ адджинæгтæй дзы цы вæййы, уыдонæй дæр.

Мæрдджын æмæ мæрдджьщы хæстæджытæ та, хистмæ цы адæм æрцыдис, уыдонæн уырдыг фæлæууьщц.

Майрæмыкуадзæны хистытæ фылдæр фæкæнынц иумæты, уы-мæн æмæ стыр хистытæ нæ вæййынц.

Майрæмыкуадзæнмæ ма дыууæ къуырийы куы вæййы, уæд бйрæтæ марды тыххæй ком дарын райдайынц. Марды тыххæй ком чи дары, уый фæзоцынц йе 'мгар лæгтæ æмæ устытæ æмæ йæм æрбацæуынц Майрæмыкуадзæны бон райсомæй, цалынмæ хист нæма сцæттæ вæййы, уалынмæ æмæ йын йæ ком суадзын кæнынц.

Устытæ, уыцы бон куы нæ уа, уæддæр дыккаг бонмæ скæнынц алыхуызон хæринæгтæ, лæгты хистæн цы сцæттæ кæнынц, уымæй уæлдай ма дзыккатæ, кастæ æмæ æндæр хæринæгтæ. Æрхоньшц хъæубæеты устытæ æмæ сæ хорз фенынц марды рухсаджы тыххæй.

Майрæмыкуадзæны хистытæ вæййынц тæккæ куысты рæстæджы, мæнæугæрдæнты æмæ хосгæрдæнты, æмæ бирæтæ фегуыст вæййынц.

Фæззæджы хист. Фыццаг рæстæджы мæрдджынтæ марды тыххæй арæзтой фæззæджы хнст. Хъæздыгдæр хæдзар чи уыдаид, уыдон-иу бахсыстой иу-æртыгай-цыппæргай цæджджинæгтæ бæгæны. Алы цæджджинаджы дæр-иу бастыдтой цыппæрдæс меркъайы бæрц хъæбæрхоры зады ссадæй. Арахътæ кодтой дыууиссæдзгай агуайæнтæ, аргæвстой-иу дыгай-æртыгай галтæ, стæй цалдæргай фыстæ.

Чи амæлы, уымæн кæд исты дзауматæ баззайы, уæд бауынаффæ кæнынц, цæмæй йын рауадзой хъузы дугъ. Хист скæнынмæ ма мæй æмæ дыууæ къуырийы куы вæййы, уæд мæрдджынтæ сæ æрвадæлтæм æрбадзурынц æмæ бауынаффæ кæнынц æмхуызонæй, дугъон бæхтæ кæмæ радтой, уый тыххæй. Дугъон бæхтæ лæвæрд цæуынц ахæм æгъдаумæ гæсгæ: марды каистæм иу бæх, иннæ бæх æрвадæлтæй искæмæ, аннæ бæх та æндæр хæстæджытæй искæмæ. Æрвадæлтæм цы бæх æмбæлы, уый дæр фылдæр хатт раттынц æндæр хæстæджытæм.

Дугъон бæхтæ лæвæрд кæмæ вæййынц, уыдонæн кæд сæхимæ нæ уа, уæд бацагурынц æвзаргæ бæхтæ. Бæхты тыххæй алчи дæр сæрмагонд лæг равзары, цæмæй бæхмæ хорз базилой, уый тыххæй. Бæхтæм хорз фæзилынц (æууæрдынц сæ) хъæбæрхорæй. Бæхы хицæн агъуысты бакæнынц æмæ йæм бакæсын дæр никæй фæуадзынц, æрмæстдæр æм чи фæзилы, уый йеддæмæ, ома исчи йын, мыййаг, кæлæн куы скæна, куы йæ фæцæсты кæна, æмæ бæх куы фæрынчын уа, зæгъгæ. Уый тыххæй-иу ыл бакодтой арсы дзæмбы, кæннод та дæсныйы конд чиныг. Дугъон бæхтæ лæвæрд кæмæ вæййы, уыдон сæ бæхтæ февзарынц, алчидæр аивæй, цæмæй йæ бæх йæхи иваза æмæ уайын ахуыр кæна.

Дугъ цы бон уыдзæн, уымæ ма иу дæс боны куы вæййы, уæд бæхтæ лæвæрд кæмæ вæййынц, уыдонмæ мæрдджын арвиты, æрцæут æмæ, дугъы цы дзауматæ æвæрд ис, уыдон байуарут, кæмæн куыд æмбæлы, афтæ, ома схæйттæ сæ кæнут, цас уыдзæн раззагæн, астæуккагæн æмæ фæстагæн. Бæхтæ лæвæрд кæмæ вæййынц, уыдон ма семæ æркæнынц фæйнæ æвдисæн лæджы. Æрæмбырд вæййынц мæрдджыны хæдзармæ. Мæрдджын рахæссы, цы дзауматæ саккаг кодта дугъы тыххæй, уыдон се 'хсæнмæ æмæ фæзæгъы, мæнæ ацы дзауматæ сцæттæ кодтам дугъы тыххæй, æркæсут сæм æмæ зæгъут, кæцæй аккаг у дугъ рауадзын, уый.

Цы лæгтæ æрæмбырд вæййы, уыдон æркæсынц æмæ сæм, кæд дзауматæ бирæ фæкæсынц, уæд дугъ саразынц дарддæрæй. Кæд æмæ сæм цъус фæкæсынц, уæд та йæ саразынц хæстæгдæрæй.

Уый фæстæ райдайынц бæрæг кæнын, кæмæн цас саккаг кæной дзауматæй — раззагæн, астæуккагæн, фæстагæн. Хæйттæ куы сбæлвырд кæнынц, уæд сæ ныффыссынц номхыгъдæй гæххæтты æмæ сæ хибæрттæ бастæй иу ран цæвæрынц дугъы бонмæ. Мæрдджынимæ бауынаффæ кæнынц, хист æмæ дугъ цы бон уыдзысты, уый тыххæй.

Дугъ æмæ хисты бонмæ йæхи зæрдиагæй фæцæттæ кæны мæрдджын, фæлæ, дугъон бæхтæ лæвæрд кæмæ вæййынц, уыдон дæр фыдæбон æмæ фæлхасæй сæхи цух нæ ныууадзынц.

Дугъон бæх лæвæрд кæмæ вæййы, уый, дугъ цы бон уыдзæнис, уый размæ æхсæвмæ рагацау йæхи сцæттæ кæны афтæ: раздæр æрзилы хъæутыл æмæ, хорз саргъы бæхтæ кæмæ вæййы, уыдонæн фæлæгъстæ кæны, цæмæй йын дугъы бонмæ йæ бæхæн хъузон рацæуой, уый тыххæй. Лæгъстæ кæнын-иу æй бирæ бахъуыд, уымæн æмæ хъузон цæуын зын уыдис, амæлынæй фæллойаг уыди лæгæн дæр æмæ бæхæн дæр. Чи-иу сразы ис, уымæн-иу мæрдджын арфæтæ фæкодта. Куы-иу ссардта фаг йæ бæхæн хъузæттæ, хорз бæхтæ æмæ барджытæй, уæд-иу æнхъæл уыдис, мæ бæх фæразæй уыдзæн, зæгъгæ. Хъузæттæ-иу алчи дæр йæ бæхмæ гæсгæ æмбырд кодта. Йæ бæхыл йæ зæрдæ чи дардта, уый-иу хъузон бирæ нæ хъуыдис. Цауддæр бæхæи та фылдæр æмæ хуыздæр хъузæттæ хъуыдис. Ахæм бæхæй-иу æрæмбырд кодтой 30—50 барæджы онг.

Дугъы бæх кæмæ лæвæрд æрцыд, уый-йу æрзылдис хъæутыл кæрчытæагур æмæ-иу самал кодта, алы хъузонæн дæр æнæхъæн карк куыд уыдайд, афтæ. Кæмæ-иу бадзырдта, карйгур дæн, ахæм æхсæв мæм уыдзæн хъузæттæ æмæ уый тыххæй Курын, зæгъгæ, уыдойæй йын-иу «нæ» зæгъый ничи фæрæзта. Цы кæрчитæ æрæмбырд кæны, уыдонимæ ма фыс кæнæ стур аргæвды, бахсйды бæгæны æмæ арахъ, сцæттæ кæны, цы йæ бон вæййы, уйдон иууылдæр. Мæрдджынтæ цы бæгæны бахсидынц, уымæй уыдон дæр ну къуыстилы дзаг барвитынц хъузæттæн.

Дугъы бæх лæвæрд кæмæ вæййы, уый æрзилы, хъузон ын чи цæуинаг у, уыдоныл, æрæмбырд сæ кæны æд бæхтæ йæ хæдзармæ æхсæвы. Ноджы æрбакæны мæрдджынтæй дæр дыууæ лæджы, цæмæй, уыцы марды тыххæй цы хардз кæны, уый феной сæхи цæстытæй.

Куы æрæмбырд вæййынц иууылдæр, уæд сыхæгты хистæр, йæхи хæдзары куы-уа хистæр, уæд та хуыздæр, ныффæлдисы, марды тыххæй цы сцæттæ кодтой хæрдæй, нозтæй, уыдонæй. Фæкувы дауæрттæм дæр æмæ хуыцаумæ дæр, цæмæй райсом дугъы бон иууылдæр — адæмæй, бæхæй æнæ фыдбылызæй æруайой, уый тыххæй.

Хистæр кувын куы райдайы, уæд дугъон бæхы бакæнынц, кæм фæбадынц, уырдæм æмæ йæ кувæгмæ хæстæг æрлæууын кæнынц. Куывд куы фæвæййы, уæд ын ацаходын кæнынц кувæггагæй æмæ йын адарынц нозтæй дæр. Кæд кувыны рæстæджы бæх йæ рахиз раззаг къах раздæр æрæвæра, уæд фæзæгъынц, нæ дугъон кæй фæразæй уыдзæн, уый бæрæг у. Фæкæсыиц кусарты уæны дæр, сæ бæх фæразæй уыдзæн æви нæ, уый базоныны тыххæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы хъуыдытæ æмæ ныхæстæ фылдæр хæттыты сайд рауайынц. Æмбисхæрд куы вæййынц, уæд сын ног æрæвæрынц алы хъузонæн дæр æнæхъæн карк фыхæй йæ разы. Райдайынц уæд уынаффæ кæнын, хъузæттæ цал раны æмæ цалгæйттæ æрлæууой, уый тыххæй. Алы æвæрды дæр саккаг кæнынц дыууæ барæджы. Иу, дугъоны чи райсдзæнис, уый, иннæ та йын хъуамæ «гъæй» кæна. Хъузæттæ бирæ куы вæййынц, уæд кæрæдзимæ хæстæг æвæрд æрцæуынц, къаддæр куы уой, уæд та — дарддæр. Алы хъузонæн дæр базонын кæнынц йæ быууат. Æцæг, барджытæ æмæ бæхтæй чи куыд хуыздæр вæййы, афтæ æвæрд æрцæуынц зындæр рæтты.

Мæрдджын барæг сбадын кæны æмæ йæ арвиты, дугъон бæхтæ лæвæрд кæмæ сты, уыдонмæ, цæмæй æрбакæной сæ дугъонты. Ноджыдæр барджытæ арвиты æндæр хъæутæм, цæмæй адæм æрцæуой хистмæ.

Хист кæм вæййы, уырдæм æрæмбырд вæййынц, цы адæммæ арвитынц хонæг, уыдон дæр æмæ дугъæттæ дæр. Хъузæттæй алчи дæр, йе 'вæрд кæм вæййы, уырдæм ацæуы æмæ уым фæлæууы, цалынмæ, хъузон кæмæн лæууы, уый бæх уырдæм агайгæйæ æрбахæццæ уа, уалынмæ.

Иууылдæр куы æрæмбырд вæййынц, уæд дзагты цурмæ бакæнынц дугъон бæхты, сæ хъуыртыл сын бакæнынц цæвдар (цикъæ) хъуымацæй фæйнæ адылийы бæрц, се 'мгæрæтты сын ауайæг нæ фæуадзынц кæлæнæй тæрсгæйæ, ома дугъонæн исчи кæлæн куы скæна, уæд фæсте баззайдзæн, зæгъгæ.

Дугъæтты алчи дæр, йæ хъæуы цы дзуар вæййы, уырдæм куывды бакæны чъиритæ æмæ нозтимæ, цæмæй æнæ фыдбылызæй æруайа æмæ фæразæй уа, уый тыххæй.

Дзагтæ (бæгæныйы гарзтæ æмæ дзидзатæ) кæм вæййынц, уырдæм куы бацæуынц дугъæттæ, уæд хистæртæ сæ цурмæ бацæуынц. Скувыны тыххæй сæм раттынц дынджыр бæгæныйы куыситæ. Хистæртæ скувынц, цæмæй дугъæттæ дæр æмæ хъузæттæ дæр дзæбæх, æнæ фыдбылызæй æруайой. Дугъæттæн ацахог дын кæнынц, æмæ уый фæстæ уыдон араст вæййьшц, кæцæй сæ саккаг кодтой, уырдæм. Семæ сын арвитынц рæстгæнæг барджытæ мæрдджынты хæстæджытæй, æнæхæрам уад куыд ракæной, уый тыххæй. Хъуамæ сæ искæцы хъæуы иу хæстæгмæ саразой, цæмæй уым иучысыл афæстиат уой. Уыцы хæстæг дæр, йæ бон цы вæййы, уый сцæттæ кæны æмæ сын скувы, цæмæй дзæбæх æнæмастæй æруайой. Уый фæстæ ацæуынц се 'вæрдмæ. Кæд æвзæр бон уа, уæд хисты адæмæй исчитæ дзуармæ куывды бацæуынц, цæмæй хорз бон скæна æмæ дугъон бæхтæн мацы уа уайгæ-уайын.

Дугъмæ адæм фæкæсынц иууылдæр. Бæстыхайæ æддæмæ рацæуынæн чи уа, уыдонæй сæм æнæракæсгæ ничи фæвæййы.

Хъузæттæй дæр алчи йæ бæх февзары, дугъон мæм куы æрбахæццæ уа, уæд æй куыд райсдзынæн, æмæ йæ куыд ахæсдзынæн рæвдз, зæгъгæ, цæмæй разæй фæуа, уый тыххæй.

Хъузы дугъы тыххæй къаддæр-уæддæр æрæмбырд вæййы 200—300 барæджы æмæ фæлæууынц, дугъæттæ цы фæндæгтыл уайдзысты, уыцы фæндæгтыл.

Уæлдæр ма йæ загътон: дзауматæ цас фылдæр вæййынц, уыйбæрц дугъ дарддæрæй вæййы. Уымæ гæсгæ-иу хохы кæмтты хъузы дугъ бирæ хæттыты уыдис дыууæ зылды, æмæ-иу хъузæттæ дæр дыккаг хæттыты æрлæууыдысты сæ фыццаг лæууæнты. Науæд та-иу уыдис хъузы дугъ хæрдмæ, уымæн æмæ, уæлæуæз чи цардис, уымæн æнæ афтæ хос нæ уыд.

Дугъæттæ æмхуызон куы æрлæууынц æмæ сын рæетгæнæг дзырд куы ратты уайынæн, уæд сæ бæхтæ фезмæлын кæнынц æмхуызонæй дæр æмæ ауайынц. Кæд дзы исчи фæкъуылымпы уа, уæд иннæтæ дæр бауромынц æмæ ног æрлæууынц, иумæ куыд ауайой, афтæ. Хъузон йæ дугъоны куыддæриддæр йе 'мбал хъузонмæ бахæццæ кæны, афтæ йæ уымæ авæры, æмæ та йæ уый дæр бахæццæ кæны иннæ æвæрдмæ. Дыккаг барæг та дугъоныл фæсте хъæр фæкæны, тагъддæр цæмæй уайа, уый тыххæй. Кæд хъузон дæр æмæ дугъон дæр рæвдз нæ уайой, уæд сæ фæсте хъæримæ цæвгæ дæр фæкæны ехсæй. Дугъоны чи фæхæссы, уый хаттæй-хатт ахæм хорз бæх вæййы æмæ хохы уыцы уырдгуыты, хæрдты æмæ тæссæртты дæр йæ уадыл цæст нæ фæхæцы.

Дугъон фæсте цы хъузоны тыххæй баззайа, ууыл, стæй, кæй къухæй феуæгъд уа, ууыл адæм тынг фæхудынц. Уымæ гæсгæ алы хъузон дæр йæхи фæхъары, цæмæй йæ дугъоны фæсте ма ныууадза æмæ йын ма аирвæза йæ къухæй. Куы йæ фæразæй кæна йе 'вæрды мидæг, уæд та йын кад у.

Хæхбæсты фæндæгтæ нарæг сты, æмæ хъузæттæ кæм ихыл, кæм салд зæххыл алы хатт æнæ.фæкæлгæйæ, æнæ ахаугæйæ нæ аирвæзынц. Хъузæттæй йæ бæх дзыхъмард кæмæн фæцис, ахæмтæ дæр уыди. Бирæ хæттыты хъузонæн йæ цонг асæтты, бæх фæкæлгæйæ куы ахауы, уæд. Æвзæр бон куы уа, уæд дугъæттæй исчи мард дæр фæвæййы, ахæм хъуыддæгтæ æрцыдтытæ кодта. Уæд, дугъон бæх цы хъузоны къухы фæмард уа, уый йын хъуамæ рафтауа йæ идон æмæ йæ бахæсса хисты дзаджы уæлхъусмæ. Æцæг ын æндæр хъузонмæ раттæн нæй.

Мард цы дугъон фæцис, уый идон кæд разæй бахæсса, уæд ын бакæнынц раззаджы хай. Кæд астæуæй, уæд та астæуккаджы хай. Уый уый тыххæй æмæ, дам, дугъон куынæ фæмард уыдаид, уæддæр афтæ æрбацыдаид, идон хæссæджы æмуад кодтаад, кæд æмæ дугъон айрвæзтаид иннæ дугъоцы хъузæттæй искæй аххосæй æмæ баззадаид фæсте, уæд-иу схъаугъа кодтой, кæй аххосæй аирвæзт дугъон, уыимæ-иу тынг фæхылтæ сты. Науæд та-иу дыууæ дугъоны ног рауагътой, æмхуызон лæппутæ сыл-иу сæвæрдтой, афтæмæй. Æмæ-иу уæд, цы хайыл быцæу кодтой, уый лæвæрд æрцыд, разæй чи фæцадаид, уымæн.

Кæд каисты бæх фæразæй уыдаид, уæд-иу адæм загътой, мард йæ каисты фылдæр уарзта æмæ сын сæ бæх фæразæй кодта. Кæд иннæ хæстæджытæй искæй бæх уыдаид, уæд-иу уыцы хæстæг йæхицæй ныббуц ис, ома, уæлæуыл дæр мах иннæ хæс-тæджытæй фылдæр уарзта æмæ та нын мæрдтырдыгæй дæр баххуыс кодта.

Бæхы хицаумæ алчи дæр фæцæуы, æмæ йын фæарфæтæ кæны, кæддæриддæр дæ бæх афтæ фыццаг кæнæд, зæгъгæ. Фæсте кæмæн баззайынц, уыдонæн та фæарфæ кæнынц, ацы хатт дæ бæх фæфыццаг уæд, зæгъгæ.

Хистмæ æрæмбырд вæййынц хъæубæсты адæм иууылдæр. Стæй, хъузон чи уыдис, уыдон дæр. Хъæубæстæ кæстæриуæг фæкæнынц, сбадын кæнынц, æндæр хъæутæй чи æрцыдис, уыдоны се 'ппæты дæр.

Хъузон чи уыдис барджытæй, уыдон сбадынц хибарæй, алы бæхы хъузæттæ дæр хицæн къордæй. Куы сæ æрбадын кæнынц, уæд сын æрæвæрынц дзултæ, дзидза, стæй нозт.

Хистæртæ æрбасидынц æмæ раарфæ кæнынц мæрдджынæн æмæ хъæубæстæн. Хъæубæстæй бар лæвæрд кæмæ вæййы хисты хъуыддагмæ кæсыны тыххæй, уыдон дæр галы сгуытимæ бацæуынц æмæ раарфæ кæнынц æндæр хъæубæсты адæмæн. Бахæссынц арфæйы сгуытæ æмæ нуазæнтæ алы хицæн бадтгæнджытæн дæр хъузæттæй. Уæлдай арфæтæ фæкæнынц, кæй бæх фæразæй вæййы, уымæн.

Кæй бæх фæразæй вæййы, уый йæ хъузæтты йемæ акæны уыцы æмбырдæй æмæ та сæ дзыхъынног хорз фены.

Уый фæстæ ма кæд бон вæййы уæд хорз, кæннод дæр райсомæй байуарынц, хъæубæстæй кæмæй цы дзауматæ æрхæссынц, уыдон, куыд ницы дзыфесæфа, афтæ. Фæлæ дзы æнæ фесæфгæ дæр цы хос вæййы, æмæ сæ уæд хаттæй-хатт мæрдджын бафиды.

Дыккаг, кæнæ æртыккаг бон æрцæуынц дугъон бæхты хицæуттæ, æмæ сæ алчи дæр йæ хæйттæ ахæссы.

Ирон адæммæ уыцы хорздзинад ис, æмæ дугъы бон хъузон чи уа, уьмæн йæ бæх куы амæла, уæд ын хисты мидæг æрæмбырд кæнынц йæ бæхы аргъ æхца, нæ йæ ауадзынц тынг æнкъардæй йæ хæдзармæ. Марды хатырæй чи фæдæтты 3 сомы, чи 2 сомы, чи 1 сом кæнæ 50 капеччы.

Афæдзыхист. Саударæг усы хист. Фæззæджы стыр хист чи не скæны, уыдон та скæнынц афæдзы хистытæ. Æцæг афæдзы хисты хæрдзтæ бирæ къаддæр вæййынц.

Сау цы ус æмæ хотæ фæдарынц, уыдон дæр афæдзы бон цæвæрынц се 'лхынцъытæ, раласынц сæ саутæ. Уыцы æлхынцъытæ æвæрæггаг æмæ саутæ ласæггаг сæ бон цæйбæрц вæййы, уыйбæрц хист скæнынц.

Фæлæ бирæ саударæг ус йæхи уды амалæй, бинонты ницæмæй батыхсын кæнгæйæ, йæ саутæ ласыны бон скæны стыр хист.

Уый тыххæй фæкæны тынтæ, нымæттæ æмæ сæ фæуæй кæны. Уыцы æхца йын фылдæр цæмæй бауой, ууыл йæхи фæхъары æмæ курæг дæр ацæуы. Саударæг ус бацæттæ кæны, цы йæ бон вæййы, уый æмæ бауынаффæ кæны, кæцы хъæумæ фæцæуа курæг. Хуыздæр ын кæм ралæвар кæндзысты марды хатырæй истытæ, уый куы сбæлвырд кæны, уæд, цы сцæттæ кодта, уыдон фæхæссы уыцы хъæумæ. Уым, йæ зæрдæ хуыздæр цы хæстæгыл фæдары, ахæмæн бамбарын кæны, курæг æрцыдтæн ацы хъæумæ мæ марды тыххæй, мæ фысым та ды дæ, зæгъгæ.

Саударæг ус фысыммæ кæмæ бацæуы, уый ахъуыды кæны æмæ, адæм кæцы бон æмæ сахатыл хуыздæр æрæмбырд уыдзысты, уæдмæ æрцæттæ кæнынц, саударæг цы нозт, цы хæрдимæ æрбацыд, уыдон. Кæд æмæ хорз фысым фæуа, уæд ма йæхяцæй дæр истытæ бахардз кæны, цæмæй фылдæр адæм æрæмбырд уа æмæ фылдæр ралæвар кæной, уый тыххæй. Хаттæй-хатт йæхæдæг дæр исты аргæвды, сидзæргæс саударæг ус мæм кæм æрфысым кодта йæ марды тыххæй, уым æй хъуамæ рæвдыдæй арвитон æмæ йын хъæубæстæ исты лæвар ракæной, зæгъгæ. Фысым ацæуы хонæг, хъæубæстæй йæ зæрдæ кæуыл фæдары уыцы хæдзæрдтæм. Бацæуы хæдзары хицаумæ æмæ йын фæзæгъы, ахæм саударæг сидзæргæс ус мæм йæ марды тыххæй курæг æрфысым кодта, æмæ дыл мæ зæрдæ дарын: мæ уазæджы тыххæй мæ хæдзары иугыццыл абаддзынæ. Хонæг цы хæдзары хицаумæ бацæуы, уый ахъуыды кæны æмæ йын кæд амал вæййы, уæд фæзæгъы, дæу хатырæй æз цыдæриддæр бакæндзынæн, цæугæ куынæ ныккæнон, уæддæр мæ лæвары хай ракæндзынæн, зæгъгæ.

Хуынд адæм æрæмбырд вæййынц саударæг усы фысыммæ. Хистæрæн дзы чи фæбады, уый, иууылдæр æй куыд бамбарой, афтæ раздæр фæзæгъы, мæнæ ахæм ныхæсты хуызæн исты: æз ацы саударæг усæн йæ марды тыххæй лæвар кæнын мæнæуы голлаг йæ тæккæ дзагæй (кæннод та хъæбæрхоры дыууæ голладжы). Уый фæстæ алчи дæр, чи куыд хистæр уа, афтæ фæзæгъы йæ лæвар, кæмæн цы йæ бон вæййы, уый. Фысым уый фæстæ бон райдайы зилын, чи цы лæвар загъта, уыдон æрæмбырд кæныныл. Саударæг усæн лæвар нæ раттын ирон адæммæ худинаг у.

Саударæг ус цы хортæ æмæ æндæр лæвæрттæ æрæмбырд кæны, уыдон æхца скæны æмæ, афæдзы бон йæ саутæ куы раласы, уæд уыцы æхцатæй йæ мардæн скæны хист.

Бирæ сидзæргæсæн йæ сывæллæттæ æххормаг, бæгънæг вæййынц, уæддæр стыр хистытæ фæкæны.

Ирон адæм марды рухсаджы тыххæй хисты бон бирæ хæттыты фæцаразынц æмæ скæнынц, адæмæн уæлдай фылдæр æххуыс чи фæуыдзæн, ахæм хидтæ, адæм доны цæмæй нæ уайой, уый тыххæй. Фæкæнынц фæндæгтæ дæр. Тынгдæр хæхбæсты, уæлдайдæр хосласæн фæндæгтæ æвзæр кæм сты, уыцы рæтты. Цы хидтæ æмæ фæндæгтæ скæнынц марды рухсаджы тыххæй, уыдоны цур ныссадзынц дурын цыртытæ æмæ сыл ныффыссынц, ахæм марды номыл конд уыдысты, зæгъгæ.

Бекыза Макарович Каргиев "Осетинские обряды и обычаи", Владикавказ "Рухс", 1991.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru