поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
бонусы от Winlink  
 
ÆХСАРÆЙ ÆРХАЙЫНЫ ДУГ
Автор: 00mN1ck / 23 июня 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ
Ирон адæм уырысы паддзахы къухы куы нæма уыдысты, уæд алы мыггаджы дæр хъуыди хи хъахъæнынæн амæлттæ кæнын. Æмæ йæ цæмæй иннæ мыггæгтæй мачи хъыгдардтаид, уый тыххæй арæзта йæхицæн фидæрттæ (гæнæхтæ, мæсгуытæ). Уыцы рæстæджы адæм цардысты зæххы æмæ фос дарыны куыстæй. Хæдзары тыхджындæр кусæгыл нымад уыди нæлгоймаг. Адæмы æхсæн та хицаудзинад æвæрд нæ уыдис, æмæ-иу тыхджындæр мыггаг æнæхъарудæрты зæххытæ кæнæ фос тыхæй байсын сфæнд кодта. Дыууæ мыггаджы-иу хæст самадтой: иутæ исгæ кодтой, иннæтæ та сæ фос нæ лæвæрдтой, æмæ-иу афтæмæй кæрæдзийæ лæгтæ амардтой. Алы мыггаг дæр йæхи дæлæмæ нæ уагъта, æгадæй тарсти, æмæ-иу уымæ гæсгæ æхсары къæдзыл ныххæцыдысты. Уымæ гæсгæ туг исыны æгъдау адæмы æхсæн тынг ныффидар.

Чи-иу фæтуджджын, уый-иу йæ тыхыл йæ. зæрдæ куынæ дардта, уæд, лæг цы мыггагæй амардтон, уыдон мæ æнцад цæрын нæ ныууадздзысты, зæгъгæ, æхсæвыгон йæ бинонтимæ æндæр хъæумæ, науæд æндæр коммæ алыгъд. Ахæм туджджынтæ дæр-иу фæцис, æмæ Хуссар Ирыстонæй Цæгат Ирыстонмæ чи алыгъд, йе Цæгатæй Хуссармæ, цæмæй йæ йæ туджджынтæ мауал ссарой.

Фæхылтæ æмæ-иу фæтуджджынтæ сты хуымты, уыгæрдæнты, цæхæрадæтты, арæнты, фосы знаггад, сывæллæтты фæхыл, чызгыскъæфт, давын æмæ æндæр ахæмты тыххæй.

Дыууæ мыггаджы-иу куы фæхыл сты, уæд-иу кæрæдзийы топпæй æхсын райдыдтой. Алчи дæр афтæ хъуыды кодта, æз хъуамæ фæлæгдæр уон æмæ фылдæр амарон, зæгъгæ.

Цы адæмы æхсæн-иу фæхыл сты, уыдон сæ бæргæ иргъæвтой, фæлæ коммæ кæм кастысты! Æрмæстдæр-иу сылгоймæгтæ се 'хсæн куы бацыдысты, уæд хъуамæ дыууæрдыгæй дæр ныууагътаиккой уыцы сахат сæ лæбурын. Лæбурæг лæгыл сылгоймаг куы ныххæца, йе йæ кæлмæрзæн куы сиса, уæд ма афтæмæй чи лæбура, уымæн худинаг у. Сылгоймагæн ахæм кад ис ирон адæмы æхсæн.

Дыууæ мыггаджы фæхылы рæстæг дыууæрдыгæй дæр фæй-нæ иу марды куы æрцæуы, уæд адæм уыцы бон æрæмбырд вæййынц æмæ дыууæ мыггагæй хатыр фæкурынц, цæмæй бафидауой æмæ дзырд радтой, дарддæр се 'хсæн фыдбылыз куыднæуал æрцæуа, уый тыххæй. Кæд дзы исчи йæхи рæстæй æфхæрд фæхоны, уæд уый нæ фæдæтты дзуапп, фæзæгъы, мах æфхæрды бынаты стæм æмæ нæ бон нæу бафидауын. Дзуапп уый тыххæй нæ фæдæттынц, æмæ, сæхи цас æфхæрд фæхонынц, уыйбæрц ма сæ хæс райсынмæ фæхъавынц се знæгтæй.

Фæхылы мидæг дыууæрдыгæй дæр æрмæст фæйнæ иу лæджы марды куы вæййы, уæд уыцы мыггæгты æрбакæнынц хъæуы астæумæ æмæ сын сæ кæрæдзимæ къухтæ раттын кæнынц. Уый фæстæ алы мыггаг дæр, цы «лæг амардтой, уый марды уæлхъусмæ бацæуынц кæугæ æмæ йæ цуры бирæ фæкæуынц. Уый фæстæ ахæссынц мæрдты æмæ сæ баныгæнынц, куыд æмбæлы, афтæ. Уæвгæ сæ кæд уыцы бон бафидауын кæнынц, уæддæр кæрæдзимæ хæрам фæдарынц.

Уыцы бон фидыд истæй тыххæй куы нæ æрцæуа, дзырдæн зæгъæм, мард чи фæцис, уымæн йæ хæстæгдæр æфсымæртæ кæнæ æндæр исчитæ уыцы бон уым куы нæ уой æмæ бафидауынæн куы ницы амал уа, уæд адæм дыууæ туджджын мыггагæн фидæрттæ сæвæрынц æндæр мыггæгтæй. Кæд стыр мыггæгтæ уой, уæд дыгай мыггæгтæ, цæмæй сæ хъахъæной æмæ дарддæр се 'хсæн фыдбылыз мауал æрцæуа. Алы туджджын дæр, цы фидары мыггæгтæ йын сæвæрдтой адæм, уыдонæн дзырд ратты, цы бонмæ сæмгъуыд кодтой, уæдмæ адæмы æмæ уыцы мыггæгты æфсæрмæй йæ сæрмæ кæй не 'рхæсдзæнис дарддæр фыдбылыз скæнын.

Се 'мгъуыд куы æрцæуы, уæд та адæм æрæмбырд вæййынц æмæ сæ фæкурынц дзуапп дыууæрдыгæй дæр, цæмæй бафидауой, уый тыххæй. Кæд дзуапп радтой, уæд равзарынц тæрхоны лæгтæ дыууæрдыгæй дæр.

Адæм дыууæ мыггагæй зылындæр кæй фæхонынц, уымæн раттынц дыууæ лæджы равзарыны бар, æнаххосдæр чи вæййы, уымæн та — æртæ. Дыууæ мыггаджы сæ тæрхоны лæгтæм æууæнк раттынц, цы тæрхон скæной, ууыл кæй сразы уыдзысты, уый тыххæй.

Тæрхоны лæгтæ æркæсынц, æмæ, кæд мæрдтæй исчи уæлдай цæф вæййы, уæд уый фæхонынц æфхæрддæр, ома мард дыууæ цæфы куы уа хъамайæ, иннæ мард та æртæ цæфы, уæд, æртæ цæфы чи уа, уый тынгдæр æфхæрд фæхонынц. Æмæ аххосæй та уыдоны аххос куы уа, уæд ын уæлдай тæрхон нал скæнынц. Кæд æмæ, фылдæр цæфтæ чи уа, уый аххос нæ уа, уæд ма иннæ мыггаг уымæн исты куыд бафидой, афтæ бауынаффæ кæнынц.

Цалынмæ сæ фидауын фæкæнынц, уалынмæ алы мыггагæн дæр базонын кæнынц, чи кæцы фæндагыл хъуамæ цæуа кусын-мæ, уый, цæмæй кæрæдзиуыл ма æмбæлой æмæ дарддæр фыдбылыз ма скæной.

Фæхылы мидæг-иу лæг чи амардта, уый-иу алыгъдис æмæ искæй уазæг йæхи бакодта, йæ бинонтæн дæр нæ бамбарын кодтаид, афтæмæй. Мард кæй лæг фæцис, уыдон та-иу зылдысты уыцы сахатыл, кæд, нæ лæджы нын чи амардта, уыдонæй искæуыл амбæликкам æмæ нæ туг райсиккам, зæгъгæ. Æмæ-иу куы ссардтой искæй, мардæн дæр æмæ фæхылæн дæр чи ницы зыдта, ахæмы дæр, уæд-иу уый амардтой æмæ-иу сæ сины сæртыл ныххæцыдысты, мах уайтагъд нæ туг райстам, зæгъгæ.

Æдзæсгом тугнсджытæ куы уыдысты, уæд-иу гыццыл лæппу дæр ацардтой, науæд зæронд лæг дæр. Уæддæр ома айхъуыса, ахæм мыггаджы фæсивæд уайтагъд сæ туг райстой, зæгъгæ.

Хыл æмæ марды хабар чи нæ фехъуыста, туг райсынмæ ахæм лæг амарын, гыццыл лæппу кæнæ зæронд лæг амарын адæм æгадыл нымадтой. Уымæ гæсгæ-иу тæрхоны лæгтæ дæр ахæм хъуыддагмæ лыстæгдæр кастысты, адæм ныл ма фæхудой, зæгъгæ.

Кæй къухы-иу нæ бафтыди туг райсын хылы бон, уыдон-иу æнæхъæн мыггагæй дæр сæхи æгады бынаты цæвæрдтой, нæ туг райсын нæ бафæрæзтам, зæгъгæ.

Лæг-иу чи амардта, уыцы мыггаг æмæ бинонтæ сæхи хъахъæдтой. Гæнæн æмæ амал цас уыдис, уыйас-иу сæхи не 'вдыстой сæ туджджынтæм, æфсæрмы кодтой, зылыны бынаты стæм, зæгъгæ.

Лæг кæмæй фæмард, уыцы мыггаг кæд æдзæсгом мыггаг уыдаиккой, уæд куыстмæ нæ уагътой лæгмар мыггаджы. Æмæ уыцы хъуыддæгтæ сæрдыгон куы æрцыдаиккой тæккæ куысты рæстæджы, уæд-иу адæм курæг бацыдысты уыцы мыггагмæ, сæ фæллæйттæ æфснайы.нæн сын фæндаг радтут, зæгъгæ. Уæд-иу адæмы хатырæй фæндаг радтой мыггагæн, фæлæ уæддæр марæджы хæдзары фæллæйттæ кусын нæ уагътой, цæмæй се знаг тыхстаид æмæ æдыхдæр кодтаид, ома йемæ хæцын æнцондæр у, зæгъгæ. Уæд-иу адæм æрбамбырд сты æмæ сæ-иу зиуæй бакуыстой.

Чи фæмард, уый æфсымæртæ æмæ мыггаг-иу хæлттæ дæр сæппæрстой, кæй хал схаудаид, туг уый куыд райса, афтæ. Уый, гæнæн æмæ амал цæмæй уа, уымæй хъуамæ амардтаид лæгма рæн йæхи, науæд та йæ хæстæгдæр æфсымæртæй, йе сæ мыгга джы хуыздæры. Æмæ цалынмæ йæ туг райстаид, уалынмæ æп пындæр хæдзармæ чи нал цыдис, ахæмтæ дæр уыдис. Размæ-иу бабадти, кæй не 'мбæлдис, ахæм лæгты дæр-иу фехстытæ кодта Бирæ хæттыты-иу тугисæг йæхæдæг фæмард размæ бадгæйæ. Бирæ æнæзонд тугисæг-иу йæхи нæ даста, цалынмæ ме 'фсымæры туг райсон, уалынмæ мын худинаг у, зæгъгæ. Топп-иу йе уæхскæй дæлæмæ нæ иста.

Туджджыны тыххæй сылгоймаджы ничи хъыгдардта, уымæн: æмæ сылгоймагмæ дзыхæй сдзурын дæр худинаг у ирон адæмы æхсæн. Æцæг-иу дыууæ туджджыны. устытæ кæрæдзимæ нæ дзырдтой, куы-иу сæмбæлдысты искуы мæрддзыгойы, уæд.

Лæг чи амардта, уый-иу æрцардис æндæр хъæуы искæмæ, йæхи-иу уый уазæг бакодта. Лæгмар йæхи цы хæдзары уазæг бакодтаид, уыдон-иу æй хъахъхъæдтой. Кусынмæ цæуын æй нæ уагътой. Лæгмар искуыдæм куы цыдаид, уæд фысым цыдис йемæ æд гæрзтæ, туг райсыныл чи зилы, уый сыл искуы куы сæмбæла, уæд хъуамæ бахъахъхъæна йæ уазæджы, зæгъгæ.

Бекыза Макарович Каргиев "Осетинские обряды и обычаи", Владикавказ "Рухс", 1991.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru