ÆРВДЗАВД |
Автор: 00mN1ck / 7 июля 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ |
Арв тынг куы фæнæры, уæд ирон адæмæй бирæтæ фæкувынц, цæмæй макæй ныццæва. Арв куы ныццæвы искæй æмæ дзы адæймаг куы фæмард вæййы, уæд ыл кæугæ нæ фæкæнынц, фæлæ йæ кæстæджытæ æмæ йæ хæлæрттæ æрвдзавды сисынц æмæ йæ цоппай фæкæнынд, алыхуызон зарджытæ кæнгæ.
Цы ран фæмард вæййы, уыцы ранмæ адæм æрæмбырд вæййынц, фæхæссынц чъиритæ æмæ фæкувынц хуыцаумæ, цæмæй, цы адæм ма баззадис, уыдоны хорзыл ауда. Арвы цæфæй чи амæлы, уый, ныгæнгæ нæ фæкæнынц, фæлæ йын саразынц зæппадз æмæ йæ уым цæвæрынц.
Æрвдзавдæн йæ мыггаг фæстагмæ райдайынц уыцы зæппадзмæ куывды цæуын. Алы аз дæр, æрвдзæф цы бон фæцæф ис, уыцы бон уыцы бынаты куывд скæнынц. Кæд хъæумæ дард вæййы, уæд æм куывды ацæуы алы хæдзарæй дæр иу лæг.
Бекыза Макарович Каргиев "Осетинские обряды и обычаи", Владикавказ "Рухс", 1991.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |