поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
УАЗÆДЖЫ ÆГЪДÆУТТÆ
Автор: 00mN1ck / 9 июля 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ
Ирон адæммæ уазæг фыццаг заманы тынг кадджын уыди. Фæлæ ирæттæ дард бæстæтæм æфтын куы байдыдтой, уæд федтой, лæвар кæй никуы ницы дæттынц, уый. Ахæмтæй фæстæмæ ирмæ чи æрбацыдис, уыдон уазæджы æгъдæуттыл къаддæр хæцын байдыдтой, уымæ гæсгæ ныр ирмæ уазæг афтæ буц нал у. Æцæг, хæхты цы ир цæрынц, уыдонмæ ма уæддæр кадджындæр у, иуæй-иу рæтты та ма, зæгъæн ис, тынг кадджын.

Фыццаг заманы-иу уынгты æндæр хъæуккаг, йе æндæр коймаг куы фæцæйцыдаид, уæд иу ыл чи сæмбæлд, уый йын хъуамæ загътаид, фысым бакæ, зæгъгæ, æмæ хæдзар цæмæй цæттæ уыдис, уымæй-иу æй хъуамæ хорз федтаиккой. Бинонтæ æххормаг куы уыдаиккой, уæддæр хъуамæ уазæджы фæхынцтаиккой, цæмæй афтæ ма зæгъа, уыцы хъæуы, уыцы комы, уыцы сыхы адæм уазæгуарзон не сты, зæгъгæ.

Хæдзармæ дыууæ-æртæ уазæджы куы бацыдаид, æхсæв ацы ран хъуамæ баззайæм, зæгъгæ, уæд сыи фысым хъуамæ акодтаид кусарт. Кæд йæхимæ фыстæ нæ уыдаид, уæддæр сыхагæй, йе хъæуккагæй балхæдтаид. Æкца йæм куынæ уыдаид, уæд бæтгæмæ дæр райстаид. Фосдарæг лæг дæр-иу куы базыдта, фыс кæнæ уæрыкк уазджытæн æлхæны, уый, уæд ын-иу æй асламдæрыл радта уазæджы сбуц кæнын хъæуы, зæгъгæ.

Фысым кусарт акæны, уазджытæ та уазæгдоны фæбадынц, фысымты хистæр сæ уæле, афтæмæй. Кæд уазджытæ зæрокд лæгтæ нæ уой, уæд сын саразынц хъазт. Цалынмæ кафгæ кæнынц, уалынмæ æхсæвæр дæр сцæттæ вæййы, æмæ уæд хъазт бауромынц, æхсæвæр сын бахæрын кæнынц. Хъуамæ сæ уæле бада фысымтæй исчи, кæстæр куы уа, уæддæр. Уымæн æмæ, кæцы хъæуы æмæ хæдзары цы æгъдау ис, уый уазæг хъуамæ'ма зона, æмæ уæд фефсæрмы уыдзæни. Уазджытæн буцдæрæн рахæссынц кусарты сæр æмæ бæрзæй. Фыс кæнæ уæрыкк куы уа, уæд ма чъапæ æмæ игæры карст дæр: уыдон ирмæ кадджын сты. Сæр бæрзæимæ куы рахæссынц, уæд уазæг базоны, мæ фысым мын кусарт акодта, ома тынг мæ сбуц кодта.

Уазджытæ æхсæвæр куы бахæрынц, уæд сын бакæнынц, куыд гæнæн æмæ амал вæййы, афтæмæй сыгъдæг хуыссæнтæ. Хъуамæ уазджытæн сæ дзабыртæ æмæ сæ зæнгæйттæ раласой фысымты кæстæртæ.

Кæд уазджытæм бæхтæ уа, уæд сын фысымтæ раздæр нæмыг раттынц, стæй сын, æнæуи цы холлаг хъæуа, уый цæвæрдзысты æмæ сæ бафснайдзысты, куыд æмбæлы, афтæ. Уыдонмæ дæр хорз базилынц. (Дзырдæн куы баззадис, уазæгæн йæхицæн мацы ратт, уæддæр ын 'йæ бæхы бафсад, уымæн æмæ уый дзурын нæ зоны, афтæмæй йын кæд дойны у, йе æххормаг). Райсом куы сбон вæййы, уæд та фысым бæхтæм базилы, цалынмæ уазджытæ сыстой, уалынмæ.

Ирон хæдзары уазджытæ куы уа æмæ райсомæй раджы куыстой, уæд уый худинаг кæсы фысыммæ, æмæ фæзæгъы, уазæг хъуамæ бирæ хуысса, зæгъгæ. Раджы та фесты, уый æгад фæкæсы фысыммæ. Куы та сыстынц уазджытæ, уæд та сын сцæттæ кæнынц, цы сæ амал вæййы, уый, æмæ сæ хорз фенынц. Хъуамæ изæрырдæммæ ахæццæ вæййы сæ ацыд. Фысымтæй иу искæмæн нæй куыстмæ ацæуæн, цыфæнды æнæвдæлон уа, уæддæр. Йæ уазджытæ цалынмæ ацæуой, уалынмæ сæ хъуамæ уæгъд ма ныууадза. Иунæг куы уа, уæд дæр хъуамæ уазджытæн кæрæй-кæронмæ афтæ æгъдау радта. Кæд æнахуыр уазджытæ уой (дардбæстаг), уæд сæ хъуамæ сæ фысым хæстæгдæр хъæумæ ахæццæ кæна, цæмæй ма фæрæдийой, стæй сæ æфхæргæ дæр мачи бакæна. Уымæн æмæ-иу тыхгæнджытæ, кæй нæ зыдтой, ууыл нæ ауæрстой æфхæрынæй, æмæ, кæй уазджытæ æрцыдаиккой æфхæрд, уый-иу уыдис æгад, йæ уазджыты йын бастыгътой, зæгъгæ. Уьщы æгад йæ сæрмæ куыд ничи хаста, уымæ гæсгæ уазæджы дзæбæхæй фæхæццæ кæнын хуыздæр уыдис.

Искæмæ уазæг куы уыдаид æмæ йæм исчи йе лæбургæ куы кодтаид, йе йæм хæдгæ куы кодтаид, уæд-иу фысым уыимæ загъд кодта, цæмæн уæндыс ды мæ уазæджы æфхæрын, зæгъгæ. йæ уазæджы сæрыл лæгтæ чи амардта, стыр зæгьдтытæ чи скодта, ахæмтæ бирæ уыдис.

Уазæг афтæ кадджын уыд ирон адæммæ, æмæ-иу хъæубæсты иу хæдзармæ уазæг куы бацыд, уæд-иу сыхбæстæ радыгай хоиæг цыдысты уазæгмæ, мæ хæдзары дæр абад, зæгъгæ. Æмæ-иу æй сыхбæстæ рахон-бахон кодтой хæдзари-хæдзар.

Уазæг уæлдай кадджындæр уыдис Куырттаты комы, стæй Уæлладжыры комы иу хъæу — Холысты. Уыцы хъæуы тыххæй ахæм æвдисæйнæгтæ æрхæсдзынæн. Чындзхæсджытæ дзы-иу куы уыдис, уæд алы хæдзарæн дæр сæ къухы кæм бафтыдаиккой, фæлæ-иу, кæмæн æмбæлдаид, иу ахæм лæгæн радтой бар уазджыты йæ хæдзармæ ахонынмæ, иннæтæй-иу алчн дæр æрхаста хорз хуын, æмæ-иу уазджытæ тынг буцæй ацыдысты. Фæлæ-иу æнæуи уазджытæ куы уыдысты, уæд сæ алчи дæр йæ хæдзармæ хуыдта. Уазджытæ æнæвдæлон куы уыдаиккой, уæд-иу лидзыныл сæ уд хъардтой, фæлæ сын-иу алидзынæн цас амал уыдис, цалынмæ фысымы бафæндыдаид, уалынмæ! Уый тыххæй, æмæ сæ-иу фысым цы хæдзармæ нæ саккаг кодтаид, уыцы хæдзар-иу уазджыты фысыммæ фæхæрам ис, афтæ зæрдиаг уыдысты уазæджы сбуц кæныныл уыцы хъæу.

Ир уазджыты тыххæй дардтой хицæн агъустытæ — «уазæгдæттæ». Уазæгдон кæмæ уыдис, уыдон кадджындæр уыдысты: ома сæ фæллойæ бирæ адæмæн хай кæнынц.

Ирон хæдзармæ (уæлдайдæр хæххон хæдзармæ) уазæг куы бацæуа æхсæвиуат бакæныны тыххæй, уæд хæдзар йæхиуыл нæ бадауæрды, цæмæй уазæджы хорз фена, йæ бон цæмай уа, уымæй. Кусарт акæнын йæ бон куынæ бауа ахсæвыгон, уæддæр ын карк аргæвддзæн, йе йын хъайла скæндзæн, йе дзыкка, йе цæрвджын уæлибæхтæ. Кæд дзуллаг ссад йæхимæ нæ уа, уæд кургæ дæр ракæндзæн, уæддæр уазæджы нæ ныууадздзæн нартхоры кæрдзыныл. Кæд нал уа гæнæн æмæ йæм нартхоры ссад йеддæмæ ницы уа, уæд та æнæуи хæринæгтæ фæфылдæр кæны. Афтæ у æхсæвы уазæджы æгъдау иры царды мидæг. Хи бинонтæн куы нæуа, уæддæр уазæгæн æнæ самалгæнгæ нæй.

Боны æвиппайды уазæгæн та вæййы ахæм æгъдæуттæ. Кæд уазæгæн фадат уа хъарм хæринагмæ. фæлæууынæн, уæд ын скæндзысты уæлибæхтæ, семæ лывзæ, дзыкка, хъайла кæнæ æндæр истытæ, æцæг нозтимæ. Ирон хæдзары уазæгæн нозт куы нæ уа, уæд боныгон хонгæ дæр нæ фæкæнынц хæдзармæ. Ныхасы дæр афтæ баззадис, хæдзары нозт куы нæ уа, уæд уазæджы дæ хæдзармæ фæнды бакæн, фæнды ма бакæн. Уымæ гæсгæ бирæ хæттыты, хæрын цы уазæджы фæфæнды, уыдон хуынд не 'рцæуынц хæдзармæ. Нозт цы хæдзары уа æмæ афтæмæй уазæгæн, фысым бакæн, чй нæ фæзæгъы, ууыл'та ирон адæм худгæ фæкæнынц.

Фыццаг заманы нозт цы хæдзæрттæ уæй кодтой, уыдон æгадыл нымад уыдысты. Фæлæ йæ куыдфæстæмæ райдыдтой уæй кæнын раздæр быдыры хъæуты, стæй та хæхбæсты дæр.

Хъæубæсты куывд куы уа, йе та æнæуи æмбырд, æмæ афтæмæй уазджытæ куы сæмбæлой, уæд сæ æрбаздахынц æмæ еæ ебадын кæнынц, кæмæн кæимæ æмбæлы, уыдонимæ. Авæрынц еын сæ æмбæлæггæгтæ, стæй уый фæстæ сæ уазæггæгтæ. Уымæй фæстæмæ уазджытæн алчи куы нæ радта, уæддæр сын раттынц бирæ уæлдай нуазæнтæ, уазæг буц у, зæгъгæ. Ацы сæмбæлды йегъдау хæхбæсты ирмæ уæлдай кадджындæр у.

Фыййау йæ фос кæм фæдары, уыцы ран ыл куы сæмбæлой, кæй фæзоны, ахæм барджытæ, йе та фистæджытæ, уæд сын кусарт акæны æмæ, йæ бон æмæ йæ амал цас вæййы, уыйас сæ сбуц кæны. Кæй зæгъын æй хъæуы, алы фыййау нæ акæны кусарт. Науæд æмæ йын амал нæй, уæд та дæтгæ ракæны кусæрттаг, чи йыл сæмбæлы, уыцы адæмæн. Вæййы ахæм фыййæуттæ, иу уалдзæг 10—15 уæрыччы чи ратты адæмæн.

Бекыза Макарович Каргиев "Осетинские обряды и обычаи", Владикавказ "Рухс", 1991.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru