ИРОН БАРÆГ КУЫД АРÆЗТ ВÆИЙЫ |
Автор: 00mN1ck / 11 июля 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ |
Ирон лæппу хорз саргъы бæхыл сæвæры хорз саргъ, дымитонг, мæргъгæ æмæ идон, æвзистæй арæзтæй.
Лæппу йæхæдæг йæхи саразы афтæ: худ хорз уæлдзармæй, хъама æвзистæй, йе та сызгъæринæй, рон дæр афтæ; хорз цухъа æд æвзист бæрцытæ, хорз куырæт, сæрак зæнгæйттæ, сæрак дзабыртæ, уæлæдарæн нымæт, басылыхъ, дамбаца, топп хъатарайы дзаг гилдзытимæ, æхсаргард æвзистæй арæзт — гъеуый у гъæйтт-мардзæ ирон барæг, æппæтæй арæзт. Кæй зæгъын æй хъæуы, афтæ арæзтæй цыдысты бонджынтæ, мæгуырæн уый йæ къухы не 'фтыд.
Дардæй куы кастаис, уæд загътаис, уæртæ цы хорз барæг фæцæуы, зæгъгæ. Цыфæнды æвзæр бæхыл куы бадтаид, уæддæр-иу йæ арæзтмæ гæсгæ загътой, уæртæ цы хорз бæхыл бады уыцы лæг, стæй йæхæдæг дæр, æвæццæгæн, хорз лæг у, уый йеддæмæ афтæ арæзт нæ уаид. Ахæм арæзт лæг куы фенынц фæсивæд, уæд сæ фæфæнды хи афтæ саразын. Бирæ лæппутæ, мæхи саразон, зæгъгæ, ацæуынц'балцы æхца бакусыны тыххæй.
Бекыза Макарович Каргиев "Осетинские обряды и обычаи", Владикавказ "Рухс", 1991.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |