поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
РЫНЧЫНЫ-ИУ КУЫД ДЗÆБÆХ КОДТОЙ
Автор: 00mN1ck / 13 июля 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ
Ирон адæмы æхсæн фыццаг рæстæджыты дохтыртæ нæ уыдис. Адæймаг-иу куы фæрынчын, уæд-иу йæ бинонтæ хуыцаумæ куывтой, нæ рынчыны нын сдзæбæх кæн, зæгъгæ. Рынчын-иу хъуамæ садаид алы хæцгæ низтæй — тифтæ, хъуырнизтæ æмæ æндæр ахæмтæй, афтæмæй-иу райдыдтой фæрсынмæ цæуын къулбадæг устытæм, къамæйфæрсджытæм, дæснытæм. Уыдон-иу сын алы фæлывд ныхæстæ кодтой. Дæсны-иу бацамыдта, дзырдæн зæгъæм, афтæ: «Уæ рынчынæн ахæм æмæ ахæм дзуары аххос у, æмæ йын уыцы æхсæвмæ куывд скæнут. Бæгæны бахсидут, хуссары мæнæуы ссадæй чъиритæ скæнут. Стæй кусарт дæр агуры». Акастаид, æмæ, рынчыны хæдзар цæйбæрц мулчы хицау уыд, уымæ гæсгæ бацамыдтаид: хъæздыг хæдзарæн гал аргæвдын, мæгуырдæрæн — нæл фыс, кæнæ æндæр исты.

Рынчыны бинонтæ амал кодтой, къуырма, къулбадæг ус, дæсны сын-иу цы бацамыдта, уый сæххæст кæнынæн. Сæ фосыл-иу хæлттæ æппæрстой, кæй хал схауа, уый нывонд фæуæд, зæгъгæ.

Тиф нывæндты коммæ кæм кæсы, æмæ-иу мæгуыр рынчын хос кæныны фыдæй сæфтис, йæ низимæ-иу тухæнтæ кодта. Рынчыныл-иу æрæмбырд сты йæ хæстæджытæ, йе 'мгæрттæ, йæ хæлæрттæ. Алчидæр йæхицæн хæсыл нымадта рынчынмæ хæстæгдæр лæууьга æмæ бадын. Адæм куывтой хуыцаумæ æмæ, къулбадæг ус æй цы дзуары аххос хуыдта уымæ. Рынчыны раз цы адæм æрæмбырд, уыдонæй-иу бирæйыл рынчыны низ бахæцыд, æмæ-иу дзы мæлгæ дæр акодтой. Рынчыны низаей-иу бирæтæ куы фæрынчын сты, уæд сæ хуыздæр ныхас уый уыдис, ацы низ хуыцауы рауадзгæ у, зæгъгæ, æмæ-иу куывдтæ кодтой. Рынчыны цур æхсæв-бонмæ бадтысты, хъæлдзæг æй дарæм, зæгъгæ. Дзуар зарын уарзы, зæгъгæ-иу æхсæв-бонмæ рынчыны цур за-рыдысты, йе та хъисын фæндырæй цагътой. Рынчынмæ йе 'мгæрттæй иу æхсæв чи нæ фæбадтаид, уымæн йæ цард ад нæ кодта, худинаг мын у, зæгъгæ. Рынчынæн арахъ кæнæ двайно дардтой, хос у, зæгъгæ. Æмæ рынчын уыцы карз нозтæй куы сcырх уыдаид, уæлдайдæр йæ уадултæ, уæд-иу загътой, табу хуыцауæн, нæ рынчынæн йæ хуыз хорз у, ницы йын уыдэæнис.

Ахæм низтæй-иу чи фæрынчын, уыдонæй искуы-иу йеддæмæ нæ ирвæзтис. Уый дæр, йæ туг тыхджын кæмæн уыдаид, ахæм, иннæтæ-иу æнæ дохтыры хосæй бабын сты. Йæ цæсгомыл сынкъ кæмæн æрзадаид, уымæн-иу куывдтæ кодтой, йæ цæсгомыл дзæбæх рауадис, æмæ йын тагъд куывд хъæуы, кæннод фæтæрк кæндзæн, зæгъгæ. Æрæджы дæр ма ахæм сынкъ дохтыры хосæй сæрдын нæ уагътой, уый уазæг у æмæ хосы хъæстæ куы фæуа, уæд фæтæрк кæндзæн, зæгъгæ.

Сывæллæттыл рын куы сысты, уæд ирон адæм фæзæгъынц, дзуар у æмæ йын куывдтæ кæнын хъæуы, зæгъгæ. Сывæллæттæ хъахъхъæд нæ вæййыиц æмæ, кæрæдзимæ кæй фæцæуынц, уымæ гæсгæ сыл бахæцы хъыпы (рын). Дзуарæй чи рафады, уый цур æвзæр ныхас, æнæфсæрм ныхас нæ фæкæнынц, сывæллоны мадмæ йæ лæг æввахс нал фæцæуы (иу хуыссæны нал фæхуыссынц) цалынмæ сывæллон сдзæбæх вæййы, уалынмæ: дзуар, дам, фæтæрк кæндзæн, æмæ сывæллон амæлдзæн.

Рынчын сывæллоны цур зæронд устытæ, цас гæнæн æмæ амал вæййы, уыйас фылдæр «табутæ» фæкæнынц Алардыйæн ахæм ныхæстæй: «Табу, Аларды, табу! Дардмæ дæм кувдзыстæм, хæстæгмæ нæм ма æрцу». Фæлæ-иу ирон адæмы сывæллæттыл рын куы сыстадис, уæд-иу алы сæдæйæ дæр амарди 60—70.

Чи ма дзы-иу баззадис, уыдоны тыххæй та куывдтæ кодтой. Æцæг Алардыйы кувæндон хъæумæ хæстæг нæ арæзтой. Афтæ æнхъæл уыдысты, цыма Алардыйы кувæндон хъæумæ хæстæг ран куы уа, уæд сывæллæтты арæхдæр мардзæн.

Алардыйы бынмæ куывды чи цыдис, уыдон-иу хъуамæ.сæхи цынадтаиккой æмæ ссыгъдæг кодтаиккой, цæмæй, сæ сывæллоны тыххæй цы кувинæгтæ бахæссой, уыдон барстдæр фæуой æмæ сæм Аларды дыкккаг хатт хæстæг мауал æрцæуа.

Алардымæ куывды ацæуынц иумæ. Алы сывæллоны бинонтæ дæр кусарт акæнынц, гæнæн æмæ амал куы уа, уæд урс уæрыкк. Дæснытæ афтæ амыдтой, зæгъгæ, дам, урс уæрыкк Алардыйæн барстдæр вæййы. Куывддзаутæ яумæ Алардымæ скувынц, цæмæй сын сæ сывæллæттæм хæстæг ма æрцæуа, фæлæ йæм алы хатт дæр афтæ куывды цæудзысты.

Сывæллæттыл хæлмаг куы бахæцы, йе йæ æхсæв хуыссæг куы нæ фæахсы, уæд бафæрсынц дæсныйы, къулбадæг усы. Уый сын бацамоны: «Авд куыройы сæрæй сæумæрайсом дон сисут æмæ дзы æртæ майрæмбоны чъиритæ скæнут, æмæ æз дæр уæд бацæудзынæн тутæ кæнынмæ». Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы къулбадæг усы, дæсныйы тутæ ницы феххуыс вæййынц.

Æргом хъæдгом дзæбæх кодтой алыхуызон гумиры хостæй. Уыдис ирон æнахуыргонд хъæдгоммæгæсджытæ, зæрдаивæй хостæ чи кодта. Сæры цæф-иу дзæбæх кодтой афтæ: сæр æртæ-цыппар къухы бæрц цæф куы уыдаид, уæд-иу æй хъæдгоммæгæсæг раздæр донæй цæхсадтаид, уый фæстæ дзы-иу цæвæрдта комраз, цæхджын стад къæдзилæй (чъапæйæ), йæ цæхджынтæ

йын-иу кардæй ацамадта, афтæмæй. Иннæ уæнгты цæфтæн дæр ахæм хостæ кодтой, суанг хъамайы рæхуыстæн дæр. Зæнг кæнæ цонг куы асастаид, уæд уый та уыцы хъæдгоммæгæсджытæ бастой халсаскимæ (мæнтæджы уидæгтимæ), саст-иу баст æрцыди фæрсчытимæ. Тæфсæг та дзæбæх кодтой двайнойæ. Бирæ дзы-иу куы банызта рынчын, уæд йæ рыст нал æмбæрста æмæ-иу загъта, гъеныр дзæбæх дæн, зæгъгæ. Уыдæттæ кæй ницæмæн бæззыдысты хосæн, уый бæлвырд у.

Тæфсæгæй рынчын-иу зыхмæг хъæмп-дзæгæтты хуыссыди хурмæ æмæ-иу йæ низы тыхстæй хæрдмæ хаудта.

Йæ дæндæгтæ кæмæн рыстысты, уымæн сæ-иу сластой фидар бæхсныгæй.

Адæмыл-иу стыр низ куы сыстадис, уæд куывдтæ кодтой. Дæсныйы амындæй-иу хæлттæ сæппæрстой æмæ, цы галты хæлттæ схаудаиккой, уыдоны-иу адæм семæ худистæй заргæ-зарын æрзилын кодтой хъæуыл, цæмæй сын дзуæрттæ бахатыр кæной, æмæ сын барст фæуой сæ нывæндтæ. Галты сыкъатыл-иу бакодтой глази кæнæ дари хæцъилтæ æмæ хæрдгæтæ. Устытæ сын чъиритæ хастой сæ размæ, нысайнæгтимæ (15 капеччы урс æхцайæ). Фæлæ уыдæттæй пайда ницы уыд. 1989 азы цы халер уыд, уый цæй куывд урæдта, дохтырты йеддæмæ!

Цыбырныхасæй, дохтыртæ кæм нæ уыдис, уым сæ дзæбæх кодтой æртæ чъирийæ æмæ æртæ суарийæ.

Хосдзау -иу йæ къух куы алыг кодта, йе йæ къах, уæд ын йæ хъæдгомыл æвæрдтой алы кæрдæджы сыфтæ æмæ хæлуарæджы тынтæ. Туг-иу куы нæ урæдта, уæд дæр ыл хæлуарæджы тын кæнæ хæцъилы сыгъдон æвæрдтой.

Уыдырны та афтæ дзæбæх кодтой æмæ кæнынц. Хурбон, æппындæр арвыл къæм куыд нæ уа, афтæмæй туас атъыссынц уыдырныйы уидаджы бынты æмæ йæ кардæй алыг кæнынц. Афтæмæй уыдырныйæн йæ уидæгтæ ист куы фæвæййынц, уæд сыл ныккæнынц топпыхосы ссад, цæмæй сæ туг бирæ ма рацæуа, уый тыххæй...

Бекыза Макарович Каргиев "Осетинские обряды и обычаи", Владикавказ "Рухс", 1991.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru