ФЫРТ КÆНЫНЫ ÆГЪДАУ |
Автор: 00mN1ck / 15 июля 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ |
Фырт кæныны æгъдау ирон адæммæ афтæ у. Дзæбæх лæппу куы фены исчи æмæ йæ куы бафæнды, уæдæ йæм хæстæгдæр куы уаин, дзæбæх куы цæриккам, зæгъгæ, уæд æй сфæнд кæны йæхицæн лæппу скæнын. Исты хъæлдзæгдзинады кæнæ æмбырды куы сæмбæлынц, уæд ын бамбарын кæны, сæ цуры цы адæм вæййы, уыдоны раз фæзæгъы, мæн фæнды ацы лæппуимæ дзæбæх цæрын æмæ йæ кæнын мæхицæн хъæбул (лæппу), зæгъгæ. Сæ цуры цы адæм вæййы, уыдон байхъусынц сæ ныхæстæм, лæппуйы дзуапмæ дæр æмæ йæ йæхицæн лæппу чи кæны, уый ныхæстæм дæр, стæй сæм хæстæгдæр бацæуын æмæ сын арфæ ракæнынц, цæмæй кæрæдзийы дарын базоной æмæ сæ амæлæты фæстæ сæ цот дæр уыцы хæлардзинад ахæссой. Раттынц нуазæнтæ кæрæдзимæ æмæ зæрдиагæй фæзæгъынц кæрæдзийæн лæппу æмæ нæныййарæг фыд. Уæдæй фæстæмæ кæрæдзийы фæхъахъæнынц алы хъуыддаджы дæр, кæрæдзиуыл хинæй нæ фæцæуынц. Кæд фæйнæ хæдзары æмæ фæйнæ мыггагæй вæййынц, уæддæр сæм сæ царды мидæг уæрст ницы вæййы. Суанг ма сæ дыууæйы мыггæгтæ дæр уыцы хæлардзинад фæхъуыды кæнынц æмæ хорз аргъ фæкæнынц сæ кæрæдзийы хæстæджытæн дæр.
Фырт тынгдæр фæкæнынц, лæппу кæмæн нæ вæййы, ахæм лæгтæ, стæй чызг дæр фæкæнынц, йæхицæн чызг кæмæн нæ вæййы, ахæм устытæ.
Цот кæмæн нæ вæййы, уый ма йæхицæн йе лæппу, йе чызг æрбакæны йе 'фсымæры цотæй, науæд та æндæр искæмæй йæ хæстæджытæй æмæ йыл йæ мулк ныффыссы. Кæннод та амал скæны уырыссаг, йе æндæр искæцон сывæллонæн, йæ мулк кæуыл ныффысса, ахæмæн.
Бекыза Макарович Каргиев "Осетинские обряды и обычаи", Владикавказ "Рухс", 1991.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |