ДОНДЗАУ УСТЫТЫ ÆГЪДÆУТТÆ |
Автор: 00mN1ck / 15 июля 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ |
Ирон. адæм хæхбæсты цардысты тынг уынгæг рæтты, уымæн æмæ сыл зæхх не 'ххæссыди. Хъæутæ арæзтой ахæм рæтты, æмæ-иу сæ фылдæрмæ дон хæстæг нæ уыд. Дон хæссын хъуыди дардæй — къуыстилты. Ус-иу йæ астæуыл бабаста чъылдым баз, къуыстилы тигъыл фидар куыд хæцыдаид æмæ къуыстил дæлæмæ куыд нæ бырыдаид, афтæ, стæй-иу уæлейы йе уæхсчытæй къуыстилмæ ауагъта къуыстилбæндæн æмæ-иу афтæмæй хаста къуыстил, донæй йе дзаг, афтæмæй. Къуыстилы-иу цыдис æртæ-цыппар бедырайы. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы цыппар бедырайы æнцон хæссæи нæ уыдысты. Уæлдай зындæр уыдис дон хæрдмæ хæссын.
Устытæ-иу донмæ куы ацыдысты, уæд-иу бирæ фæныхас кодтой, алчи дæр-иу йæ хъæстытæ, йæ мæстытæ, йе цы дзæбæхдзинадыл цæры, уыцы иыхæстæ кодта. Æд къуыстилтæ дæр-иу байдыдтой лæууын.
Ус-иу донмæ куы ацыдис, уæд-иу скуывта донычызджытæм, цæмæй, цы дон хæссы, уьш уа амондджын доны æртах. Куывта Донбеттыртæм дæр, цæмæй донхъуаг макуы баззайой.
Сылгоймаг чындзы куы ацæуы, уæд ын йæ ног хæдзар цалынмæ чъиритæ скæной æмæ донхæссæн бынатмæ, донычызджытæм куывды ацæуа, уалынмæ нæ фæцæуы донмæ. Дон чъизи куы вæййы, уæд устытæ фæдзурыиц: «Абад, абад, донычызджытæ дæумæ кæсынц». Уый фæдзурынц, цæмæй тагъддæр абада æмæ чъизи мауал уа.
Бекыза Макарович Каргиев "Осетинские обряды и обычаи", Владикавказ "Рухс", 1991.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |