поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
Банда казино  
 
НОГГУЫРД
Автор: 00mN1ck / 26 мая 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ
Ирон адæммæ лæппу куы райгуыры, уæд йæ мад, йæ фыд, хæдзары бинонтæ æмæ суанг мыггаг дæр тынг фæцин кæнынц, фæлæ чызджы райгуырдыл та хъынцъым фæкæнынц. Афтæ кодтой раджы заманты, ранæй-рæтты ма афтæ фæкæнынц ныр дæр. Чызг-иу куы райгырдис, уæд кæмæн райгуырдаид, уый йæхи хуыдта æнамонд. Бинонтæ дæр-иу цæнкъард сты. Чызг ног чындзæн куы райгуырдаид, уæд-иу кæугæ чи фæкодта, ахæмтæ дæр уыдис, ома къодах йæ фыццаг цæфæй дæр бæрæг у, æнамонд дæн, уый йедтæмæ мын фыццаг гуырдæн чызг цæмæн райгуыр ди, зæгъгæ.
ХÆДЗАРЫ ХИСТÆР
Автор: 00mN1ck / 25 мая 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ
Фыццаг заманты-иу ирон хæдзары бирæ бинонтæ уыд, суанг 60 адæймаджы онг. XVIII—XIX æнусты-иу фылдæр дæр уыдыст. Хæдзары хистæры ныхмæ дзурын, йæ ныхас ын не 'ххæст кæнын бинонтæй никæй бон уыд, суанг ас лæгтæй дæр.
БЫНАТЫХИЦАУЫ КУЫВД
Автор: 00mN1ck / 24 мая 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ
Ирон адæм тынг æууæндынц Бынатыхицауыл, уæлдайдæр хæхбæсты цæрæг адæм. Мæнæ исчи йæ фыстæ иу ранæй иннæ ранмæ куы аивы, æрмæст фондзыссæдз сардзины, уæддæр фæзæгъы, мæ Бынатыхицауы хорзæх мын хуыцау раттæд, зæгъгæ. Хæхты цы ирон адæм цæры, уыдонæй алчи дæр дары Бынаты-хицауæн хъуг нывонд, æмæ йын алы аз дæр йæ родаргæвдынд куывдæн. Цы нозтытæ æмæ хæрд сцæттæ кæнынц, уыдонæй никæмæн фæдæттынц æндæр хæдзары бинонтæй, нæ, дам, дзы фæтчы, зæгъгæ. Куы, дам, дзы радтæм, уæд ныл фыдмæ разилдзæн Бынатыхицау.
ДЗЫВГЪИСЫ ДЗУАРЫ КЪУЫРИ
Автор: 00mN1ck / 23 мая 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ
Дзывгъисы дзуар ис Куырттаты комы. Йæ бæрæгбон вæййы, Джеоргуыбайæ къуыри куы рацæуы уæд. Кувæг лæгæн дзы ныр æвæрд у Хæмæтаты Саукуыдз. Уый размæ та дзы йæ фыд Науырыз уыди. Саукуыдз Дзывгъисы дзуары фæбады дыууæ къуырийы, æмæ йæм цы куывддзаутæ æрцæуы, уыдонæн сæ кувинæгтæ фæкувы. Уый уым куы нал вæййы, уæд та — Елхъанаты Федыры фырт, Дзывгъисæн йæхи мидæг цæрæг лæг. Хæмæтаты Саукуыдз фыццаг царди Дæллагхъæуы, ныр та — Быдыры Дзуарыхъæуы.
ДЖЕОРГУЫБА
Автор: 00mN1ck / 19 мая 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ
ДЖЕОРГУЫБАДжеоргуыбайы бæрæгбон вæййы ноябры бонты, адæм куыстгонд куы фæвæййынц уæд. Æмæ алчи дæр уыцы бæрæгбонмæ фæбæллы, Джеоргуыбайы къуырийы мæ фæллад дæр суадздзы-иæн æмæ дзæбæх дæр ацæрдзынæн, зæгъгæ.
Бæрæгбон ирон адæм кæнынц иууылдæр, быдырæй-хохæй, чырыстонæй-пысылмонæй æмæ мæгуырæй-хъæздыгæй. Алы хæдзар дæр бахсиды бæгæны, чи иу меркъайы, чи та дыууæ кæнæ æртæ меркъайы. Ахæмтæ дæр вæййы, 10—15 меркъайы чи скæны. Афтæ рауадзынц арахъ дæр æмæ двайно дæр. Иуæй-иутæ та галтæ схæссынц нывæндтæй рæгъæутты æмæ сæ аргæвдынц Джеоргуыбайы хуыцауæхсæв (галæргæвдæны), иннæтæ та схæссынц нæл фыстæ, æмæ сæ уыдон дæр аргæвдынц хуыцауæхсæв. Гал чи аргæвды, уый дзы фæдæтты æндæр хæдзары бинонтæн, фæлæ дзы чи нæ ратты, ахæмтæ дæр разыны. Нæлфыстæ чи аргæвды, уыдон дзы нæ фæдæттынц æмæ сæ сæхæдæг бахæрынц, нæ фæтчы, зæгъгæ, æцæг ам дæр та ис ахæмтæ, æмæ йæ нæлфысæй дæр чи фæдæтты.
ЗЫГУЫМОНЫ ХУЫЦАУБОН
Автор: 00mN1ck / 19 мая 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ
Зыгуымоны хуыцаубон вæййы Джеоргуыбайы мæйы, Джеоргуыбамæ ма иу къуыри куы вæййы, уæд. Уыцы хуыцаубоимæ адæм сæ куыстытæ фæвæййынц, уæлдайдæр та хæхбæсты. Æмæ йæ куыстытæ уыцы рæстæгмæ чи ахицæн кæны, уыдон саразынц сагæйтты æхсæвæр: сцæттæ кæнынц арахъ, йе бæгæны, аргæвдынц кæрчытæ, æрхонынц сыхæгты.
ФÆЗЗÆДЖЫ ТУТЫР
Автор: 00mN1ck / 15 мая 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ
Фæззæджы Тутыры бæрæгбон вæййы нырхæны мæйы (сентябры). Хæхты мидæг æй тынгдæр кæнынц. Алчи дæр ын бахсиды бæгæны, самал кæны кусæрттаг. Алчи дæр акæны йæ кусарт, цалынмæ ма рухс вæййы, уалынмæ æмæ скувы Тутырмæ.
МАЙРÆМЫ КУАДЗÆН
Автор: 00mN1ck / 13 мая 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ
Майрæмы куадзæн дæр вæййы августы. Хистæртæй-иу бирæтæ Майрæмы куадзæны размæ дыууæ къуырийы ком дардтой, сæ уарзон адæмæй чи амардис, уыдоны удыбæстæйы тыххæй. Майрæмы куадзæны бон ирон адæм æмхуызонæй нæ кæнынц бæрæгбон. Чырыстон дин тыхджын кæм уыдис, уым Мадымайрæмы бæрæгбон дæр кодтой тыхджынæй, фæлæ чырыстон дин искуы-иу хъæуы йеддæмæ тыхджын никуы уыд.
НОГ ДЗУАРЫ БОН ДÆРГЪÆВСЫ
Автор: 00mN1ck / 12 мая 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ
Ног дзуары бон бæрæгбон кæнынц Дæргъæвсы. Йæ бон вæййы августы, хуыцаубоны. Фысым ын цы сых вæййынц, уыдон иу къуыри раздæр æрæмбырд кæнынц æхца дæр, цы сæвæрынц, уый.
АТЫНÆГ (ЦЫРГЪ ИСÆН БОН)
Автор: 00mN1ck / 10 мая 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ
Атынæджы бæрæгбон вæййы сусæны мæйы (июлы). Уыцы бæрæгбон хохы ир дарынц тынг кадджьшæй, Атынæгмæ ма иу-цалдæр боны куы вæййы, уæд бауынаффæ кæнынц, цæмæй уыцы бон арвитой хъæлдзæгæй. Саразынц къусбар. Æрзилынц хæдзари-хæдзар задыл, цæмæй бæгæны скæной, уый тыххæй, афтæ æрæмбырд кæнынц нысайнæгтæ дæр кусæрттаг балхæнынæн. Зæдтæй бахсидынц бæгæны, нысайнæгтæй балхæнынц кусæрттаг.
КÆХЦГÆНÆН
Автор: 00mN1ck / 9 мая 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ
Кæхцгæнæны бæрæгбон вæййы сусæны мæйы — июлы. Ацы бæрæгбоны тыххæй биноныгдæрæй фыст ис дæлдæр, ноггуырд лæппуйы æгъдæуттæ кæм æвдыст сты, уым. Ам зæгъдзынæн æрмæст дыууæ ныхасы.
САУЫ ДЗУАРЫ БОН ХОХЫ ХЪАХЪХЪÆДУРЫ
Автор: 00mN1ck / 8 мая 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ
Уациллайы заман Хохы Хъахъхъæдуры вæййы Сауы дзуары куывд. Уыцы куывд фæкæнынц фысымæй. Хъуамæ фысым сцæт-тæ кæна бæгæны адæмæн сæхи зæдтæй, æмæ нæ бацауæрды, цæмæй хорз бæгæны уа, ууыл, уымæн æмæ йын адæм уæд арфæ ракæндзысты. Стæй Хохы Хъахъхъæдурæй хуыздæр бæгæны уæвгæ дæр никуы вæййы, уымæн æмæ бæгæны кæнынмæ дæсны сты. Ноджы сæ бæгæныйы хор дæр хорз вæййы — бурусаг хор (уыцы ранæй хуыздæр ирон хъæбæрхор никуы зайы).
ХЕТÆДЖЫ БОН
Автор: 00mN1ck / 7 мая 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ
Хетæджы бæрæгбон сусæны мæйы вæййы. Йæ номыл хъæды къох дæр ис. Пысылмонхъæуы сæрмæ. Уыцы дзуарæн тынгдæр кувынц быдыры хъæутæ. Бахсидынц бæгæиытæ цуайнæгты æмæ æндæр агты, рауадзынц арахъ, йæ бон кæмæн вæййы, уыдон кусæрттæгтæ балхæнынц. Алчи куынæ ацæуа, уæддæр фылдæр хæдзæрттæ арвитынц кувæггæгтæ уырдæм, Хетæджы бынмæ, Иуæй-иу хъæутæ æхсæны куывд скæнынц сæ хъæуы мидæг, науæд та сыхгай, йе хæдзаргай æмæ кæрæдзи рахон-бахон фæкæнынц.
ТЫБАУЫ УАЦИЛЛА
Автор: 00mN1ck / 6 мая 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ
Тыбауы Уациллайы бон вæййы, йæ Чъириагæхсæнæй къуыри куы рацæуы, уæд. Алчи дæр уыцы бонмæ йæхи дзæбæх сцæттæ кæны, нозт уæд, хæрд уæд — алцæмæй, стæй йын уæрыкк æнæ аргæвдгæ дæр нæй, цыфæнды мæгуыр уа, уæддæр. Бирæмæгуыр лæг райсы уæрыкк пайдайыл æмæ йæ фæстагмæ бирæ æхцайæ бафиды.
УАЦИЛЛАЙЫ ЧЪИРИАГÆХСÆН
Автор: 00mN1ck / 5 мая 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ
Дауджыты дыккаг бон, къуырисæры вæййы Уациллайы чъириагæхсæн бон. Уæдмæ Уациллайæн кувæг адæм скæнынц бæгæнытæ, йæ амал кæмæн вæййы, уыдон кусарт дæр акæнынц æмæ уыцы бои хъæлдзæгæй арвитынц. Устытæ чъириаг (мæнæу) ахæссынц доны былмæ æмæ йæ уым сыгъдæг цæхсынц.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru