|
|
ДАУДЖЫТЫ БОН |
Автор: 00mN1ck / 4 мая 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ |
Дауджыты бон вæййы, Кæрдæгхæссæнæй иу къуыри куы рацæуы, уæд. Уый размæ бахсидынц бæгæнытæ, чи дыууæ меркъайы задæй, чи та æртæйæ, науæд фылдæрæй, ноджы арахъхъ рауадзынц, стæй алчи дæр балхæны уæрыкк. Хуыцаубон куы æрцæуы, уæд райсомæй аргæвдынц уæрыччытæ, скæнынц уæлибæхтæ, кусартæн та уал йæ раззаг хуылфыдзауматæй скæнынц физонджытæ æмæ скувынц дауджыты дзуармæ. |
КÆРДÆГХÆССÆН |
Автор: 00mN1ck / 3 мая 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ |
Кæрдæгхæссæн вæййы кæрдæджы мæйы фæстæ. Уыцы бонмæ сцæттæ кæнынц, кæмæн цы йæ амал вæййы, уый: бæгæны, арахъ, кусæрттагæн — уæрыкк кæнæ æндæр исты. Райсом куы сбон вæййы, уæд хæдзары хистæр аргæвды уæрыкк æмæ дзы скæны физонæг, стæй сфыцы æнæуи фыд. |
КАСУТÆ |
Автор: 00mN1ck / 2 мая 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ |
Касуты бæрæгбон вæййы, Куадзæнæй дыууæ къуырийы куы рацæуы, уæд — сабаты. Касутæ кадджындæрæй кæнынц Хидыхъусы хъæу, уæлдайдæр Гусатæ, уымæн æмæ Гусатæ кæддæр уыцы бæрæгбонмæ бæгæны куы æхсыстой, уæд сæ цæджджинаджы ныббырыд калм, æмæ йæ нæ базыдтой, афтæмæй цæджджинаджы уый фæстæ йæхи цæппæрста хъæрццыгъа. |
БÆЛДÆРÆНЫ ХУЫЦАУБОН |
Автор: 00mN1ck / 1 мая 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ |
Бæлдæрæны хуыцаубон вæййы, Куадзæнæй къуыри куы рацæуы, уæд. Комы лæгтæ та уæд æрæмбырд вæййынц Хуыцауы дзуары цурмæ, æцæг раздæр сцæттæ кæнынц, куывдæи цы æмбæлы, уый. Уæлдай тынгдæр бацархайынц Лæц. Адæм та сæхи сбуц кæнынц алы хæрд æмæ нозтæй. Фæсивæд та кафгæ фæкæнынц, цалынмæ цæст фæуыны, уалынмæ. Лæц уыцы къуыри алы æхсæвы дæр æнæхъæн хъæуæй æмбырд вæййынц уыцы кувæндоны цур æмæ фæнуазынц цæджджинаджы бæгæны, æцæг сын уыцы куывд алы аз дæр фысымæй вæййы æмæ хъæуыл радыгай фæзилы, алы хæдзармæ дæр хъуамæ æрцæуа рад. |
ХУЫЦАУЫ ДЗУАРЫ БÆРÆГБОН |
Автор: 00mN1ck / 30 апреля 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ |
Хуыцауы дзуары бæрæгбон тынгдæр кæнынц Куырттаты комы цæрджытæ. Æрæмбырд вæййынц æнæхъæн комы лæгтæ, стæй иннæ кæмттæй дæр. Вæййы дзы галтæ æргæвст, бæгæны æхсыст. Уыцы галтæ æмæ бæгæны вæййынц иу-цалдæр хъæуы хардзæй, тынгдæр та Лæцы хардзæй. Фæлæ, адæмæй куывды чи фæцæуы, уыдонæй алчи дæр æрхæссы кувинæгтæ, цы йæ бон уа, уый. Ацæргæ адæм минас фæкæнынц. |
КУАДЗÆН |
Автор: 00mN1ck / 29 апреля 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ |
Мархо-иу чи бахордта, уый хуыдтой æнæгъдау цыбæл. Сывæллæтты-иу афтæ тæрсын кодтой, мархо, дам, чи бахæра, уымæн йæ был ныззылын уыдзæнис, æмæ-иу уæлдайдæр скъолайы цы лæппутæ æмæ чызджытæ кастис, уыдон ницæй тыххæй бахордтаиккой мархо. |
КОМАХСÆН |
Автор: 00mN1ck / 28 апреля 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ |
Чырыстийы номыл комдарæны райдайæнæй дыууæ къуырийы . раздæр вæййы Комахсæн, æмæ алы хæдзар дæр уыцы бæрæгбонмæ бахсиды бæгæны, рауадзы арахъ. Ноджы балхæны кусæрттаг, кæнæ схæссы фыс, йе нæл сæгъ, нард кусарт цæмæй акæна, уый тыххæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, алы хæдзарæн ахæм фадат нæ вæййы, уæлдайдæр мæгуыртæн. Уыдон та аргæвдынц иумæ иу стыр исты, адихтæ йæ кæнынц æмæ дзы алчи дæр йæ хæдзары скувы. |
НОГБОН |
Автор: 00mN1ck / 27 апреля 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ |
Ирон адæммæ алы бæрæгбонæн дæр хицæн æгъдæуттæ фыдæлтæй баззадис, æмæ сæ алчи дæр, кæмæн куыд йæ амал вæййы, афтæ кæны. Бирæ сты уыцы бæрæгбонтæ, стæй уыдоиæй иутæ кадджын сты æппæт Ирыстоны кæмттæ æмæ хъæуты, иннæтæ та æрмæст хицæн кæмтты, фæлæ сæ уыцы комы хъæутæш дæр иутæ зæрдиагдæрæй, тынгдæр кæнынц, иннæтæ та къаддæр. Ис ахæм бæрæгбонтæ дæр, æмæ æрмæст иу хъæуы цæрджытæ кæй кæнынц. Уымæ гæсгæ æз ам се 'ппæтыл нæ дзурдзынæн. |
АВТОРЫ РАЗНЫХАС |
Автор: 00mN1ck / 25 апреля 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ |
Ацы ран цы царды æгъдæуттæ æвдыст сты, уыдонæй ацæргæ адæмæн яогæй ницы ис. Иутæ сæ сæхæдæг хъуыддæгты мидæг федтой, иннæтæ та сæ хъусгæ фæкодтой, чи йæ фыдæй, чи йæ сыхагæй, чи æндæр искæмæй. Фæлæ революцийы размæ хæстæг азты чи райгуырд æмæ ныр, революцийы фæстæ чи гуыры, уыдонæн, мæнмæ гæсгæ, ацы чиныг бакæсын æмбæлы, уымæн æмæ дзы ныхас цы æгъдæуттыл цæуы, уыдон ныр иуварс æвæрд цæуынц, бирæтæ та дзы иуварс æвæрд дæр æрцыдысты. |
КЪАРДЖИАТЫ БЕКЫЗÆЙЫ ЦАРДЫ ФÆНДАГ ÆМÆ ЙÆ ЧИНЫГ |
Автор: 00mN1ck / 24 апреля 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ |
Бекызæ райгуырди 1893 азы Куырттаты комы, хæххон хъæу Хидыхъусы. Йæ фыд Макъар 1906 азы фæмард абырджытимæ хъазуат тохы: тыхгæнджытæн йæ галтæ раттын йæ сæрмæ не 'рхаста. Фондз æнахъом лæппуйы, Бекызæ сæ хистæр, баззадысты сидзæрæй. Лæппу сахуыр кодта хъæууон скъолайы. Куы бахъомыл, уæд-иу рæстæггай æххуырсты дæр бацыд хи хъæуы бонджынтæм, стæй Елхоты, Хуымæллæджы æмæ æндæр быдираг хъæуты хъæздгуытæм. |
АЦЫ ЧИНЫДЖЫ ТЫХХÆЙ |
Автор: 00mN1ck / 23 апреля 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ |
«Мах, нæ фæсивæд, нæ ирон ном æрдумæ нæ дарæм, нæ сæр сæрмæ нт хæссæм æмæ нæ æрдумæ дæр уый тыххæй ничи дары. Мах куы зониккам, нæ фыдæлтæ чи уыдысты æмæ сæ къухæй цы нæртон хъуыддæгтæ цыди, уый, уæд хъал уаиккам нæ ирон номæй æмæ нæ сæр æгадмæ нæ уадзиккам»,— фыста 1913 азы разагъды æхсæны кусæг æмæ фыссæг Темырханты Сослан (Вано). |
|
|
Информация |
|
Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее... |
|
Опрос |
|
Готовится публикация большого количества текстов народного творчества на осетинском языке - какой вариант размещения, на Ваш взгляд, лучший? |
|
|