Главная > Ирон æгъдæуттæ > НЫВОНД
НЫВОНД4 июля 2008. Разместил: 00mN1ck |
Ирон адæм нывæндтæ фæкæнынц, зæгъæм, исчи куы фæрынчын вæййы, уæд уый сдзæбæхы тыххæй, стæй къæвдахъуаг куы вæййынц æмæ æгæр къæвдатæ куы кæны, уæд дæр. Гал кæнæ уæныг равзарынц нывондæн. Æртæ чъирийæ скувынц,цы дзуары тыххæй фæкæнынц нывонд, уымæн. Куыддæр кувæг кувæггаг авæры, афтæ æхсидав дзуарæвæрд акæнынц нывондæн йа ныхыл, цæмæй сæрыхъуынтæ хус смаг скæной æмæ хуыцаумæ фехъуыса, уыцы гал, йе уæныг нывондгонд æрцыдис, зæгъгæ. Дзуар-къæбæл дæр ыл бафтауынц, æмæ суанг йæ аргæвдыны онг уыцы къæбæл йæ уæлæ вæййы. Нывондгонд стур исты знаггад куы ракæна искæмæн, уæд æй нæ ныццæвдзæни-дзуары хатырæй. Рæгъауимæ куы фæхизы, уæд дæр дзы рæгъаугæс мызд нæ фæисы, давгæ дæр-иу æй нæ кодтой, кæмæн нывонд у, уыцы дзуар нын æй нæ бахатыр кæндзæни, зæгъгæ, æмæ-иу нывонд галы цурæй иннæ галты адав-таиккой, нывонд-иу баззадис. Йæ цуры-иу æвзæр дзыхы ныхас дæр ничи кодта. Искæмæн-иу йаё бинонтæй исчи æвиппайды куы фæрынчын йс, уæд ын-иу скодтой нывонд, кæд сæм нæл фыстæ уыдаид, уæд уыдонæй, науæд та, нæл сæгътæй кæнæ стурвосы нæлтæй. Хæлттæ-иу сæппæрстой стуртыл, фыстыл æмæ-иу кæцыты хал схауд-таид, уыдонæн-иу р.авзæрстой сæ дзæбæхдæртæ æмæ та-иу уыдоныл дæр ног æрæвæрдтой хæлттæ æмæ дзы-иу афтæмæй кæй хал схаудтаид, уый скоДтой нывонд рынчынæн, «дæсны» йын кæдмæ бацамыдтаид, уæдмæ. Нывонд арæхдæр уыцы хъæуты кодтой, дохтыр къаддæр кæдæм æфтыдис. Бирæ хæдзар-иу нывонд скодтой сæ кусæг галты. Фæкуыстой сæ-иу къорд азтæ, стæй уал дзы-иу иу аргæвстой, стæй та иннæты радыгай. Нывонд ирон адæмы æхсæн афтæ кадджын уыд, æмæ-иу мад фырбуцæн йæ лæппуйæн загъта, нана дæ нывонд æрбауа, зæгъгæ. Нывондæн уæлдай кадджындæр уыдис урс уæрыкк. Фосæй фæстæмæ ма нывæндтæ кодтой хуымтæй дæр, ома, уыцы хуымы цы хор, цы мæнæу задис, уыдонæй арæх арæзтой уыцы дзуарæн йæхицæн куывдтæ, цæмæй уый кæддæриддæр æххуыс кодтаид бинонтæн. Мыдычыргъæдтæй дæр кодтой нывæнд-тæ дзуæрттæн, цæмæй сæ дзуар адæмимæ мыдау æнгом æмæ адджынæй фæцæрын кодтаид. Куырттаты комы хуым нывæндтæ Дзири дзуары тыххæй уыдис Гусаты Аслæмырзæйæн, Бызыккаты Мырзабегæн, Алидзаты Гæгуыдзæн æмæ ноджы æндæртæн дæр. Бекыза Макарович Каргиев "Осетинские обряды и обычаи", Владикавказ "Рухс", 1991. при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Вернуться назад |