Главная > Ирон æгъдæуттæ > ИРОН ХЫЛЫ ТÆРХОН XVII-XIX СÆДÆАЗТЫ

ИРОН ХЫЛЫ ТÆРХОН XVII-XIX СÆДÆАЗТЫ


12 июля 2008. Разместил: 00mN1ck
Фыццаг заманы адæм арæхдæр хыл кодтой, уый тыххæй æнæ ахуыргонддзинамæ дард лæууыдысты æмæ уыдысты æхсары къæдзыл хæст. Гыццыл ныхасы тыххæй æмæ гыццыл знаггады тыххæйгау хъæу æддæг-мидæг ауадысты. Хъуамæ-иу родтæ хуыммæ чысыл куы баирвæзтаиккой, уæд-иу кæй родтæ баирвæзтысты æмæ кæй хуыммæ баирвæзтысты, уыдон кæрæдзийы ныппырх кодтой. Иргъæвæг сæ тагъд нæ фæци, зæгъгæ, уæд — хъаматæй, кæнæ лæдзджытæй. Ахæм рæстæг дæр-иу скодта, æмæ-иу сарæзтой топпæй хæст. Адæм сæ-иу баиргъæвтой, æмæ-иу се 'хсæн лæгтæ бацыдис, цæмæй кæрæдзимæ мауал лæбурой. Кæд дзы-иу исчи фæцæф, уæд-иу, цалынмæ уый сдзæбæх уыдаид, уалынмæ фидаугæ нæ кодтой. Уымæн, æмæ ома, цæф, мыййаг, куынæ сдзæбæх уа, уæд дзы бынтон æндæр æпьдæуттæ уыдзæн. Æцæг цы мыггæгтæ æмæ-иу цы лæгтæ уыдис се 'хсæн фидæрттæн, уыдон сæ-иу хъахъæдтой, цæмæй се 'хсæн дарддæр фыдбылыз мауал æрцыдаид, уый тыххæй.

Фæхылы рæстæг чи фæцæф уа, уый куы сдзæбæх вæййы, уæд се 'хсæны равзарынц тæрхоны лæгтæ, цæмæй сæ бафидауын кæной, уый тыххæй. Цæф чи фæуа, уый равзары æртæ лæджы, цæвæг та дыууæ. Раттынц сæм фидары гæххæтт, ома, цы стæр-хон кæной, ууыл куыд ницыуал зæгъой, афтæ.

Цалынмæ гæххæттыл фыссын нæма зыдтой, уалынмæ сæм фидарæн уыд ныхас. Фыдæлтæй дæр ахæм æмбисонд уымæн баззадис: «Ирæн дзырд, ногъайæн дамгъæ». Уый фæстæ та сæм къухрард уыдис фидарæн.

Тæрхоны лæгты зылыны хæдзармæ æрæмбырд вæййынц æмæ уым райдайынц тæрхон кæнын цæфыл, ома цæй фæдыл æрцыди цæф, цас зиан скодта, стæй йæ цæмæн ныццавтой.

Раздæр раныхас кæныны бар вæййы уыцы тæрхоны лæгтæй хистæрæн, стæй та уый кæстæрæн. Афтæ лæгтæй алчи дæр йæ ныхас, йæ хъуыдытæ фæзæгъы. Растдæр кæй ныхас вæййы, ууыл аскъуыддзаг кæнынц сæ тæрхон.

Тæрхон рахæссынц афтæ: кæд хистæр къухы æнгуылдз ахауа, уæд 5 хъуджы йæ тæрхон, кæд амонæн æнгуылдз уа, уæд 4, кæд астæуккаг, уæд та — 3 хъуджы. Æнæном æнгуылдзæн йæ тæрхон 2 хъуджы, кæстæрæн та 1. Кæд фæхылы рæстæг æндæр рæтты уыдаид дæф, уæд уыдонæн та тæрхон кодтой афтæ: хъус, фындз кæнæ цонг-иу бынтон куы алыгчындис, куы нæуал-иу бæззыдысты, уæд-иу уыдоны тыххæи стæрхон кодтой туджы аргъæн йе 'мбис. Кæд æмæ туджы аргъ 50 хъуджы уыдис, уæд уыцы лыгтæй алчидæр уыди 25 хъуджы аргъ.

Цæф-иу дзæбæх кодтой ирон хъæдгоммæгæсджытæ. Уыдон ирон хостæ кодтой кæрдæджытæй æмæ æндæр цæмæйдæрты. Цæфмæ зилæггаг дæр æнæ тæрхонæй фыста, чи йæ ныццавтанд, уый. Хъæдгоммæгæсджытæ истой афтæ: хъæбæрхоры нæмыджы дæргъæн цæфæн иу хъуг. Кæй зæгъын æй хъæуы, цæфмæ зилæггаг дæр-иу дзæвгар бафыстой. Уыцы фиддонтæ бирæ кæй æййæфтой, уымæ гæсгæ-иу сæ бирæ лæг бафидын нæ фæрæзта æмæ-иу баззад æнæ фидыдæй. Ахæм рæстæг дæр-иу скодта, æмæ-иу уый фæстæ фыццаг цæвæджы амардтой.

Иргъæвæггагæй чи фæцæф уа, уымæн хи æгъдауæй кæд исты бафидой, уый йеддæмæ тæрхонмæ не 'рцæуы. Уымæн æмæ йын, баиргъæв мæ, зæгъгæ, нæ загъта. Иргъæвæггагæй чи фæцæф вæййы, уый мæсты дæр нæ кæны, уымæн æмæ æгады бынаты нæ вæййы.

Бекыза Макарович Каргиев "Осетинские обряды и обычаи", Владикавказ "Рухс", 1991.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru