Повесть Льва Толстого «Хаджи-Мурат» в осетинском переводе — Зæнджиаты Бабу |
Автор: 00mN1ck / 4 марта 2014 / Категория: Библиотека |
Повесть Льва Толстого «Хаджи-Мурат» В ОСЕТИНСКОМ ПЕРЕВОДЕ! Переводчик — Зæнджиаты Бабу. ======================= Уацауы райдиан: «Æз фæстæмæ быдыртыл нæхимæ цыдтæн. Сæрд йæ тæккæ тынгыл уыд. Адæм хос бафснайдтой æмæ хор кæрдынмæ бавналыныл уыдысты. Уыцы афон диссаджы хорз y барæвзарæй, цыхуызæн дæ фæнда, ахæм дидинджытæ æрæмбырд кæнынæн: сырх, урс, фæлурссырх, хъуынджын, æхсызгон тæфгæнаг тæрхъусгæрдæджы æртæсыфон дидинджытæ; сæнт бур апджын, æнахуыр карзысмаггæнаг æхсырхуыз æхсæнкъмарæн, мыды хуызæн тæфгæнаг цæвæгхосы бур дидинæг; бæрзонд тарбын цъæх æмæ урс, тюльпаны æнгæсæн, къæрцгæнагтæ; тыхсаг хъæдурхос; бур, сырх кæнæ фæлурссырх урсфардзин; тарбын цъæх, аив, чысыл сырхбын пакъуыджын, зына-нæзына адджын тæфгæнаг дугъысыф, лæппынгæрдæгæй æмæ хурмæ сæнтхуыз-цъæх гæлæбуйы бадæнтæ, зæрондæй æмæ изæрырдæм та — арвхуыз цъæх æмæ сырхбынгæнаг, миндалы смаг чи кæны æмæ уайтагъд чи афæлвых вæййы, уыцы бур пысырайы къæбилайы дидинджытæ.»
tolstoy_-_khadzhi-murat.doc [727,5 Kb] (cкачиваний: 67)
Файл взят в электронной библиотеке « Бæрзæфцæг» («Крестовый перевал») |