ИРОН ÆГЪДÆУТТÆ — цыбыр бæрæгуат |
Автор: 00mN1ck / 25 марта 2015 / Категория: Библиотека |
ИРОН ÆГЪДÆУТТÆ — цыбыр бæрæгуат ========================== Ирон адæм иртæст цæуынц иннæ адæмты 'хсæнæй се 'взаг æмæ 'гъдауæй. Уыдон нын баззадысты нæ рагон фыдæлтæй, æмæ сæ бахъахъхъæнын æмæ дарддæр хæссын у нæ хæс. Не 'гъдаумæ æнусты дæргъы хаст æрцыд ивддзинæдтæ, цыдæртæ æрбафтыд сыхаг адæмтæй, æмæ йæ æгас Иры дзыллæ æмхуызон нал кæнынц. Уый раст нæу. Куыд иу адæм, мах хъуамæ хæст уæм иу æгъдауыл.
Нæ иумæйаг æгъдау сбæлвырд кæныныл стыр куыст бакодта Аланты Ныхасы сæрмагонд къамис. 2003 азы мыхуыры уагъд æрцыд Ирон Æгъдæутты цыбыр бæрæгуат, кæцыйыл бакуыстой æмæ йæ мыхуырмæ бацæттæ кодтой Гаппуаты Тæтæрхъан, Калоты Георги, æмæ Мырзаганты Махар. Рецензенттæ йын сты профессортæ Цыбырты Людвиг, Хацырты Анзор æмæ Гуыриаты Тамерлан, бæрнон редактор ― профессор Джыккайты Шамил.
Osetinskie_obychai_-_2014.djvu [1,2 Mb] (cкачиваний: 70) Osetinskie_obychai_-_2014.doc [160,5 Kb] (cкачиваний: 76)
Файл взят в электронной библиотеке « Бæрзæфцæг» («Крестовый перевал») |