поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
Джыккайты Шамил. Бæх
Автор: 00mN1ck / 1 октября 2013 / Категория: Литература
Журнал «Мах дуг», 2007 аз, №1

Джыккайты Шамил
БÆХ


Миф— истори — кадæг


Адæмы истори райдайы мифæй. Истори æнусон кæны цаутæ. Кадæг иу кæны миф æмæ истори, рæстæджы тарæй хæссы царды нывтæ, зонды рухс æмæ поэтикон фæлгонцтæ. Кадæгæй дзуры адæмы зæрдæ, йæ дзырдтæн мидис дæтты сæ зондахаст, поэтикон фæткыл æй нывæнды сæ курдиат. Диссаг у бæхы цард: баиу сты миф æмæ истори æмæ сæ рауад стыр эпос — бæхы кадæг.

Цардвæндагыл адæймаг æмæ бæх уыдысты æмбæлццон æмæ цæдисон хæлæрттæ. Бæх лæгæн уыди йæ цæугæ мæсыг, йæ хæстон æмбал, йæ хорз æмкусæг. Нартæ зæгъынц: «Æнæбæх лæг æнæбазыр маргъæй уæлдай нæу». Сырдон дæлимонтæн амарын кодта Созырыхъойы бæх æмæ цин кæны: «Лæг лæг кæмæй уыди, уыцы бæх ын нал и, ныр лæг нал у».Ацы ныхæстæй зыны бæхы ахадындзинад, йæ кад, йæ намыс. Адæм мин азты дæргъы сæ цæст рæвдауынц бæхы фидауцæй, сæхицæн ныфс æвæрынц йæ хъомысæй. Бæх æрцахуыр кæнын уыди стыр историон æнтыст. Бæх йæ тагъды фæрцы æрбацыбыртæ кодта дæрддзæг, уый фæрцы адæймаг схицау ис тыгъд æмæ рæстæгæн, йæ тыхыл бафтыд æртывæр тыхтæ.

Йæ къухы цирхъ, йæ быны бæх, афтæмæй барæг куы фæзынд, уæд æй æнахуыр адæм æнхъæлдтой æрвон бардуаг. Бæх сæм зынди цæхæр уады хъис, кард — арвæрттывд, æмæ сын табу кодтой хуыцæутты æмрæнхъ. Уыцы хуызы бæх сси мифты персонаж. Мифæй йæ райста эпос. Нарты кадджыты бæх ахсы зынгæ бынат. Уый царды уыди ахъаззаг, æмæ йын эпос кæны кад æмæ цыт. Бæх ирон эпосы у архайæг — геройы æмсæр, æмдых æмæ æмзонд архайæг.

1. Дæргъвæтин у бæхы истори. Йæ равзæрдæй абонмæ рацыд милуан азтæ. Адæймаджы рæзтау цымыдисаг у ацы хайуаны эволюци дæр, иртасынц æй наукæйы алы хуызтæ. Иттæг раджы зæххыл фæзынд понийæ къаддæр æртæнгуылдзон (трехпалый) бæхгонд — анхитерий. Уымæй æрдзæ азты фæстæ равзæрд хайуаны ног фæлтæр — гиппарион; фондз милуан азы размæ та фæзынд иусæфтæгон бæхы мыггаг — тарпан (Ковалевская В.Б. Конь и всадник. Пути и судьбы. М.: Наука, 1977,7 — 8 ф.). Ахæм хъæддаг бæхтæ хицæн рæтты уыдис æрæджы дæр.

Адæймаг хъæддаг бæхы скодта æрмахуыр æмæ хæдзарон. Уыцы ахсджиаг хъуыддаг цыдис зынæй дæргъвæтин рæстæджы. Зылд, селекци æмæ æндæр фæрæзтæй хуыздæрæй хуыздæрмæ ивта бæхы мыггаг, равзæрд дзы хицæн хуызтæ, афтæмæй сси элитон цæрæгой, кадæг æмæ зарæджы герой.

Бæх фыццаг хатт цы адæм æмæ цы бæсты æрцахуыр кодтой, уый тыххæй нæй бæлвырд зонæнтæ. Фыццагонтæ бæх ифтыгътой цæлхыгыл. Гомеры геройтæ нæ зонынц бæхыл бадын, цæуынц цæлхыгтыл æмæ хæцынц афтæмæй. Бирæ заманты адæм нæ зыдтой саргъ аразын, бæхыл бадтысты æнæ саргъæй.

2. Зындгонд у бæхы бынат скифты царлы. Франко Кардини скифты дуне хоны «сæрыстыр барджыты бæстæ» (Кардини Франко. Истоки средневекового рыцарства. М.: Прогресс, 1987, 43 ф.). Скифты хæтæнтæ сæхи айтыгътой Алтайæ Дунаймæ. Сæрæн барджыты хæхты æмæ быдырты тымыгъау хастой æууæрст бæхтæ. Скифты бæхджын æфсадæй æмризæджы рызтысты Ныгуылæн æмæ Скæсæн, Мысыр æмæ Вавилон. Библийы пехуымпартæ хъарæг кæнынц цæгатаг барджыты тæссæй (Иеремия, 4 : 13; 50 : 42). Скифаг цæфхæдтæ зынг фæдтæ уагътой Евразийы сахартæ æмæ фидæртты хæлддзæгтыл (Геродот, I, 104, 106).

Скифтæ иттæг хорз зыдтой бæх дарын æмæ бæх æууæрдын. Скифаг барæг хорз арæхст арц æмæ кардæй хæцынмæ. Уыдонæй Европæйы адæмтæ базыдтой уæлбæхæй фат æхсын, — уый уыди хæстон дæсныйады ахъаззаг æнтыст.

Антикон фысджыты æмæ фæтæгты дисы æфтыдтой скифты бæхтæ. Кæстæр Плиний фыста: «Скифты æфсад номдзыд у йæ хорз бæхтæй; дзурынц ахæм хабар: сæ иу фæтæг фæмард ис лæгæй-лæгмæ хæсты; марæг ын хъавыд йæ хотыхтæ сисынмæ, фæлæ йæм куы баввахс и, уæд æй скифы бæх амардта зæвæтдзæгъдæн æмæ дæндагхæстæй» (21, II). Эпосы арæх нæртон лæгæн йæ бæх вæййы хæстон æмбал æмæ ирвæзынгæнæг. Страбон фыста, зæгъгæ, скифаг бæхтæ сты «асæй ныллæг, фæлæ тæлфаг æмæ емылыкк» (VII, 4.8). Нæртон бæхтæ дæр сæхиуыл бадын нæ уадзынц, геройы бахъæуы уыдон басæттын. Аппиан бæлвырд кæны скифаг бæхты æууæлтæ: «Цалынмæ фæтæвд уой, уæдмæ зынынц уæзбын; фессалийаг бæхтыл сæ куы абарай, уæд сæм кæсдзынæ æнæрвæссонæй... уыйхыгъд сты фæразон, фæллад нæ зонынц; дис дæм кæсдзæн, хæрзконд нæрæмон æфсургъ куыд бастайы, уыцы дæлæмæдзыд мыстхъуын хайуан æй куыд баййафы æмæ йæ фæсте дард куыд ныууадзы, уый» (21. II). Ацы хабарæн эпосы ирд æвдисæн у Уастырджи æмæ Мæргъуыдзы бæхты ерыс.

Бæхы фæлгонц парахат у скифты аивады. Зындгонд у скифаг сырдон стиль. Вазæтыл, фатдонтыл, кæрддзæмтыл, æндæр дзаумæттыл уыди рæсугъд нывтæ — аивады шедевртæ. Уыдонæй бирæтæ æвдисынц бæхы цард, æвдисынц æй æрвылбоны уавæрты æмæ хæстон хъуыддæгты дæр (Хазанов А. М. Золото скифов. М.: Советский художник, 1975. 115 — 127 ф.). Бæхдарыны культурæ скифтæм афтæ бæрзонд уыди, æмæ йæ хуызæгæн истой славянты фыдæлтæ æмæ æндæр адæмтæ. (Рыбаков Б.А. Геродотова Скифия. Наука, 1979. 227 ф.).

3. Ахсджиаг бынат ахста бæх аланты царды. Алантæ уыдысты скифты æмæ сарматты фæдонтæ, сæ туг, се стæг. Рагон фыстытæ сæ хонынц иу номæй: скифтæ-алантæ. Антикон фыссæг Лукиан нысан кæны, зæгъгæ, «сæ дарæс æмæ се ’взаг æмхуызон у алантæн æмæ скифтæн; æрмæст алантæ скифтау нæ дарынц даргъ сæрыхъуын» (Токсарид, 51).

Алантæ уыдысты бæхджын, барæг-адæм. IV æнусы Аммиан Марцеллин фыста аланты æууæлты тыххæй: «...сæ фæсивæд сабийы бонтæй фæстæмæ æмхиц сты бæхыл бадынмæ, худинагыл нымайынц лæгæн фистæгæй цæуын, сеппæтдæр алыхуызон фæлтæрæнты фæрцы свæййынц æвзыгъд хæстонтæ» (20). Афтæ нæртон лæппу, авдæнæй куы рахизы, уæд æрцагуры йæ фыды бæх æмæ свæййы гуыппырсар барæг.

4. Фыды фарн мæрдтæм нæ цæуы. Бæх уарзон хайуан уыди æмæ у ирон адæмæн лæр. Алкæй дæр хъæуы рагон æмæ кадджын фыдæлтæ. Алантыл кæрæдзи тонынц Цæгат Кавказы адæмтæ: алчи дæр сæ хоны йæ фыдæлтæ. Факттæ æмæ дунейы стыр ахуыргæндтæ цы дзурынц, уый сæм нымады нæу. Æрхæссынц суанг ахæм мæнг аргумент дæр: алан уыд барæг, ирон та — галтæрæг. Рæдийынц. Абайты Васо дзырдты историон равзæрдæй скодта бæлвырд хатдзæп «...почти вся терминология, связанная с верховой ездой, — исконное иранское наследие» (ИЭСОЯ, III, 35). Ахæм терминтæ сты: барæг, уидон, æфтаугæ, æхтонг, дымитонг, æгъдæнцой. Уыдон æвдисынц æнусон культурон традици, скифтæ, алантæ æмæ иры иудзинад.

Ирон барæг, ирон бæхджын æфсад сæ арæхст æмæ сæ лæгдзинад равдыстой хъазуатон хæстыты. Балканы хæсты сыл сæ цæст æрæвæрдтой æфсæддон дæснытæ. Граф Шувалов фыста: «Осетины выполняют тот недосягаемый для обыкновенной конницы прием, который относится к области отрадных мечтаний. Они — это олицетворение вдохновенных наездников...» (Кæс: Дзагурова Г.Т. Сыны отечества. Владикавказ: Проект-Пресс, 2003. 6 ф.). Уыцы хуызы сæ æвдыстой æндæр æфсæддон фæтæгтæ дæр. Булкъон А. Берс фыста: «Хæхты уавæрты хуыздæр кавалери лæг бæллицты дæр нæ фендзæн, сæ бæхтæн хæхтæ сты кæрты лæгъзау; нæй, ирон лæг уæлбæхæй кæнæ бæх идадзæй ласгæйæ кæдæм не схиза, ахæм хох. Ирон лæг у сæрæн, арæхстджын, цырддзаст, уарзы йæ бæхы... нæу дзырдмондаг æмæ хиппæлой» (Уый дæр уым, 7 ф.). Ирон адæм хохы дæр бæхджын кæй уыдысты, уый зыны В.Миллеры ныхæстæй дæр: «Мæн сæдæ хатты бауырныдта, бæх хæхты къахвæндаг æвзарынмæ лæгæй дæсныдæр кæй у, уый» (Миллер В.Ф. В горах Осетии. Владикавказ: Алания, 1998. 346 ф.).

Æмбисонд зæгъы: дзыхджын — бæхджын, æнæдзых уæргъджын. Мах нæ уаргъ хæссын дæр фæразæм, бæхыл бадын дæр зонæм, факттæ та цыфæнды хахуыртæй мæлгъæвзагдæр вæййынц. Дунейæн джигитты аивад фенын кодтой ирон барджытæ — сылгоймагæй, нæлгоймагæй. Стыр хæсты дæр бæхджын æфсады фæтæг ирон уыдис. Нæ уаргъы ис егъау хæзнатæ: нæ истори, нæ кадæг, нæ лæджыхъæд. Хур кæй тавы, хуры кадæг уый кæны.

5. Бæх — æрвон фæзынд. Ахæм мотив хицон у бирæ адæмты мифтæн. Мифы бынат нæй хуымæтæг уæвæгойтæн, — уым архайынц хуыцæуттæ, æрдæгхуыцæуттæ æмæ геройтæ. Миф бæхы дæр систа уыцы æмвæзадмæ. Хицæн мифологиты бæх у бардуаг, кæнæ бæхы хуызы цæуы æрвон дуаг (Иванов В.В. Конь// Мифы народов мира. Т. 1. М.: СЭ, 1987. 666 ф.). Грекъаг мифты хæсты бардуаг Аресы бæхты ныййардтой цæгатаг дымгæ Борей æмæ ус-хуыцау Эриния. Сæ нæмттæ — Æрттывд, Арт, Уынæр. (Лосев АФ. Арес// Мифы народов мира. Т.1. 1987. 101 ф.). Уыцы нæмттæ сты арвæрттывды æууæлтæ. Ромы уагътой дугътæ, уымæн æмæ бæх уыди хæсты бардуаг Марсы нывондаг (Нейхардт А.А. Древние италийские божества // Легенды и сказания Древней Греции и Древнего Рима. М.: Правда, 1987. 496 ф.).

Миф дунейы фæзындтæ æмбарын кæны йæхи фæткыл. Мифологон хъуыды фæзынди, адæймаг йæхи цæрæгойтæй æмæ зайæгойтæй куы нæма хицæн кодта, уыцы заманы. Уæд иу цæрæгой дæр (бæх, куыдз) æгад нæ уыд. Мифтæн ис бирæ хуызтæ. Зооморфизм амоны хуыцæутты цæрæгойты хуызы уынын. Афтæ грекъаг архаикон мифты Хуры зæххон фæлгонц уыди гал, Мæйы фæлгонц — хъуг. «В виде коня представлялся Посейдон (фурды бардуаг), архаический миф указывает на его брак с Деметрой в образе лошади» (Лосев А.Ф. Тахо-Годи А.А. Боги и герои Древней Греции. М.: Слово, 2002. 20 ф.). Деметрæ — зæхкуыст æмæ бæркады бардуаг (богиня). Миксантропизм иу фæлгонцы æвдисы адæймаг æмæ цæрæгойы æууæлтæ: кентавр (бæх æмæ адæймаг), минотавр (гал æмæ адæймаг).

Уыйадыл, бæхы равзæрды тыххæй цы мифтæ ис, уыдон нын æвдисынц бирæ диссæгтæ. Æркæсæм Скандинавийы мифтæм. Фæлитой хуыцау Локи æмбæхст иннæ хуыцæутты фыдæхæй æмæ йæхи фестын кодта ефс, афтæмæй схъазыд уæйыджы уырсæй æмæ ныййардта байраг. Уыцы байраг сси стыр хуыцау Одины бæх, асткъахыг æфсургъ Слейпнир. Нарты эпосы асткъахыг у Бедзенæджы фырт Арæхдзауы бæх (НК, II, 159). Уæлдæр федтам Аресы бæхты равзæрд. Ахæм мифон мотивтæй уæлдай хъæздыг у ирон эпос. Арæх кæлæнгæнæг ус нымæтын ехсы цæфæй геройы фестын кæны ефс, æмæ дзы гуыры æфсургъ-байрæгтæ (НК, I, 208; НК, II, 722). Уастырджийы æрвон уырс æмæ Донбеттырон Дзерассæйæ рантыст Æрфæн — бæхты сæр, Уырызмæджы æфсургъ. Ацы сюжеты æфсæрмагæй ницы ис. Уый у миф! Сюжетæн ис «уæздандæр» вариант дæр: «Дзерассæйы базыкк (?) мæрдон гуыбыны Уастырджийы комы тæфæй сæвзæрдис Нарты Сатана, сылгоймаг, бæхы мыггагæй — æфсургъ, куыдзы мыггагæй та — Силæм» (НК, I, 35). Сатана дæр хуымæтæг сылгоймаг нæ уыд: йæ фыд — æрвон бардуаг, йæ мад — Донбеттыры чызг, уый уыди ус-хуыцау, богиня. Куыд уынæм, афтæмæй бæх, мифмæ гæсгæ, равзæрд æрвон æмæ фурдон бардуæгтæй. Уыцы фыццаг бæх у Æрфæн (Хъулон, Чесана), уый «мигъæй арвы астæу тахтис». Бæгуыдæр, æрмæст ахæм æфсургъ ныууагътаид арвыл Æрфæны фæд. Æрфæн-бæхы хонынц тотемон фæлгонц дæр (Брагинский И. С. Из истории таджикской народной поэзии. М.: АН СССР, 1956. 29 ф.).

6. Бæх — хуыцæутты лæвар. Бæх уыдис хуыцæутты сфæлдыст æмæ сæ зынаргъ фос. Хуыцау Нартæн сæ хъарутæм гæсгæ кæны фондз лæвары, уыдонæй фыццаг æмæ кадджындæр лæвар у саргъы бæх, — уый «фæстæмæ лæууын нæ зоны, доны сæрты дæр суры цыд кæны». Зынаргъ лæвар æрхауд Уырызмæгмæ Нарты фæтæгмæ. Æндæр кадæджы Уастырджи зæгъы: «Лæвар кæнын æз мæ номдзыд æфсургъ Нарты Сосланæн, уымæн æмæ йын барæгæн бæздзæн».

Хицæн таурæгъты бæхы равзæрд баст у дæлзæххон тыхтимæ. Созырыхъойæн номдзыд Дзындз-Аласа радта хæйрæджыты паддзах Елызбар. Уымæн йæ бон у зæххы бынты цæуын дæр. Дæлимонты схаст у Тотырадзы æфсургъ. Хæйрæджы цыфыддæр знаг — бирæгъ. Сослан йæхи сфæлынды бирæгъдзармæй, уымæй тæрсын кæны Тотырадзы бæхы æмæ æвирхъау мардæй мары сабийы.

Грекъаг мифты Мæрдты бæсты хицау у Аид, уымæн ис æнæмæлæт бæхтæ, скъæфынц сызгъæрин цæлхыг, цæлхдуртæ сæ нæ уромынц. Ахæм бæхты хицау у Барастыр дæр. Уырызмæджы æнæном лæппуйæн нæ уыд бæх фæлдыст. А дунемæ йæ хъæуы цæуын, æмæ йын Барастыр дæтты йæ бæх Уаддымы. Мифон бæх у æгæрон къаннæг: бæх — тæрхъусы йас, барæг — зæгæлы йас. Нартæ йæ хонынц Алыпп, уæлæуыл чи нал ис, ахæм бæхы мыггаг. (Нæ зæрдыл æрлæууы гиппарион.) Уый у Уырызмæджы Æрфæнæй сæрæндæр, зоны дзурын æмæ зонд амонын, нæ йæ уромынц зилгæ дымгæ æмæ тухгæ уад, уый у хурæмдых: йæ комы тæфæй тайы мит, зайы кæрдæг.

7. Мифты бæхæн ис хурон æууæлтæ. Арийаг адæмты мифон таурæгъты бæхы равзæрд æмæ архайд баст у хуримæ: «Недаром в представлениях большинства народов конь олицетворяет Солнце и был посвящен ему» (Ковалевская В.Б. Амынд чиныг, 3 ф.). Бæх — хур, бæх — хуры сконд, хуры зæххон фæлгонц. Цæмæн? Уымæн æмæ хур адæмæн уыдис фыццаг арт (фарнхæссæг!), уый сæм каст «хуыцæутты сфæлдисæг æмæ æппæт уæвæгойты фыд», уæлдай табу йын кодтой барджытæ (Грейвс Роберт. Мифы Древной Греции. М.: Прогресс, 1992. 82 ф.). Грекъаг мифты Хуры бардуаг Гелиос бады сызгъæрин цæлхыгыл æмæ арвыл скъæры йæ базырджын бæхтыл. Цалх йæхæдæг у хуры символ. Дзæгъæлы нæ дзурынц ир: «Зæххыл хур атылди». Авестæйы кувынц: «Ыскæс, ыстæх, о Хур рæувадбæхджын, байтау рухс уæвæгойтыл!» (Видевдат, 21). Скандинавийы мифты дæр хуры цæлхыг ласынц бæхтæ Альсвинн æмæ Арвак.

Бæхы хурон æууæлтæ ирдæй зынынц ирон эпосы. Хурæн арвы тыгъд у иу бонцау. Мифон бæх дæр æмбойны цæуы арв æмæ зæххы иу кæронæй иннæ кæронмæ. Хурон герой Сослан — Созырыхъойы бæх Дзындз-Аласа у æртыкъахыг, æмæ «нæртон Сослан йæ нæртон бæхыл арвæй зæххы астæу тæхы», уымæн «хуры скæсæнæй хуры ныгуылæнмæ сахаты цыд йеддæмæ нæу». Нæртон бæх сæтты хъызт æмæ уазалы тых, йæ улæфтæй тайын кæны митхъæпæнтæ. Уырызмæг цæуы Нарты разæй, «мит йæ бæхы фындзыхуынчъытæй тад, æмæ сау зæххыл цыдысты» (НК, II, 434). Сосланы бæх къупристыгъдæй райгас вæййы æмæ размæ «хуры æмтахт кæны». Хурон герой Сослан мæлы хурон цалхæй. Хи символæй мæлын Абайты Васо хоны фольклорон фæтк (Абаев В. И. Избранные труды. Владикавказ: Ир, 1990. 175 ф.). Сосланы бæхыл Сырдоны ардыдæй дæлимонтæ зынг бафтауынц, уыйадыл «бæх басыгъд æмæ амард» — хурон бæх амард хурон тыхæй, зынгæй.

Ирон эпосы традицион у, æрыгон герой бæх куыд амал кæны, уыцы мотив. Йæ фыдæлты бæх æдзухдæр разыны ныккæнды (скъæты), уым æнхъæлмæ кæсы барæгмæ. Ацы сюжетты бæх вæййы ахæсты уавæры, уым «цъæх арт уадзы балцы мондагæй». Балц амоны ныккæндæй раирвæзын, сæрибарæй ахæтын. Бæхы хъæуы ахæстæй суæгъд кæнын. Сатана амоны Батрадзæн: «Дæ фыдæн бæх уыд, фæлæ йыл ныккæнды авд уæйыджы сæвæрдтой стыр къæй, æмæ æфсæн цæджындзтæ хæры» (НК, III, 347). Афтæмæй бæх уыдис, Амран лæгæты цы уавæрты ис, ахæм ран, фæлæ, титанæй хъауджыдæр, бæхæн разыны ирвæзынгæнæг.

Æндæр кадæджы Сатана Батрадзæн амоны Уырызмæджы хæдласгæ кард æмæ «авд ныккæнды бын та æмбæхст (!) — йæ Дзындзалас, зæгæлтæ хоры хæрд кæны». Батрадз «егъау чырынæй систа зæххыл дисæн дзуринаг фæринк... Авд ныккæнды дуар къахæй басаста æмæ Дзындзаласы раласта йæ дыууæ хъусæй. Донмæ йæ ныккодта, рынгæхсад æй ныккодта, Куырдалæгонмæ йæ амидæг кодта, болат зæгæлтæй йын болат цæфхæдтæ ныссагъта. Стæй йыл абадти æмæ иу уысммæ арвы къуымтыл æртæ зылды æркодта, стæй Нарты уынгтыл уадау стахти» (НК, III, 144). Ацы эпизод хуымæтæг поэтикон ныв нæу. Уый у мифон сюжет, нысан кæны баст бæхы — хуры зæххон символы — уацарæй (ныккæндæй, тарæй, æхсæвæй) суæгъд кæнын, уымæн зæххæй арвы астæу сæрибарæй тæхыны бар раттын.

8. Бирæ мифты æмбаст цæуынц бæх æмæ Дунеон бæлас. Скандинавийаг мифты зындгонд у дунеон бæлас Иггдрасиль, уый у кæрз, йæ ном нысан кæны «Одины бæх». (СтеблинКаменский М.И. Старшая Эдда// Беовульф. Старшая Эдда. Песнь о Нибелунгах. М.: Худ. Лит. (БВЛ), 1975. 665 ф.). Ацы бæлас у дунейы мифон символ: йæ сæр — арв, йæ зæнг — уæлзæхх, йæ бын — дæлзæхх. Скифтæ-сакты аивадæй баззад стилизацигонд ныв: Дунеон бæласы бын сæ рæстæг æрвитынц дыууæ бæхы æмæ дыууæ лæджы, сæ фарсмæ æртыккаг лæг, уый у мард кæнæ фынæй (Ирон адæм дзурынц: «Фынæй адæймаг мард у».). Уый у дунейы аллегорион ныв. Дыууæ барæджы æвдисынц æрвон æмæ зæххон цард, мард та у мæрдон бæсты æвдисæн. Бæлас цæуы дæлзæххæй уæларвмæ, бæтты æмæ иу кæны дунейы хæйттæ. Бæх уыцы бæласы фæрцы адæймаджы хæссы зæххæй арвмæ, хæстæг æй кæны бардуæгтæм. Нарты эпосы бæлвырд нал зыны Дунеон бæлас, æрмынæг йæ фæлгонц, миф нæм æрхæццæ хуыздзыдæй. Фæлæ дзы баззад хицæн мотивтæ. Бирæ кадджыты æнæнтыст лæппу æртасын кæны стыр бæлас, бабæтты йыл геройы бæх, æмæ бæлас æфсургъы сисы арвмæ; куы бахъæуы, уæд æй æруадзы фæстæмæ. Сырдон фыййауы бæтты бæласы сæр æмæ йæ кæсын кæны, Хуыцау куыд най кæны, уымæ.

Мифон бæхæн æрцахсæн ис æрмæст бæласы фæрцы. Батрадз Сатанайы зондæй стырдæр сывылдз бæласы сæрæй идон батилы, æмæ йæм Уоны æфсургъ фæзыны, бæх æртæ хатты йæхи фехсы æмæ «саугъæди бæлæстæй мегъи астæу рагъазидæ» (НК, III, 225). Æндæр варианты Сатана амоны Батрадзæн, фыдæлты бæх кæм ис, уый: «Иу урс бæх ын баззади æмæ бон хохы фидары вæййы, æхсæв та хъæды æрдузмæ рацæуы хизынмæ». Батрадз бæхмæ æргæпп ласы бæласæй æмæ йыл бады афтæмæй. Бæх хохы кæй вæййы, уый хъуыддаг нæ ивы: «Гора выступает в качестве наиболее распространенного варианта трансформации древа мировогв\ (Топоров В.Н. Гора // Мифы народов мира. Энциклопедия. Т.1. 1987. 311 ф.). Афтæмæй ам дæр бæх æмæ бæлас æмбаст цæуынц. Æндæр сюжетты Батрадз тарæй ракæны бæх, хъæстæлвæст æй ныккæны — «рæвдзæй Нарты стыр хæдзары схъазыд, стæй йæ бæх ныццæлхъытæ ласта æмæ сæйрагыл зæрватыччы тахт акодта æмæ араст Нарты стыр хъугомы, йæ фæд гутоны фæдау кодта, афтæмæй Хуыцауы быдыр агурæг (НК, III, 219). Ам бæлвырд у эпикон-мифон бæхвæндаг: бæх рацыд ныккæндæй (дæллаг дунейæ), æрхъазыд Нарты зæххыл (астæуккаг дунейы), атахт Хуыцауы быдырмæ — арвмæ. Сюжет нын æвдисы, бæх, Дунеон бæласау, дунейы æртæ уæладзыджы кæй иу кæны, уыцы мифон идейæ. Ацы мифты зынынц бæхы сакралон æууæлтæ.

9. Бæх эпосы хайджын у алæймалжы æууæлтæй. Ахæм мифон уырнынад хонынц антропоморфизм. Бæх зоны дзурын, уынаффæ кæнын, хæцын. Уыдон сты архаикон мотивтæ. Антикон поэт Ксенофан фыста: бæх ныв кæнын куы зонид, уæд йæ хуыцауы скæнид бæхæнгæс. Рагон ирон лæг бæхы схайджын кодта йæхи миниуджытæй.

Кадæг зæгъы: «Созырыхъойы бæх зондджын уыдис» (НК, II, 566); «Орузмæгæн æ бæх адæймаги æвзагæй æнхæст адтæй». Батрадз балцы рараст, æмæ йæ бæх фæрсы: «Нур кумæ цæуис? Фæндаг зонун хорз æй». Æндæр кадæджы Хæмыцы фырт цин кæны: «Уæ, Хуыцауы конд хорз фос! Æгайтма дын дзых ис мемæ дзурынæн».

Бæх у зондамонæг æмæ фæндагамонæг. Грекъаг мифты Ахиллы хъомылгæнæг уыди куырыхон кентавр. Нарты эпосы æмрæнхъ цæуынц бæх æмæ геройы сгуыхтытæ. Уырызмæг Акула-рæсугъды Нарты симдмæ æрбасайы бæхы фæрцы. Йæ ныфс у йæ Хъулон Æрфæн. Драматизмæй æххæст у бæхы роль Сосланы хъысмæты. Сослан у хурон герой. Уæлдæр федтам хур æмæ бæхы бастдзинад. Нæрæмон Нарт знæгты мары, бæхыл сæ суры, афтæмæй. Батрадз — кард æмæ арвæрттывд, уæйгуытæ æмæ хуыцæутты тыхсæттæг. Фæлæ уымæн дæр йæ уæлахизты фылдæр æнтысынц йæ бæхы фæрцы. Йæ фыдгул дзы афтæ зæгъы: « Йæхæдæг цы у, йæхæдæг! Фæлæ уымæй æртæ хатты домбайдæр у йæ бæх. Уыдонæн тыхгæнæг тых не ссардзæн» (НК, III, 180). Ам зыны барæг æмæ йæ бæхы цæдис, сæ иудзинад.

Бæх барæгæн амоны фæндаг æмæ уæлахизы фæрæзтæ. Уыимæ зонгæ-зонын нæ ауæрды йæхиуыл, цæуы фыдæвзарæнты, зæгъæм, барæджы скъæфы, фырытау цы дыууæ хохы хæцынц, уыдоны ’хсæнты. Йæ зонды тых разыны, Батрадз Сайнæг-æлдарæй йæ фыды туг кæм исы, уыцы сюжетты. Бæх йæ барæгæн амоны, знаджы кард (йæ хицауæн æрмæст уымæй ис мæлæт) йæ къухы цы хуызы бафтдзæн, уыцы мадзал. Иæ уынаффæты зыны хæстон тактикæ. Ацы сюжетты уынæм, адæмы царды бæхы нысаниуæг ахъаззаг кæй у, уымæ Хуыцауы комы тæф кæй ис, уый.

10. Бæх — балцы фæрæз. Нæ ныхас хуымæтæг балцыл нæу. Мифон бæх æмхуызон æнтыстджынæй цæуы дунейы æртæ уæладзыджы дæр. Æфсургъ бæхтыл уæлæрвты цæуынц зæдтæ æмæ дауджытæ. Кадæг»Нарти Ацæмæжи зар»-ы сæ бæхтæ сты Уастырджийы рæгъауæй, сæ цæфхæдтæ — Куырдалæгоны цагъд. Уыдонæй уæлдай хъаруджын у Елиайы бæх.

Бæх уæлзæххыл куыд цæуы, уый тыххæй эпосы ис бирæ хуызджын поэтикон нывтæ. Уыдонæй диссагдæр у балц Мæрдты бæстæм. «Герой уыцы дæлзæххон дунемæ кæй бафты, ахæм сюжет парахат у алы адæмты эпосты». (Муравьева Т.В. Мифы античности и средневековой Европы. М.: Вече, 2006. 184 ф.). Фæлæ уыдонæй æвзæры цымыдисон хъуыды. Мæрдты дунемæ удæгасæй бафтыд Шумеры стыр герой Гильгамеш, цыди фистæгæй, — уыдон нæма зыдтой бæх. Мæрдты бæстæм йæ уарзоны фæдыл цæуы Орфей дæр, цæуы фистæгæй, Стиксы доны йæ бæлæгъы ласы Харон. Дæлзæхмæ, Фæрныгты сакъадахмæ, цæуы Ирландийы эпикон герой Кухулин дæр, йæ цæуæн фæрæз — бронзæ бæлæгъ. Нарты эпосы архаикон сюжетты дæр Донбеттыртæ дæлдон дунемæ нæртон Борæйы ласынц сызгъæрин бæлæгъы. Фæлæ Нарты ног фæлтæрæн фæзынди бæх, уыдон сты бæхджын бæгъатыртæ æмæ сæ бон цæуы тыгъдад æмæ рæстæгыл. Нæрæмон Сослан Мæрдты бæстæм цæуы хæстон бæхыл. Мифтæ æмæ таурæгътæ æвзæрдысты царды уавæртæй: сакъадахы цæрджытæн сæ амал — бæлæгъ, тыгъд быдыры стæронтæн — бæх.

Нæртон герой у ныфсхаст æмæ хъæппæрисджын. Сосланæн «йе стыр ныфс йæ бæх у». Мæрдтæмвæндаг зын æмæ даргъ у, хъæуы йыл хъаруджын бæх. Къостайы «Уæлмæрдты» æнæбары бæлццонæн æвзарынц Уастырджийы æртæ æфсургъæй сæ хуыздæр. Мæрдты дуаргæс ныхасæй нæ тасы, геройы нæ уадзы мидæмæ. Уæд «Созырыхъо йæ бæх ныггæрæхтæ кодта æмæ Мæрдты дуар басаста». Æндæр варианты «Аминон йæ коммæ куы нæ бакасти дзæбæхæй, уæд Сослан дуар барæмыгъта æмæ бацыдис Мæрдты бæстæм». Уырызмæджы æнæном лæппу Мæрдтæй рæстæгмæ рацыд Барастыры барвæндæй. Сослан дыууæрдæм дæр цæуы хивастæй. Аминон æй нал уадзы æддæмæ, — «куы нæ йын кодта Аминон дуар, уæд Сослан æрцæфтæ кодта ехсæй йæ хъандзалсæфтæг бæхы фæрстæ, афтæмæй тыхæй рацыдис Мæрдты бæстæй».

Ахæм таурæгъон сгуыхт нæртон хъайтарæн æнтысы бæхы руаджы. Ацы хатдзæг æвзæры бирæ сюжеттæй. Кадæг зæгъы: «Созырыхъойы бæх зондджын уыдис». Уый йæ барæгæн амоны фæндæгтæ, йæ риуæй сæтты Мæрдты дуæрттæ, йæ хицауæн райхалы, Барастыры дунейы цы диссæгтæ уынынц, уыдоны мидис, йæ барæджы фæдзæхсы фыдбылызы дзауматæм бæллынæй. Герой зондæй нæ разынд бæхы æмсæр: зыд æмæ æнæсæрфатæй байсæфта йæхи дæр æмæ йæ бæхы дæр. Уæддæр бæх мардæй дæр ирвæзын кæны йæ барæджы: йæ цармæй аразын кæны быдыргъ, афтæмæй рахæссы Сосланы Мæрдты бæстæй хурон бæстæм.

Ацы сюжетты бæх æвдисы йæ хурон сконд, йæ хурон æрдз. Уый йæ рухс тыхæй сæтты талынг дунейы дуæрттæ, йæ зондæй йын æргом кæны йæ сусæгтæ, хурон геройы хæссы мæрдон дунейæ цæрдон дунемæ, йæ фæрцы дæлзæххæй уæлзæхмæ æрбафты Аза-бæлас — фарнхæссæг алæмæт.

11. Ахсджиаг хъуыддаг у бæх æрмахуыр кæнын. Бæх басæттын æмæ æртасын кæнын эпос æмæ таурæгъты æвдыст цæуы хуызджын нывты. Сосланæн Бызгъуан-уæйыджы искæйон амоны: «Ды бавдæл, йæ ныккæнды — сау арахъан бæх баст, уый ралас, кæд дæ йæхиуыл бадын бауадза, уæд хорз». Батрадзæн йæ мад амоны: «Дæлæ йæ бæх (Хæмыцæн) ныккæнды æфсæн æрттигътæ хæры, æмæ йæм кæд разæй бацæуай, уæд дæ дæндагæй хæрдзæн, кæд æм фæстийæ, уæд та дæ зæвæтæй мардзæн». Æрымысæм скифы бæх! Ахæм мотивтæ эпосы сты традицион.

Æнæдомд бæх емылыкк вæййы, фæлæ мотив уымæй нæ равзæрд. Мифон бæх у уаддым, рантыст æрвон тыхтæй, хивæнд æмæ æнæсæттон у уад æмæ арвæрттывдау. Грекъаг мифы æвирхъау маргъ гарпи æмæ дымгæйы бардуаг Зефиры къайадæй равзæрдысты Ахиллы æрвон бæхтæ (Кондрашов А.П. Легенды и мифы Древней Греции и Рима. М,: Рипол классик, 2004. 133 ф.). Куыннæ уой уыдон зынахсæн æмæ зынуромæн! Ирон таурæгъты Мачъидон Алыксаны фыццаг сгуыхт уыдис фыдуаг уырсыл сбадын. Ахæм фæлварæнты рацæуынц Нарты æрыгон геройтæ сеппæтдæр. Арæхдзау ныккæндæй, къæйы бынæй, раласы бæх, сбады йыл, «бæх æй иу æхст уæларвмæ фæласта, иу æхст æй дæларвмæ фæласта. Лæппу саргъыл зæгæлæй уæлдай не ’нкъуысы». Афтæмæй кæрæдзийæн сбæззынц бæх æмæ барæг. Нæртон лæг у Хуры байзæддаг æмæ æрвон бæхы йæхицæн скæны коммæгæс æмæ æнувыд æмбал.

12. Традицион фæтк уыдис бæх фæллисын. Æрхæццæ ис нæ рæстæгмæ. Ацы æгъдау у ирон культурæйы ахъаззаг хай, ис ын арф уидæгтæ, уыдон æвзæрдысты адæмы зондахаст æмæ уырнынадæй. Ф.Кардини фыссы: «Конный воин символизировал героико-сакральные ценности, связанные прежде всего с победой над силами зла, а также с целым комплексом верований, относящихся к потустороннему миру, путешествию в царство мертвых и бессмертию души» (Кардини Франко. Амынд чиныг, 37 ф.). Ахæм уырнынадæй рантыст æмæ æрфидар æгъдау.

Геродот фыссы, зæгъгæ, скифтæ цытджын лæджы мардæн (паддзахæн) хастой (фæлдыстой) лæгнывæндтæ æмæ бæхнывæндтæ. Фæлдисынæн æвзæрстой æппæты хуыздæр æмæ рæсугъддæр бæхты (IV, 72). Хъуыддаг афтæ æвдыст цæуы Къостайы «Уæлмæрдты» дæр. Æнгæс æгъдау уыд æндæр адæмтæм дæр. Фæлæ раст зæгъы Калоты Барис: ацы æгъдау, «ахуыргæндтæ куыд амонынц, афтæмæй баззад ирайнаг адæмтæй — скифтæй, сарматтæй æмæ алантæй... Цæгат Кавказы æрмæст ирон адæм, рагон ирайнæгты байзæддаг, бахъахъхъæдтой ацы фæтк» (Калоев Б.А. Похоронные обычаи и обряды осетин в XVIII — начале XX в // Кавказский этнографический сборник, VIII. М.: Наука, 1984. 78 ф.). Æгъдауы уæвынадæн хъæуы уавæртæ. Къоста «Особа»-йы фыста: «Æвæццæгæн, ирон лæджы зонды æппæтæй тынгдæр ныффидар, Мæрдты бæсты цард кæй ис, уыцы уырнынад» (Хетагуров Коста. ПСС в пяти томах. Т. IV. Владикавказ, 2000. 359 ф.). Уый дæр у традицион зондахаст. V æнусы латинаг автор Клавдий Марий Виктор чырыстон дины сæраппонд фаудта аланты дин: «уыдонæй, зæгъы, алчидæр хуыцæутты бæсты табу кæны йæ фыдæлтæн» (Алемань Агусти. Аланы в древних и средневековых письменных источниках. М.: Менеджер, 2003. 82 ф.), зæронд мæрдтæн.

Уырнынад амоны: иугæр Мæрдты бæсты цард ис, уæд уым дæр адæймаджы хъæуынц, ам цы фæрæзтæй цæры, уыдон. Уыйадыл мардимæ æвæрдтой йæ хотыхтæ, мигæнæнтæ, фæлыстой йæ ног æмæ дзæбæх дарæсы, фæлдыстой йын бæх. Йæ бонтæ мæгуырæй чи батоны, уымæн дæр мардæй разыны хъæздыг фæлыст æмæ дзаджджын фынгтæ. Бæхфæлдисæн ритуал цыдис бæлвырд фæткыл, фæлæ æнусты дæргъы ивта йæ хицæн æууæлтæ. Скифтæ, цы бæхты фæлдыстой, уыдон мардтой, кодтой сæ къупристыгъд, сæ цæрмтты-иу ныннадтой хъæмп кæнæ цъата, бырæгъты ауыгътой марды алыварс сæрмагонд хъилтыл, æмæ зындысты, цыма цæугæ кæнынц, афтæ (Геродот, IV, 72). Ритуал амыдта: фæлдыст бæх Мæрдты бæсты дæр уыдзæн йæ барæгимæ, хæсдзæн æй йæ фæндæгтыл. Фæстагмæ бæхы маргæ нал кодтой, фæлæ йын йæ хъус кодтой кæрддзæф, æмæ йæ туг тагъди марды уæлмæрдыл.

Ахæм уырнынадæй равзæрд бæхфæлдисæн фæтк. Уый арф фæд ныууагъта ирон фольклоры. Мæрдтæмвæндаг у дард æмæ зынцæуæн, ис ыл бирæ цæлхдуртæ, сæ тæссагдæр у Мæрдты хид. Уый у æрдуйæ кæнæ иунæг хъæдæй, йæ быны — зындоны цад. Уыцы хидыл ахизынæн хъæуы хорз бæх. Реалон царды фæлдыстой дугъон бæх, фольклоры — мифон æфсургъ, арæхдæр Уастырджийы æртæ æфсургъæй иу. Ахæм бæхæн болат цæфхæдтæ садзы Куырдалæгон, саргъ ыл æвæры Хуры фырт, идон ыл бафтауы Мæйы фырт. Уыцы бæх хæрды нæ фæлмæцы, уырдыджы нæ цуды, тæссары сиргæ цæуы.

Бæхфæлдисыны текстты ис иу цымыдисаг эпизод. Уастырджийы фырт Уайсан амард калмы хæстæй. Бæх æй æрхаста йæ къонамæ. Бардуаг йæ фыртæн ныффæлдыста бæх, æмæ уæдæй фæстæмæ баззад фæткæн (Памятники народного творчества осетин. Т. 1. Владикавказ: Ир, 1992. 178 ф.). Ацы хабар легендæ у, рæсугъд таурæгъ. Æнусон фæтк равзæрд æмæ традицион сси адæмон уырнынадæй, Мæрдты бæсты цард кæй ис, уыцы зондахастæй. Уыдис æндæр уырнынад дæр: мард æмæ Хуыцауы арфæ æмхуызон цæуынц, тæссаг у марды фыдæх, уымæ гæсгæ йын хъæуы буц митæ кæнын, уæд кæндзæн фыдаудæн нæ, фæлæ хæрзаудæн. Ацы зондахаст фидар кодта марды кæндтæ, уыдонимæ бæх фæлдисын дæр.

Ацы фæткимæ баст цыдысты бирæ æгъдæуттæ. Уымæй равзæрдысты æлгъыстытæ дæр. Ирон адæм бæхы æлгъитынц: «Фæлдысты фæу!» Эпосы Сайнæг-æлдар æлгъиты йæ бæхты: «Уæ, фæлдысты фæуат, цæмæй тæрсут, цæмæй?!» Батрадз мары Сайнæг-æлдары æмæ зæгъы: «Мæ фыд Хæмыцæн бæх у!»

Ацы æлгъыст у карз æфхæрд, карз тæрхон: лæг æвæрд цæуы фæлдыст бæхы бынаты. «Мæрдты йын бæхæй фæцу!» — уый амоны лæгнывонд кæнын, лæджы лæгæн фæлдисын.

13. Эпос поэтизаци кæны бæхы хъару. Бæх йæ конд, йæ тых æмæ йæ арæхстæй æвзæрын кæны дис, дисæй æвзæрынц поэтикон уынынад æмæ хуызджын фæлгонцтæ. Эпикон бæх у хъуыдыгæнæг æмæ хъомысджын удгоймаг, тæхы цæргæсау кæнæ тымыгъау, тæхы «арвы талынгты, мигъы бынты», денджызы ленк кæны кæфау, нæ йæ уромынц зилгæ дымгæ æмæ тухгæ уад.

Таурæгъон æууæлтæй уæлдай хайджын у Арæхдзауы бæх, уый хицæн вариантты у асткъахыг, «йæ къæхты хъæрæй зæхх рызти». Нарт барæджы хъомыс иртасынц, доны куыд цæуы, уымæй. Ацы барæг донæн йæ тæнæг не ’взары, æрбаскъæры комкоммæ, «доны астæумæ куы ’рбахæццæ, уæд бæхы хæрдмæ фездæхта, дон фæйнæрдæм ныппæллахъ ласта æмæ йæ фæйнæфарс хуымтæ фесæфта æртæ версты». Æндæр кадæг зæгъы: «Бæх асткъахыг у æмæ зæххæй фæрчытæ тоны йæ къæхтæй, æмæ йæ сæрты халæттау тæхынц», йæ комы тæф мигъау цæуы йæ разæй. Раст ахæм хуызы цæуы сагæты герой Конал Уæлахиздзау дæр йæ бæх Сырх Росæйыл (Исландские саги. Ирландский эпос. М.: Худ. литература (БВЛ), 1973. 662 ф.). Фæлæ уый донæн сгары йæ тæнджытæ. (Цымыдисаг у ир æмæ эринты æмхуызон поэтикон уынынад.) Æртыкъахыгтæ сты Уастырджи æмæ Сосланы æфсургътæ, æмæ уый диссаг нæу: нæрæмон Нартæн йæ бæх уыд Лæгты Дзуары лæвар.

Тыхджын æмæ стыр бæхтæ ис Нарты знæгтæн дæр. Мукарайы бæх у «хъæмпы рагъы йас», кæны «тыхгæнæджы цыд», — «нæуу гæппæлгай иста, дур йæ къæхты бын цæхх кодта». Фæлæ нæртон лæгæн нæртон бæх хъæуы. Арæхдзауы стыр бæх гыццыл Батрадзы уæрджыты æлхъывдæй «йæ игæры фæрчытæ йæ хъæлæсæй скалы». Эпосы поэтикæйы ахъаззаг фæрæзтæ сты контраст æмæ гипербола — кадæг йæ геройты æвдисы тыхджын æмæ кадджынæй.

14. Эпикон бæх у хæстон. Батрадз æмæ Мукарайы хæсты нæртон гуыппырсар æмæ йæ бæх сты æмархайæг. Хæмыцы фырт фæуæлахиз йæ бæхы æххуысæй. Ахæм эпизодтæ эпосы ис дзæвгар. Нарты знæгтæн, арæхдæр Терк — Туркæн, сæ рæгъаухъахъхъæнæг вæййы æфсæндзых уырс. Уымæн батых кæны нæртон барæг нæ, фæлæ йæ бæх. Бæхты хыл уынддаг вæййы. Зындгонд у Эжен Делакруайы ныв «Хылгæнæг бæхтæ».

Уым ис романтикон уæлмонц æмæ карз драматизм. Фæлæ ирон эпосы нывты цур уый зыны чындзытæй хъазты хуызæн. Бæхы амындæй барæг йæ хорз æфсургъы байсæрды сасмæй, стæй йæ стулын кæны змисы æмæ уыры, афтæмæй свæййы дурызгъæрджын. Уыцы агъуд ын йæ буар хъахъхъæны Церечы згъæрау, æмæ уæлахиз кæны æфсæн уырсыл, — æхсыны йæ, сæтты йын йæ тых. Бæхы уæлахиз фадат аразы барæджы уæлахизæн. Ацы сюжеттæ æмæ нывтæ æвдисынц ирон адæмы сфæлдыстадон фантази, стыр поэтикон хъомыс.

15. Эпикон бæхæн вæййы ном. «Сгуыхт хæстонтæ фæткæй сæрмагонд нæмттæ æвæрдтой сæ цирхътыл æмæ сæ бæхтыл» (Смирнов А. Песнь о Роланде // Песнь о Роланде... М.: Худ. литература (БВЛ), 1976. 592 ф.). Миф æмæ эпосы бæх у лæджы æмсæр — зоны дзурын, хъуыды кæнын, хæцын — уый у удгоймаг (личность), æмæ йын хъуамæ уа ном, кады ном.

Кады нæмттæ уыди зындгонд лæгты бæхтæн. Александр Македонскийы бæх — Букефал (Буцефал), Мæхæмæт Пехуымпары бæх — Борак. Уымæн йæ сиахс имам Алийы бæх — Дульдуль (Энциклопедия персидско-таджикской прозы. Душанбе, 1986. 456 ф.). Ацы фæтк уæлдай фидар уыдис эпикон геройты царды, гуыппырсарты æмæ рыцарты этикæйы. Роланды бæх — Вельянтиф, Дон Кихоты хайуан — Росинант.

Бæх афтæ кадджын уыд, æмæ рагон нæмттæй бирæтæн сæ иу хай нысан кæны бæх. Номдзыд Гиппократы номæн йæ раззаг компонент гиппо амоны бæх; фыццагон индиаг поэт, поэмæ «Буддæйы цард»-ы авторы ном Ашвагхоша нысан кæны бæхы хъæлæс болгарты паддзах Аспарух — рухс бæх кæнæ бæхы рухс Рæсугъд поэтикон нæмттæ ис Нарты бæхтæн. Уырызмæджы æфсургъæн йæ иударон ном у Хъулон. Фæлæ уый равзæрд æрвон мыггагæй, тæхы уæлдæфон тыгъдады, арвыл ныууагъта стъалыджын фæд. — ацы таурæгъ у астралон легендæ, — æмæ бæхæн ис æрвон ном Æрфæн. Санаты Гацыр куыд амоны, афтæмæй, легендæмæ гæсгæ, «Æрфæн у зæд æмæ цæры арвыл» (НК, III, 675). Ацы хабарæн эпосы нæй æндæр æвдисæнтæ. Фæлæ бæх æмæ зæд иу ном кæй хæссынц, уый æвзæры мифы логикæйæ: фыццагон адæмæн бæх дæр дуаг уыди. Хицæн кадджыты Уырызмæджы бæхы хонынц Чесана, Черчена, уыдон традицион не сты эпосы. Хонынц æй Дур-Дура дæр (Дульдуль æмæ Дур-Дура цыдæр æмзæлд кæнынц!). Сосланы бæх у Уастырджийы лæвар, йæ ном Дзындз-Аласа Созырыхъо у Сосланы сих (двойник), йæ нæртон æфсургъ — Дурбулат. Чи зоны, ацы бæхы ном амоны, йæ хицау дурæй кæй равзæрд, уый.

Бæлвырд традицийæ нæ цæуынц Батрадзы бæхты нæмттæ, — сты алыхуызон. Уыдонæй цымыдисаг у иу ном — Ресе. Хæмыцы мæлæты фæстæ ацы бæхы авд уæйыджы бакодтой ныккæнды, йæ рацæуæн сæхгæдтой стыр къæйæ. Батрадз æй сæрибар кæны æмæ йын барæг свæййы кæлæны фæрцы (НК, III, 347). Ахæм ном — Реси — хæссы Даредзанты Ростъомы бæх дæр (ИАС, I, 388). Ростъомы прототип у «Шах-наме»-йы герой Рустам. Реси у Рустамы бæх Рахшы ирон вариант. Рахш нысан кæны рухс, æрттиваг (Османов Н. Пояснительный словарь// Фирдоуси. Шах-наме. М.: Худ. литература, 1972. 795 ф.). Нæртон бæхты нæмттæ фылдæр хатт амонынц уæх, миниуæг, хуыз: Уаддым, Хъулон, Дурбулат. Æууæлтæ æвдисынц бæхы эпитеттæ дæр: уадсур, уадæндзо, мегъæндзо, нæртон, хъандзалсæфтæг, дугъон. Ис фауæн эпитеттæ дæр: мыстрагъ, кæнкхæрд, мæнтæгбарц, мæнтæгдымæг. Реалон бæх вæййы дугъон (саргъы бæх) кæнæ уаргъхæссæн, уæзласæн. Йæ цыды хъæдмæ гæсгæ — сираг кæнæ сæппой: цæуы сиргæ, науæд кæны фаддзу кæнæ сæпп; уайы цапуалæй, згъоры цыппæрвадæй. Нырыккон спорты ис цæуыны æндæр хуызтæ дæр.

16. Ахъаззаг куыст у бæхмæ зилын. Къоста «Особа»-йы фыссы: «Бæх, хæцæнгарз æмæ æрыгон ус зылд домынц», — зæгъы ирон æмбисонд» (Хетагуров Коста. Амынд чиныг, 358 ф.). Эпикон герой йæ сæрмæ нæ хæссы фыдхъуын æмæ гæбæр бæхыл цæуын. Уый йæ бæхы дары сыгъдæгæй æмæ рæвдыдæй. Сæууай скъæты фаджысæй раласта йæ фыды бæх, денджызы йæ «сапонæхсад, айкæвдылд ыскодта, æмæ йæ хъуын сызгъæринау сæрттывта». Бедзенæджы кæнгæ фырт дæр архайы афтæ, хъарæ сапон айста, бæхы Теркмæ аласта «æмæ йæ пылыстæг цæппузыры хуызæн ныккодта». Хорз барæгæн хъæуы хорз бæх. Æфсургъ дæр лæгæй домы лæджыхъæд æмæ йæ фæлвары тых æмæ арæхстæй. Хъуамæ кæрæдзийæн уой бæззон æмæ аккаг. Нæртон лæппу, цалынмæ йæ бæхыл, сæууон æртæх кæрдæгыл хурмæ куыд æрттивы, афтæ сфидауы, уæдмæ балцы нæ цæуы.

Цард вазыгджын у, ис ын бирæ хуызтæ. Хæрзхаст æмæ рæсугъд бæхæн ис кад æмæ рад. Фæлæ ис æндæр философи, æндæр этикон зондахаст дæр. Уастырджи Мæргъуыдзы фыдхъуын бæх куы бафауы, уæд ын нæртон лæг дзуапп ратты: «Конд хъаруйæн æххуыс нæу». Æцæгдæр, фыдхъуын, фыдцъылыс бæх зынæвзарæнты бардуаджы æфсургъæй разыны бирæ сæрæндæр. Афтæ гуымаг лæппуйы кæнкхæрд байраг хъаруджындæр у Созырыхъойы æфсургъæй. Æмбисонд хæссынц Къорнæгты (Еналдыты) бæхæй. Мæ фыд куыд дзырдта, афтæмæй уыди хæргæфсы æнгæс, ныллæг, даргъгуыр; дугъы размæ-иу æхсæв-бонмæ йæ хид калди; Камах — цæргæсбадæнты æмвæз; уырдæм Джинатгомæй гакъæттæ фæндагыл згъордта иу скъæрдæй; дугъы барджытæн-иу уыди худæджы хос, дугъы фæстæ та дисæн дзуринаг. Нæ зæрдыл æрлæууынц скифты бæхтæ.

Бæх бафауын — барæгæн карз æфхæрд. Уый тыххæй эпосы ис фаг цæвиттонтæ. Комедион у, къæбæда чызджытæ Ацæты уазæгæй куыд хъазынц, уыцы эпизод (НК, II, 117), — æргом кæнынц барæг æмæ бæхы хъæнтæ. Къарджиаты Бекызæ ныв кæны ирон барæджы фæлгонц, — уый цæхæр калы æвзист æмæ сызгъæринæй. Ахæм барæг «цыфæнды æвзæр бæхыл куы бадтаид, уæддæр-иу йæ арæзтмæ гæсгæ загътой, уæртæ цы хорз бæхыл бады уыцы лæг, стæй йæхæдæг дæр, æвæццæгæн, хорз лæг у, уыййеддæмæ афтæ арæзт нæ уаид» (Къарджиаты Бекызæ. Ирон æгъдæуттæ. Дзæуджыхъæу, 1991. 151 ф.). Ацы цæстæнгас цæуы адæмон этикæйы ныхмæ, уый у къуыдиппытæ æмæ хъалты зондахаст. Зæринфæлыст лæг гæбæр бæхыл нæ цыди, адæм ыл худтаиккой æмæ дзырдтаиккой: «Хæрæджы бæркъа — фиуы тыхт».

Бæхмæ зилын у адæмон культурæйы зынгæ хай. Бæх йæхæдæг йæхи кæны цардхъом. Æмбисонд у байраджы хъиамæт: йæ райгуырдæй фæстæмæ згъоры йæ мады фæдыл, йæхи фæлтæры. Уый у куырыхон æрдзы фæтк. Фæлæ адæмы хъæуы бæхы мыггаг хуыздæр кæнын (селекци), хъæуы йæ дарын æмæ æууæрдын (инбридинг, кроссинг, треннинг). Уыцы хъуыддаг бæстон æвæрд уыди скифтæм (Помпей Трог, 42, 18). Алантæ йæ систой уæлдæр. Традициты хъæздыгдæр кодтой сæ байзæддаг — зыдтой ирон адæм бæх хъæстæлвæст кæнын.

Æмбисонд зæгъы: «Дæ бæхы ехсæй ма скъæр, фæлæ хорæй». Хорхаст бæх уайаг æмæ фæразон у. Санаты Гацыр фыста: «Ирон адæм дзурынц, зæгъгæ, нартхор æмæ хъæбæрхоры цæкуы фосæн хорз тайы, æмæ дзы бæх тагъд нард кæны» (НК, III, 677).

Ирон æмбисонды куырыхон куырм лæг загъта: «Ау, бæх цæмæй рæсугъд у, кæд нард нæу, уæд?» Фæлæ уæддæр Гацыры хабары зыны иу аипп: цæкуыйæ бæх нард нæ кæны, фæлæ хæрзхаст, æлвæст, нуарджын æмæ сагартæн. Æндæр ран Гацыр бæстон фыссы, бæх куыд æууæрдынц, дугъ æмæ йæ балцмæ куыд рæвдз кæнынц, уый тыххæй. (НК, III, 681). Ацы темæ у сæрмагонд иртасинаг.

17. Ирон адæмон культурæйы зынгæ бынат ахста дугъ. Бæх уыд лæджы кад æмæ намыс, уæлахизмæ тырнын — лæджы миниуæг. Поэт хуымæтæджы нæ фæдзæхсы фæсивæдæн: «Догъи ма уотæ фæстаг!» Сылгоймаг Æхсæртæггатæн фыддæр æлгъыстæн зæгъы: «Авд азы уæ кæрдаг кард ма ныккæрдæд, уæ уайаг бæх мауал ауайæд». Æлгъыст æрцыд, æмæ бæгъатыртæ сæ бонтæ тыдтой æгуыдзæг æмæ æгадæй.

Дугътæ фæтк уыдысты бирæ адæмтæм. Ром дугъ уагътой Марсы кадæн. Гомеры геройтæ сæ мæрдтæн кæнынц хæрнæг, дугъ уадзынц цæлхытыл (Ил., XXIII). Ирон адæм дугъ уагътой цинты æмæ бæрæгбонты. Уæлдай нымад уыди ритуалон дугъ марды кадæн. Æмбисондæн зæгъы: «Кæмæн ис, уый йæ зæронд мæрдтæн дæр дугъ уадзы». Ацы æгъдау бæстон нывæфтыд кæны Беджызаты Чермены новеллæ « Слантæ æмæ Фæрниатæ» (»Мæсгуытæ дзурынц», 7.). Таурæгъгæнæг дзуры: «Уæд-иу, мæ хуртæ, уæлдай кад чи кодта йæ мардæн, уый-иу арæзта дугътæ, хъабахъытæ, æлæмтæ... Дугъы-иу æртæ бæхы уыди, фæлæ Слантæ уæлдай цытæн байуæрстой фондз». Кад уыди лæгæн дугъы цæуын: «Марды номыл дугъы архайын нымад цыди пайда æмæ кады хъуыддагыл; бирæтæ, уæлдайдæр быдыры хъæуты, уый тыххæй дардтой цалдæргай дугъон бæхтæ. Хорз барджытæ уыдысты нымад æмæ кадджын» (Калоев Б.А. Амынд чиныг, 87 ф.). Бæхы сгуыхт уыди барæджы уæлахиз.

Ацы æгъдау цæуы скифтæ æмæ аланты цардæй. Парахатæй нывæфтыд æрцыд эпосы. Уæлдай бæлвырд æй æвдисынц кадджытæ «Бурæфæрныджы дугътæ» æмæ «Бурæфæрныджы хæрнæг». Нартимæ ерыс кæнынц бардуæгтæ дæр. Хæрам æнусон низ у. Чермены новеллæйы дугъ расайдта быцæутæ, быцæу æркодта трагедимæ. Драматизмæй ифтыгъд сты Нарты кадджытæ дæр — Батрадз, Уастырджи æмæ Тутыры ерыстæ. Тыхы дон хæрдмæ ласы. Нæртон бæгъатыр йæ тыхы фæрцы исы дугъы уæлахиз. Æвæццæгæн, уæдæй баззади загъдау «Мæнæ дугъы диссæгтæ!» Дугъон бæхæн-иу тарстысты цæстыйæ, хинтæй, фыдбылызтæй. Ис æмбисонд: «Цæстæвæрæн фос цæстдзыд кæны» (Фидиуæг, 2004, № 5, 127 ф.). Уый фæдылиу рауад хъаугъатæ, хылтæ, лæджымæрдтæ (»Мæсгуытæ дзурынц», 5). Фæлæ дзы фылдæр уыд æвдыст (зрелище), æгъдау æмæ кад.

18. Цыты хъуыддаг уыди бæх лæвар кæнын. Хуыцау Нарты сгуыхтытæн хуыздæр лæварæн дæтты бæх. Уастырджи Сосланы буц кæны бæх-лæварæй. Гуымаг лæг Созырыхъойæн цыт кæны æмæ зæгъы: «Нæртон лæг, гъай дын кæнæ мæ кард, кæнæ мæ бæх, æмæ йæ мæ номыл Нарты хъæуы фæдар». Уыцы фæткыл фидар хæцынц Нартæ сæхæдæг дæр. Æмбисонд зæгъы: «Лæвары бæх дæндагæй не сгарынц». Фæлæ лæвар кæныс, уæд хуызæнæн.

Ирон адæммæ хæрæфырт кадджын у. Лæвар ын кодтой байраг кæнæ æвзаргæ бæх. Хуыдтой йæ мадæрвады бæх.

Бæхы лæвар уыди фидыды нысан. Хæмыц куры Донбеттырты чызджы æмæ сын «йæ бæх ныууагъта фаты бæхæьГ (НК, III, 280), — уый уыди фидыды мысайнаг. Ирæды хыгъдмæ цыди мады бæх — сиахсы лæвар каистæн чызджы мады номыл.

Бæх лæвар кодтой, туджджынтæ куы фидыдтой, уæд дæр.

19. Фæтк уыдис бæхæй ивар кæнын. Ацы фæтк æвзæрди хæстон царды æууæлтæй, ис ын бирæ хуызтæ æмæ бирæ æвдисæнтæ. Барæджы бæхæй раргъæвын кæнæ æрхизын кæнын уыди тыхми æмæ æфхæрд. Знаджы бæх байсын амыдта фос фæкæнын дæр æмæ ном скæнын дæр: бæх уыди хæстоны трофей. Знаджы бæхыл сбадын — уæлахизы нысан. Барæг знаджы къухы йæ бæхы удхар куы уына, уæд ын уый у æппæты зындæр хъизæмар. Сырдон риссын кæны мæлæтдзаг Сосланы бæхы, æмæ герой згъалы йæ цæссыг. Фæлæ Сослан барвæндæй йæ кард æмæ йæ бæх уадзы Арæхдзауæн, цæмæй йын йæ туг райса, уый сæраппонд. Хæмыцы æртæ æфсургъы йæ мæлæты фæстæ бахауынц искæй къухмæ, — Батрадз бæхтæ фæстæмæ байсын нымайы йæ сæйраг хæсыл.

20. Бæхы функцитæй иу уыди рæстæвзарæн. тæрхон æххæст кæнын. «Авестæ»-йы бæхы хонынц хæрзгæнæг — истинный праведник (Ясна XI, 1). Нæ фыдæлтæ фыдгæнæджы бастой фыдуаг бæхы дымæгыл, æмæ йæ бæх кодта фæндаджы сæрдæнтæ. Чермены новеллæйы Ахлæуаты чындзæн Ныхас рахаста карз тæрхон, — «стæй йæ, мæ хур, æнæрдызт бæхы къæдзилыл бабастой, æмæ йæ уый хуыртыл æмæ дуртыл гуыргай бакодта» (6). Ацы тæрхон арæхдæр зыны аргъæутты. Æлдар фыдгæнæг дыууæ хойы «дыууæ æнæдомд уырсы къæдзилтыл бабæттын кодта, æмæ сæ уыдон быдырты фæластой, се стæгдар дæр никуыуал фæзынд» (»Æрхуы мæсыджы бадæг Бурчызг»). Ахæм æфхæрд баййæфта æдзæсгом сауджын дæр (»Коса сауджын»). Ахæм тæрхон уыдис Ираны дæр. Æнаккаг сылгоймаджы «йæ дзыккутæй бабастой емылыкк бæхы дымæгыл æмæ йæ аскъæрдтой быдыры» (Заколдованный замок. Персидские сказки. М.: Миф, 1992. 13 ф.). Афтæ Арвы лæвар, зæрин хуры фарн — бæх куынæг кæны фыд, хæрам æмæ фыдæх.

21. Кæрон нæй бæхы хъуыллæгтæн. Уыдон алы хуызты зынынц ирон цард æмæ ирон æгъдæутты. Балцы æмæ рæсæнуаты фæндаггонты кæстæр вæййы бæххъахъхъæнæг. Кæстæр хæссы рифтæгтæ. Хæмыц æмæ Уырызмæг нæ фидауынц, хистæр сæ чи у, ууыл. Сæ хо сын зæгъы: «Дæлæ уæ йæ бæхы фæсарц фæсал баст кæмæн ис, уый у кæстæр, иннæ та — хистæр».

Бæхы хъару у бæрцбарæн. Фыццаджыдæр уымæй барст цыди дæрддзæг — бæхы бонцау. Кадæг зæгъы: «Хæмыц ацыди цуаны. Дард ацыди, иу æртæ бæхы бонцауæй тынгдæр». Уастырджи дугъы æрбаразæй бæхы сæры бæрц. Бæхы æууæлтæй барстой фæзуат æмæ гуырахст дæр: стыр фæз кæнæ хатæн — æнæхъæн бæхдугъ, егъау мигæнæн — бæхдуцæны йас.

22. Бæхы тыххæй ис бирæ æмбисæнлтæ (Кæс: «Ирон æмбисæндтæ», 1976). Уыдон кад кæнынц Арвы лæварæн. Фæлæ дунейæн йæ иудзинад ис ныхмæвæрдты. Эпосы Уастырджи хъавы, арв æмæ зæххæн æхцон цы нæ у, ахæм æнæгъдау ми бакæнын — саударæг сылгоймагæй рæвдыд домын. Уæздан Дзерассæ æмæ уæздан бæх не ’руагътой уыцы фыдракæнд. Уæд тæхгæ-нæргæ Уастырджи мæстæлгъæдæй сиды: «Уæдæ бæх дæр фæуæд мæ дзыхæй æлгъыст, бæх æмæ усыл дунейыл æппындæр æууæнк ма уæд, уыдон сты знаг фос» (НК, I, 33, 86). Рæдийын зонынц хуыцау дæр æмæ дуаг дæр. Адæм растдæр зæгъынц: «Бæхæй уæздандæр фосæй нæй: лæгимæ топпы дзыхмæ уый йеддæмæ ничи цæуы».

23. Бæх зынгæ архайæг у канд эпосы нæ, фæлæ аргъæутты дæр. Уым дæр вæййы геройы æнувыд æмбал, уынаффæгæнæг æмæ ирвæзынгæнæг. Кады бынат ын ис таурæгъты æмæ зарджыты дæр. Йæ фæлгонц ирд ахорæнтæй нывæст цæуы аивад æмæ литературæйы, уæлдайдæр поэзийы, — æниу поэзийы бардуаг бæх йæхæдæг у, базырджын Пегас. Фæлæ йæ кады бындур сты миф æмæ эпос, уым ис йæ диссаджы истори, йæ хæрзты кадæг. Уым бæх у Сатанайы æмзонд, геройы æмдых, хуры æмвидыц.

2006 азы апрель


Скачать в djvu: dzhykkayty_shamil_-_baekh_-_md-2007-1.djvu [262,5 Kb] (cкачиваний: 55)
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru