поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
Сывæллæтты литературæ æмæ хъомылады фарстатæ (Дауырæйы сфæлдыстады бындурыл)
Автор: 00mN1ck / 26 февраля 2011 / Категория: Авторские статьи, Литература
Брытъиаты А. Б., ф.н.к.

     Сывæллæтты литературæ. Егъау æмæ вазыгджын у йæ нысаниуæг нæ æрвылбоны царды. Саби фыццаг хатт йæ къухмæ чиныг куы райсы, уæд райдайы йæ даргъ, цымыдисаг æмæ зæрдæрайгæ фæндаг дзырдаивады алæмæттаг дунемæ.
     Йæ зæрдæйы хъарм æмæ йæ хъæздыг æвзаг сабитæн æнæвгъауæй чи лæвар кæны, уыдонæй иу у Дауырæ (Сланты-Дауыраты Зоя) дæр. Дауырæйы хорз зонынц ирон газеткæсджытæ, чиныгкæсджытæ. Мыхуыры йын рацыд цалдæр чиныджы: «Мæ къонатæн, мæ хуртæн» (1990), «Сæдæйысæр» (2000), «Мæ чысыл хуртæн» (2002), «Азæлд» (2003). Абон нæ ныхасы сæр сты сывæллæттæн цы уацмыстæ фыссы, уыдон.
     Куыд æмæ кæд æрбацыд уæдæ Дауырæ нæ литературæмæ? Хъобаны астæуккаг скъола фæуыны фæстæ бацыд уæды музыкалон педагогон техникуммæ, фæлæ дзы афæдз йедтæмæ нæ фæцахуыр кодта. Уыйадыл йæ гæххæттытæ радта Мæскуыйы Щукины номыл уæлдæр театралон училищейы ирон студимæ. Кæд актеры дæсныйад равзæрста, уæддæр йæ зæрдæ æхсайдта режиссурæмæ, æмæ архайын райдыдта, цæмæй Мæскуыйы уæлдæр режиссерон курсытæм йæхи бацæттæ кæна. 1962-1967 азты фæкуыста республикæйы куклаты театр «Саби»-йы ирон къорды режиссерæй. Уый йын стыр ахъаз фæци, цы курсытæм тырныдта, уырдæм – С.В. Образцовы къордмæ бахауынæн.
     Фæстæдæр та ахуыр кодта зындгонд режиссер А.А.Гончаровмæ. Уый дæр æм æгъгъæд нæ фæкасти, æмæ ахуыр кæнын райдыдта мультипликаци, цæмæй фæстæдæр нæхимæ дæр мульткинонывтæ исынæн фадæттæ арæзт æрцыдаид, ахæм фæндимæ. Æртæ азы дæргъы ахуыр кодта æмæ куыста «Союзмультфильм»-ы ассистентæй. Ирыстонмæ сыздæхыны фæстæ 23 азы дæргъы удуæлдай фæллой фæкодта телеуынынады, архайдта, ирон аивад, ирон æвзаг бæстон парахатгонд куыд цыдаиккой царды, ууыл. Амыдта телеравдыстытæ «Не 'взаг – нæ хæзна», «Фыдæлты фарн», «Нæ дуг æмæ не 'гьдæуттæ». Дауырæйы царды ма ис, æнæзæгьгæ кæмæн нæй, ахæм цау: къорд азы размæ байгом кодта, йæ зонындзинæдтæ лæвар кæм амоны, ахæм скъола «Хæзнадон». Ахуыр дзы кæны, цыдæр аххосæгты фæдыл йæ мадæлон æвзаг йæ рæстæджы чи нæ базыдта, стæй æндæр адæмты минæвæрттæй не 'взаг базонын кæй фæнды, уыдоны. Ахуыргæнæджы куыст кæй кæны, уый æнæфæзынгæ нæ фæци йæ литературон сфæлдыстадыл. Йе 'мдзæвгæты фылдæр хай агургæ æмæ 'нæссаргæ æрмæг сты ирон æвзаджы ахуыргæнджытæн.
     Дауырæ фыссын райдыдта æртæ æмæ ссæдз азы размæ, хъысмæты карз цæф баййафгæйæ. Райдианы уыдон уыдысты рифмæгонд хъарджытæ («Мах дуг», 1987 аз, №3). Афтæмæй Дауыраты Зояйы базыдтой газеткæсджытæ дæр. Уæдæй фæстæмæ цард куыд ивта, афтæ ивта Дауырæйы сфæлдыстад дæр. Фыссын райдыдта, йæ мидхъуырдухæнтæй чи райгуырынц æмæ алы кары адæймæгтæн æнцонæмбарæн чи свæййынц, ахæм зæрдæмæхьаргæ æмдзæвгæтæ. Фæстæдæр ын газеткæсджытæ базонгæ сты йæ прозæимæ дæр.
     Ныр та нæ ныхасаг сты, сывæллæттæн цы уацмыстæ фыссы, уыдон. Кæд нæ Республикæйы йæ рæстæджы алы къуылымпыты аххосæй нæ сырæзт мультипликаци, уæддæр Зоя цы зонындзинæдтæ райста, уыдон ын стыр ахъаз фесты йæ дарддæры сфæлдыстадон куысты. Сабитæм æрдзон уарзондзинадæй, сæ миддунейы æмæ ирон æвзаджы бæстон зонындзинæдтæй гуырын райдыдтой, сывæллæттæн æнцон æмбарæн чи сты æмæ сæ гыццыл зæрдæтæм цыбыр фæндаг чи ссары, ахæм æмдзæвгæтæ.
     1990 азы мыхуыры рацыд Дауырæ сæрмагондæй рæзгæ фæлтæрæн цы уацмыстæ ныффыста, уыдоны æмбырдгонд. Чиныг хуынди «Мæ къонатæн, мæ хуртæн». Уæдæй абонмæ рахъомыл æнæхъæн фæлтæр. Æмæ та абоны сабитæн дæр фыссæг ракодта зæрдиаг лæвæрттæ – ног чингуытæ. Бирæ æхсызгон уысмтæ æрхæсдзысты ацы чингуытæ рæзгæ фæлтæрæн. Фыццаг чиныджы цы уацмыстимæ базонгæ сабиты автор, уыдоныл ма æфтыд æрцыд тынг бирæ ног æмдзæвгæтæ, уыци-уыцитæ, тагъддзуринæгтæ, фæзынд æм прозæйы фыст уацмыстæ дæр. Даурæйы сфæлдыстадæн егъау у йæ хъомыладон æмæ эстетикон нысаниуæг. Цæуыл сахуыр кæндзæн нæ сывæллæтты, царды цавæр æцæгдзинæдтыл сæ баууæндын кæндзæн?
     Фыццаджыдæр, автор йæ уацмысты æвдисы цы у хорз æмæ цы у æвзæр, æууæндын кæны йæ чиныгкæсджыты, фыдракæнд æнæфхæрдæй кæй никуы баззайы. Уыимæ чиныджы нæй иунæг комкоммæ амонæн ныхас, иунæг «афтæ хъæуы-афтæ нæ хъæуы» дæр, фæлæ уымæй уацмыстæн сæ хъомыладон ахадындзинад нæ цуды. Фыссæг йæ чысыл чиныгкæсджытимæ куыд педагог æмæ моралист нæ дзуры, фæлæ куыд цæстуарзон, зæрдæхæлар хистæр æмбал.
     Сабитæм цы зæрдæ дары Дауырæ, уый бæрæг у суанг йæ чингуыты сæргæндтæй дæр: «Мæ къонатæн, мæ хуртæн», «Мæ чысыл хуртæн». Сывæллоны психологи, йæ миддуне йын иттæг хорз кæй зоны, куыд цæры, цы йæ цымыдис кæны, уыдæттæ лæмбынæг кæй бахынцы, уый фæрцы ссары автор алы кары сывæллæттæн дæр хъæугæ, бæзгæ, хигъæдон интонацитæ. Бынтон æнахъом сабийæн зары йæ «авдæны зарæг», фондз-авд-астаздзыдтæн дзуры, сæ зæрдæты сын цины, дисы уылæнтæ чи гуырын кæны, ахæм цаутæ се ‘мгæртты, стæй цæрæгойты цардæй («Мырхой», «Мыст-дохтыр», «Дзырдарæхст», «Гогыз хъазтимæ фæхыл» æмæ æнд.).
     Сæ фыццаг бакастæй поэты æмдзæвгæтæ хæрз хуымæтæг сты, фæлæ уыимæ цух не сты арф хъуыды, юмор æмæ фæсаууонмæ зондамындæй. Зондамынд та хъуамæ æнæмæнг æмбæхст уа, уымæн æмæ комкоммæ фæдзæхсæн ныхæстæй саби фæлмæцгæ кæны, йæ зæрдæмæ сæ арф нæ исы. Сывæллонæн зæгъæн ис ахæм хус ныхæстæ: сайын хорз нæу, сайын нæ хъæуы. Гуырысхойаг у, йæ зæрдæмæ сæ арф айсдзæн, уый. Дауырæ æндæр хуызы бакодта, уый радзырдта цымыдисаг цау сабиты цардæй:
     Зæронд Нана мæстæй фыхт:
     –Чи мын бахордта мæ цыхт?
     – Æз нæ уыдтæн. Гæды уыд.
     Фсæстæй къонайыл хуыссыд.
     – Гæды ралыг кодта кардæй?..
     – Кардæй, кардæй, не стыр кардæй, –
     Бахъæр кодта лæппу дардæй.
     – Рахæтыд кæуылдæр й' арв,
     Скьахта Алардыйы царв.
     – Æз нæ уыдтæн. Гæды уыд!
     ‘Фсæстæй къонайыл хуыссыд.
     Раст æй ыстуанæй къахта,
     Тынг хæрзад у, загъгæ, загьта.
     – Фесæфтис мæ æвзист сом.
     Чи йæ бамбæхста ызнон?
     – Гæды... гæды цалхæй хъазыд...
     Къуыбырæй йын æрхмæ атылд!
     Гæды лæппумæ ныккаст,
     Лæппу асырх и æваст.
      («Æз нæ уыдтæн. Гæды уыд!»)
     Саби фæхуддзæн ацы юморæй дзаг цауыл æмæ йæ зæрдыл бадардзæн, сайд кæддæриддæр кæй рабæрæг уыдзæн, нæ йæ бафæнддзæн афтæ фæхудинаг уа, уый.
     Дауырæ худы зивæггæнаг, фыдуаг, сайаг, æнæуаг сабитыл («Мæди», «Тæргайгæнаг», «Дзабыртæ», «Цъындатæ», «Фыдуаг лæппу»). Афтæ йе ‘мдзæвгæтæй иуы амоны, æнæрхъуыды, æнæууæнк ныхасæй æмбалы карз бафхæрæн кæй ис. Лæппу бамбæхста йæ дурæхсæн, ферох дзы ис, агурын æй райдыдта. Куы нæ йæ ардта, уæд:
     Бауырдыг ис йе 'мбалмæ:
     «Адавтай йæ ды!»
     Бацардыдта æмбалыл
     Карз фыдыфыды...
     
     Рафæлдæхта дынджыр лæг
     Дынджыр дурты цæнд:
     «Мæнæ ис дæ дурæхсæн!
     Де 'мбалыл æууæнд!»
     
     Лæппу æрфæсмон кодта йæ ныхæстыл, бахъардта йæм йæ дадайы уайдзæф:
     Бады лæппу иунæгæй,
     Цæсты сыг цæуы.
     Фыдыфыд æм бадзуры.
     «Афтæ дын хъæуы!»
      («Афтæ дын хъæуы!»)
     
     Хистæр кары сывæллæттимæ Дауырæ дзуры бынтон æндæр æвзагæй. Уый у æмсæр адæймæгты ныхас:
     Рæстæг у нæ царды барæн
     Аргъ кæнын ын зон.
     Сæфт рæстæгæн нæй ыссарæн, –
     Нал уыдзæн «ызнон»
      («Рæстæджы дугъ»)
     Кæнæ: Ма хъаз цардæй, цард цыбыр у.
      Ралæудзæн кæддæр кæрон,
      Æмæ а зæххыл цæрынæн
      Баззайдзæн æрмæст дæ ном.
      («Ма хъаз цардæй»)
     Ахæм сты йæ иннæ æмдзæвгæтæ дæр: «Нанайы арфæтæ», «Ничи дæм хæсдзæн уæд фау», «Сабийау дæм худы уарди», «Хæс æмæ бар», «Дуджы улæфт».
     Сæ тематикæмæ гæсгæ алывæрсыг сты Дауырæйы уацмыстæ. Экологи æмæ сабырдзинад, мадæлон æвзагмæ æмæ Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад, æгъдау æмæ æфсарм, – се ‘ппæт дæр ссардтой сæ бынат фыссæджы сфæлдыстады.
     Кæддæр зындгонд немыцаг поэт И. Гете фыста: «Æрмæст Æрдзæн ис схонæн æппæтæй мидисджындæр чиныг». Экологийы темæ тынг риссаг у фæстаг азты. Йæ иувæрсты нæ ахызт Дауырæ дæр. Йæ уацмысты ахуыр кæны æрдз хъахъхъæныныл, цæрæгойтæ æмæ зайæгойтыл аудыныл («Дзывылдар йæ фырты фасы», «Цæмæн хъæуы æрдзы мæлдзыг?», «Мæлдзыджыты ма мар!» æмæ æндæртæ).
     Дауырæйы æмдзæвгæтæ сывæллæтты зæрдæты райгуырын кæнынц цины, дисы уылæнтæ; куы сæ зæрдæскъæфт фæкæнынц, куы та сæ тасы, æнкъарддзинады цадмæ нывзилынц. Кæцы сабийы зæрдæ не скæндзæн тарст гуыпп-гуыпп, зæрватыччы лæппын йæ ахстонæй куы рахауы, æмæ йыл гæды йæхи куы ныццæвы, уæд («Дзывылдар йæ фырты фасы»). Кæнæ кæцы сывæллон йæ тымбыл къухæй нæ бадодой кæндзæн, мæлдзыджы фырт чысыл Мæлдзиста кæй азарæй фесæфт, уыцы фыдуаг лæппуйы коймæ, йæ зæрдæ тæригъæдæй нæ айдзаг уыдзæн мад-мæлдзыджы катаймæ:
     Ратоны йæ зæрдæ мæтæй:
     «Чи зоны, ‘мæ йыл зæвæтæй
     Дынджыр гал ныллæууыд.
     Чи зоны, 'мæ цæу уыд?
     Чи зоны, йæ дон фæласта,
     Йе йæ уаддымгæ фæхаста»
     М' ахсджиаг, Мæлдзиста...»
     Мад кæуынтæ систа...
(«Мæлдзыджыты ма мар!»)
     
     Хъуамæ сывæллон æмбара, алы цæрæгой, суанг чысыл мæлдзыг дæр рис кæй зоны, æмæ, хъæдмæ бафтгæйæ, ма сиса, Дауырæйы æппæрццæг хъайтарау, йæ дзыппæй дурæхсæн, ма скъуыра къахæй мæлдзыджыты гуыппар. Ацы темæйыл фыст уацмыстæй уæлдай тынгдæр йæхимæ æргом здахы æмдзæвгæ «Ацы сæрд хæрисыл иу сыфтæр нæй»:
     Ивгъуыд аз сабитæ ног таутæ сагътой,
     Хæрисы зæнгыл нысæнттæ ныууагътой:
     Иу ын йæ цъарыл ыскъахта цæсгом,
     Слыг кодта уадздзæгтæй йе ‘мбалы ном.
     
     Иннæ йæ тыхтæ æвзæрста бæстон:
     Бабаста хæрисыл арф тæлмæй рон.
     Бахус ис бæлас – бæгънæгæй лæууы,
     Уидæгтæй зæхмæ йæ цæссыг цæуы.
     
     Сæрды йæ аууонæй ивылди сатæг,
     Цинад æмбæрста йæ быны æрбадæг.
     Рог дымгæ хъазыд йæ цъæх бæндæнтæй…
     Ацы сæрд хæрисыл иу сыфтæр нæй.
      («Ацы сæрд хæрисыл иу сыфтæр нæй»)
     Фæстаг азты экологийы темæмæ тынг се 'ргом аздæхтой телеуынынад, радио, газеттæ, аивадон литературæ. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, ахсджиаг хъуыддаг у. Æрдз хъахъхъæныны проблемæ нæм уæлдай вазыгджындæр æмæ ахсджиагдæр фæкæсдзæн, абон-ма чысыл сабитæ чи сты, фæлæ 15-20 азы фæстæ царды рохтæ йæ къухтæм чи райсдзæн, уыдоныл куы ахъуыды кæнæм. уæд. Абон сын цы хъомылад ратдзыстæм, куыд сын бауарзын кæндзыстæм сæ райгуырæн зæхх, уымæй аразгæ уыдзæн не 'ппæты сомбон дæр.
     Сывæллоны психологи, миддуне иттæг хорз кæй зоны, куыд цæрынц, цы сæ цымыдис кæны, уыдæттæ лæмбынæг кæй бахынцы, уый фæрцы Дауырæ алы кары сывæллæттæн дæр ссары хъæугæ, хигъæдон интонацитæ. Семæ дзуры фæлмæн ныхасы уагæй, суанг ма сын «цу-ма» дæр рæвдаугæйæ кæны:
     Цу, мæ къона, цу, мæ бон.
     Цу, дæ сæрыл хаст фæуон.
     Марадз, рахæсс кæртæй сугтæ
     Æмæ аздах сæгъты дзугмæ.
     Цу, Гыгыйæ царв æрбадав,
     Стæй Дудуйæ 'нхъизæн радав.
      («Коммæгæс»)
     Сæ цавæрдæр æппæрццæг æууæлтæ бафиппайгæйæ сыл худы цæстуарзонæй, уыимæ ссары æвæджиауы фæрæзтæ, фæсномыгæй сын сæ зивæг, се 'нæфснайд, сæ фыдуаг, сæ хиндзинад сæ цæстмæ бадарынæн. Зæгъæм, йе 'мдзæвгæтæ «Цъындатæ» æмæ «Дзабыртæ» фыст сты æнæфснайд, чъизи сабиты дзаумæтты монолоджы хуызы:
     Цæмæн та нæ баппæрстай
     Чъизийæ къуыммæ?
     Нæ иуæй цæстаппæрст,
     Нæ иннæ зыгъуыммæ
      («Цъынатæ»)
     Дауырæйы къухы бафты алы чысыл цауæй дæр, стыр ахадындзинад кæмæн ис, ахæм ныв саразын. Уыцы хъуыддаджы йын æххуысгæнæг сты канд сабитæ æмæ сæ дзаумæттæ нæ, фæлæ зайæгойтæ æмæ цæрæгойтæ дæр:
     Хъыбыл нал хъусы йæ мадмæ,
     Сфыдуаг ис фыр хъалæй
     Алидзы æвастæй цадмæ,
     Нал фæкомы малæй.
     Хъыбылæй ферох вæййы, мадмæ куы нæ хъуса, уæд æм æнæмæнг фыдбылыз кæй æнхъæлмæ кæсы:
     Гæды рувас рагæй зылди
     Хъыбылæн йæ фæдыл...
      («Фыдуаг»)
     Æгоммæгæс хъыбылы рæдыдтытыл сабитæ ахуыр кæнынц, бамбарынц, фыдуаг æмæ хивæнддзинад æнæфхæрд кæй нæ баззайынц.
     Сывæллæтты литературæ хъуамæ уа æнæсайд, раст æвдиса æрдзы æмæ царды фæзындтытæ, уа æнцонæмбарæн. Мæгуыр йæ бон уыцы фыссæгæн, сывæллæттæн чи фыссы æмæ йæ кары сæрты ахизын, сывæллоны хуызы бацæуын йæ бон кæмæн нæу, зæгъгæ, фыста зындгонд уырыссаг фыссæг К.И. Чуковский. Дауырæйы æмдзæвгæтæ кæсгæйæ, чиныгкæсæгмæ ахæм æнкъарæн фæзыны, цыма сæ ас адæймаг нæ фыста, фæлæ 4-5-аздзыд сабийы дзыхæй схаудтой:
     Дагу-дыннагу,
     Нæ хъаз хæцаг у.
     Дагу-дыннагу,
     Мæди фæзмаг у.
     Дагу-дыннагу,
     Нæ куыдз хъæхъхъаг у,
     Дагу-дыннагу,
     Мæди кæуаг у
      («Мæди»)
     Дауырæ сывæллæттæн цы æмдзæвгæтæ фыссы, уыдоны ‘хсæн зынгæ бынат ахсынц йæ базон-базонтæ. Канд сывæллæтты не’сцымыдис кæндзысты уыдон, фæлæ ма суанг хистæр кары адæймæгты дæр. Уыци-уыциты æрмæг Дауырæ исы канд абоны цардæй нæ (ток, радио), фæлæ пайда кæны стæм хатт ма кæуыл æмбæлæм, ахæм хæдзары дзаумæттæй (худтындзæн къуыдыр, цъалды, æлхуй). Хатгай Дауырæйы уыци-уыцитæн дзуапп ницы хуызы ис ссарæн, адæмон сфæлдыстад, æмбисæндтæ куы нæ зонай, уæд:
     Чидæр сарæзта ' цыдæр: -
     Амад – къултæ, амад – сæр,
     Дымгæ йыл нæ уадзы рыг...
     Хæлы хи дурæй...
      («Мæсыг»)
     Режиссурæимæ бæстон зонгæ кæй у фыссæг, йе 'мдзæвгæтæй, йæ базон-базонтæй бирæтæ хъæзтыты хуызæн дæр уымæн сты («Афтæ нæу?» , «Поэттæ», «Базон-базонтæ», «Аэробикæ» æмæ æндæртæ). Уыдон æвæджиауы æрмæг сты скъолатæн, стыр у сæ ахадындзинад: фæлтæры сывæллæтты логикон хъуыдыкæнынад, хъæздыгдæр кæны се 'взаг. Уый у Дауырæйы сфæлдыстады хицæнхуыз миниуæг, ирхæфсæн хъазты хуызы сабиты, сæхæдæг дæр æй куыд нæ бамбарой, афтæ æнцонæй, æрдзон уагыл, ахуыр кæнын царды хуымæтæг, фæлæ ахсджиаг зондзонæнтыл.
     Зын у сывæллæттæн хорз чиныг ныффыссын. Цас æрыгондæр уа чиныгкæсæг, уыйас авторыл фылдæр бæрн ис, хъуамæ чиныг разына, цы кары сабитæн фыст у, уыдоны аккаг. Спецификон литературæ, зæгъгæ, уый афтæ нæ амоны, æмæ йæ аивадон æмвæзад ныллæгдæр уа, кæнæ царды, æхсæнады фæзындтæй иппæрдгонд уа, йе йæ тематикæ къуындæгдæр уа. Спецификон хъуамæ уа йæ хуымæтæгдзинадæй, йæ бæлвырд, ирд фæлгонцтæй. Сывæллæттæн фыст чиныг хъуамæ уа æнцон кæсæн, хъæлдзæг, уыимæ дзы æвæрд уа егъау æмæ арф хъуыды, уа цардуагон. Сывæллæтты литературæйæн бирæ у йæ аивадон æрмæг, хъæздыг сты йæ сфæлдыстадон куырдадзы мадзæлттæ. Уыдон кæд алкæмæн зындгонд сты, уæддæр алы дзырддæсныйы армы дæр райсынц хигъæдон хуыз, сног, сцымыдисаг сæ кæны.
     Цавæр аивадон мадзæлттæй пайда кæны уæд Дауырæ та? Йе сфæлдыстады хуыздæр æууæлтæй иу у æвзаджы хъæздыгдзинад. Арæх æм æмбæлæм, абон рохуаты чи аззад, фæлæ кæддæр не 'взаг рæсугъд æмæ хъæздыг цы дзырдтæ кодтой, ахæмтыл. Райсæм æмдзæвгæ «Судзины хæлæрттæ». Уырыссаг æвзаджы сынчы алы хуызæн дæр ис йæхи ном, фæлæ сын иронау дæр хицæн нæмттæ кæй ис, уый не 'ппæт нал зонæм. Дауырæ нын сæ нæ зæрдыл æрлæууын кодта:
     Сынк – фæсасынк,
     Сынк – гæпсынк,
     Здыхтсынк, дзуарсынк,
     Сынк, сынк, сынк.
     Сынк – уæлæфтау,
     Сынк – кæрцсынк,
     Ставд рæхсад сынк,
     Сынк, сынк, сынк.
     Сынк – нывæфтыд,
     Сынк – цæстсынк...
     Цас хъæздыгдæр кæны не ‘взаг, йе 'ппæт дзырдуатон æрмæгæй дæр ын пайдагонд куы цæуа, уæд! Уымæй уæлдай ма поэт арæхстджынæй спайда кодта аивадон мадзæлттæй дæр. Зæлфысты, бæлвырддæр та, аллитерацийы руаджы хуыйыны процесс цыма канд уынгæ нæ, фæлæ ма хъусгæ дæр фæкæнæм...
     Бирæ ног дзырдтæ базондзысты сабитæ Дауырæйы иннæ æмдзæвгæтæ «Уарзын кас» кæсгæйæ дæр (еуу, сысджы, хъæбæрхор, сауфагæ).
     Чи зоны, исчи ахæм фау æрхæсса Дауырæйы æмдзæвгæтæм, зæгъгæ, дзы сывæллæттæн зынæмбарæн, кæнæ æнæзонгæ дзырдтæ бирæ ис. Фæлæ, арф ахъуыдыгæнгæйæ, адæймаг æрцæуы ахæм хатдзæгмæ: хæдзары сæ нæ хъусæм уыцы дзырдтæ, чингуыты дæр ма сæ куы нæ пайда кæнæм, уæд куыдæй хьуамæ хьæздыгдæр кæна сывæллоны æвзаг, кæм ма сæ базондзæн? Кæй нæ зона, уымæй йæ хистæрты бафæрсдзæн.
     Сабитæн сæ кæцыдæр миниуджытыл дзургæйæ, æрдзы нывтæ æвдисгæйæ, Дауырæ ахæм æнæнхъæлæджы метафорæтæ ссары, хуымæтæг предметты ахæм миниуиджытæй схайджын кæны, æмæ сыл сывæллон æууæндын райдайы, æнæуд предметтæ кæй сты, уый дзы ферох вæййы.
     Хуызджын, ирд метафорæтæ, абарстытæ ссардта хуымæтæджы ныв равдисынæн поэт йæ иннæ æмдзæвгæйы;
     Цъæх мигъ урс мигъы ныббырста, –
     Арвыл дамгъæтæ ныффыста.
     Рауад пакъуытæй нывтæ,
     Ис сын хъустæ 'мæ дзыхтæ.
     Базæнгæс мигъ фестад хъаз,
     Адаргъ кьубал, гуыр фæфаз,
     Къах – фæстæмæ, размæ – базыр,
     Калм фæхилы ныр йæ фазыл!..
      ... Рауад дугъон бæхтæ... фысæй, –
     Дымгæ ныв ныссæрфта дысæй,
      («Дымгæ ныв ныссæрфта дысæй»)
     
     Арæх вæййæм нæхæдæг æвдисæн мигъты рафæлив-бафæливтæн, фæлæ сын æнæнхъæлæджы цы кæрон скодта Дауырæ!
     Хорз фидауынц сæ мидисимæ йе 'мдзæвгæтæн сæ архайд æмæ сæ ритм дæр:
     Хъуылæгæн дæр
     Йæхи 'взагыл
     Йæхи зард ис,
     Йæхи цагъд: –
     Тъыллупп-мыллупп,
     Цыллахъ-мыллахъ,
     Сындæг-мындæг, –
     Бынтон тагьд.
      («Хъуылæджы зард»)
     Тынг цымыдисаг сты Дауырæйы прозаикон уацмыстæ дæр («Пыхцыл Биби», «Нырыккон аргъау», «Æгæнон», «Сырдон бæх æмæ хæрæг куыд рамбылдта», «Индийаг аргъау»). Уыдоны сты сæрмагонд ныхасы аккаг.
     Фыссæгыл стыр хæс æвæрд ис фидæны фæлтæр хъомыл кæныны хъуыддаджы. Абоны хистæртæй аразгæ у, сомбоны царды рохтæ йæ къухтæм чи райсдзæн, уыцы кæстæртæ цы зонындзинæдтæ æмæ æгъдау, цы хъомылад æмæ æвзаг райсдзысты, уый. Уыцы хæс уæлдайджынтæй æххæст кæны Дауыраты-Сланты Зоя.


Вопросы литературы и фольклора. Сборник научных статей. Выпуск IV. Владикавказ 2010
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru