Сатцаев Эльбрус Батрбекович кфн, доцент Ирон æвзаг хауы ирайнаг æвзаджы стыр къордмæ. Уыцы къордмæ ма хауынц бирæ æндæр егъау æвзæгтæ, куыд, зæгъæм, персайнаг, афгайнаг (пушту), таджикаг, курдаг, белуджаг. Афтæ персайнаг æвзаг æмæ йе ‘нгæс æвзæгтыл ныхас кæны сæдæ милуанмæ ‘ввахс адæймаджы. Пуштунаг æвзаг мадæлон у 45 милуанмæ хæстæг адæймагæн. Курдаг æвзагыл ныхас кæны 35-40 милуанмæ хæстæг. Уыимæ ирайнаг æвзæгты къорды ‘хсæн ис, фыссынад кæуыл нæй, ахæм æвзæгтæ дæр. Зæгъæм, гилянаг кæнæ мазандарайнаг æвзагыл дзурынц милуантæ, фæлæ сæм фыссынад кæй нæй, уымæ гæсгæ пайда кæнынц персайнаг æвзагæй.
Персайнаг æвзагыл сырæзыдис диссаджы хъæздыг аивадон литературæ, уæлдайдæр – поэзи, дунейы æмбал кæмæн нæй, уыцы персайнаг поэзи.
Хъæздыг у сæ литературæ пуштунтæн æмæ курдæгтæн дæр. Таджикаг æмæ дари литературæ та йæ райдайæн исы классикон персайнаг литературæйæ, æмæ уыцы æвзæгтæ персайнаг æвзагмæ тынг хæстæг кæй сты, уый тыххæй сæ кæрæдзийæ хицæн нæ кæнæм.
Ирон æвзаг куы райсæм, уæд ирайнаг æвзæгты ‘хсæн ахсы астæуккаг бынат, æмæ къорды нымад цæуы ахсджиагдæртæй иуыл.
Ирон æвзагыл сырæзыд абаргæйæ хъæздыг литературæ. Ирон æвзагыл ис бирæ арф æмæ ахсджиаг наукон-иртасæн куыстытæ ис. Йæ нысаниуæгмæ гæсгæ ирон æвзаг къорды ахсы æртыккаг бынат, персайнаг æмæ таджикаг æвзæгты фæстæ. Фæлæ ныртæккæ ирон æвзагыл ныхасгæнджыты нымæц къаддæрæй-къаддæр кæны, æмæ уыдоны нымæцмæ гæсгæ ирон æвзаг ирайнаг нымад æмæ литературон æвзæгты æхсæн ахсы фæстаг бынат. Хъуыддаг дарддæр афтæ куы ацæуа, уæд не ‘взаг, сæфгæ цы ирайнаг æвзæгтæ кæнынц, уыдоны къордмæ æрхаудзæн.
Ирон æвзаг нымад у рагон скифаг – (сакаг) знæмты æвзаджы иунæг байзæддагыл. Йæ райрæзты фæндагыл скифаг (сакаг) æвзаг раивта фыццаг сарматаг, стæй алайнаг æвзæгтæм æмæ сæ фæстагмæ – иронмæ.
Нырма бынтон бæлвырд нæу, æппæты фыццаг ирайнаг знæмтæ кæм цардысты æмæ кæцæй рахæлиу сты, уый. Фæлæ фылдæр ахуыргæндты хъуыдымæ гæсгæ ирайнаг адæмты фыдæлты уæзæг уыди Хуссар-Скæсæн Европæйы, æмæ нырыккон Казахстаны зæххытыл. Йæ заманы ирайнаг знæмтæ цы зæхх ахстой, уый уыди, иумæ райсгæйæ, иннæ æппæт индоевропæйаг адæмты зæххытæй егъаудæр. Уыцы зæххæн йæ ныгуылæн арæнтæ хæццæ кодтой суанг Дунайы донæн йæ астæуккаг хайы былгæрæттæм. Скæсæны ирайнаг адæмтæ цардысты нырыккон Манголы арæнты онг. Цæгаты сæ зæххыты райдайæн уыди нырыккон Уæрæсейы хъæдбыдыр бынæттæй, Хуссары та ирайнаг адæмты зæхх бахæццæ Персайнаг донбакæлæны былгæрæттæм.
Кæй зæгъын æй хъæуы, утæппæт зæххытыл ма цардысты æндæр адæмтæ дæр, фæлæ нымæцæй уыдысты ирайнаг адæмтæй бирæ къаддæр. Ирайнаг æвзæгты ‘хсæн æппæты рагондæрыл нымад у «авестæйаг». Уыцы заман авестæйаг æвзаг бæлвырдæй куыд хуынди, уый бæрæг нæу. Фæлæ йыл Авестæ фыст кæй æрцыди, уый тыххæй йæ схуыдтой авестæйаг. Авестæйы сфæлдисæг адæм та сæхи нымадтой ариæгтыл. Уыцы рагон æвзаг банымайæн ис ирон æвзаджы райдиан хуызыл. Æмæ канд ирон æвзаджы мадæл нæу, фæлæ æппæт нырыккон ирайнаг æвзæгты мадæл дæр. Авестæ йæ заманы арæзт уыди 21 чиныгæй, баззадис дзы 4 – уыдон дæр æнæхъæн не сты. Иннæтæ алыхуызон аххостæй сæфт æрцыдысты. Фæлæ дзы махмæ чи æрхæццæ ис, уыдонæн дæр аргъ нæй. Авестæйы æппæты рагондæр хай хуыйны «яшттæ». Арæзт сты 22 куывдæй. Яштты æвзаг æвдисы ирайнаг æвзæгты уавæр нæ дуджы агъоммæ I миназы райдианты, ома æппын къаддæр 3 мин азы йыл цæуы. Уыцы заман ирайнаг æвзæгтæ уыдысты бынтон иухуызон. Зæгъæн ис æмæ уæд ирайнаг адæмты фыдæлтæ ныхас кодтой иу æвзаджы ныхасыздæхтытыл. Уымæй уæлдай ма ахуыргæндтæ куыд сбæрæг кодтой, уымæ гæсгæ авестæйаг æвзаг стырдæр хæстæгдзинад æййафы скæсæн ирайнаг æвзæгтимæ, уый та æвдисы сæ рагон хуызтыл арæзт кæй æрцыди. Уæдæ зæгъæн ис æмæ Уæрæсейы адæмты ‘взæгтæй ирон æвзагæй рагондæр нæй. Ахуыргæндты бон у æппæт дунейы стæмдæр æвзæгты уавæр сбæлвырд кæнын æрмæст 3 мин азы размæ куыд уыдис, афтæмæй уымæй размæ цы хуызæн уыдис, уымæн базонæн нал ис.
Зæгъæм, уырыссаг æвзагæн йæ иуыл рагондæр уавæр бæрæггонд æрцыд нæ дуджы VI æнусы, гуырдзиаг – VI æнусы, сомихаг V æнусы, мæхъæлон – сæдæ фæндзай азы размæ, кæсгон – иучысыл раздæр, æмæ афтæ дарддæр.
Тынг рагон истори ма ис китайаг, цæгат-индиаг, грекъаг, семитаг æмæ иу цалдæр æндæр æвзагæн.
Нырыккон ирайнаг æвзæгтæн дæр, æмткæй райсгæйæ, кæрæдзиимæ ис стыр хæстæгдзинад. Фæлæ дзы иуæй иутæ кæрæдзимæ кæнæ хæстæгдæр сты, кæнæ дарддæр. Зæгъæм персайнæгтæ хорз бамбардзысты таджикæгты, дарийыл дзурæг афгайнæгты, мазандарайнæгты, Памиры Шугнантæ бамбардзысты рушанæгты, æмæ афтæ дарддæр.
Ирон æвзагмæ æппæты хæстæгдæр нымад цæуы согдияг æвзаджы байзæдтаг ягнобаг æвзаг. Фæлæ бæлвырдæй бынтон афтæ нæу. Аххос уый мидæг ис æмæ ягнобаг æвзагæн йæ дзырдуат тынг кадавар у, цы дзырдтæ сæм ис, уыдонæн дæр сæ 90% ист æрцыдысты таджикаг æвзагæй. Бирæ ивддзинæдтæ æрцыдис грамматикæйы дæр. Иуныхасæй, ягнобтæ сæ рагон æвзаджы хицæндзинæдтæ тынг æвзæр бахъахъхъæдтой, æндæр ягнобты æвзаджы фыдæл – согдиаг æвзаг иронмæ у тынг хæстæг. Ноджы хæстæгдæр æм уыдис рагон хорезмаг æвзаг, суанг æй бамбарæн дæр ма уыдис. Фæлæ хъахъхъæд не ‘рцыди æмæ ныртæккæ Хорезмы адæм се ‘ппæт дæр ныхас кæнынц тюркаг æвзагыл. Хъыгагæн, хорезмаг æвзагыл фыст документтæ дæр тынг цъус баззади, æмæ йын йæ дзырдуат бæлвырд нæ зонæм.
Тынг хæстæгдзинад нæм æййафынц Памиры æвзæгтæ дæр. Памираг æвзæгтæм хауынц шугнайаг, ишкашимаг, ваханаг, язгуломаг, мунджайнаг æмæ ма иу цалдæр. Ацы ‘взæгтæ сæ лексикæ ягнобагæй бирæ хуыздæр бахъахъхъæдтой. Ирон адæймагæн йæ бон бамбарæн у канд бирæ памираг дзырдтæ нæ, фæлæ ма цыбыр хъуыдыйæдтæ дæр. Зæгъæм ишкашимаг æвзагыл «хъуг радуц» уыдзæн «гъог рыдоша», «махмæ дæс карчы уыд» – «мыхно дос кырчин выд».
Ваханаг æвзагыл «æз ныр хорогмæ (горæт) рацæудзынæн» уыдзæн «вуз нив хорыгыр рачывым», æмæ афтæ дарддæр.
Иу æнгæс дзырдты нымæц та хæццæ кæны сæдæгæйттæм.
Йæ грамматикæмæ гæсгæ нæм хæстæг у пуштунаг æвзаг дæр. Зæгъæм ирон æвзаджы мивдисæджы разæфтуантæм тынг хæстæг сты уыцы функцийы пуштунаг разæфтуантæ. Ныгуылæн ирайнаг æвзæгтæ дæр тынг хæстæг сты иронмæ, уæлдайдæр та белуджаг æвзаджы лексикæ. Не ‘взаг ирайнаг æвзæгтæм кæй хауы, уый бамбарынæн стыр дæсны уæвын нæ хъæуы, хуымæтæг ахуыргонд адæймаг дæр æй æнцонæй бамбардзæн.
Махæн, ирон адæмæн, не ‘взаг хъуамæ нымад уа уæлдай стыр хæзнайыл, уымæн æмæ, Абайты Васойы ныхасмæ гæсгæ, не ‘взаг у нæ истори дæр. Хъыгагæн, ирон адæммæ раджы заманы хъæздыг фыссынад нæ уыди æмæ нæ историйы бирæ цаутæ фиппайдгонд не ‘рцыдысты. Уымæ гæсгæ сæ нæ бон раиртасын у не ‘взаджы руаджы. Ирон æвзагимæ баст у скифты, сæрмæтты æмæ аланты проблемæ дæр.
Ныртæккæ сæ ном цалдæр сæдæ азы размæ историйы бæрæг дæр кæмæн нæ уыд, уыдонæй бирæ адæмтæ сæхицæн мысын райдыдтой хъæздыг истори. Æмæ уыцы темæйыл бирæ чингуытæ мыхуыры дæр рауагътой. Айхъуысын кодтой скифтæ, сæрмæттæ æмæ алантæ, дам, ирæтты фыдæлтæ уыййас не ‘сты, мах фыдæлтæ цас сты. Уыцы барвæндон рæдыд айдагъ æвзаджы æххуысæй дæр хурмæ рахæссæн ис. Скифты, æмæ уæлдайдæр та аланты æвзаг сусæг æмæ æнæзынд нæ уыд, баззадис ыл дзæвгар историон фыст документтæ. Æмæ уыцы æрмæджы нæдæр мæхъхъæлон, нæдæр цæцæйнаг, нæдæр кæсгон иу дзырд дæр нæй. Аланты æмæ скифты ‘взагмæ цыдæриддæр æрмæг хауы, уый иууылдæр арæзт у ирайнаг æвзагыл, йæ иунæг байзæдтаг та у ирон æвзаг. Афтæ уайы æмæ зæгъæм, мæхъхъæл сæ фыдæлтыл кæй нымайынц, уыцы алантæ уыдысты гоби, æвзаг сæм нæ уыд. Кæй зæгъын æй хъæуы, алантæн сæ кæцыдæр къордтæ бирæ адæмты генезисы стыр бынат ахсынц – уый историйы дæр фиппайдгонд æрцыди. Фæлæ уый бар нæ дæтты уыцы адæмтæн аланты, кæнæ скифты сæ фыдæлтæ рахонынæн.
Цы уавæры ис уæдæ ныртæккæ та ирон æвзаг? Комкоммæ куы зæгъæм, уæд ис тынг зын уавæры. Не ‘взаг йæ функцитæй сæ фылдæрæй цухгонд æрцыди. Ныртæккæ хъуыддагкæнынады ирон æвзагæй æппындæр пайдагонд нал цæуы. Нæ хицауадæй, нæ разамонджытæй искуы-иуæн йедтæмæ иронау йæ бон раныхас кæнын нал у. Ирыстонмæ æрбацæугæйæ, адæймаг æмбаргæ дæр нæ бакæндзæн, националон республикæ у æви Уæрæсейы исты уырыссаг область: иронау фыстытæ канд горæты нæ, фæлæ хъæуты дæр стæм хатт йедтæмæ фенæн нал ис. Скъолаты ма архайынц ирон æвзагмæ цæст дарын, фæлæ фылдæр ран зæрдиагæй нæ кæнынц уыцы куыст. Директортæн бар лæвæрд кæм æрцæуы, уым архайынц ирон æвзаг программæйæ бынтондæр сисын. Ома, дам, ирон æвзаджы сахæттæ дзæвгар кæй сты, уый аххосæй нæ иумæйаг паддзахадон фæлтæрæнты бæрæггæнæнтæ разындысты тынг лæмæгъ. Фæлæ уым ирон æвзаджы азым цы у? Уый аххос кæнын æй нæ хъæуы. Ахуырадон куыст нывыл арæзт куы уа, уæд уæд бæрæггæнæнтæ дæр бæрзонддæр уыдзысты. Адæймаг та цас фылдæр æвзæгтæ зона, уыййас йæ хъуыдыкæныны фæрæзтæ дæр парахатдæр уыдзысты. Хъуыстгонд ахуыргонд адæймæгтæ бирæ æвзæгтæ хуымæтæджы нæ ахуыр кодтой, уый йеддæмæ уыдон тæлмацгæнджытæ не ‘ссардтаиккой сæхицæн?!
Ирон æвзаджы грамматикæйыл дзæвгар бакуыстой бирæ хъуыстгонд ахуыргæндтæ. Фæлæ ныры рæстæгмæ ирон лексикæйыл æнæхъæнæй дæр чи аххæсса, ахæм дзырдуæттæ арæзт нæма æрцыди. Цы дзырдуæттæ ис, уыдоны арæх бирæ дзырдтæ ссарæн нæй. Дзырдуæттæ кæрæдзимæ абаргæйæ иуцасдæр æнтыстджындæр у дыгурон-уырыссаг дзырдуат, кæцыйы ссарæн ис арæх кæмæй нæ пайда кæнæм, ахæм ирон лексикæ. Ирон æвзаджы райрæзтæн уыцы дзырдуаты лексикæйæ спайда кæнын æвзæр нæ уаид.
Сыгъдæг иронау дзурын чи зоны, уыдоны нымæц къаддæрæй-къаддæр кæны. Горæты нæ, фæлæ ма хъæуты дæр ирон адæм ныхас кæнын райдыдтой хæццæ уырыссаг-иронау, ома цалдæр ныхасы иронау фæзæгъынц, цалдæр та уырыссагау, æмæ дзы рауайы лексикон арвистон. Нæ афæлгæст куыд æвдисы, афтæмæй ныхасы ирон активон лексикæйы нымæц æрхаудта 400-500 дзырдмæ, иннæ ирон дзырдтæ кæд æмбарынц, уæддæр дзы пайда нал кæнынц. Ивы ирон фонетикæ дæр, æмæ сæрмагонд ирон зæлтæ дзурынц æнгæс уырыссаг зæлты хуызæн.
Иуцасдæр фæкарз сты ирон æвзаджы диалектты æмæ ныхасæздæхтыты æхсæн ахастдзинæдтæ.
Арæх фехъусæн ис ирон, дыгурон, кæнæ хуссары здæхтыты ныхмæ хъуыдытæ. Зæгъæм, пуштунаг æвзаджы уавæр дæр ирон æвзаджы æнгæс у, уым дæр ис цалдæр диалекты, уыдонæй дыууæ нымад сты литературоныл æмæ дзы кæмфæндыдæр пайда кæнынц. Уымæй уæлдай иннæ диалекттыл дæр кæмфæндыдæр ныхас кæныны бар ис – радиойы дæр, телеуынынады дæр. Æмæ уыцы хъуыддаджы ныхмæ ничи ницы дзуры. Цы диалект нал хъæуа, уый цард йæхæдæг фæиуварс кæндзæн, æмæ ууыл тыхæй архайын нæ хъæуы, алы диалектæн дæр æмæ ныхасыздæхтæн дæр ис йæхи аив фæзилæнтæ, уыдоны бындурыл рæзы æмæ йæ хъару фылдæр кæны иумæйаг литературон æвзагæн.
Кæронбæттæн зæгъæн ис, æмæ ирайнаг æвзæгты æхсæн ирон йæ диссаджы хæдхуыздзинадæй ахсы тынг ахсджиаг бынат. Куыст дæр ыл бирæ æрцыди. Ныронг хаудта ирайнаг æвзæгтæн сæ ахсджиагдæр æмæ рæзгæ къордмæ. Фæлæ ныртæккæ сындæггай лæмæгъæй-лæмæгъдæр чи кæны, уыцы ирайнаг æвзæгты къорды æхсæн фидар бынат бацахста. Дарддæр афтæ куы уа, уæд бынтондæр æрхаудзæн дыккаг, ома сæфыны къахыл цы ‘взæгтæ слæууыдысты, уыцы къордмæ. Цæмæй уый ма ’рцæуа, уый тыххæй æппæт ирон адæм дæр, цы цæгаты, цы хуссары, хъуамæ фидар фæлæууой, æмæ Уæрæсейы æппæты рагондæр æвзаг йе сфæлдисæг адæмы историйы удыгас æвдисæны амæлын ма бауадзой. Уый нæхицæй аразгæ у.
Литературæ 1. Абаев В.И. Историко-этимологический словарь осетинского языка. Т. 1 – 4, М., - Л., 1958, 1973, 1979, 1989. 2. Абаев В.И. Осетинский язык и фольклор. Т. I. М., - Л., 1947. 3. Асланов М.Г. Афганско-русский словарь (пушту). М., 1966. 4. Опыт историко-типологического исследования иранских языков. Т. I, II. М., 1975. 5. Оранский И.М. Введение в иранскую филологию. М., 1988. 6. Оранский И.М. Иранские языки в историческом освещении. М., 1979. 7. Основы иранского языкознания. Древнеиранские языки. М., 1979. 8. Основы иранского языкознания. Среднеиранские языки. М., 1981. 9. Основы иранского языкознания. Новоиранские языки: восточная группа. М., 1987. 10. Основы иранского языкознания. Новоиранские языки: западная группа, прикаспийские языки. М., 1982. 11. Основы иранского языкознания. Новоиранские языки: северо-западная группа. М., 1997.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |