2. ХЪÆРÆМИ ÆФСÆДТИ ЗАР |
Автор: 00mN1ck / 10 ноября 2007 / Категория: Историон æмæ тохы зарджытæ |
Хъамболти Гула Дигоргоми Æртæ рауæни æртæ гъæри никкодта: — Гъæй-гъæй, гъæй-гъæй, Дигорæ! Хабархæссæг нæмæ фæццæй, Истур æфсад нæмæ æрбацæуй, Исафуни фæндæ нæбæл искодтонцæ! Уалæнмæ Туйгъанти хуарз йелбердухъ Дигоргомбæл хæдзаргай рахаттæй: — Фæдес, фæдес, Дигорæ! Дæлæ нæмæ Хъæрæми хантæ Истур æфсади хæтдзæ æрбацæунцæ, Исафуни фæндæ нæбæл искодтонцæ, Цалинмæ нæмæ мсдæфцæгмæ не 'рбацудæнцæ Уалинмæ дæлæфцæгмæ сæ размæ Тохæт лæгæй цæун гъæуй! Хуæнхти тохæн федæрттæ 'рахæссун гъæуй, Хæтæли хуаллаг цæттæ кæнтæ, Морги æндзæрмæ уæ размæ Раздзау цæудзаэнæй, Æма хæтæли хуаллаг уомæ куд дæдтайтæ! Даргъонæй Дигори коми думæгмæ Хæрæмегъæ ниббадтæй; Уорс хонхи бæрзондæй Уорс мегъи пъæсту ратахтæй, Тар хæрæмегъæбæл æхе ниццафта: Пъæстутæйттæ 'й никкодта. Уорс мегъи пъæсту на 'дтæй, — Туйгъанти хуарз йелбердухъ адтæй; Хъæрæми хантæн сæ раздзæугуги Ниппурх кодта. Æргъаударæни къулдунбæл Æртæ баллон берæгъи рацудæй, Истур æфсади астæу Хъес-хъес гæнгæ исмедæгæнцæ, Истур дессæгтæ сæ никкодтонцæ. Æртæ баллон берæгъи на 'дтæнцæ, — Хъубадти Дзанхъæлици æртæ фурти адтæнцæ. Сæхе бæх æргъайуаг адтæй, Тасолтани фурт йеци тугъди æгади мардæй Рамæлунмæ æвгъайуаг адтæй; Йе æвгъайуаг бæргæ на 'дтæй, Дигоргоми сау æхсæрфæнбал Æма сау бæгæнийæй æ губун идзаг адтæй, Хъæрæми ханæн Дигоргоми пурхæ кæнунмаэ Надамонæг æмбал адтæй. Фæдесæнттæ раздахтæнцæ Хъæрæми хантæн сзз тонаути хæтдзæ; Истур цагъд син никкодтонцæ; Истур Дигорæмæ дæр фæдесгъæргæнæг рарвистонцæ. Истур Дигори хонхæй сау сунт ратахтæй; Сау сунт на 'дтæй, — Хъарабугъати минги Хъарабугъа адтæй. Хъæрæми ханти æфсæдтæ адтæнцæ кæрдæги бæрцæ; Таймазти хуарз Дзанцег нигъгъæр кодта: — Хъарабугъати Хъарабугъа, ду фæдеси уайæ, Фал лæгдæр кæд дæ, Уæд раййафæ Истур Дигори хорбадæни: Уостити астæу гебена кæрдун мæ кæрдæнаэй! Сурхи бæрзондбæл йеуцонгон бæласæ адтæй, Абисалти хуарз Деулетæн йеци бони тугъди Бицентæмæ тъæпæнæгидзаг уæрас адтæй, Уой хæтдзæ йин минасæ адтæй.
Радзырдта йæ Тугъанты Тæтæрхъан, 14 февраль, 1926 аз, Дзæуджыхъæу. ЦИНИИ-йы архив, фольклор № папкæ 89, ф. 171— 173.
«ИРОН АДÆМЫ СФÆЛДЫСТАД». Фыццаг том. Салæгаты Зоя. Орджоникидзе 1961.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |